Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут сӕ зындзинӕдты сӕрты хизынӕн

Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут сӕ зындзинӕдты сӕрты хизынӕн

Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут сӕ зындзинӕдты сӕрты хизынӕн

НӔ ФӔСИВӔД ӕмбӕлы бирӕ зындзинӕдтыл. Ӕрыгӕттыл тынг ӕндавы Сайтаны фыддуне, ӕмӕ сӕ хъӕуы тох кӕнын, «ӕвзонг адӕймаджы зӕрдӕйы цы монцтӕ фӕзыны», уыдонимӕ (2 Тим. 2:22; 1 Иоан. 5:19). Уымӕй уӕлдай ма се Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы сӕ зӕрдыл кӕй дарынц, уый тыххӕй сыл фӕхудынц, суанг ма сӕ ӕфхӕргӕ дӕр фӕкӕнынц, сӕ дины ныхмӕ чи у, уыдон (Еккл. 12:1). Ӕфсымӕр Винсент ма скъолайы куы ахуыр кодта, уыцы рӕстӕджы тыххӕй дзуры: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕн, уый тыххӕй-иу мӕ ме ’мкъласонтӕ ӕфхӕрдтой, ӕртхъирӕн мӕм кодтой, йе та хылкъахӕн кодтой. Бирӕ хатт-иу мӕ ныфс афтӕ асаст, ӕмӕ-иу мӕ скъоламӕ цӕуын дӕр нал фӕндыд» *.

Нӕ лӕппутӕ ӕмӕ нӕ чызджытыл ӕндавы дуне. Уымӕй уӕлдай ма сӕ хъӕуы тох кӕнын сӕ зӕрдӕйы фӕндимӕ – се ’мгӕртты хуызӕн уой, уыимӕ. «Иннӕтӕй хицӕн кӕнай, уый ӕнцон нӕу»,– дзуры хо Кэтлин, цӕуы йыл 16 азы. Ӕрыгон ӕфсымӕр Алан дӕр дзуры: «Ме ’мкъласонтӕ-иу мӕ арӕх хуыдтой, цӕмӕй-иу нӕ улӕфты бонтӕ иумӕ арвыстаиккам, ӕмӕ-иу мӕ, раст зӕгъгӕйӕ, семӕ ацӕуын тынг фӕндыд». Ӕрыгӕтты ма гӕнӕн ис тынг фӕнда скъолайы спортивон хъӕзтыты хъазын, ӕмӕ афтӕмӕй тӕссаг вӕййы, ӕвзӕр ӕмбӕлттимӕ куы слымӕн уой, уымӕй. «Ӕз спорт тынг уарзын,– дзуры ӕрыгон хо Таня.– Скъолайы-иу мын тренертӕ ӕппынӕдзух дзырдтой, цӕмӕй искӕцы спортивон командӕйы хъазыдаин. „Нӕ“ зӕгъын мын-иу зын уыд».

Уӕ бон куыд у уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын сӕ зындзинӕдты сӕрты хизынӕн? Йегъовӕ ныййарджытӕн бахӕс кодта сӕ цотӕн зонд амонын (Ӕмб. 22:6; Еф. 6:4). Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыцы ныййарджытӕн сӕ нысан у, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты афтӕ ахуыр кӕной, Йегъовӕйы коммӕ кӕсын сӕ куыд фӕнда (Ӕмб. 6:20–23). Уӕд дунейы зондыл нӕ цӕудзысты, суанг сӕ ныййарджытӕ сӕ цуры куы нӕ уой, уӕд дӕр.

Ныййарджытӕн ӕнцон нӕу уыциу рӕстӕг цардамӕлттӕ кӕнын, сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын ӕмӕ ма ’мбырды хъуыддӕгты дӕр архайын. Чидӕр йӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕны иунӕгӕй, кӕмӕндӕр та йӕ ныхмӕ цӕуы йӕ ӕнӕуырнӕг цардӕмбал. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ ныййарджытӕй домы, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕной ӕмӕ сын ӕххуыс кӕной. Уӕ бон куыд у уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй алы бон дӕр цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдоны сӕрты хизой, зӕгъӕм, се ’мгӕртты зондыл ма цӕуой, сӕхи алыхуызон цыбӕлтӕй хизой ӕмӕ сӕ мӕстӕй куы марой, уӕд-иу фидар фӕлӕууой.

Йегъовӕмӕ сӕ ӕввахсдӕр кӕнут

Фыццаджыдӕр, нӕ сывӕллӕттӕ хъуамӕ зоной, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у. Хъӕуы сын баххуыс кӕнын, цӕмӕй уыной, «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы» (Дзут. 11:27). Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы Винсент дзуры, йӕ ныййарджытӕ йын куыд ӕххуыс кодтой, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кодтаид: «Мӕ мад ӕмӕ мын мӕ фыд амыдтой, Хуыцаумӕ кувын ахсджиаг кӕй у. Мӕ зӕрдыл лӕууы, мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ алы изӕр дӕр фынӕйы размӕ Йегъовӕмӕ кӕй куывтон. Йегъовӕ ӕцӕгдӕр кӕй ис, уый мӕ фидарӕй уырныдта». Уӕ сывӕллӕттимӕ иумӕ фӕкувут? Хорз уаид, куы-иу байхъусиккат, Йегъовӕмӕ кувгӕйӕ цы фӕдзурынц, уымӕ. Мыййаг, уыциу ныхӕстӕ фӕкӕнынц? Ӕви сӕ куывдтытӕй бӕрӕг вӕййы, Йегъовӕмӕ цы зӕрдӕ дарынц, уый? Сӕ куывдтытӕм сын куы хъусат, уӕд базондзыстут, уырнындзинад сӕ зӕрдӕты фидар кӕны ӕви нӕ.

Ӕрыгӕттӕ сӕхӕдӕг Библи куы кӕсой, уӕд сын уый дӕр ӕххуыс кӕндзӕн Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн. Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы Кэтлин дзуры: «Гыццылӕй ӕдзухдӕр Библи кӕй кастӕн, уый фӕрцы фидарӕй зыдтон, адӕм мӕ ныхмӕ куы уой, уӕддӕр мын Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕндзӕн». Уӕ сывӕллӕттӕн Библи кӕсыны график ис? (Пс. 1:1–3; 77:12).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттӕ се ’ппӕт иухуызон нӕ фӕхъусынц, ныййарджытӕ сын цы фӕдзурынц, уымӕ. Стӕй сӕ уырнындзинад цас фидар у, уый сӕ карӕй кӕнгӕ дӕр вӕййы. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр хъӕуы ӕххуыс, ӕнӕ уымӕй сын зын уыдзӕн, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, уый бамбарын. Ныййарджытӕ сын хъуамӕ сӕ зӕрдӕты арф ӕвӕрой Хуыцауы ныхӕстӕ, цӕмӕй Йегъовӕмӕ хъусой, кӕмфӕнды ма уой, уӕддӕр (Дык. з. 6:6–9). Уӕ сывӕллӕтты хъуамӕ уырна, Йегъовӕ сыл кӕй тыхсы.

Ӕргом ныхас – цы ис фӕхуыздӕр кӕнӕн

Уӕ сывӕллӕттӕн ма баххуыс кӕндзыстут, семӕ ӕргом куы ныхас кӕнат, уӕд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ӕнӕуи ныхас кӕнын нӕу, фӕлӕ фарстатӕ дӕттын ӕмӕ сӕм лӕмбынӕг хъусын, кӕд сӕ дзуаппытӕ уӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц, уӕддӕр. Аннӕйӕн ис дыууӕ лӕппуйы. Уый дзуры: «Мӕ лӕппутӕм фарстатӕ фӕдӕттын, цалынмӕ нӕ бамбарын, куыд хъуыды кӕнынц ӕмӕ сӕ цы аразын фӕнды, уый». Уӕ сывӕллӕттӕ фӕуынынц, ӕцӕгдӕр сӕм лӕмбынӕг кӕй фӕхъусут? Таня, йӕ кой цыд уӕлдӕр, дзуры: «Мӕ ныййарджытӕ-иу мӕм лӕмбынӕг хъуыстой ӕмӕ-иу сӕ нӕ ферох, цӕуыл ныхас кодтам, уый. Ме ’мкъласонты нӕмттӕ дӕр зыдтой ӕмӕ-иу мӕ афарстой, куыд сты, уымӕй, стӕй уый размӕ цӕуыл ныхас кодтам, уыцы хабӕрттӕй дӕр». Цӕмӕй ӕргом ныхас кӕнат, уый тыххӕй уӕ хъӕуы лӕмбынӕг хъусын ӕмӕ, цӕуыл дзырдтат, уый зӕрдыл дарын.

Бирӕ бинонты хъуыдымӕ гӕсгӕ хӕрды афон хорз фадат у ныхас кӕнынӕн. «Нӕ бинонтӕ-иу хӕрды афон алы хатт дӕр иумӕ ӕрӕмбырд сты,– дзуры Винсент.– Ӕмӕ-иу мах дӕр, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, хъуамӕ стъолы фарсмӕ уыдаиккам. Хӕрды рӕстӕг телевизормӕ кӕсын, радиомӕ хъусын кӕнӕ истытӕ кӕсын не ’мбӕлд. Иумӕ-иу кӕй абадтыстӕм ӕмӕ-иу кӕрӕдзиимӕ зӕрдӕбынӕй кӕй аныхӕстӕ кодтам, уый фӕрцы-иу мын алы бон дӕр уыди сабыр рӕстӕг ӕмӕ-иу мын уый ӕххуыс кодта скъолайы хъӕр-хъӕлӕба ӕмӕ зындзинӕдтӕ фӕразынӕн. Мӕ ныййарджытимӕ-иу хӕрды рӕстӕг кӕй ныхас кодтон, уымӕ гӕсгӕ мын ӕнцондӕр уыд семӕ ахсджиагдӕр хъуыддӕгтыл дзурын».

Ахъуыды-ма кӕнут: «Мӕ бинонтӕ къуырийы мидӕг фынгыл иумӕ цал хатты ’рбадынц?» Чи зоны уӕ исты хъӕуы фӕивын, цӕмӕй уын фылдӕр рӕстӕг уа ӕргом ныхас кӕнынӕн.

Бинонты ахуыр ахсджиаг цӕмӕн у

Алы къуыри дӕр бинонтимӕ иумӕ Библи куы ахуыр кӕнат, уӕд уый фӕрцы дӕр кӕрӕдзиимӕ ӕргом ныхас кӕндзыстут ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕндзыстут сӕ зындзинӕдты сӕрты хизынӕн. Уӕлдӕр кӕй кодтам, уыцы Алан дзуры: «Бинонты ахуыры рӕстӕг нӕ ныййарджытӕ архайдтой, цӕмӕй ӕргом ныхас кодтаиккам. Немӕ-иу ныхас кодтой, пайда нын чи уыдаид, ахӕм темӕтыл». Аланы мад дӕр дзуры: «Ахуыры рӕстӕгӕй-иу рахицӕн кодтам, цӕмӕй-иу нӕ сывӕллӕттӕ афӕлвӕрдтаиккой, сӕ уырнындзинады сӕрыл куыд дзурдзысты ӕмӕ куыд ӕмбарын кӕндзысты, сӕ дин раст кӕй у, уый. Афтӕмӕй-иу ныфсджындӕр уыдысты ӕмӕ сӕ бон уыди, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уыдоны сӕрты хизын».

Ӕцӕгдӕр, сывӕллӕтты се ’мгӕрттӕ сӕ зондыл куы фӕкӕнынц кӕнӕ сын исты куы фӕаразын кӕнынц, уӕд арӕхдӕр «нӕ» зӕгъын ӕмӕ ацӕуын фаг нӕ вӕййы. Хъуамӕ сӕ бон уа бамбарын кӕнын, цыдӕр цӕмӕн аразынц ӕмӕ цӕуылнӕ аразынц, уый. Стӕй хъуамӕ фидарӕй зоной, куыд сӕ хъӕуы бакӕнын, сӕ дины тыххӕй сыл куы худой, уӕд. Цӕуыл ӕууӕндынц, уый сӕрыл сӕ бон дзурын куы нӕ уа, уӕд сын зын уыдзӕн раст дины фарс ныфсджынӕй хӕцын. Алыхуызон уавӕртӕ рагацау куы фӕлварат, уӕд уӕ сывӕллӕттӕ ныфсджын уыдзысты.

 18 фарсыл рамкӕйы ис, бинонты ахуыры рӕстӕг уӕ бон афӕлварын кӕй у, ахӕм уавӕртӕ. Уыцы уавӕртӕ афтӕ ахъазут, цыма ӕцӕгӕйдӕр сывӕллонимӕ чидӕр ныхас кӕны ӕмӕ йемӕ разы кӕй нӕу, уый йӕ фарстатӕй бӕрӕг у. Стӕй ма-иу равзарут Библийӕ искӕцы цӕвиттонтӕ ӕмӕ-иу ахъуыды кӕнут, зондӕн райсӕн сӕ цы ис, ууыл. Уӕ сывӕллӕтты хӕдзары афтӕ куы ахуыр кӕнат, уӕд скъолайы йе та ӕндӕр искуы цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлой, уыдонмӕ цӕттӕ уыдзысты.

Уӕ хӕдзар ӕдас бынат у?

Уӕ хӕдзар ахӕм ӕдас бынат у, ӕмӕ йӕм скъолайы фӕстӕ сывӕллӕттӕ фӕтагъд кӕнынц? Кӕд о, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн, ӕрвылбон цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдонимӕ тох кӕнын. Вефилы чи лӕггад кӕны, уыцы хо дзуры: «Скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уӕд ӕмбӕрстон, нӕ хӕдзарӕй ӕдасдӕр бынат кӕй нӕй. Скъолайы цыфӕнды зын уавӕры ма бахаудаин, уӕддӕр зыдтон, нӕхимӕ куы ’рбацӕуон, уӕд алцыдӕр хорз кӕй уыдзӕн». Уӕ бинонты тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Мыййаг мӕстыгӕр, загъдгӕнаг, иуты иннӕты ныхмӕ чи кӕны, ахӕм бинонтӕ стут ӕви уе ’хсӕн ис уарзондзинад, цин ӕмӕ фарн? (Гал. 5:19–23). Кӕд уе ’хсӕн фарн нӕй, уӕд ахъуыды кодтай, цы уӕ хъӕуы фӕивын, цӕмӕй уӕ хӕдзар уӕ сывӕллӕттӕн ӕдас бынат уа?

Уӕ сывӕллӕттӕн ма зындзинӕдты сӕрты хизынӕн баххуыс кӕндзӕн иу хъуыддаг – уазӕгуаты хонут, хорзырдӕм сыл чи фӕзындзӕн, ахӕм чырыстӕтты. Зӕгъӕм, дӕ бинонтимӕ куы улӕфай, уӕд ӕмбырдӕй фӕхонӕн ис, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты. Кӕнӕ та дӕ бон у фынгыл гыццыл истытӕ авӕрын ӕмӕ фӕхонын районон цӕстдарӕджы йе та ӕндӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты. Миссионертӕ кӕнӕ Вефилы лӕггадгӕнджытӕй искӕй зоныс, дӕ сывӕллӕттӕн хорз хӕлар чи суа, сӕ бон интернеты йе та ӕнӕуи писмотӕ фыссын кӕмӕ уа, кӕнӕ та йӕм телефонӕй дзурын? Ахӕм хӕлӕрттӕ уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕндзысты раст фӕндагыл цӕуынӕн ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы нысӕнттӕ ӕвӕрынӕн. Ахъуыды-ма кӕн, Павел ӕрыгон Тимофейыл хорзырдӕм куыд фӕзынд, ууыл (2 Тим. 1:13; 3:10). Павел Тимофейы ӕмбал кӕй уыд, уый йын баххуыс кодта, цӕмӕй йын фыццаг бынаты уыдаид Хуыцауӕн лӕггад кӕнын (1 Кор. 4:17).

Уӕ сывӕллӕттӕй ӕппӕлут

Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕны, ӕрыгӕттӕ рӕстдзинадыл фидар кӕй хӕцынц, кӕд Сайтаны дуне сӕ ныхмӕ цӕуы, уӕддӕр (Пс. 147:11; Ӕмб. 27:11). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сымахӕн дӕр ӕхсызгон у, нӕ фӕсивӕд раст фӕндагыл кӕй цӕуы (Ӕмб. 10:1). Уӕ сывӕллӕттӕм фӕлмӕн зӕрдӕ кӕй дарут, уый сын дзурут ӕмӕ сӕ зӕрдиагӕй ӕппӕлут. Ныййарджытӕн фӕзминаг у Йегъовӕ. Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд Йегъовӕ загъта: «Ды дӕ мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Марчы 1:11). Йесомӕ разӕй цы фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдон сфӕразынӕн ӕй тынг бафидар кодтой йӕ Фыды ныхӕстӕ. Уадз уӕ сывӕллӕттӕ дӕр зонӕнт, кӕй сӕ уарзут ӕмӕ сын хорзӕй цы ӕнтысы, уый дӕр кӕй уынут.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕ бон афтӕ саразын нӕу, цӕмӕй уӕ сывӕллӕтты ӕппындӕр мачи хъыгдара, мачи сӕ мӕстӕй мара ӕмӕ сыл мачи худа. Фӕлӕ сын уӕддӕр уӕ бон у бирӕ цӕмӕйдӕрты баххуыс кӕнын. Куыд? Ӕххуыс сын кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕной. Архайут, цӕмӕй сын ӕнцон уа ӕргом ныхас кӕнын, бинонты ахуыр сын пайда уа ӕмӕ сын уӕ хӕдзар ӕдас бынат уа. Афтӕ куы кӕнат, уӕд уӕ сывӕллӕттӕн сӕ бон уыдзӕн, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлой, уыдоны сӕрты хизын.

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

[Рамкӕ/​Ныв 18 фарсыл]

 ХОРЗ У РАГАЦАУ ЦӔТТӔ КӔНЫН

Ам ис, нӕ сывӕллӕттӕ цы уавӕрты бахауынц, уыдонӕй иуӕй-иутӕ. Хорз уаид, бинонты ахуыры рӕстӕг дзы искӕцы куы афӕлвариккат.

▸ Тренер дӕ сывӕллонӕн дзуры, цӕмӕй спортивон командӕйы хъаза.

▸ Дӕ сывӕллонӕн скъолайӕ хӕдзармӕ цӕугӕйӕ тамако дымын кӕнынц.

▸ Цалдӕр лӕппуйы дӕ сывӕллонмӕ ӕртхъирӕн кӕнынц, уацамынды цӕугӕ ма йӕ куы феной, уӕд ӕй кӕй фӕнӕмдзысты.

▸ Дӕ сывӕллон хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕны ӕмӕ йе ’мкъласоныл фембӕлд.

▸ Ӕнӕхъӕн къласы раз дӕ сывӕллоны фӕрсынц, тырысайӕн цӕуылнӕ табу кӕны, уымӕй.

▸ Иу лӕппу дӕ сывӕллоныл ӕдзухдӕр худы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у, уый тыххӕй.

[Ныв 17 фарсыл]

Уӕ сывӕллӕттӕн Библи кӕсыны график ис?

[Ныв 19 фарсыл]

Уӕ бинонтимӕ куы фӕулӕфут, уӕд фӕхонут, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, ахӕм чырыстӕтты?