Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы дӕ Фыдыл нымайыс?

Йегъовӕйы дӕ Фыдыл нымайыс?

Йегъовӕйы дӕ Фыдыл нымайыс?

«ХИЦАУ, сахуыр-ма нӕ кӕн кувын». Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй сӕ иу ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд ын уый дзуапп радта: «Куы фӕкувут, уӕд-иу дзурут: „Нӕ Фыд, срухс уӕд дӕ ном“» (Лук. 11:1, 2). Йесойӕн йӕ бон уыди Йегъовӕйы ахӕм кады нӕмттӕй схонын: «Ӕппӕтхъомысджын», «Кадджын Зондамонӕг», «Сфӕлдисӕг», «Ӕнусты хицау» ӕмӕ «Ӕнусты Паддзах» (Райд. 49:25; Ис. 30:20; 45:18; Дан. 7:9; 1 Тим. 1:17). Фӕлӕ йӕ Йесо схуыдта «Фыд». Цӕмӕн? Ӕвӕццӕгӕн ӕй фӕнды, цӕмӕй Дун-дунейы ӕппӕты стырдӕр чи у, уымӕ дзурӕм, гыццыл сывӕллон йӕ уарзӕгой фыдмӕ куыд фӕдзуры, афтӕ.

Фӕлӕ кӕмӕндӕрты ӕнцон нӕ вӕййы Хуыцауы сӕ Фыдыл нымайын. Ӕркӕсӕм иу хо Ацукойы * хабармӕ. Уый дзуры: «Донаргъуыд куы райстон, уый фӕстӕ бирӕ азты дӕргъы мӕ бон нӕ уыди кувгӕ-кувын Йегъовӕйы мӕ Фыд хонын». Уыцы хъуыддаг ын зын цӕмӕн уыди, уый тыххӕй дзуры: «Мӕ фыдӕй иу фӕлмӕн ныхас дӕр нӕ зонын».

Ацы фӕстаг уӕззау бонты адӕймаг йӕ фыдӕй цы уарзондзинадмӕ фенхъӕлмӕ кӕсы, ахӕм уарзондзинад арӕх нӕй фенӕн (2 Тим. 3:1, 3). Уымӕ гӕсгӕ дисссаг нӕу, бирӕтӕ Ацукойау кӕй хъуыды кӕнынц. Фӕлӕ Йегъовӕ нӕ уарзӕгой Фыд кӕй у, уымӕн бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, ӕмӕ нын уый нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауы.

Йегъовӕ у нӕ Дарӕг

Цӕмӕй Йегъовӕйы нӕ Фыдыл нымайӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ хорз зонӕм. Йесо загъта: «Фырты алцӕмӕй дӕр Фыд куыд зоны, афтӕ йӕ ничи зоны, стӕй Фыды дӕр ничи зоны Фырты хуызӕн ӕмӕ, Фырты кӕмӕн фӕнды Фыды раргом кӕнын, уый хуызӕн» (Матф. 11:27). Йегъовӕ йӕхи Фыдау куыд дары, уый базонынӕн ӕппӕты хуыздӕр у, Йесо ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй цы загъта, ууыл хъуыды кӕнын. Цымӕ Йесо Фыды тыххӕй цы раргом кодта?

Йесо зыдта, Йегъовӕ йӕ кӕй сфӕлдыста ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Ӕз мӕ Фыды фӕрцы... цӕрын» (Иоан. 6:57). Махӕн дӕр цард радта Фыд (Пс. 36:9; Ап. хъ. 17:28). Йегъовӕ иннӕтӕн царды рухс цӕмӕн фенын кодта? Цард кӕй уарзы, уый тыххӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах дӕр нӕ уӕларвон Фыды хъуамӕ уарзӕм уыцы диссаджы лӕвары тыххӕй.

Хуыцау адӕмы кӕй уарзы, уый ӕппӕты тынгдӕр равдыста, Йесойы нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй. Уый фӕрцы тӕригъӕдджын адӕмӕн сӕ бон у Йегъовӕмӕ йӕ уарзон Фырты уылты ӕввахс кӕнын (Ром. 5:12; 1 Иоан. 4:9, 10). Нӕ уӕларвон Фыд йӕ ныхасӕн хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ дызӕрдыг дӕр нӕ кӕнӕм, чи йӕ уарзы ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕппынфӕстаг кӕй «суыдзысты Хуыцауы хъӕбултӕ» ӕмӕ кӕй райсдзысты диссаджы сӕрибардзинад (Ром. 8:21).

Нӕ уӕларвон Фыд ма ныл алы бон дӕр «йӕ хур скӕсын кӕны» (Матф. 5:45). Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй кувын дӕр нӕ фӕхъӕуы. Фӕлӕ нӕ хуры хъарм тынтӕ куыд тынг фӕхъӕуынц ӕмӕ нын цас цин ӕрхӕссынц! Уымӕй уӕлдай ма нӕ Фыд у нӕ Дарӕг дӕр, ӕмӕ дзы кургӕ дӕр ницыма ракӕнӕм, афтӕ фӕзоны, цы хъуаг стӕм, уый. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, рӕстӕг-иу куы рахицӕн кӕниккам ӕмӕ-иу куы ахъуыды кӕниккам, нӕ уӕларвон Фыд кӕй сфӕлдыста, уыдоныл куыд тыхсы, ууыл (Матф. 6:8, 26).

Нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд у нӕ Хъахъхъӕнӕг

Рагзаманты Хуыцау йӕ адӕмӕн пехуымпар Исайы уылты зӕрдӕ бавӕрдта: «Хӕхтӕ сӕ бынатӕй фезмӕлдзысты ӕмӕ къуыбыртӕ банкъуысдзысты, фӕлӕ ды алкӕддӕр уыдзынӕ мӕ хӕлар ӕмӕ мын мӕ фарны бадзырд ницы фехалдзӕн,– дзуры фӕлмӕнзӕрдӕ Йегъовӕ, дӕ хъахъхъӕнӕг» (Ис. 54:10, «Библи нырыккон англисаг ӕвзагыл»). Йесо зӕххыл фӕстаг ӕхсӕв куы уыди, уӕд куыд куывта, уымӕй дӕр хорз зыны, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй хъахъхъӕны. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй куывта: «Уыдон ацы дунейы сты, ӕз та цӕуын дӕумӕ. Мӕ сыгъдӕг Фыд, хъахъхъӕн сӕ дӕ номы тыххӕй» (Иоан. 17:11, 14). Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ дӕр хъахъхъӕдта.

Абон нӕ Хуыцау Сайтаны къӕппӕджытӕй хъахъхъӕны, «ӕууӕнкджын ӕмӕ [нын] зондджын цагъары» уылты афоныл уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг кӕй дӕтты, уый фӕрцы (Матф. 24:45). Мах хъуамӕ ацы хӕринагӕй нӕхи цух ма уадзӕм, цӕмӕй, «Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй» ифтонг уӕм. Зӕгъӕм, «уырнындзинады стыр уартӕй... нӕ бон бауыдзӕн Фыдбылызы судзгӕ фаттӕ се ’ппӕт дӕр ахуыссын кӕнын» (Еф. 6:11, 16). Нӕ уырнындзинад нӕ хъахъхъӕны ацы дунейы къӕппӕджытӕй. Уырнындзинад нӕм кӕй ис, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ Фыдӕн йӕ бон кӕй у, цӕмӕй нӕ хъахъхъӕна.

Нӕ уӕларвон Фыд куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм, йӕ Фырт зӕххыл йӕхи куыд дардта, уымӕ лӕмбынӕг куы ’ркӕсӕм, уӕд. Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм Марчы 10:13–16 фыст хабармӕ. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕрбауадзут мӕм сывӕллӕтты». Гыццыл сывӕллӕттӕ Йесойы цур куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сыл баузӕлыд ӕмӕ сын раарфӕ кодта. Сӕ цӕсгӕмттӕ фырцинӕй куыд ныррухс уыдаиккой! Ӕмӕ Йесо афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «мӕн чи федта, уый федта мӕ Фыды дӕр», уымӕ гӕсгӕ мах зонӕм, ӕцӕг Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахс кӕнӕм (Иоан. 14:9).

Йегъовӕ Хуыцау адӕмы уарзы ӕнӕкӕрон уарзтӕй. Уый у нӕ Дарӕг ӕмӕ нӕ Хъахъхъӕнӕг, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахс кӕнӕм (Иак. 4:8). Уӕдӕ Йегъовӕйӕ хуыздӕр Фыд нӕй!

Стыр арфӕдзинӕдтӕ!

Нӕ уарзӕгой ӕмӕ нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ кӕй дарӕм, уый тыххӕй стыр арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм (Ӕмб. 3:5, 6). Йесо йӕ Фыдыл йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр кӕй дардта, уый йын тынг ӕххуыс кодта. Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕз иунӕгӕй нӕ дӕн, мӕ рарвитӕг Фыд мемӕ ис» (Иоан. 8:16). Йесо никуы дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл. Зӕгъӕм, донаргъуыд куы райста, уӕд йӕ Фыд загъта: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Матф. 3:15–17). Ӕмӕ йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ дӕр Хуыцаумӕ сдзынӕзта: «Мӕ Фыд, дӕ къухтӕм дӕттын мӕ уд» (Лук. 23:46). Йесо уӕд дӕр йӕ Фыдыл йӕ ныфс фидарӕй дардта.

Махӕн дӕр нӕ бон у нӕ ныфс Йегъовӕйыл афтӕ дарын. Йегъовӕ немӕ куы уа, уӕд цӕмӕй хъуамӕ тӕрсӕм? (Пс. 118:6). Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы Ацуко-иу раздӕр зындзинӕдты рӕстӕг йӕ ныфс дардта ӕрмӕстдӕр йӕхиуыл. Фӕлӕ фӕстӕдӕр бакасти Йесойы цард ӕмӕ лӕггады тыххӕй. Уӕлдай тынгдӕр та йӕ хъус ӕрдардта, Йесойӕн йӕ уӕларвон Фыдимӕ цы ӕнгом ахастытӕ уыди, уымӕ. Уый йын куыд баххуыс кодта? Ацуко дзуры: «Ӕз бамбӕрстон, цы нысан кӕны, Фыд дын уа ӕмӕ йыл дӕ ныфс дарай, уый. Мӕ зӕрдӕ ӕцӕг фарн ӕмӕ амондӕй байдзаг. Ӕцӕгдӕр, ӕппындӕр мацӕуыл хъуамӕ мӕт кӕнӕм».

Йегъовӕйы нӕ Фыдыл куы нымайӕм, уӕд ма нын уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ’рхӕсдзӕн? Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты фӕуарзынц ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕ ссарыныл фӕархайынц. Йесо йӕ Фыды кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ «алкӕддӕр, уымӕн ӕхсызгон цы у, уый аразы» (Иоан. 8:29). Раст афтӕ мах дӕр, нӕ уӕларвон Фыды кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ уӕззау зондӕй фӕархайӕм ӕмӕ йӕ «дзыллӕты раз фӕкадджын кӕнӕм» (Матф. 11:25; Иоан. 5:19).

Нӕ Фыд нын хӕцы нӕ рахиз къухыл

Нӕ уӕларвон Фыд ма нын радта «ӕххуысгӕнӕджы» дӕр – йӕ сыгъдӕг уд. Йесо загъта, зӕгъгӕ уын уый «ӕххуыс... кӕндзӕн ӕцӕгдзинад кӕронмӕ бамбарынӕн» (Иоан. 14:15–17; 16:12, 13). Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы нӕ бон у нӕ Фыды хуыздӕр базонын. Уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй «тынг цы ныффидар, уыдӕттӕ басӕттӕм», ома рӕдыд хъуыдытӕ йе та зыгъуыммӕ зондахаст, ӕмӕ афтӕмӕй «алы хъуыды дӕр уацары исӕм ӕмӕ йӕ кӕнӕм Чырыстийӕн коммӕгӕс» (2 Кор. 10:4, 5). Цӕй уӕдӕ Йегъовӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрд «ӕххуысгӕнӕджы» тыххӕй кувӕм ӕмӕ нӕ фидарӕй уырнӕд, нӕ уӕларвон Фыд кӕй «ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн!» (Лук. 11:13). Хорз ма уыдзӕн кувын, цӕмӕй нын сыгъдӕг уд ӕххуыс кӕна Йегъовӕмӕ ’ввахсдӕр кӕнынӕн.

Гыццыл сывӕллон йӕ фыды къухыл хӕцгӕйӕ куы фӕцӕйцӕуы, уӕд вӕййы ӕнӕмӕт ӕмӕ ницӕмӕй фӕтӕрсы. Кӕд ды дӕр Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр дӕ Фыдыл нымайыс, уӕд дӕ бон у ӕууӕндын мӕнӕ ацы ныхӕстыл: «Ӕз дын хӕцын дӕ рахиз къухыл, ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, ӕмӕ дын дзурын: „Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн“» (Ис. 41:13). Дӕумӕ ӕрхауд стыр кад – ӕнустӕм Хуыцауимӕ «цӕуын» (Мих. 6:8). Дарддӕр дӕр Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕн ӕмӕ йӕ дӕ Фыдыл нымай. Афтӕмӕй дӕ зӕрдӕ байдзаг уыдзӕн уарзондзинад ӕмӕ циндзинадӕй, стӕй тӕрсгӕ дӕр ницӕмӕй кӕндзынӕ.

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Ном ивд у.