Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕмбырды дын цы бынат ис, уымӕн аргъ кӕн

Ӕмбырды дын цы бынат ис, уымӕн аргъ кӕн

Ӕмбырды дын цы бынат ис, уымӕн аргъ кӕн

«Хуыцау буары уӕнгтӕй алкӕцыдӕр сӕвӕрдта, куыд ӕй бафӕндыд, афтӕ» (1 КОР. 12:18).

1, 2. а) Алкӕмӕн дӕр ӕмбырды йӕхи бынат кӕй ис, уый цӕмӕй бӕрӕг у ӕмӕ йын куыд аргъ кӕндзӕн? ӕ) Ацы статьяйы цавӕр фарстатӕ равзардзыстӕм?

РАГОН Израил куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау йӕ адӕмы ахуыр кӕны ӕмӕ сын разамынд дӕтты ӕмбырды уылты. Зӕгъӕм, израилӕгтӕ горӕт Гай куы бацахстой, уӕд Навины фырт Йесо Израилы ӕмбырды раз «хъӕрӕй бакаст закъоны ныхӕстӕ иууылдӕр, арфӕйы ныхӕстӕ ӕмӕ ӕлгъыстытӕ,– закъоны чиныджы цыдӕриддӕр фыст уыд, уый» (Йес. Н. 8:34, 35).

2 Н. э. фыццаг ӕнусы апостол Павел хистӕр нӕлгоймаг Тимофеймӕ фыста, зӕгъгӕ, чырыстон ӕмбырд у «Хуыцауы хӕдзар» ӕмӕ «ууыл лӕууы ӕмӕ ӕнцайы ӕцӕгдзинад» (1 Тим. 3:15). Абон Хуыцауы «хӕдзар» амоны, ӕгас зӕххыл цы ӕцӕг чырыстӕттӕ цӕры, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр. Павел йӕ фыццаг фыстӕджы коринфӕгтӕм 12 сӕры ӕмбырд абарста адӕймаджы буаримӕ. Загъта, зӕгъгӕ, кӕд буары уӕнгтӕй алчидӕр йӕхи куыст кӕны, уӕддӕр иууылдӕр хъӕуынц. Павел ныффыста: «Хуыцау буары уӕнгтӕй алкӕцыдӕр сӕвӕрдта, куыд ӕй бафӕндыд, афтӕ». Стӕй ма афтӕ дӕр загъта: «Буары уӕнгтӕй [нӕм] ӕгуыдзӕгдӕр кӕцытӕ кӕсынц, уыдон ноджы буцдӕр дарӕм» (1 Кор. 12:18, 23). Уӕдӕ Хуыцауы хӕдзары иу чырыстонӕн цы бынат ис, уый иннӕ чырыстоны бынатӕй нӕдӕр хуыздӕр у, нӕдӕр ӕвзӕрдӕр. Алкӕмӕндӕр дзы йӕхи бынат ис. Уӕдӕ нын Хуыцауы организацийы цы бынат ис, уый куыд базонӕм ӕмӕ йын куыд аргъ кӕнӕм? Ӕмбырды нын цы бынат ис, уый цӕмӕй кӕнгӕ у? Ӕмӕ нын цӕмӕй не ’нтыстдзинад алчидӕр уына, уый тыххӕй цы хъӕуы? (1 Тим. 4:15).

Нӕ бынатӕн куыд аргъ кӕнӕм?

3. Цӕмӕй бамбарӕм, ӕмбырды нын цы бынат ис, уый ӕмӕ йын аргъ кӕнӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?

3 Цӕмӕй бамбарӕм, ӕмбырды нын цы бынат ис, уый ӕмӕ йын аргъ кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмгуыст кӕнӕм «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъаримӕ» ӕмӕ йӕ номӕй чи дзуры, уыцы Разамонӕг советимӕ. (Бакӕс Матфейы 24:45–47.) Ахъуыды кӕнын нӕ хъӕуы, цагъары къорд нын цы разамынд дӕтты, уымӕ куыд хъусӕм, ууыл. Дзырдӕн, бирӕ азты дӕргъы хъусӕм уынаффӕтӕ уӕлӕдарӕс, ӕддаг бакаст, ирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ Интернеты тыххӕй. Цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма ӕрлӕмӕгъ уа, уый тыххӕй ацы хорз уынаффӕтӕм лӕмбынӕг хъусӕм? Нӕ бинонтимӕ алы къуыри дӕр Библи ахуыр кӕнӕм? Уый тыххӕй иу изӕр рахицӕн кодтам? Кӕд нын бинонтӕ нӕй, уӕддӕр рӕстӕг ссарӕм, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнӕм? Йегъовӕ нӕ алкӕмӕндӕр, стӕй нӕ бинонтӕн дӕр арфӕ кӕндзӕн, цагъары къорды разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд.

4. Исты уынаффӕ куы хӕссӕм, уӕд цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

4 Иуӕй-иутӕ, чи зоны, хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, адӕймаг йӕ рӕстӕг куыд ӕрвиты ӕмӕ йӕ уӕлӕ цы кӕны, уый йӕхи хъуыддаг у. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы аргъ кӕна, ӕмбырды йын цы бынат ис, уымӕн, уӕд уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ ӕрмӕст йӕхиуыл нӕ хъуыды кӕндзӕн. Сӕйрагдӕр ын хъуамӕ уа Йегъовӕйы хъуыды, ӕмӕ уый базонӕн ис йӕ Ныхас Библийӕ. Цы фыст дзы ис, уый хъуамӕ уа «цырагъ нӕ къахӕн ӕмӕ рухс – нӕ фӕндагӕн» (Пс. 119:105). Ӕмбаргӕдзинад ма равдисдзыстӕм, нӕ уынаффӕтӕ нӕ лӕггадыл ӕмӕ адӕмыл – хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл ӕмӕ иннӕтыл дӕр – кӕй ӕндавынц, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 6:3, 4.)

5. Хивӕнд зондахастӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?

5 Алы ран дӕр зыны, «нӕ алыварс уӕлдӕфау кӕй зонд ахъардта ӕмӕ ныртӕккӕ ӕгоммӕгӕс адӕм кӕй зондӕй архайынц», уымӕн йӕ зондахаст (Еф. 2:2). Гӕнӕн ис, уыцы зонд нӕ ахӕм хъуыдыйыл сӕвӕра, зӕгъгӕ нӕ Йегъовӕйы организацийы разамынд нӕ хъӕуы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ фӕнды, цӕмӕй Диотрефы хуызӕн уӕм, апостол Иоанны ӕппындӕр чи ницӕмӕ дардта, уый хуызӕн (3 Иоан. 9, 10). Мах хъуамӕ нӕхи хизӕм хивӕнд зондахастӕй. Архайӕм, цӕмӕй нӕ ныхасӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уа, Йегъовӕ абон разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдонӕн кӕй аргъ кӕнӕм (Ным. 16:1–3). Мах хъуамӕ ӕмгуыст кӕнӕм цагъары къордимӕ. Уӕдӕ, не ’мбырды разамынд чи дӕтты, уыдонмӕ хъусӕм ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсӕм. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:7, 17.)

6. Нӕ уавӕртыл нӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

6 Ӕмбырды нын цы бынат ис, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый ма равдисдзыстӕм, нӕ уавӕртыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, нӕ бон цы у, уый уацамынды куы аразӕм ӕмӕ Йегъовӕйы куы кадджын кӕнӕм, уӕд (Ром. 11:3). Иутӕн сӕ бон у ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй лӕггад кӕнын, иннӕтӕн та миссионертӕй, цӕугӕ цӕстдарджытӕй кӕнӕ Вефилы. Бирӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ та ӕххуыс кӕнынц Паддзахады залтӕ аразынӕн. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕр ӕппӕт хъарутӕй архайынц, цӕмӕй сӕ бинонты уырнындзинад фидар кӕной ӕмӕ алы къуыри дӕр уацамынды цӕуой. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:23, 24.) Уӕдӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы лӕггад кӕнӕм ӕмӕ нӕ хъарутыл куы нӕ ауӕрдӕм, уӕд нын йӕ организацийы алкӕддӕр бынат кӕй уыдзӕн.

Нӕ лӕггадыл цавӕр хъуыддӕгтӕ ӕндавынц

7. Бамбарын кӕн, ӕмбырды дын цы бынат ис, уый цӕмӕй кӕнгӕ у.

7 Хорз уаид, лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕниккам, нӕ бон цы у аразын, йе та нын цы бахӕс кодтой, ууыл. Уымӕн ӕмӕ, зӕгъӕн ис, уымӕй кӕнгӕ кӕй у, ӕмбырды нын цы бынат ис, уый. Зӕгъӕм, ӕфсымӕрӕн ӕмӕ хойӕн ӕмбырды цы бынат ис, уый хицӕн кӕны. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нӕ бон цы у аразын, ууыл ӕндавынц азтӕ, ӕнӕниздзинад ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ. Ӕмбисӕндты 20:29 фыст ис: «Лӕппуты фидауц – сӕ тых, зӕрӕдты фидауц – сӕ урссӕр». Ӕрыгӕттӕн ӕмбырды сӕ бон у фылдӕр аразын, уымӕн ӕмӕ сӕм бирӕ хъарутӕ ис, ацӕргӕтӕ та стыр ӕххуыс уыдзысты сӕ зонд ӕмӕ сӕ фӕлтӕрддзинадӕй. Фӕлӕ нӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, Йегъовӕйы организацийы нӕ бон цы у аразын, уый Хуыцауы стыр хорзӕхӕй кӕнгӕ кӕй у (Ап. хъ. 14:26; Ром. 12:6–8).

8. Ӕмбырды цы аразӕм, ууыл нӕ фӕндтӕ куыд ӕндавынц?

8 Ӕмбырды нын цы бынат ис, ууыл ма цы ӕндавы, уый бамбарынӕн ӕркӕсӕм дыууӕ хӕрзхойы хабармӕ. Дыууӕ дӕр фесты скъола. Сӕ уавӕртӕ уыдысты иухуызон. Сӕ ныййарджытӕ зӕрдиагӕй архайдтой, цӕмӕй скъолайы фӕстӕ дыууӕйӕ дӕр пионертӕй лӕггад кодтаиккой. Чызджытӕ скъола куы фесты, уӕд дзы иу райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын, иннӕ та кусынмӕ бацыд, ӕнӕхъӕн бон кӕм хъуыди кусын, ахӕм ранмӕ. Алыхуызон уынаффӕтӕ цӕмӕн рахастой? Уымӕн ӕмӕ сӕ фӕндтӕ уыдысты алыхуызон. Алчидӕр сӕ бакодта, куыд ӕй фӕндыд, афтӕ. Махӕн дӕр нӕ фылдӕр афтӕ нӕ бакӕны? Алкӕйдӕр нӕ хъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын, Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нӕ цы фӕнды аразын, ууыл. Цымӕ нӕ бон у фылдӕр лӕггад кӕнын, суанг нӕ царды исты фӕивын куы хъӕуа, уӕд дӕр? (2 Кор. 9:7).

9, 10. Йегъовӕйӕн нӕ фылдӕр лӕггад кӕнын куы нӕ фӕнда, уӕд нӕ цы хъӕуы аразын?

9 Фӕлӕ нӕ куы нӕ фӕнда Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ ӕмбырды хъуыддӕгты фылдӕр архайын, уӕд та? Павел йӕ фыстӕджы филиппӕгтӕм ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Хуыцау йӕхӕдӕг, ӕхсызгон ын цы у, уый номыл архайы уӕ мидӕг, цӕмӕй уӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнат». О, Йегъовӕйӕн йӕ бон у нӕ мидӕг архайын, ӕмӕ нын нӕ фӕндтӕ ӕмӕ нӕ бӕллицтӕ ивын (Фил. 2:13; 4:13).

10 Уӕдӕ уӕд хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, цӕмӕй нӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын фӕнда. Рагон Израилы паддзах Давид уый тыххӕй куывта: «Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ, о Йегъовӕ, сахуыр мӕ кӕн дӕ къахвӕндӕгтыл цӕуын. Ӕххуыс мын кӕн дӕ раст фӕндагыл цӕуынӕн ӕмӕ мӕ ахуыр кӕн, уымӕн ӕмӕ ды дӕ мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау. Ӕнӕхъӕн бон мӕ ныфс дӕуыл дарын» (Пс. 25:4, 5). Махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕйӕ ӕххуыс курын, цӕмӕй нӕ фӕнда, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый кӕнын. Йегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ Фыртӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цы аразӕм, уымӕ уыдон цы цӕстӕй кӕсынц, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ арфӕйы ныхӕстӕй байдзаг вӕййы (Матф. 26:6–10; Лук. 21:1–4). Бузныг сӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй Йегъовӕмӕ кувдзыстӕм, цӕмӕй нӕ фылдӕр лӕггад кӕнын фӕнда. Мах хъуамӕ фӕзмӕм пехуымпар Исайы. Йегъовӕ куы загъта: «Кӕй арвитон, чи ацӕудзӕн мах тыххӕй?», уӕд ын загъта: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит» (Исай 6:8).

Дӕхимӕ фылдӕр хӕстӕ ис

11. а) Йӕхимӕ разамынд чи иса, ахӕм ӕфсымӕрты ӕххуыс тынг цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Цӕмӕй ӕфсымӕрӕн ӕмбырды фылдӕр хӕстӕ уа, уый тыххӕй цы хъӕуы?

11 2008 лӕггады азы ӕгас дунейы дӕр донаргъуыд райста 289 678 адӕймаджы. Уымӕ гӕсгӕ тынг хъӕуы, йӕхимӕ разамынд чи иса, ахӕм ӕфсымӕрты ӕххуыс. Уый тыххӕй ӕфсымӕрты цы аразын хъӕуы? Уыдон хъуамӕ кусой, Библимӕ гӕсгӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕм ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уыдоныл (1 Тим. 3:1–10, 12, 13; Тит. 1:5–9). Ӕфсымӕр цы хъуамӕ араза, цӕмӕй уыцы домӕнты аккаг суа? Уый хъуамӕ уацамынды зӕрдиагӕй архайа, ӕмбырды йӕ хӕстӕ хорз ӕххӕст кӕна, фембӕлдты йӕ дзуаппытӕ фӕхуыздӕр кӕныныл архайа ӕмӕ йе ’мчырыстӕттыл тыхса. Ахӕм ӕфсымӕр ӕвдисы, ӕмбырды йын цы бынат ис, уымӕн кӕй аргъ кӕны.

12. Ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у равдисын, фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын сӕ кӕй фӕнды, уый?

12 Ӕрыгон ӕфсымӕртӕн, уӕлдайдӕр рӕзгӕ кары чи ис, уыдонӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сын ӕмбырды фылдӕр хӕстӕ уа? Хъӕуы сӕ архайын, цӕмӕй сӕм уа «зонд ӕмӕ, сыгъдӕг уд цы ӕмбарындзинад дӕтты, уый», ома сӕ хъӕуы Библи зонын (Кол. 1:9). Уый тыххӕй сӕ хъӕуы Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг ахуыр кӕнын ӕмӕ ӕмбырды фембӕлдты зӕрдиагӕй архайын. Ӕрыгӕттӕ ма хъуамӕ сӕхиуыл кусой, цӕмӕй, цы «стыр дуар байгом», ууыл бахизыны аккаг уой – ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕной (1 Кор. 16:9). Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дын царды сӕйрагдӕр куы суа, уӕд уыдзынӕ тынг амондджын ӕмӕ стыр арфӕдзинӕдтӕй хайджын. (Бакӕс Екклесиаст 12:1.)

13, 14. Хотӕн сӕ бон куыд у равдисын, ӕмбырды сын цы бынат ис, уымӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый?

13 Хотӕн дӕр сӕ бон у равдисын, Псаломы 68:11 стихы ныхӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уымӕн кӕй аргъ кӕнынц. Уым фыст ис: «Йегъовӕ йӕхӕдӕг зӕгъы ныхас. Хорз хабар чи хӕссы, уыцы сылгоймӕгтӕ сты ӕнӕхъӕн ӕфсад». Ӕмбырды сын цы бынат ис, уымӕй бузныг кӕй сты, уый сӕйраджыдӕр равдисдзысты, ахуыргӕнинӕгтӕ куы цӕттӕ кӕной, уӕд (Матф. 28:19, 20). Уӕдӕ уыцы хъуаддаджы ӕппӕт тыхтӕй куы архайой ӕмӕ сӕхиуыл куы нӕ ауӕрдой, уӕд равдисдзысты, ӕмбырды сын цы бынат ис, уымӕн кӕй аргъ кӕнынц.

14 Павел Титмӕ йӕ фыстӕджы фыста: «Ацӕргӕ сылгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ уой ӕгъдауджын... хорз цы у, ууыл иннӕты ахуыр кӕной, сӕ бон куыд уа ӕрыгон сылгоймӕгты ахӕм зондыл аразын, ӕмӕ сӕ лӕгты, стӕй сӕ сывӕллӕтты уарзой, уой ӕмбаргӕ, хӕдӕфсарм, куыстуарзаг, хорздзинад аразой, сӕ лӕгтӕн уой коммӕгӕс, цӕмӕй Хуыцауы ныхас мачи фауа» (Тит. 2:3–5). Фӕлтӕрдджын хотӕ стыр ӕххуыс сты ӕмбырдӕн. Разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕн куы аргъ кӕной ӕмӕ дарӕс, ӕддаг бакаст ӕмӕ хиирхӕфсӕнты тыххӕй раст уынаффӕтӕ куы хӕссой, уӕд иннӕтӕн уыдзысты фӕзминаг ӕмӕ бӕрӕг уыдзӕн, ӕмбырды сын цы бынат ис, уымӕн стыр аргъ кӕй кӕнынц.

15. Ӕнӕцыд хо афтӕ куы хъуыды кӕна, ӕмӕ иунӕг у, уӕд йӕ бон цы у аразын?

15 Иуӕй-иу хатт ӕнӕцыд хойӕн зын вӕййы бамбарын, ӕмбырды йын цы бынат ис, уый. Иу хо загъта: «Цардӕмбал кӕмӕн нӕй, уый хатт йӕхимӕ иунӕг фӕкӕсы». Куы йӕ бафарстой, цы аразы, цӕмӕй йӕхимӕ ма ныхъхъуса, уӕд загъта: «Хуыцаумӕ кӕй фӕкувын ӕмӕ Библи кӕй ахуыр кӕнын, уый мын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕмбарон, ӕмбырды мын цы бынат ис, уый. Библи ахуыр кӕнгӕйӕ фӕархайын, цӕмӕй базонон, Йегъовӕ мӕм цы зӕрдӕ дары, уый. Стӕй фӕархайын, цӕмӕй ӕмбырды иннӕтӕн дӕр истӕмӕй ӕххуыс кӕнон. Уый фӕрцы ӕрмӕст мӕхиуыл нӕ фӕхъуыды кӕнын, фӕлӕ иннӕтыл дӕр». Йегъовӕ Давидӕн загъта: «Ратдзынӕн дын уынаффӕ ӕмӕ дӕм мӕ цӕст дардзынӕн» (Пс. 32:8). О, Йегъовӕ тыхсы йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕуылдӕр хицӕнӕй, уыимӕ ӕнӕцыд хотыл дӕр, ӕмӕ алкӕмӕндӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй бамбарой, ӕмбырды сын цы бынат ис, уый.

Ӕмбырды дын цы бынат ис, уымӕн аргъ кӕн!

16, 17. а) Йегъовӕмӕ кӕй ӕрбацыдыстӕм, уый ӕппӕты хуыздӕр хъуыддаг цӕмӕн уыд? ӕ) Цӕмӕй нын Йегъовӕйы организацийы алкӕддӕр бынат уа, уый тыххӕй цы хъӕуы?

16 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕйдӕр уарзы ӕмӕ сӕ йӕхимӕ ӕрбакодта. Йесо загъта: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу мӕнмӕ ӕрцӕуын, мӕ рарвитӕг Фыд ӕй куы не ’рбакӕна, уӕд» (Иоан. 6:44). Зӕххыл цы миллиардтӕ цӕры, уыдонӕй Йегъовӕ равзӕрста мах ӕмӕ нӕ йе ’мбырдмӕ ӕрбахуыдта. Ӕмӕ кӕй ӕрбацыдыстӕм, уымӕй хуыздӕр хъуыддаг нӕ царды никуы сарӕзтам. Уый фӕрцы базыдтам, цӕмӕн цӕрӕм, уый. Куыд амондджын стӕм ӕмӕ куыд цин кӕнӕм, ӕмбырды нын бынат кӕй ис, ууыл!

17 Псаломтӕ фыссӕг загъта: «Йегъовӕ, ӕз бауарзтон дӕ хӕдзар, дӕ цӕрӕнбынат». Стӕй ма зарыд: «Мӕ къах лӕудзӕн лӕгъз ран. Стыр ӕмбырды Йегъовӕйӕн арфӕ кӕндзынӕн» (Пс. 26:8, 12). Ӕцӕг Хуыцау йӕ организацийы махӕй алкӕмӕндӕр радта йӕхи бынат. Ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйы разамындмӕ куы хъусӕм ӕмӕ йӕ Паддзахады хъуыддӕгты зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд нын йӕ организацийы алкӕддӕр бынат уыдзӕн.

Бахъуыды кодтай?

• Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, алы чырыстонӕн дӕр ӕмбырды йӕхи бынат кӕй ис?

• Нӕ бон куыд у ӕвдисын, Хуыцауы организацийы нын цы бынат ис, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм?

• Ӕмбырды нын цы бынат ис, ууыл цавӕр хъуыддӕгтӕ ӕндавынц?

• Ӕрыгӕттӕн ӕмӕ иннӕтӕн сӕ бон куыд у аргъ кӕнын, Хуыцауы организацийы сын цы бынат ис, уымӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 16 фарсыл]

Цӕмӕй ӕфсымӕрӕн ӕмбырды фылдӕр хӕстӕ уа, уый тыххӕй йӕ цы хъӕуы аразын?

[Ныв 17 фарсыл]

Хотӕ куыд ӕвдисынц, ӕмбырды сын цы бынат ис, уымӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый?