Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Арӕхстджынӕй пайда кӕнӕм «сыгъдӕг уды лӕвӕрд хъамайӕ»

Арӕхстджынӕй пайда кӕнӕм «сыгъдӕг уды лӕвӕрд хъамайӕ»

Арӕхстджынӕй пайда кӕнӕм «сыгъдӕг уды лӕвӕрд хъамайӕ»

«Райсут сыгъдӕг уды лӕвӕрд хъама, ома Хуыцауы ныхас» (ЕФ. 6:17).

1, 2. Паддзахады хъусынгӕнджытӕ кӕй нӕ фаг кӕны, уымӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм?

ЙЕСО куы федта, адӕмы Хуыцауы хуыздӕр базонын кӕй фӕнды, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕрдинаг бирӕ ис, кусджытӕ та – гыццыл. Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита». Фӕлӕ хъуыддаг ӕрмӕст ууыл нӕ ахицӕн. Йесо уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд «фӕдзырдта йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ» ӕмӕ сӕ арвыста хъусын кӕнынмӕ, йе та хуымтӕ кӕрдынмӕ (Матф. 9:35–38; 10:1, 5). Фӕстӕдӕр та «йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй равзӕрста ӕвдай адӕймаджы» ӕмӕ сӕ «йӕ разӕй дыгӕйттӕй арвыста» уыцы куыст кӕнынмӕ (Лук. 10:1, 2).

2 Абон дӕр Паддзахады хъусынгӕнджытӕ нӕ фаг кӕны. 2009 лӕггады азы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕгас зӕххыл дӕр ӕрбацыд 18 164 539 адӕймаджы. Уыцы нымӕц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕдӕппӕтӕй цас сты, уымӕй у 10 милуан фылдӕр. Ӕцӕгдӕр, хуымтӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ (Иоан. 4:34, 35). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Хуыцаумӕ кувӕм, цӕмӕй фылдӕр кусджытӕ рарвита. Фӕлӕ цӕй тыххӕй кувӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон архайын куыд у? Уый нӕ къухы бафтдзӕн, уацамынды ӕнтыстджындӕр куы кӕнӕм – хорз хабар хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ куы архайӕм, уӕд (Матф. 28:19, 20; Марчы 13:10).

3. Цӕмӕй хъусын кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсӕм, уымӕн нын сӕйраджыдӕр Хуыцауы сыгъдӕг уд куыд ӕххуыс кӕны?

3 Фыццаг статьяйы ныхас цыди, «Хуыцауы ныхас ныфсджынӕй дзурынӕн» нын Хуыцауы сыгъдӕг уд куыд ӕххуыс кӕны, ууыл (Ап. хъ. 4:31). Сыгъдӕг уд ма нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъусын кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсӕм. Зӕгъӕм, нӕ лӕггад фӕхуыздӕр кӕндзыстӕм, арӕхстджынӕй куы пайда кӕнӕм, Йегъовӕ Хуыцау нын цы диссаджы кусӕнгарз радта, уымӕй – йӕ Ныхас Библийӕ. Ацы чиныг фыст ӕрцыд сыгъдӕг уды фӕрцы (2 Тим. 3:16). Фыст дзы сты Хуыцауы хъуыдытӕ. Уӕдӕ уацамынды Библийӕ арӕхстджынӕй куы фӕпайда кӕнӕм ӕмӕ дзы бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы фӕхӕссӕм, уӕд фӕархайӕм сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ. Ацы статьяйы мах аныхас кӕндзыстӕм, куыд у нӕ бон Библийӕ арӕхстджынӕй пайда кӕнын. Фӕлӕ уал фыццаг ӕркӕсӕм, Хуыцауы Ныхасӕн цавӕр тых ис, уымӕ.

Хуыцауы Ныхасӕн ис стыр тых

4. Библийӕн йӕ бон куыд у адӕймаджы удыхъӕд фӕивын?

4 Цӕй стыр тых ис Хуыцауы Ныхасӕн! (Дзут. 4:12). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Библийы хабар у цыфӕнды хъамайӕ дӕр цыргъдӕр, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы афтӕ ахизы, ӕмӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕны стджытӕ ӕмӕ стджыты магъз. Библийы фыст хабӕрттӕ адӕймаджы зӕрдӕйы арф ахъарынц, йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ йын йе ’нкъарӕнтыл бандавынц ӕмӕ раргом кӕнынц, ӕцӕгдӕр цавӕр адӕймаг у, уый. Библи адӕймагыл афтӕ бандавы, ӕмӕ йӕ бафӕнды йӕ удыхъӕд фӕивын. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:10.) О, Хуыцауы Ныхасӕн йӕ бон у адӕймаджы цард фӕивын!

5. Библи нын цавӕр хъуыддӕгты дӕтты разамынд ӕмӕ ныл уый куыд фӕзыны?

5 Уымӕй уӕлдай ма, Библи у стыр зонды чиныг. Уый адӕмӕн амоны, сӕ бон куыд у зындзинӕдты сӕрты хизын. Хуыцауы Ныхас ӕрмӕст нӕ къахвӕдтӕн нӕ рухс кӕны, фӕлӕ ма нӕ фӕндагӕн дӕр (Пс. 119:105). Стыр ӕххуыс нын вӕййы, зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, йе та нӕ цавӕрдӕр уынаффӕ рахӕссын куы фӕхъӕуы, уӕд, зӕгъӕм, куы нӕ фӕхъӕуы равзарын ӕмбӕлттӕ, ирхӕфсӕнтӕ, куыст, уӕлӕдарӕс, ӕмӕ афтӕ дарддӕр (Пс. 37:25; Ӕмб. 13:20; Иоан. 15:14; 1 Тим. 2:9). Хуыцауы Ныхасы фыст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд нын иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын ӕнцондӕр вӕййы (Матф. 7:12; Фил. 2:3, 4). Библийӕн уый бар куы дӕттӕм, цӕмӕй нын нӕ фӕндаг рухс кӕна, уӕд уындзыстӕм, абон цы уынӕффӕтӕ хӕссӕм, уыдон ныл фидӕны куыд фӕзындзысты, уый (1 Тим. 6:9). Фыстад ма нын ӕргом кӕны, Хуыцау фидӕны тыххӕй цы сфӕнд кодта, уый ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны нӕ цард уыцы фӕндонмӕ гӕсгӕ аразынӕн (Матф. 6:33; 1 Иоан. 2:17, 18). Куыд амондджын уыдзыстӕм, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд!

6. Библийӕн цавӕр тых ис ӕмӕ нын куыд ӕххуыс кӕны Хӕйрӕгимӕ тох кӕнгӕйӕ?

6 Ахъуыды ма кӕнӕм, Библи цӕй тыхджын хӕцӕнгарз у ӕмӕ нын цӕй стыр ӕххуыс у Хӕйрӕгимӕ тох кӕнгӕйӕ, ууыл. Павел Хуыцауы Ныхас схуыдта «сыгъдӕг уды лӕвӕрд хъама». (Бакӕс Ефесӕгтӕм 6:12, 17.) Библийы фыст хабар арӕхстджынӕй куы фӕамонӕм, уӕд адӕмӕн баххуыс кӕны Сайтаны цагъарадӕй фервӕзынӕн. Уый у, адӕмы цардӕн зиан чи хӕссы, ахӕм хъама нӕ, фӕлӕ сӕ чи ирвӕзын кӕны, ахӕм. Уӕдӕ дзы хъуамӕ арӕхстджынӕй ма пайда кӕнӕм?

Раст ӕй амонӕм

7. Цӕмӕн хъуамӕ сахуыр уӕм «сыгъдӕг уды лӕвӕрд хъамайӕ» раст пайда кӕнын?

7 Ӕфсӕддон йӕ хӕцӕнгӕрзтӕй раст архайын куы сахуыр уа, уӕд сӕ хӕсты арӕхстджынӕй пайда кӕндзӕн. Раст афтӕ у йӕ хабар, «сыгъдӕг уды лӕвӕрд хъамайӕ» Хӕйрӕгимӕ тох кӕнгӕйӕ куыд пайда кӕнӕм, уымӕн дӕр. Павел ныффыста: «Ӕппӕт хъарутӕй архай, цӕмӕй Хуыцауы раз ӕрлӕууай аккагӕй, йӕ куысты тыххӕй йӕ цӕсгом кӕмӕн нӕ судзы, ӕцӕгдзинады ныхас раст чи амоны, ахӕм кусӕгӕй» (2 Тим. 2:15).

8, 9. Библи цы дзуры, уый бамбарынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

8 Цы нын баххуыс кӕндзӕн уацамынды «ӕцӕгдзинады ныхас раст... амонынӕн»? Цӕмӕй иннӕтӕн, Библи цы дзуры, уый бӕлвырд бамбарын кӕнӕм, уый тыххӕй уал ӕй фыццаг нӕхӕдӕг хъуамӕ зонӕм хорз. Уымӕн нын баххуыс кӕндзӕн стих кӕнӕ скъуыддзаджы контекст. Иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ «дзырды, хъуыдыйады йе та скъуыддзаджы контекстмӕ хауы, сӕ размӕ ӕмӕ сӕ фӕстӕ цы дзырдтӕ, хъуыдыйӕдтӕ йе та скъуыддзаг вӕййы, уый, ӕмӕ уый фӕрцы мидис бамбарӕн ӕнцондӕр у».

9 Цӕмӕй Фыстадӕй цавӕрдӕр скъуыддзаг раст бамбарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕркӕсӕм, йӕ размӕ ӕмӕ йӕ фӕстӕ цы фыст ис, уымӕ. Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕн ис, Павел Галатӕгтӕм 5:13 кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ: «О, ме ’фсымӕртӕ, Хуыцау уӕ сӕрибардзинадмӕ ӕрхуыдта. Ӕрмӕст уӕ сӕрибардзинад уымӕн нӕу, ӕмӕ уӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕ ӕфсадат, фӕлӕ, кӕрӕдзи уарзгӕйӕ, уӕ иу иннӕмӕн цагъары лӕггад кӕнӕд». Цавӕр сӕрибардзинады кой кодта Павел? Сӕрибардзинад тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй, мӕнг ахуырӕдты цагъарадӕй ӕви ӕндӕр истӕмӕй? Контекстӕй куыд зыны, афтӕмӕй Павел дзырдта, Закъонмӕ гӕсгӕ сыл цы ӕлгъыст уыди, уымӕй кӕй ссӕрибар сты (Гал. 3:13, 19–24; 4:1–5). Павелӕн йӕ хъуыдыйы уыди, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй систы, уый сын цы сӕрибардзинад ӕрхаста, уый. Уыцы сӕрибардзинадӕн чи аргъ кодта, уыдон кӕрӕдзи уарзтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн цагъары лӕггад кодтой. Иннӕты чи нӕ уарзта, уыдон та сӕ фыдкой кодтой ӕмӕ-иу семӕ быцӕу кодтой (Гал. 5:15).

10. Цӕмӕй фыстад раст ӕмбарӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы зонын ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн?

10 Цӕмӕй стих раст бамбарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм ахӕм хабӕрттӕ: чи ныффыста Библийы чиныг, кӕд ӕмӕ цавӕр уавӕрты ӕрцыд фыст. Стыр ӕххуыс ма нын уыдзӕн, куы зонӕм, чиныг цӕмӕн ӕрцыд фыст, уыцы рӕстӕг адӕм куыд цардысты, цавӕр ӕгъдауыл хӕст уыдысты ӕмӕ кӕмӕн куывтой, уыдӕттӕ *.

11. Библийы стихтӕ ӕмбарын кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

11 «Ӕцӕгдзинады ныхас раст... амонынмӕ» Фыстад ӕрмӕст раст ӕмбарын кӕнын нӕ хауы. Мах хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕй адӕмы Библийӕ ма тӕрсын кӕнӕм. Хӕйрӕг Йесойы куы фӕлвӕрдта, уӕд Йесо бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста Фыстадӕй, ӕмӕ мах дӕр, нӕ ныхӕстӕ раст кӕй сты, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ уырдыгӕй фӕхӕссӕм. Фӕлӕ Библи тӕрсынгӕнӕн хъил нӕу (Дык. з. 6:16; 8:3; 10:20; Матф. 4:4, 7, 10). Мах хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм апостол Петры уынаффӕ: «Уӕ Хицау Чырыстийы уӕ зӕрдӕты кадджын кӕнут, алкӕддӕр цӕттӕ ут, уӕ ныфсы тыххӕй уӕ чидӕриддӕр фӕрса, уыдонӕн дзуапп раттынмӕ. Ӕрмӕст сын дзуапп дӕттут сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй» (1 Пет. 3:15).

12, 13. Хуыцауы ныхас цавӕр «фидӕрттӕ» басӕтты? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

12 Хуыцауы Ныхас раст куы фӕамонӕм, уӕд нын цы бантысы? (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 10:4, 5.) Библи басӕтты, «тынг цы ныффидар, уыдӕттӕ», зӕгъӕм, мӕнг ахуырӕдтӕ, ӕвзӕр ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ, ӕнӕххӕст адӕмы зонд кӕм зыны, уыцы философитӕ. Фыстады ӕххуысӕй нӕ бон у аиуварс кӕнын, «Хуыцауы тыххӕй цы зонӕм, уый ныхмӕ цыдӕриддӕр» ис, уыдӕттӕ. Библийы ахуырӕдты фӕрцы адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сӕ зондахаст фӕивой.

13 Ӕркӕсӕм иу 93-аздзыд сылгоймаджы хабармӕ, цӕры Индийы. Гыццылӕй фӕстӕмӕ ӕууӕндыд реинкарнацийыл (адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ уд ӕндӕр буары кӕй ӕрцӕры, уыцы ахуырад). Йӕ фырт цӕры ӕндӕр бӕстӕйы ӕмӕ йемӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын – кӕрӕдзимӕ фыстӕджытӕ фыстой, афтӕмӕй. Сылгоймаг-иу, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдты тыххӕй цы базыдта, уый-иу йӕ зӕрдӕмӕ уайтагъд айста. Фӕлӕ реинкарнацийы ахуырад йӕ сӕры магъзы афтӕ тынг ныффидар, ӕмӕ йӕм йӕ фырт, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тыххӕй куы ныффыста, уӕд уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Сылгоймаг загъта: «Уӕ Фыстад цы дзуры, уыимӕ разы нӕ дӕн. Ӕппӕт динтӕ дӕр дзурынц, зӕгъгӕ, адӕймаджы мидӕг ӕнӕмӕлгӕ цыдӕр ис. Цӕрӕнбонты ӕууӕндыдтӕн, буар кӕй амӕлы ӕмӕ йӕ ӕнӕуынгӕ хай ӕндӕр буары кӕй ӕрцӕры, ӕмӕ афтӕ вӕййы 8 400 000 хаттӕй фылдӕр. Уый раст куыннӕ хъуамӕ уа? Ау, динтӕн сӕ фылдӕр рӕдийгӕ кӕнынц?» Цымӕ «сыгъдӕг уды лӕвӕрд хъамайӕн» йӕ бон сси, тынг чи ныффидар, уыцы ахуырад басӕттын? Ацы фарстайыл ма мад ӕмӕ фырт цалдӕр хатты ныхас кодтой Фыстадмӕ гӕсгӕ. Цалдӕр къуырийы фӕстӕ сылгоймаг ныффыста: «Ныр ӕмбарын райдыдтон, мӕлӕт ӕцӕгдӕр цы у, уый. Тынг бацин кодтон, куы базыдтон, мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд нӕ уарзон адӕмыл кӕй фембӕлдзыстӕм. Ныфс мӕ ис, Хуыцауы Паддзахад тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн».

Иннӕты Библийыл ӕууӕндын кӕн

14. Цы нысан кӕны адӕймаджы цӕуылдӕр баууӕндын кӕнын?

14 Уацамынды Библийӕ арӕхстджынӕй пайда кӕнынӕн ӕрмӕст стихтӕ кӕсын фаг нӕу. Павел «фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста», ӕмӕ мах дӕр афтӕ хъуамӕ кӕнӕм. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 19:8, 9; 28:23.) Кӕй баууӕндын кӕнынц, уый цӕуылдӕр «афтӕ тынг баууӕнды, ӕмӕ йыл ӕппындӕр дызӕрдыг нал фӕкӕны». Мах дӕр адӕймаджы Библийӕ цавӕрдӕр ахуырадыл куы баууӕндын кӕнӕм, уӕд ыл дызӕрдыг нал фӕкӕны. Уый тыххӕй та нӕ фӕхъӕуы фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссын, цӕмӕй адӕймаджы бауырна, цы дзурӕм, уый раст кӕй у. Уымӕн нын баххуыс кӕндзысты, дӕлдӕр цы уынаффӕтӕ ис, уыдон.

15. Цӕмӕй адӕймаг Библийӕн тынгдӕр аргъ кӕнын райдайа, уый тыххӕй йын йе ’ргом Хуыцауы Ныхасмӕ здахын дӕ бон куыд у?

15 Адӕймаджы ӕргом Хуыцауы Ныхасмӕ афтӕ здах, цӕмӕй йын аргъ кӕнын райдайа. Библийӕ стих куы фӕкӕсыс, уӕд хорз уаид адӕймагӕн бамбарын кӕнын, сӕйрагдӕр кӕй у, Хуыцау уыцы хъуыддаджы фӕдыл цы хъуыды кӕны, уый. Фарста йӕм куы раттай ӕмӕ йын йӕ хъуыды куы базонай, уӕд ын ис афтӕ зӕгъӕн: «Фенӕм-ма, Хуыцау уымӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый». Кӕнӕ та йӕ дӕ бон у бафӕрсын: «Цымӕ Хуыцау та уый тыххӕй цы дзуры?» Стих бакӕсыны размӕ афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ӕвдисдзыстӕм, Библи Хуыцауӕй кӕй у, ӕмӕ йын адӕймаг афтӕмӕй тынгдӕр аргъ кӕнын райдайдзӕн. Уый уӕлдай ахсджиаг у, Хуыцауыл чи ӕууӕнды, фӕлӕ Библийы ахуырӕдтӕ чи нӕ зоны, ахӕм адӕймагӕн куы хъусын кӕнӕм, уӕд (Пс. 19:7–10).

16. Цы дын баххуыс кӕндзӕн стихтӕ раст ӕмбарын кӕнынӕн?

16 Стихтӕ ӕрмӕст кӕсгӕ ма кӕн, фӕлӕ ма сӕ ӕмбарын дӕр кӕн. Павел дӕр-иу адӕмӕн цы дзырдта, уый-иу сын ӕмбарын кодта ӕмӕ-иу сын Фыстадӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста (Ап. хъ. 17:3). Библийы стихы арӕх цалдӕр хъуыдыйы дӕр вӕййы, ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ дӕ бон у рахицӕн кӕнын, дӕ ныхасмӕ дзы комкоммӕ чи хауы, уыцы ныхӕстӕ. Уый тыххӕй та ис сӕйраг хъуыды ногӕй зӕгъӕн кӕнӕ та адӕймагмӕ фарстатӕ раттӕн, цӕмӕй сӕйраг хъуыды бамбара. Стӕй йын стихы уыцы хай бамбарын кӕн ӕмӕ йын равдис, уымӕ куыд хауы, уый.

17. Дӕ бон куыд у дӕ ныхас Фыстадыл афтӕ аразын, ӕмӕ адӕймаджы бауырна?

17 Дӕ ныхас Фыстадыл афтӕ араз, цӕмӕй адӕймаджы бауырна. Павел адӕмимӕ зӕрдӕбынӕй ныхас кодта ӕмӕ сӕ хъуыдытыл ӕфтыдта, ӕмӕ-иу афтӕмӕй семӕ фидарӕй «ныхас кодта Фыстадмӕ гӕсгӕ» (Ап. хъ. 17:2, 4). Ды дӕр Павелау архай дӕ ныхасмӕхъусджыты зӕрдӕтӕ бацагайыныл. Адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый цӕмӕй «сисай», уый тыххӕй дӕ хъӕуы ахӕм фарстатӕ дӕттын, адӕймагыл кӕй тыхсыс, уый бӕрӕг кӕмӕй уа (Ӕмб. 20:5). Фӕлӕ-иу тыхныхас ма кӕн. Исты йын куы ӕмбарын кӕнай, уӕд хъуамӕ хуымӕтӕг ӕмӕ ӕмбаргӕ ныхас кӕнай. Дӕ ныхӕстӕ раст кӕй сты, уымӕн хӕсс ахадгӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Цы дзурыс, уый хъуамӕ бындуриуӕг кӕна Хуыцауы Ныхасыл. Хуыздӕр у иу стихӕй спайда кӕнын ӕмӕ йӕ бамбарын кӕнын, фӕдфӕдыл дыууӕ йе та ӕртӕ стихы бакӕсын нӕ, фӕлӕ. Фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕсгӕйӕ дӕ ныхасы ноджы стырдӕр тых уыдзӕн (Ӕмб. 16:23). Хатт ма фӕхъӕуы фылдӕр ӕрмӕг бацагурын дӕр. Уӕлдӕр цы 93-аздзыд сылгоймаджы кой кодтам, уый хъуыди базонын, ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй ахуырад афтӕ парахат цӕмӕн у. Уыцы ахуырад куыд равзӕрд ӕмӕ йӕ динтӕн сӕ фылдӕр куыд райстой, уый куы бамбӕрста, уӕд ӕй бауырныдта, Библи уый фӕдыл цы дзуры, уый раст кӕй у *.

Арӕхстджынӕй дзы пайда кӕнӕм

18, 19. «Сыгъдӕг уды лӕвӕрд хъамайӕ» арӕхстджынӕй цӕмӕн хъуамӕ пайда кӕнӕм?

18 «Ацы дуне ивы, театры нывтӕ куыд фӕивынц, афтӕ»,– дзуры Библи. Ӕвзӕр адӕм та фыддӕрӕй-фыддӕр кӕнынц (1 Кор. 7:31; 2 Тим. 3:13). Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй дарддӕр дӕр «тынг цы ныффидар, уыдӕттӕ» сӕттӕм «сыгъдӕг уды лӕвӕрд хъамайӕ, ома Хуыцауы ныхасӕй».

19 Куыд амондджын стӕм, Библи нӕм кӕй ис! Цӕй стыр циндзинад у, ацы ахсджиаг хабары фӕрцы мӕнг ахуырӕдтӕ бындзарӕй кӕй стонӕм ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн кӕй баххуыс кӕнӕм! «Тынг цы ныффидар, уыдӕттӕй» иу дӕр ацы хабарӕй тыхджындӕр нӕу. Уӕдӕ зӕрдиагӕй архайӕм, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ, «сыгъдӕг уды лӕвӕрд хъамайӕ» арӕхстджынӕй пайда кӕнӕм.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 10 абз. Библийы чингуыты тыххӕй фылдӕр ӕрмӕг ссарӕн ис чингуыты «„Ӕппӕт Фыст“ у ӕцӕг ӕмӕ пайда», «Фыстады ӕмбарынад» ӕмӕ журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы статьяты «Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас».

Цы базыдтай?

• Хуыцауы Ныхасы цавӕр тых ис?

• Нӕ бон куыд у «ӕцӕгдзинады ныхас» раст амонын?

• «Тынг цы ныффидар, уыдӕттӕн» Библийы фыст хабар цы саразы?

• Нӕ лӕггады цы ис фӕхуыздӕр кӕнӕн, цӕмӕй адӕмы ӕууӕндын кӕнӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/​Ныв 12 фарсыл]

Куыд ис Библийӕ фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссӕн

▪ Архай, цӕмӕй Библийӕн аргъ кӕнын райдайой

▪ Фыстад ӕмбарын кӕн

▪ Дӕ ныхас Фыстадмӕ гӕсгӕ араз, цӕмӕй адӕймаджы зӕрдӕ бацагайай

[Ныв 11 фарсыл]

Ахуыр кӕн «сыгъдӕг уды лӕвӕрд хъамайӕ» арӕхстджынӕй пайда кӕнын