Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Сывӕллонӕн йӕ бон у йӕ уырнындзинад рӕзын кӕнын»

«Сывӕллонӕн йӕ бон у йӕ уырнындзинад рӕзын кӕнын»

«Сывӕллонӕн йӕ бон у йӕ уырнындзинад рӕзын кӕнын»

ФАРӔСТӔМ декабры, 2008 азы Швецийы Сывӕллоны бартыл дзурӕг академийы уыди семинар «Сывӕллонӕн йӕ бон у йӕ уырнындзинад рӕзын кӕнын». Ацы фарстайы фӕдыл сӕ хъуыдытӕ загътой Швецийы аргъуаны, ӕндӕр чырыстон динты ӕмӕ пысылмон дины минӕвӕрттӕ, стӕй гуманистон организациты кусджытӕ.

Иу сауджын йӕ раныхасы загъта: «Библийы цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдон сывӕллӕтты уырнындзинадыл куыд фӕзынынц, афтӕ ницы». Библи сывӕллӕттӕн куыд ӕххуыс кӕны сӕ уырнындзинад рӕзын кӕнынӕн?

«Библийы хабӕрттӕ сывӕллӕттӕн сты хорз ӕрмӕг хъуыды кӕнынӕн»,– загъта сауджын. Уый ӕрхаста «Адам ӕмӕ Евӕйы, Каин ӕмӕ Авелы, Давид ӕмӕ Голиафы ӕмӕ хъалонисӕг Закхейы цӕвиттонтӕ», стӕй ской кодта «Йесойы райгуырд, сӕфт фырт ӕмӕ хӕларзӕрдӕ самариаджы тыххӕй». Сауджын загъта, «уыцы хабӕрттӕ [сывӕллӕттӕн] кӕй ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй ӕмбарой, цы нысан кӕны гадзрахатӕй цӕуын, хатыр кӕнын, хатыр курын, искӕмӕ знаджы цӕстӕй кӕсын, ӕгъдау фесафын, рӕдыдыл басӕттын, ӕфсымӕрон ӕмӕ удуӕлдай уарзтӕй уарзын... Сывӕллонӕн йӕ бон у уыцы хабӕрттӕй раст зондыл ахуыр кӕнын ӕмӕ уыцы зонындзинӕтӕй царды пайда кӕнын».

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллоны Библи кӕсынмӕ разӕнгард кӕнын хорз хъуыддаг у. Фӕлӕ цымӕ сывӕллӕттӕн ӕцӕгдӕр сӕ бон у, цы бакӕсынц, ууыл «хъуыды кӕнын» ӕмӕ раст хатдзӕгтӕ кӕнын?

Суанг стыртӕн дӕр фӕхъӕуы Библи ӕмбарын кӕнын. Зӕгъӕм, Библийы дзырд цӕуы, Фыстад чи касти, фӕлӕ йӕ бамбарын йӕхи бон кӕмӕн нӕ уыд, иу ахӕм ефиопаг хицауы тыххӕй. Уый каст Исайы пехуымпарад, фӕлӕ йын йӕ хъуыды не ’мбӕрста. Ӕмӕ йын ӕй ахуыргӕнинаг Филипп куы ӕмбарын кодта, уӕд ӕм ӕхсызгонӕй байхъуыста (Ап. хъ. 8:26–40). Уыцы ефиопаг хицау иунӕг ахӕм адӕймаг нӕу. Библийы цы фыст ис, уый ӕмбарын кӕнын хъӕуы махӕй алкӕмӕн дӕр – уӕлдайдӕр та сывӕллӕттӕн.

Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Ӕнӕзонддзинад арф бады сывӕллоны зӕрдӕйы» (Ӕмб. 22:15). Сывӕллӕттӕн хъӕуы зонд амонын ӕмӕ ныййарджытӕ хӕсджын сты уыдоны уаг ӕмӕ ӕгъдауыл ахуыр кӕнын ӕмӕ сӕ Библимӕ гӕсгӕ, стӕй сын ӕмбырды цы амонынц, уымӕ гӕсгӕ хъомыл кӕнын. Сывӕллӕтӕн ис бар уыдӕттыл ахуыр кӕнынӕн. Сӕ гыццылӕй фӕстмӕ сын хъӕуы ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Библийы фӕрцы сӕ уырнындзинад рӕзын кӕной, цӕмӕй «зондӕй чи архайы ӕмӕ афтӕмӕй йӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын чи сахуыр кодта», ахӕм «фӕлтӕрд адӕймӕгтӕ» суой (Дзут. 5:14).