Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Алкӕддӕр чи уыдзӕн, ахӕм уарзондзинад дӕм уӕд

Алкӕддӕр чи уыдзӕн, ахӕм уарзондзинад дӕм уӕд

Алкӕддӕр чи уыдзӕн, ахӕм уарзондзинад дӕм уӕд

«[Уарзондзинад] алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы. Уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн» (1 КОР. 13:7, 8).

1. а) Уарзондзинад арӕх куыд равдисынц? ӕ) Бирӕтӕ абон сӕйраджыдӕр кӕй ӕмӕ цы уарзынц?

УАРЗОНДЗИНАДӔЙ фылдӕр ницӕй тыххӕй фыссынц. Уарзондзинадыл кӕнынц зарджытӕ. Царды ӕппӕты тынгдӕр хъӕуы уарзондзинад. Чингуыты ӕмӕ кинонывты цы уарзондзинады кой фӕцӕуы, уый арӕх вӕййы ӕрымысгӕ, ӕмӕ дуканиты бирӕ ис ахӕм чингуытӕ ӕмӕ кинотӕ. Фӕлӕ абон адӕм Хуыцауы дӕр нӕ уарзынц ӕмӕ кӕрӕдзийы дӕр. Уӕдӕ Библийы фӕстаг бонты тыххӕй цы фыст ис, уый нӕхи цӕстӕй уынӕм. Адӕм систы «хиуарзон, ӕхцауарзаг... Хуыцауы нӕ уарзынц, фӕлӕ уарзынц ирхӕфсӕнтӕ» (2 Тим. 3:1–5).

2. Уарзондзинады тыххӕй нӕ Библи цӕмӕй фӕдзӕхсы?

2 Адӕймаг афтӕ конд у, ӕмӕ йӕ бон у уарзын. Фӕлӕ нӕ Хуыцауы Ныхас фӕдзӕхсы, цӕмӕй, цы не ’мбӕлы, уый ма уарзӕм. Библийы фыст ис, ахӕм уарзондзинад адӕймаджы зӕрдӕйы уидаг куы ауадзы, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕны, уый тыххӕй (1 Тим. 6:9, 10). Хъуыды ма йӕ кӕныс, апостол Павел Димасы тыххӕй цы ныффыста? Кӕд Димас Павелимӕ лӕггад кодта, уӕддӕр, дунейы цы ис, уый бауарзта (2 Тим. 4:10). Апостол Иоанн фӕдзӕхста, дуне бауарзын тынг тӕссаг кӕй у. (Бакӕс 1 Иоанны 2:15, 16.) Уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй адӕймаг дуне ӕмӕ йӕ рӕстӕгмӕ хъуыддӕгтӕ дӕр уарза ӕмӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ дӕр.

3. Зын нын цы у ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цавӕр фарстатӕ ӕвзӕры?

3 Кӕд ацы дунейӕ не стӕм, уӕддӕр дзы цӕрӕм. Уымӕ гӕсгӕ нын ӕнцон нӕу, дуне уарзондзинады тыххӕй цы зыгъуыммӕ хъуыдыйыл хӕст у, уымӕй нӕхи хизын. Уӕдӕ ахсджиаг у, цӕмӕй ма райдайӕм, цы не ’мбӕлы, уый уарзын. Фӕлӕ ӕцӕг чырыстон уарзтӕй кӕй хъуамӕ уарзӕм? Алцӕмӕн дӕр фидар чи лӕууы ӕмӕ алкӕддӕр чи уыдзӕн, ахӕм уарзондзинад нӕм цӕй фӕрцы уыдзӕн? Уый нын абон куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ нӕ фидӕныл куыд фӕзындзӕн? Мах хъуамӕ базонӕм, ацы фарстаты фӕдыл Хуыцау цы хъуыды кӕны, уый ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайӕм.

Йегъовӕйы тынгдӕр уарзӕм

4. Хуыцауы тынгдӕр куыд бауарздзыстӕм?

4 Зӕгъӕм, зӕхкусӕг бирӕ фӕфыдӕбон кӕны, цӕмӕй йӕ зӕхх бахуым кӕна ӕмӕ йыл истытӕ байтауа. Стӕй фенхъӕлмӕ кӕсы, кӕд сзайдзысты, уымӕ (Дзут. 6:7). Раст афтӕ мах дӕр хъуамӕ бонӕй-бонмӕ тынгдӕр уарзӕм Хуыцауы. Уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы? Хъуамӕ фӕлмӕн кӕнӕм, Хуыцауы Паддзахады рӕстдзинад тыд кӕм ӕрцыд, уыцы зӕхх, ома нӕ зӕрдӕ. Уый нӕ къухы бафтдзӕн, Библи зӕрдӕбынӕй куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй нӕ зонындзинӕдтӕ куы фылдӕр кӕнӕм, уӕд (Кол. 1:10). Ӕдзух ӕмбырды фембӕлдтӕм куы цӕуӕм ӕмӕ дзы куы архайӕм, уӕд нын уый дӕр баххуыс кӕндзӕн нӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕнынӕн. Цымӕ не ’ппӕт дӕр архайӕм, цӕмӕй рӕстдзинад хуыздӕр базонӕм? (Ӕмб. 2:1–7).

5. а) Йегъовӕйы сӕйраг миниуджыты тыххӕй нӕ бон куыд у базонын? ӕ) Цы зӕгъдзынӕ Хуыцауы рӕстдзинад, зонд ӕмӕ хъаруйы тыххӕй?

5 Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый ӕргом кӕны йӕ Ныхасы. Фыстад куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй нӕ зонындзинӕдтӕ куы фылдӕр кӕнӕм, уӕд тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм йӕ миниуджытӕн – йӕ рӕстдзинад, йӕ хъару, йӕ зонд ӕмӕ, ӕппӕты сӕйрагдӕр та, йе стыр уарзондзинадӕн. Йегъовӕ алы хъуыддаджы дӕр архайы рӕстӕй. Йӕ закъон у ӕнаипп ӕмӕ ӕнцайы рӕстдзинадыл (Дык. з. 32:4; Пс. 19:7). Нӕ бон у хъуыды кӕнын Йегъовӕйы хъуыддӕгтыл, стӕй нӕ дисы ӕфтауы йе стыр зонд (Пс. 104:24). Дун-дунемӕ кӕсгӕйӕ дӕр бамбарӕн ис, Йегъовӕ диссаджы хъару ӕмӕ ӕгӕрон тыхы Хицау кӕй у (Ис. 40:26).

6. Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый куыд равдыста ӕмӕ ныл уый куыд ӕндавы?

6 Цы зӕгъӕн ис Хуыцауы сӕйрагдӕр миниуӕг уарзондзинады тыххӕй та? Хуыцауы уарзондзинад ӕгӕрон у ӕмӕ алкӕуылдӕр ӕндавы. Хуыцау йӕ уарзондзинад равдыста, адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй ахӕсты аргъ кӕй бафыста, уымӕй. (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:8.) Ахӕсты аргъ фыст ӕрцыд ӕппӕт адӕмы тыххӕй дӕр. Фӕлӕ уый пайда ӕрхӕсдзӕн, Хуыцауы уарзондзинадӕн чи аргъ кӕны ӕмӕ йын йӕ Фыртыл чи ӕууӕнды, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн (Иоан. 3:16, 36). Хуыцау Йесойы нӕ тӕригъӕдты тыххӕй фидауынгӕнӕн нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй мах дӕр Хуыцауы уарзӕм.

7, 8. а) Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй, Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый ӕвдисӕм? ӕ) Хуыцауӕн йӕ адӕм цавӕр уавӕрты ӕххӕст кӕнынц йӕ фӕдзӕхстытӕ?

7 Хуыцау мах тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ аразы. Кӕй йӕ уарзӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын? Уымӕн Библийы ис бӕлвырд дзуапп: «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ та зынӕххӕстгӕнӕн не сты» (1 Иоан. 5:3). О, Йегъовӕ Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынмӕ. Растдӕр уый тыххӕй дзурӕм адӕмӕн йӕ ном ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй – уыцы Паддзахад ӕрхӕсдзӕн бирӕ хорздзинӕдтӕ. Уыцы хъуыддаг зӕрдиагӕй кӕй кӕнӕм, уымӕй зыны, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уый (Матф. 12:34).

8 Ӕгас дунейы дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынц, кӕд адӕм Паддзахады хабармӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ йӕм нӕ хъусынц, уӕддӕр. Уыдон ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй сӕ лӕггады рохуаты ӕппындӕр мацы ныууадзой (2 Тим. 4:5). Мах дӕр Хуыцауы тыххӕй адӕмӕн дзурӕм, ӕмӕ йын йӕ иннӕ фӕдзӕхстытӕ дӕр ӕххӕст кӕнӕм.

Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы цӕмӕн уарзӕм

9. Йесо цытӕ бавзӕрста ӕмӕ йын цы баххуыс кодта?

9 Мах Хуыцауы уарзӕм, ӕмӕ йын йӕ Фырты дӕр бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй ис уарзӕн. Йесойы никуы федтам, фӕлӕ йӕ хуыздӕр куы базонӕм, уӕд ӕй тынгдӕр уарздзыстӕм (1 Пет. 1:8). Йесойы цавӕр хъуыддӕгты хъуыди фидар фӕлӕууын? Кӕд йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кодта, уӕддӕр йӕ фӕдыл зылдысты, никӕмӕн ницы кодта, афтӕмӕй дзы се сӕфт уыдтой, мӕнг ныхӕстӕ дзы кодтой, ӕфхӕрдтой йӕ. Стӕй ма бирӕ ӕндӕр зындзинӕдтӕ бавзӕрста. (Бакӕс Иоанны 15:25.) Йесо йӕ уӕларвон Фыды кӕй уарзта, уый фӕрцы ӕппӕт уыцы фӕлварӕнты фидар фӕлӕууыд. Уарзондзинад ӕй сразӕнгард кодта, цӕмӕй бирӕты тыххӕй йӕ цард нывондӕн ӕрхастаид (Матф. 20:28).

10, 11. Чырысти мах тыххӕй цы сарӕзта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ цы фӕфӕнды?

10 Йесойы уарзондзинад мах дӕр разӕнгард кӕны уарзынмӕ. Чырысти мах тыххӕй цы сарӕзта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ӕм нӕ уарзондзинад тыхджындӕр кӕны. Йӕ фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕм ахӕм уарзондзинад уа ӕмӕ йӕ ӕвдисгӕ дӕр кӕнӕм. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар лӕууӕм, Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ (Матф. 28:19, 20).

11 Чырысти ӕппӕт адӕмы дӕр кӕй уарзы, уый тыххӕй нӕ фӕнды нӕ хӕслӕвӕрд кӕронмӕ сӕххӕст кӕнын, цалынмӕ ацы дунейы кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15.) Чырысти цы уарзондзинад равдыста, уый тынг ахсджиаг уыди, цӕмӕй ӕххӕст кодтаид, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый. Чырысти нын ныууагъта цӕвиттон, ӕмӕ уый фӕрцы махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Уый тыххӕй нӕ хъӕуы Хуыцауы тынгдӕр уарзын (Матф. 22:37). Йесойы амындтӕм куы хъусӕм ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ нӕ Йесойау кӕй фӕнды цыфӕнды уавӕрты дӕр Хуыцауы хицаудзинады фарс лӕууын (Иоан. 14:23, 24; 15:10).

Цӕуӕм ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл

12. Павелы хъуыдыйы цы уыди, уарзондзинад «ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг» куы схуыдта, уӕд?

12 Апостол Павел фӕзмыдта Чырыстийы. Павел Чырыстийы къахвӕдтыл кӕй цыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд йе ’фсымӕртӕн фидарӕй зӕгъын, цӕмӕй йӕ фӕзмой (1 Кор. 11:1). Павел Коринфы чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй зӕрдиагӕй тырныдтаиккой, фыццаг ӕнусы сыгъдӕг уд цы курдиӕттӕй хайджын кодта, уыдонмӕ, зӕгъӕм, адӕмы дзӕбӕх кӕнынмӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурынмӕ. Ӕмӕ кӕд афтӕ дзырдта, уӕддӕр сын равдыста, ноджы хуыздӕр цӕмӕдӕр кӕй ис тырнӕн. 1 Коринфӕгтӕм 12:31 Павел загъта: «Ӕз та уын ӕвдисын ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг». Ацы ныхӕсты фӕстӕ цы стихтӕ ис, уыдонӕй зыны, ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг кӕй у уарзондзинады фӕндаг. Уыцы фӕндаг ӕппӕты хуыздӕр цӕмӕн у? Павелы цы зӕгъын фӕндыд, уый бӕлвырддӕр бамбарын кодта. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 13:1–3.) Алыхуызон курдиӕттӕ йӕм куы уыдаид ӕмӕ стыр хъуыддӕгтӕ куы арӕзтаид, фӕлӕ йӕм уарзондзинад куы нӕ уыдаид, уӕд йӕ къухы цы бафтыдаид? Ӕппындӕр ницы! Ацы ахсджиаг хъуыддаг Павел Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы бамбарын кодта. Уӕдӕ ныл уый куыд тынг хъуамӕ ӕндава!

13. а) 2010 азы стих цавӕр у? ӕ) Уарзондзинад алкӕддӕр цӕмӕн уыдзӕн?

13 Павел нын дарддӕр ӕмбарын кӕны, уарзондзинад цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 13:4–8.) Ныр та ӕркӕс, дӕ уарзондзинад дӕр ахӕм у ӕви нӕ. Сӕйраджыдӕр ӕркӕс 7 стихы фӕстаг хаймӕ ӕмӕ 8 стихы фыццаг хъуыдыйадмӕ: «[Уарзондзинад] алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы. Уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн». Ацы ныхӕстӕ уыдзысты 2010 азы стих. 8 стихы Павел дзуры, кӕй фесӕфдзысты, сыгъдӕг уд кӕмӕй хайджын кӕны, уыцы курдиӕттӕ, уыимӕ пехуымпар-ныхас кӕныны ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиӕттӕ (райдианы чырыстон ӕмбырды чи уыди, уыдон). Уыцы курдиӕттӕ нал уыдзысты, фӕлӕ уарзондзинадӕн та кӕрон никуы уыдзӕн. Йегъовӕ у уарзондзинад ӕмӕ цӕрдзӕн ӕнустӕм. Уымӕ гӕсгӕ уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн. Уарзондзинад никуы фесӕфдзӕн, уымӕн ӕмӕ уый у нӕ ӕнусон Хуыцауы миниуӕг (1 Иоан. 4:8).

Уарзондзинад алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы

14, 15. а) Уарзондзинад нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм? ӕ) Иу ӕрыгон ӕфсымӕр Хуыцауы закъӕтты сӕрты ахизыныл цӕуылнӕ сразы?

14 Чырыстӕттӕн цы ’ххуыс кӕны, цӕмӕй фидар лӕууой фӕлварӕнты, уӕззау уавӕрты ӕмӕ зындзинӕдты? Сӕйраджыдӕр сын ӕххуыс кӕны, уагӕвӕрдтыл чи ӕнцайы, уыцы уарзондзинад. Ахӕм уарзондзинад, искӕмӕн исты фӕуай, ӕрмӕст уый нӕу. Уый фӕрцы нӕ бон у нӕ иузӕрдиондзинад дӕр бахъахъхъӕнын ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй нӕ цард дӕр раттын (Лук. 9:24, 25). Ахъуыды-ма кӕнӕм, Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕ дӕр концлагерты ӕмӕ тыхкуысты лагерты чи хъизӕмар кодта, уыцы иузӕрдион Ӕвдисӕнты цӕвиттонтыл.

15 Уый хорз зыны Германӕй иу ӕрыгон Ӕвдисӕн Вильхелмы хабарӕй. Хуыцауы закъӕтты сӕрты ахизыныл кӕй не сразы, уый тыххӕй йӕ нацисттӕ фехстой. Уый мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззад. Йӕ фӕстаг фыстӕджы Вильхелм йӕ бинонтӕм ныффыста: «Мах ӕппӕты тынгдӕр хъуамӕ уарзӕм Хуыцауы, нӕ Хицау Йесо Чырысти нын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Иузӕрдион ыл куы уӕм, уӕд нын ӕнӕмӕнгдӕр раарфӕ кӕндзӕн». Фӕстӕдӕр «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» йӕ хо ныффыста: «Уыцы карз рӕстӕджы нӕ бинонтӕй алкӕмӕндӕр ӕппӕты ахсджиагдӕр уыди Хуыцауы уарзын». Ахӕм зондыл хӕст сты, абон ахӕстӕтты чи хъизӕмар кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕ Сомих, Эритрея, Хуссар Корея ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты. Уыцы ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ нӕ ивынц.

16. Малавийы не ’фсымӕртӕ цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдысты?

16 Бирӕ бӕстӕты не ’фсымӕрты уырнындзинад ӕмӕ фидардзинад алыхуызӕтты фӕлвӕрд цӕуы. Малавийы хицӕуттӕ 26 азы дӕргъы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕрибарӕй хъусын кӕнын нӕ уагътой, сӕ ныхмӕ карзӕй цыдысты ӕмӕ сын алы фыдмитӕ кодтой. Фӕлӕ фидар кӕй фӕлӕууыдысты, уый тыххӕй сын Йегъовӕ раарфӕ кодта. Сӕ ныхмӕ цӕуын куы райдыдтой, уӕд 18 мины йеддӕмӕ нӕ уыдысты. Фӕлӕ 30 азы фӕстӕ дыууӕ хатты фӕфылдӕр сты – сӕ нымӕц 38 393 ахызт. Ӕндӕр бӕстӕты дӕр хабар раст афтӕ рауайы.

17. Йӕ бинонтӕ иу диныл хӕст кӕмӕн не сты, уыцы чырыстӕттӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц ӕмӕ фидар цӕй фӕрцы фӕлӕууынц?

17 Знӕгтӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ ӕргом куы фӕцӕуынц, уый иу хъуыддаг у. Фӕлӕ бынтон ӕндӕр хъуыддаг та у, сӕ ныхмӕ сӕ бинонтӕ куы фӕцӕуынц. Чырыстонӕн гӕнӕн ис маст ӕвзарын кӕной йӕ бинонтӕ, йе та йӕ хӕстӕджытӕ. Цымӕ Йесо дӕр уый тыххӕй нӕ дзырдта? О, йӕ ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый бирӕтӕ сӕхиуыл бавзӕрстой (Матф. 10:35, 36). Ӕрыгӕтты ныхмӕ фӕцӕуынц сӕ ӕнӕуырнӕг ныййарджытӕ. Иуӕй-иуты дзы хӕдзарӕй дӕр расырдтой, фӕлӕ сӕ хӕларзӕрдӕ Ӕвдисӕнтӕ суазӕг кодтой. Иннӕтӕн та сӕ хиуӕттӕ загътой, зӕгъгӕ нӕ нал хъӕуыс. Цы сын баххуыс кодта фидар фӕлӕууынӕн? Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты кӕй уарзынц, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ Фырты ӕцӕг уарзтӕй кӕй уарзынц, уый (1 Пет. 1:22; 1 Иоан. 4:21).

18. Алцӕмӕн дӕр фидар чи лӕууы, ахӕм уарзондзинад лӕг ӕмӕ усӕн куыд ӕххуыс кӕны?

18 Адӕймаджы ма бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты бахъӕуы, алцӕмӕн дӕр фидар чи лӕууы, ахӕм уарзондзинад. Лӕг ӕмӕ усӕн уарзондзинад ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕрой: «Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Матф. 19:6). Чырыстон лӕг ӕмӕ ус зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд хъуамӕ ма рох кӕной, се ’мкъайады Йегъовӕйӕн ахсджиаг бынат кӕй ис (1 Кор. 7:28). Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, уарзондзинад алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы. Лӕг ӕмӕ ус ацы миниуӕг сӕ «уӕлӕ куы скӕнынц», уӕд сӕ хъарутыл бафты, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ ӕввахсдӕр кӕной ӕмӕ сӕ бинонты цард хъахъхъӕной (Кол. 3:14, фип.).

19. Ӕрдзон бӕллӕхты фӕстӕ Хуыцауы адӕм цы саразынц?

19 Уарзондзинад нын ӕххуыс кӕны ӕрдзон бӕллӕхты рӕстӕг фидар фӕлӕууынӕн. Уый бӕрӕг уыди, Перуйы хуссар хайы зӕххӕнкъуыст куы уыд ӕмӕ Иугонд Штатты хуссар районты тыхдымгӕ «Катринӕ» стыр зиӕнттӕ куы ракодта, уӕд. Не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ фесӕфтой сӕ хӕдзӕрттӕ йе та сӕ исбон. Ӕгас дунейы дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уарзондзинад сразӕнгард кодта баххуыс кӕнынмӕ. Бирӕтӕ сӕм ӕрцыдысты ӕмӕ сӕм фӕкастысты сӕ хӕдзӕрттӕ аразынмӕ ӕмӕ Паддзахады залтӕ цалцӕг кӕнынмӕ. Ахӕм хъуыддӕгтӕй рабӕрӕг вӕййы, не ’фсымӕртӕ кӕрӕдзи кӕй уарзынц ӕмӕ кӕрӕдзийыл кӕй тыхсынц кӕдфӕнды дӕр ӕмӕ цыфӕнды уавӕрты дӕр (Иоан. 13:34, 35; 1 Пет. 2:17).

Уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн

20, 21. а) Уарзондзинад ӕппӕты ахсджиагдӕр цӕмӕн у? ӕ) Цӕмӕн дӕ фӕнды уарзондзинады фӕндагыл цӕуын?

20 Мах, Йегъовӕйы адӕм, уынӕм, раст кӕй у ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл цӕуын – уарзондзинады фӕндагыл цӕуын. Кӕдфӕнды дӕр ӕмӕ цыфӕнды уавӕрты дӕр уымӕй хуыздӕр фӕндаг нӕй. Дӕ хъус-ма ӕрдар, ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый тыххӕй апостол Павел цы дзырдта, уымӕ. Фыццаг уал загъта, зӕгъгӕ, сыгъдӕг уд цы курдиӕттӕй хайджын кӕны, уыдон нал уыдзысты ӕмӕ чырыстон ӕмбырд саби нал уыдзӕн, фӕлӕ фӕлтӕрдджындӕр суыдзӕн. Фӕстагмӕ та ныффыста: «Нырма та уал сты ацы ӕртӕ: уырнындзинад, ныфс ӕмӕ уарзондзинад. Фӕлӕ дзы ӕппӕтӕй ахсджиагдӕр у уарзондзинад» (1 Кор. 13:13).

21 Цӕуыл ӕууӕндӕм, уыдӕттӕ нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм ӕмӕ сыл ӕууӕндын нал хъӕудзӕн. Хуыцау ӕппӕтдӕр ног куы сараза, уӕд, цы зӕрдӕвӕрдтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уыдонмӕ бӕллын нал хъӕудзӕн. Уарзондзинадӕй та цы зӕгъӕн ис? Уый алкӕддӕр уыдзӕн, кӕрон ын никуы уыдзӕн. Ӕнусон царды ныфс нӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ мах ӕнӕмӕнгдӕр фендзыстӕм ӕмӕ ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм Хуыцауы уарзондзинад. Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ уарзондзинады фӕндагыл куы цӕуай, уӕд дӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын. Уарзондзинад та алкӕддӕр уыдзӕн (1 Иоан. 2:17).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цы не ’мбӕлы, уый цӕуылнӕ хъуамӕ уарзӕм?

• Уарзондзинад нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй фидар уӕм?

• Уарзондзинад алкӕддӕр куыд уыдзӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Хицӕнгонд текст 27 фарсыл]

2010 азы стих: «[Уарзондзинад] алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы. Уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн» (1 Кор. 13:7, 8).

[Ныв 25 фарсыл]

Хуыцауы кӕй уарзӕм, хорз хабар дӕр уый тыххӕй хъусын кӕнӕм

[Ныв 26 фарсыл]

Уарзондзинады фӕрцы Малавийы не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ фидар фӕлӕууыдысты