Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фӕстаг номыртӕ дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты? Уӕд-ма ӕркӕс, дӕ бон бауид ацы фарстатӕн дзуапп раттын ӕви нӕ.

• Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ бон куыд у, ӕмӕ коммӕгӕс уӕм?

Цӕмӕй тӕригъӕдджын монцты ныхмӕ фӕлӕууӕм, уый тыххӕй-иу хъуамӕ нӕ зӕрдӕтӕ рагацау бацӕттӕ кӕнӕм, цалынмӕ зын уавӕры йе та фӕлварӕны нӕ бахауӕм, уӕдмӕ. Стӕй ма хъуамӕ нӕхицӕн аскъуыддзаг кӕнӕм, цыфӕнды куы ’рцӕуа, уӕддӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕй кӕсдзыстӕм (Пс. 78:8). Цӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ бацӕттӕ кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Фыстад, ӕмӕ йыл чи бындуриуӕг кӕны, уыцы литературӕ лӕмбынӕг иртасӕм (15.9., 12 фарс).

• Петр денджызы куы дӕлдон кодта, уӕд ӕй Йесо кӕй фервӕзын кодта, уымӕй зондӕн райсӕн цы ис? (Матф. 14:28–31).

Не ’фсымӕрӕн йӕ уырнындзинад кӕй ӕрлӕмӕгъ, уый куы уынӕм, уӕд ӕм не ’ххуысы къух бадарӕм ӕмӕ йын баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй йӕ уырнындзинад бафидар уа (15.9., 8 фарс).

• Йегъовӕ мах фервӕзын кӕныны тыххӕй цы сарӕзта?

Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй йын йӕ Фырты хъизӕмарӕй мардтаиккой ӕмӕ дзы хынджылӕг кодтаиккой. Йегъовӕ ма йӕ Фырты фыдгӕнӕгау амарын дӕр бауагъта, ӕмӕ уымӕ амыдта, Авраам йӕ фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уый (15.9., 28, 29 фӕрстӕ).

• Йегъовӕ кӕй ахуыр кӕны, уыдон цавӕр адӕм хъуамӕ уой?

Фыццаджыдӕр хъуамӕ уой сӕрныллӕг ӕмӕ сӕ хъуамӕ фӕнда ахуыр кӕнын. Псаломзарӕггӕнӕг Давид фыста: «Йегъовӕ у хӕларзӕрдӕ ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау. [...] Сабыр адӕмы сахуыр кӕндзӕн йӕ фӕндагыл цӕуын» (Пс. 25:8, 9). (15.9., 21 фарс).

• Цавӕр зондзонӕн ис Ӕмбисӕндты 24:27?

Бинонтӕ скӕнын кӕй фӕнды, ахӕм нӕлгоймаг уал хъуамӕ йӕхи хорз бацӕттӕ кӕна, цы хӕстӕ йӕ хъӕудзӕн ӕххӕст кӕнын, уыдонмӕ. Уымӕ хауы, йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты дарын ӕмӕ, куыд бинонты хистӕр, афтӕ сын Хуыцауы хъуыддӕгты разамынд дӕттын (15.10., 12 фарс).

• Уӕ бинонтимӕ Библи иудадзыг куы ахуыр кӕнат, уӕд уый уӕ сывӕллӕттӕн куыд баххуыс кӕндзӕн?

Афтӕ куы кӕнат, уӕд уӕ сывӕллӕттӕ тынгдӕр аргъ кӕндзысты, Йегъовӕ цы дӕтты, уымӕн, стӕй уыдзысты фидар ӕмӕ сын Йегъовӕимӕ уыдзӕн ӕнгом ахастытӕ (15.10., 30, 31 фӕрстӕ).

• Фембӕлдты ӕмӕ конгрессты хо раныхӕстӕ куы фӕтӕлмац кӕны, уӕд ӕй цымӕ сӕрбӕттӕн ныккӕнын фӕхъӕуы?

Хо ӕфсымӕры раныхас куы фӕтӕлмац кӕны, уӕд хъусджытӕн сӕ бон вӕййы кӕсын ӕфсымӕрмӕ ӕмӕ ма хъусын тӕлмацгӕнӕгмӕ дӕр. Ахӕм уавӕры хъусджытӕн се ’ргом хомӕ арӕзт нӕ вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ, ӕнӕуи ӕвзагмӕ чи фӕтӕлмац кӕны, уыцы хойы сӕрбӕттӕн ныккӕнын нӕ фӕхъӕуы (15.11., 12 фарс).

• Йегъовӕ ӕмӕ Йесо сӕ уӕздандзинадӕй фӕзминаг куыд сты?

Кӕд Йегъовӕ Дун-дунейы хицау у, уӕддӕр адӕммӕ дары хӕлар зӕрдӕ ӕмӕ сын стыр аргъ кӕны. Хуыцау-иу Авраам ӕмӕ Моисеимӕ куы ныхас кодта, уӕд-иу спайда кодта иу дзуттаг дзырдӕй, арӕх ӕй тӕлмац кӕнынц, «дӕ хорзӕхӕй», зӕгъгӕ (Райд. 13:14; Рац. 4:6). Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау адӕммӕ фӕхъусы (Райд. 18:23–32). Йесо Чырысти дӕр афтӕ кодта. Уый цӕттӕ уыд ӕмӕ йӕ фӕндгӕ дӕр кодта, цӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кодтаид ӕмӕ-иу сӕм арӕх сӕ номӕй дӕр дзырдта (15.11., 25 фарс).

• Нӕ бон куыд у «нӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх байгом кӕнын»?

Паддзахады залы ногтимӕ куы ныхас кӕнӕм, стӕй ацӕргӕтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕн салам куы дӕттӕм. Фӕстаг хатт нын аныхас кӕныны фадат кӕимӕ нӕ фӕци, уыдонимӕ-иу иугыццыл куы алӕууӕм ӕмӕ-иу семӕ куы аныхас кӕнӕм. Стӕй ма-иу конгрессты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ куы базонгӕ уӕм (15.11., 20–22 фӕрстӕ).