Дӕ бон у Македонимӕ ацӕуын?
Дӕ бон у Македонимӕ ацӕуын?
АПОСТОЛ Павел Къаннӕг Азийы наулӕууӕн горӕт Троадӕйы федта цӕстылуайӕн. Македонийӕ йын иу лӕг балӕгъстӕ кодта: «Македонимӕ-ма ӕрцу ӕмӕ нын баххуыс кӕн». Уыцы цӕстылуайӕны фӕстӕ Павел ӕмӕ йемӕ чи уыд, уыдон «бамбӕрстой, Хуыцау сӕ кӕй ӕрвиты, цӕмӕй сын хорз хабар фехъусын кӕной». Цы сын бантыст? Македонийы сӕйраг горӕт Филиппты уырнджытӕ систы Лидийӕ ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ. Ацы Ромаг провинцийы иннӕ цӕрджытӕ дӕр чырыстон фӕндагыл ӕрлӕууыдысты (Ап. хъ. 16:9–15).
Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр афтӕ зынгзӕрдӕ сты. Бирӕтӕ сӕ сӕхи хардзӕй ацӕуынц, Паддзахады хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм. Зӕгъӕм, Лисӕйы бафӕндыд, цӕмӕй фылдӕр рӕстӕг хъусын кодтаид ӕмӕ Канадӕйӕ ацыд Кенимӕ. Тревор ӕмӕ Эмили дӕр сты канадӕйӕгтӕ. Уыдон та ацыдысты Малавимӕ. Пол ӕмӕ Мэгги пенсийы куы рацыдысты, уӕд бамбӕрстой, уый хорз фадат кӕй у, цӕмӕй Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕной ӕмӕ Англисӕй Хурыскӕсӕн Африкӕмӕ ацыдысты. Дӕу дӕр фӕнды афтӕ удуӕлдайӕ лӕггад кӕнын? Дӕ бон у ӕндӕр искуыдӕм ацӕуын? Кӕд о, уӕд дын Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты?
Дӕ зӕрдӕйы фӕндтыл ахъуыды кӕн
Хорз уаид, дӕ зӕрдӕйы фӕндтыл куы ахъуыды кӕнис. Йесойы фӕдзӕхстытӕй ӕппӕты ахсджиагдӕр у: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй». Хуыцауы кӕй уарзыс ӕмӕ дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын кӕй фӕнды, уый тыххӕй хъуамӕ тырнай ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнынмӕ. Йесо дарддӕр загъта: Матф. 22:36–39; 28:19, 20). Ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнынӕн хъӕуы бирӕ фыдӕбон кӕнын ӕмӕ удуӕлдайӕ архайын. Уый ӕнӕуи балц нӕу. Ахӕм лӕггадмӕ дӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна уарзондзинад. Ремко ӕмӕ Сюзаннӕ (Нидерландтӕй) лӕггад кӕнынц Намибийы. Уыдон дӕр ахӕм хъуыдыйыл хӕст сты: «Ам лӕггад кӕнынӕн нын ӕххуыс кӕны уарзондзинад».
«Дыккаг фӕдзӕхст дӕр ай хуызӕн у: „Дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз дӕ хионы дӕр“». Адӕмы куы уарзай, уӕд дӕ тынг фӕнддзӕн, цӕмӕй сын баххуыс кӕнай (Вилли районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕны Намибийы. Уый дзуры: «Ӕндӕр бӕстӕйы чи баззад, уыдон уымӕ не ’нхъӕлмӕ кастысты, бынӕттон ӕфсымӕртӕ сыл кӕй тыхсдзысты. Уыдон ӕрцыдысты, цӕмӕй ӕфсымӕртимӕ лӕггад кӕной ӕмӕ сын уацамынды ӕххуыс кӕной».
Ныр та ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ӕндӕр бӕстӕйы мӕ бон цӕмӕй у баххуыс кӕнын? Хорз хъусынгӕнӕг дӕн? Цавӕр ӕвзӕгтӕ зонын? Мӕ бон у ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнын?» Ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнын дӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй дӕ бинонтимӕ аныхас кӕн. Де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ дӕр аныхас кӕн. Стӕй ӕнӕмӕнг уый тыххӕй Йегъовӕмӕ кув. Дӕ зӕрдӕйы фӕндтыл куы ахъуыды кӕнай, уӕд бамбардзынӕ, ӕцӕгдӕр дӕ бон у ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнын ӕмӕ дӕ уый ӕцӕгдӕр фӕнды ӕви нӕ. (Кӕс рамкӕ «Дӕ зӕрдӕмӕ ныккӕс».)
Кӕдӕм ис ацӕуӕн
Павел цӕстылуайӕны федта, Македонимӕ йӕ кӕй хъӕуы цӕуын. Абон нын Йегъовӕ диссаджы хуызы нӕ амоны, кӕдӕм хъӕуы цӕуын, уый. Фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм Ап. хъ. 16:6–10).
хъӕуы, ахӕм бынӕтты тыххӕй базонӕм ацы журнал ӕмӕ иннӕ публикацитӕй. Уӕдӕ уал гӕххӕтмӕ рафысс, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уыцы бынӕттӕ. Кӕд дӕ бон нӕу ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнын кӕнӕ та ӕндӕр бӕстӕйы баззайын, уӕд ахъуыды кӕн, цы ӕвзаг зоныс, уыцы ӕвзагыл кӕм дзурынц, ахӕм бӕстӕйы хъусын кӕныныл. Стӕй уӕд базон, уыцы бӕстӕмӕ визӕ райсынӕн цы хъӕуы, цӕуыл ис ацӕуӕн, ӕдас дзы у ӕви нӕ, зынаргъ бӕстӕ у ӕви нӕ ӕмӕ дзы цавӕр климат ис, уыдӕттӕ. Хорз уаид, куы аныхас кӕнис, ӕндӕр бӕстӕйы чи лӕггад кодта, ахӕм хъусынгӕнджытимӕ. Хуыцаумӕ кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна раст уынаффӕ рахӕссынӕн. Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, Павел ӕмӕ йе ’мбӕлтты «сыгъдӕг уд [кӕй] нӕ бауагъта Азийы Хуыцауы ныхас дзурын». Кӕд Вифинимӕ цӕуынвӕнд кодтой, уӕддӕр «сӕ Йесо сыгъдӕг уды руаджы нӕ бауагъта». Уӕдӕ чи зоны дӕу дӕр рӕстӕг бахъӕуа, цӕмӕй бамбарай, де ’ххуыс ӕцӕгдӕр кӕм хъӕуы, уый (Чи зоны дӕхӕдӕг зоныс, ӕцӕгдӕр дӕ бон кӕм у баххуыс кӕнын, уый. Кӕд дӕ ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнын фӕнды, уӕд, кӕдӕм ацӕуис, уыцы бӕстӕты филиалтӕм писмотӕ арвит. Цыбыртӕй дзы ныффысс дӕ лӕггады тыххӕй, стӕй дӕ цы базонын фӕнды, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, дӕ бон уыдзӕн дӕхи фӕдарын, фатер ӕмӕ куыст ӕнцонтӕй ссардзынӕ, стӕй дзы дохтырты ӕххуыс зынаргъ у ӕви нӕ. Уый фӕстӕ сӕ ратт ӕмбырды комитетмӕ. Ӕфсымӕртӕ дын рекомендаци ныффысдзысты ӕмӕ йӕ дӕ писмотимӕ филиалтӕм арвитдзысты. Филиалтӕй цы дзуаппытӕ райсдзынӕ, уыдонӕй бамбардзынӕ, дӕ бон кӕм у тынгдӕр баххуыс кӕнын, уый.
Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы Вилли дзуры: «Ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуынвӕнд чи фӕкӕны, уыдон уал фыццаг ацӕуынц, цӕмӕй базоной, сӕ бон дзы суыдзӕн лӕггад кӕнын ӕви нӕ. Иу лӕг ӕмӕ ус бамбӕрстой, хъӕуы сын зын кӕй уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ ӕрбынат кодтой гыццыл горӕты. Уыцы горӕты дӕр хъусынгӕнджытӕ нӕ фаг кодта ӕмӕ сын уым ӕнцондӕр цӕрӕн уыд».
Ног зындзинӕдтӕ
Ӕндӕр ранмӕ цӕрынмӕ куы ацӕуай, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зындзинӕдтыл сӕмбӕлдзынӕ. «Цыма иунӕгӕй аззадтӕн, афтӕ мӕм касти»,– дзуры, уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы Лисӕ. Цы йын ӕххуыс кӕны? Ног ӕмбырдыл йӕхи кӕй бӕтты, уый. Йӕ разы нысан сӕвӕрдта, цӕмӕй ӕмбырды алкӕй ном дӕр базона. Уый тыххӕй-иу ӕмбырдмӕ раздӕр ӕрбацыд ӕмӕ-иу ӕмбырды фӕстӕ дӕр баззад, цӕмӕй йын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ныхас кӕнынӕн рӕстӕг уыдаид. Стӕй иннӕтимӕ уацамынды цыди ӕмӕ-иу бирӕты уазӕгуаты фӕхуыдта, ӕмӕ йын афтӕмӕй ног ӕмбӕлттӕ фӕзынд. Лисӕ дзуры: «Ардӕм кӕй ӕрцыдтӕн, ууыл ӕппындӕр нӕ фӕсмон кӕнын. Йегъовӕ мӕ стыр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта».
Пол ӕмӕ Мегги сӕ хӕдзары фӕцардысты 30 азы. Сӕ сывӕллӕттӕ куы сыстыр сты, уӕд ӕндӕр ранмӕ лӕггад кӕнынмӕ ацыдысты. Пол дзуры: «Нӕ фӕллой ӕнцонтӕй ныууагътам. Фӕлӕ нын нӕ бинонты ныууадзын тынг зын уыд, ӕнхъӕл куыд нӕ уыдыстӕм, афтӕ зын. Хӕдтӕхӕджы куы бадтыстӕм, уӕд бирӕ фӕкуыдтам. Ӕнцон у зӕгъын, нӕ бон нӕу, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл сӕвӕрдтам. Нӕ ног ӕмбӕлттӕ дӕр нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дарддӕр лӕггад кӕнӕм».
Грег ӕмӕ Кристал англисаг ӕвзаг кӕй зонынц, уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодтой Канадӕйӕ Намибимӕ ацӕуын, уымӕн ӕмӕ уым дӕр уыцы ӕвзагыл дзурынц. Фӕлӕ фӕстӕдӕр бамбӕрстой, бынӕттон ӕвзаг сӕ кӕй хъӕуы сахуыр кӕнын. «Хатт-иу нӕ ныфс асаст. Фӕлӕ бынӕттон ӕвзаг куы сахуыр кодтам, уӕд сын се ’гъдӕуттӕ бамбӕрстам. Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ кӕй балымӕн стӕм, уый фӕрцы нӕ ног уавӕртыл сахуыр стӕм».
Сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ зӕрдиагӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд уый дӕр бынӕттон ӕфсымӕртыл хорзырдӕм фӕзындзӕн. Дженни ӕхсызгонӕй ӕрымысы, йӕ райгуырӕн бӕстӕ Ирландимӕ-иу хъусын кӕнынмӕ чи ӕрцыд, ахӕм бинонты. «Се ’ппӕт дӕр тынг уазӕгуарзон уыдысты. Уыдон-иу уый тыххӕй не ’рцыдысты, цӕмӕй сын лӕггад кодтаиккой, фӕлӕ цӕмӕй сӕхӕдӕг иннӕтӕн балӕггад кодтаиккой. Афтӕ зынгзӕрдӕ ӕмӕ хъӕлдзӕг уыдысты, ӕмӕ мӕн дӕр бафӕндыд уыдонау лӕггад кӕнын». Ныр Дженни йӕ лӕгимӕ миссионертӕй лӕггад кӕнынц Гамбийы.
«Йегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы кӕны хъӕздыг»
Павел Македонийы кӕй лӕггад кодта, уый йын бирӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста. Иу дӕс азы фӕстӕ Филиппты цӕрӕг ӕфсымӕртӕм ныффыста: «Куы уыл фӕхъуыды кӕнын, уӕд алкӕддӕр Хуыцауӕн бузныг фӕзӕгъын» (Фил. 1:3).
Тревор ӕмӕ Эмили дӕр афтӕ хъуыды кӕнынц. Цалынмӕ сӕ Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнады библион скъола Галаадмӕ нӕ фӕхуыдтой, уӕдмӕ лӕггад кодтой Малавийы. Уыдон дзурынц: «Хатт-иу хъуыды кодтам, цымӕ раст бакодтам. Фӕлӕ уӕддӕр амондджын уыдыстӕм. Кӕрӕдзийыл ноджы ӕнувыддӕр систӕм ӕмӕ нын Йегъовӕ кӕй арфӕ кодта, уый дӕр уыдтам». Грег ӕмӕ Кристал, уӕлдӕр сӕ кой кодтам, дзурынц: «Мах ӕппындӕр ницӕуыл фӕсмон кӕнӕм».
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕмӕн йӕ бон нӕу ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнын. Кӕмӕндӕр хуыздӕр уыдзӕн, йӕхи бӕстӕйы хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм ацӕуын. Иннӕтӕн та сӕ бон у сӕ хӕдзармӕ ӕввахсдӕр ӕмбырды лӕггад кӕнын. Фӕлӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр у, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ, дӕ бон цы у, уый аразай (Кол. 3:23). Ӕмӕ уӕд дӕхиуыл бавзардзынӕ, ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый: «Йегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы кӕны хъӕздыг ӕмӕ йемӕ маст нӕ хӕссы» (Ӕмб. 10:22).
[Рамкӕ/Ныв 5 фарсыл]
Дӕ зӕрдӕмӕ ныккӕс
Дӕ бон ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнын кӕй у, уый базоныны тыххӕй ӕркӕс, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдонмӕ. Йегъовӕмӕ скув ӕмӕ ахъуыды кӕн, дӕ бон ӕцӕгдӕр искуыдӕм ацӕуын у ӕви нӕ. Уымӕн дын быххуыс кӕндзысты «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» раздӕры номыртӕ.
• Мӕ уырнындзинад фидар у? – «Амондджын суӕвынӕн» (1 мартъи 1998 аз, 6 фарс [15 октябрь 1997 аз, 6 фарс, уыр.]).
• Хорз хъусынгӕнӕг дӕн? – «Ӕнтыстджын пионер цӕй фӕрцы уыдзынӕ» (15 май 1989 аз, 21 фарс, англ.).
• Мӕ бон у мӕ бинонтӕ ӕмӕ ме ’мбӕлттӕй дард ацӕуын? – «Как быть проповеднику, когда томит ностальгия» (15 май 1994 аз, 28 фарс).
• Мӕ бон у ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнын? – «Служение в иноязычном собрании» (15 мартъи 2006 аз, 17 фарс).
• Ӕндӕр бӕстӕйы мӕ бон уыдзӕн мӕхи фӕдарын? – «Мог бы ты служить в другой стране?» (15 октябрь 1999 аз, 23 фарс).
[Ныв 6 фарсыл]
Сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ зӕрдиагӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд уый бынӕттон ӕфсымӕртыл хорзырдӕм фӕзындзӕн
[Ныв 7 фарсыл]
Лӕггад кӕнынмӕ чи ацӕуы, ӕнтыстджын уыдон вӕййынц