Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауӕн лӕггад кӕн зӕрдиагӕй ӕмӕ циндзинадимӕ

Хуыцауӕн лӕггад кӕн зӕрдиагӕй ӕмӕ циндзинадимӕ

Хуыцауӕн лӕггад кӕн зӕрдиагӕй ӕмӕ циндзинадимӕ

ЙЕГЪОВӔЙЫ фӕнды, цӕмӕй зӕрдӕрухс уай (Пс. 100:2). Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ дыл, ӕвӕццӕгӕн, ис бирӕ хӕстӕ. Йегъовӕйӕн дӕхи куы снывонд кодтай, уӕд дын чи зоны сӕрибар рӕстӕг фылдӕр уыд. Фӕлӕ дыл ныр та ӕнӕуи дӕр ӕмӕ уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгты дӕр фылдӕр хӕстӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ чи зоны, тынг тыхст дӕ. Цы спълан кӕныс, уый дӕ къухы куы нӕ бафты, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дӕхи мӕтӕй фӕхӕрыс. Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дын алцӕмӕндӕр рӕстӕг фаг кӕна ӕмӕ, «Йегъовӕ цы циндзинад дӕтты», уый дӕр ма фесафай? (Неем. 8:10).

Мах цӕрӕм уӕззау рӕстӕджыты ӕмӕ бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ хъуыддӕгтӕ хорз пълан кӕнӕм. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид апостол Павелы уынаффӕмӕ ’ркӕсын: «Куыд цӕрут, уымӕ кӕсут, цӕмӕй ӕнӕзонд ма уат, фӕлӕ зондджынтӕ. Рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕнут, уымӕн ӕмӕ рӕстӕг тынг ӕвзӕр у» (Еф. 5:15, 16).

Ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ дӕ бон куыд у, дӕ къухы чи бафтдзӕн, ахӕм нысӕнттӕ ӕвӕрын, цӕмӕй дын рӕстӕг уа Библи ахуыр кӕнынӕн, дӕ бинонтӕн, уацамынды цӕуынӕн, кусынӕн ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ кӕнынӕн?

Хъуыды ма кӕныс, дӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд куы райстай, уӕд куыд цин кодтай, уый? Цин кодтай, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй базыдтай. Цӕмӕй уыдӕттӕ бамбӕрстаис ӕмӕ ахӕм циндзинад банкъардтаис, уый тыххӕй дӕ, ӕвӕццӕгӕн, бахъуыд цалдӕр мӕйы Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнын. Фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ уыди. Библи кӕй ахуыр кодтай, уый фӕрцы дӕ цард хуыздӕрырдӕм фӕивта.

Цӕмӕй дӕ циндзинад ма фесафай, уый тыххӕй хъуамӕ дарддӕр дӕр дӕ уырнындзинад фидар кӕнай. Кӕд дын Библи кӕсынӕн ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг ссарын зын у, уӕд ахъуыды кӕн, дӕ рӕстӕг цӕуыл ацӕуы, ууыл. Боны мидӕг ӕрмӕст цалдӕр минуты куы ахуыр кӕнай ӕмӕ куы хъуыды кӕнай, уӕд дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзынӕ ӕмӕ дӕ циныл дӕр цин ӕфтдзӕн.

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ бон у ахсджиаг хъуыддӕгтӕн рӕстӕг ссарын, тынг ахсджиаг чи не сты, уыцы хъуыддӕгтыл къаддӕр рӕстӕг куы хардз кӕной, уӕд. Ахъуыды-ма кӕн: «Цас рӕстӕг мын ацӕуы газеттӕ, журналтӕ ӕмӕ телевизормӕ кӕсыныл, музыкӕмӕ хъусыныл йе та ирхӕфсӕнтыл?» Ахӕм хъуыддӕгтӕ нын ӕхсызгон уыдзысты, раст цӕстӕй сӕм куы кӕсӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд (1 Тим. 4:8). Кӕд ӕй ӕмбарыс, рӕстӕгӕй раст кӕй нӕ пайда кӕныс, уӕд ахъуыды кӕн, дӕ бон фӕивын цы уаид, ууыл.

Адам у хистӕр нӕлгоймаг, ис ын ус ӕмӕ ӕртӕ сывӕллоны. Цы йын ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй дзуры: «Ӕз архайын, цӕмӕй хуымӕтӕг цард кӕнон. Мӕхи хизын, бирӕ рӕстӕг кӕуыл цӕуы, ахӕм ирхӕфсӕнтӕй ӕмӕ никуы фелхӕнын, бирӕ зилын кӕмӕ хъӕуы, ахӕм дзауматӕ. Царды хорздзинӕдтӕй мӕхи нӕ цух кӕнын, фӕлӕ бирӕ тыхтӕ ӕмӕ рӕстӕг кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарын».

Хорз уынаффӕтӕ кӕй рахастай, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд та ногӕй цин кӕндзынӕ ӕмӕ цардмӕ раст цӕстӕй кӕсдзынӕ. Ӕркӕсӕм Мариушы хабармӕ. Ӕмбырды у хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ йын ис ӕртӕ сывӕллоны. Уый дзуры: «Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд мын ныфс фӕзынд. Ныр дӕр ма сӕмбӕлын зындзинӕдтыл, ӕмӕ сын сӕ фылдӕр фӕзоны ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы фидӕнмӕ кӕсын зӕрдӕрухсӕй».

Мариушы хабарӕй уынӕм, адӕймаг зӕрдӕрухс куы уа, уӕддӕр ӕнӕмӕт кӕй нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ уый фӕрцы ныфсджындӕр уыдзӕн ӕмӕ царды зындзинӕдтӕ ӕнцондӕрӕй фӕраздзӕн. Библийы кӕсӕм: «Ныфссаст адӕймаджы бонтӕ иууылдӕр сты ӕнкъард, йӕ зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕмӕн у, уымӕн та ӕдзухдӕр вӕййы куывд» (Ӕмб. 15:15). Стӕй-ма ахъуыды кӕн, Хуыцау дӕм ныридӕгӕн дӕр цы уарзондзинад равдыста, ууыл. Куы йыл хъуыды кӕнай, уӕд Йегъовӕйы тынгдӕр уарздзынӕ ӕмӕ дын цы циндзинад дӕтты, уый фылдӕр кӕндзӕн (Матф. 22:37).

Бинонтӕн Йегъовӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр куы уой, уӕд сӕ циндзинад фылдӕр кӕндзӕн. Чырыстон миниуджытӕ уӕм куы уа, уӕд барондӕр уыдзыстут ӕмӕ ӕмуд-ӕмзӕрдӕйӕ цӕрдзыстут. Афтӕмӕй уӕ бинонтӕ мыды къусы цард кӕндзысты (Пс. 133:1).

Бинонтӕ чырыстон хъуыддӕгтӕ иумӕ куы кӕной, уӕд сын уый дӕр сӕ циныл ӕфтаудзӕн. Мариуш дзуры: «Уымӕй фылдӕр ницы уарзын, ӕгас бинонтӕй дӕр иумӕ куы вӕййӕм. Мӕ цардӕмбал мын тынг ӕххуыс кӕны. Гӕнӕн ӕмӕ амалӕй мӕ фарсмӕ вӕййы: иумӕ уацамынды фӕцӕуӕм, конгрессы размӕ стадион фефснайӕм, стӕй мын ӕндӕр ӕмбырдты раныхас куы вӕййы, уӕд дӕр мемӕ рацӕуы. Уый мын тынг ӕхсызгон вӕййы».

Фыстад чырыстӕтты разӕнгард кӕны, цӕмӕй сӕ бинонтыл тыхсой (1 Тим. 5:8). Фӕлӕ дын куыстыл бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ куы цӕуа, уӕд гӕнӕн ис Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ дӕ циндзинад фесафай. Цӕмӕй дӕ хабар афтӕ ма рауайа, уый тыххӕй кув Йегъовӕмӕ (Пс. 55:22). Иуӕй-иутӕ бамбӕрстой, сӕ куыст куы нӕ фӕивой, уӕд сӕ бон кӕй не суыдзӕн Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты сӕвӕрын. Чырыстонӕн, бирӕ рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ кӕуыл цӕуы, ахӕм ӕхцаджын куыст хъуамӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕй сӕйрагдӕр ма суа (Ӕмб. 22:3).

Хорз уаид, куы ныффыссис, ныр кӕм кусыс йе та дӕ цы куыстмӕ бацӕуын фӕнды, уым хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы ис, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз мызд ӕмӕ зӕрдӕзӕгъгӕ куыст ӕвзӕр не сты. Фӕлӕ дӕ дӕ куыст нӕ хъыгдары, цӕмӕй дӕ бинонты уырнындзинадыл тыхсай? Алцӕуылдӕр лӕмбынӕг ахъуыды кӕн ӕмӕ ахӕм уынаффӕтӕ рахӕсс, цӕмӕй дын Йегъовӕ фыццаг бынаты уа.

Кӕд дӕ дӕ куыст къуылымпы кӕны, цӕмӕй уырнындзинады рӕзай, уӕд дӕ хъӕуы цыдӕр фӕивын. Чырыстӕттӕй бирӕтӕ сӕ царды стыр ивындзинӕдтӕ скодтой, цӕмӕй сын сӕ уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгтӕн фылдӕр рӕстӕг уыдаид. Иу ӕфсымӕр Польшӕйӕ дзуры: «Иухатт мын ӕндӕр гӕнӕн нал уыди, ӕмӕ мӕ куыст ныууагътон, уымӕн ӕмӕ мӕ командировкӕты тынг арӕх ӕрвыстой. Рӕстӕг мын нал дӕр мӕ бинонтӕн уыд, нал дӕр чырыстон хъуыддӕгтӕн». Ныр ацы ӕфсымӕр кусы, къаддӕр рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ кӕуыл цӕуы, ахӕм куысты.

Иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын дын циндзинад хӕссӕд

Йесо загъта: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Ап. хъ. 20:35). Чырыстӕттӕн бирӕ фадӕттӕ ис афтӕ кӕнынӕн. Искӕмӕ куы бахудӕм, кӕмӕндӕр йӕ къух куы райсӕм йе та ӕмбырды хъуыддӕгты чи фыдӕбон кӕны, уымӕн зӕрдиагӕй бузныг куы зӕгъӕм, уӕд ӕрмӕст уый дӕр фаг уыдзӕн, цӕмӕй нӕхицӕн дӕр ӕмӕ уымӕн дӕр ӕхсызгон уа.

Апостол Павел йе ’мчырыстӕтты разӕнгард кодта: «Ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдаут, лӕмӕгъты фидар кӕнут» (1 Фес. 5:14). Ныфссаст адӕммӕ чи зоны афтӕ кӕса, ӕмӕ сӕхи хъаруты фӕрцы сӕ зындзинӕдты сӕрты нӕ ахиздзысты. Дӕ бон у ахӕм адӕмӕн баххуыс кӕнын? Де ’фсымӕртӕй искӕмӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын циндзинад куы нал хӕсса, уӕд бацархай, цӕмӕй йӕ бафидар кӕнай. Афтӕмӕй дӕхӕдӕг дӕр бафидар уыдзынӕ. Иуӕй-иу хъуыддӕгтыл адӕмӕн сӕ бар нӕ цӕуы. Фӕлӕ дӕ бон у равдисын, де ’фсымӕрӕн йӕ рис кӕй ӕмбарыс ӕмӕ йӕ сразӕнгард кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйыл йӕ ныфс дара – Йегъовӕ ӕнӕххуысӕй никуы никӕй ныууадзы. Йӕ ныфс ыл чи дары, уыдон никуы фӕфыдӕнхъӕл уыдзысты (Пс. 27:10; Ис. 59:1).

Хорз хабар хъусын кӕнын циндзинад кӕмӕн нал хӕссы, ахӕм адӕймаджы ма дӕ бон у демӕ уацамынды акӕнын. Йесо йӕ 70 ахуыргӕнинаджы хъусын кӕнынмӕ арвыста «дыгӕйттӕй» (Лук. 10:1). Афтӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзи фидар кодтой. Йӕ лӕггад циндзинад кӕмӕн нал хӕссы, ахӕм чырыстоны дӕ бон у уацамынды акӕнын, цӕмӕй та ногӕй йӕ зӕрдӕйы зынг ссудза?

Абон адӕймагӕн йӕ сагъӕстӕ йӕ сӕрыхъуынтӕй фӕфылдӕр сты. Фӕлӕ нӕ Павел разӕнгард кӕны: «Хицауимӕ иудзинады кӕй стут, уымӕ гӕсгӕ ӕдзухдӕр цин кӕнут. Ӕмӕ ма уын ноджыдӕр зӕгъын: цин кӕнут!» (Фил. 4:4). Кӕд Хуыцауы уарзыс, йӕ коммӕ кӕсыс ӕмӕ дын цы бахӕс кодта, уый зынгзӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕныс, уӕд дӕ цард дзӕгъӕлы нӕу. Уый дын хӕссы циндзинад. Уымӕй уӕлдай ма дын Йегъовӕ ӕххуыс кӕны, цӕмӕй зындзинӕдтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕн быхсай (Ром. 2:6, 7).

Уырнындзинады цӕстӕй кӕсгӕйӕ мах зонӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрд ног дуне тынг хӕстӕг кӕй у. Цас арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм уӕд ӕмӕ цас цӕуылдӕртыл цин кӕндзыстӕм! (Пс. 37:34). Цӕй уӕдӕ зӕрдӕрухс уӕм ӕмӕ ма рох кӕнӕм, Йегъовӕ нын абон дӕр куыд тынг арфӕ кӕны, уый. Афтӕмӕй «Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзыстӕм цингӕнгӕйӕ» (Пс. 100:2).

[Схемӕ 8 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Цӕмӕй дӕ циндзинад ма фесафай, уый тыххӕй дӕ, чи зоны, хъӕуы ӕркӕсын, дӕ рӕстӕг куыд хардз кӕныс, уымӕ

УЛӔФТ ӕмӕ ИРХӔФСӔНТӔ

ХӔДЗАР ӕмӕ БИНОНТӔ

КУЫСТ

ЧЫРЫСТОН ФЕМБӔЛДТӔ

БИБЛИ АХУЫР КӔНЫН

УАЦАМЫНД

[Нывтӕ 10 фарсыл]

Дӕ бон у иннӕтӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй та сын сӕ лӕггад циндзинад хӕсса?