Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Сыгъдӕг уд ӕмӕ чындз дзурынц: „Ӕрцу!“»

«Сыгъдӕг уд ӕмӕ чындз дзурынц: „Ӕрцу!“»

«Сыгъдӕг уд ӕмӕ чындз дзурынц: „Ӕрцу!“»

«Сыгъдӕг уд ӕмӕ чындз дзурынц: „Ӕрцу!“... Ӕмӕ дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ кӕй фӕнды, уый царды дон лӕвар айсӕд» (РАРГ. 22:17).

1, 2. Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ нӕ царды кӕцы бынаты хъуамӕ уой ӕмӕ цӕмӕн?

ХУЫЦАУЫ Паддзахады хъуыддӕгтӕ нӕ царды кӕцы бынаты хъуамӕ уой? Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты разӕнгард кодта, цӕмӕй «фыццаджыдӕр агурой Хуыцауы паддзахад», ӕмӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта, афтӕ куы кӕной, уӕд сӕ Хуыцау цух кӕй ницӕмӕй ныууадздзӕн (Матф. 6:25–33). Уый Хуыцауы Паддзахад абарста тынг зынаргъ налхъуытимӕ. Уыцы налхъуыт афтӕ зынаргъ уыди, ӕмӕ йӕ налхъуыттӕ агурӕг сӕудӕджер куы ссардта, уӕд ӕм «цыдӕриддӕр уыди, уый... ауӕй кодта ӕмӕ йӕ балхӕдта»(Матф. 13:45, 46). Уӕдӕ махӕн дӕр царды ӕппӕты ахсджиагдӕр хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын хъуамӕ ма уа?

2 Фыццаг дыууӕ статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй уацамынды ныфсджынӕй куы фӕдзурӕм ӕмӕ Хуыцауы Ныхасӕй арӕхстджынӕй куы фӕпайда кӕнӕм, уӕд бӕрӕг вӕййы, сыгъдӕг уд нын разамынд кӕй дӕтты. Хуыцауы сыгъдӕг уд ма нын стыр ӕххуыс у хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы дӕр. Уӕдӕ ’ркӕсӕм, куыд нын ӕххуыс кӕны, уымӕ.

Алчидӕр хуынд цӕуы!

3. Ӕппӕт адӕм дӕр цавӕр дон нуазынмӕ цӕуынц хуынд?

3 Ӕппӕт адӕм дӕр хуынд цӕуынц сыгъдӕг уды фӕрцы. (Бакӕс Раргомад 22:17.) Хонынц сӕ, цӕмӕй «ӕрцӕуой» ӕмӕ сӕ дойны басӕттой. Фӕлӕ уый ӕнӕуи дон нӕу. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дон тынг ахсджиаг у, цӕмӕй зӕххыл цард уа. Фӕлӕ Йесо самариаг сылгоймагимӕ куы ныхас кодта, уӕд ӕндӕр доны тыххӕй дзырдта: «Ӕз ын цы дон раттон, уымӕй чи бануаза, уый та никуыуал сдойны уыдзӕн, фӕлӕ йын цы дон раттон, уый йӕ мидӕг фестдзӕн, гуылфӕй чи кӕлы ӕмӕ ӕнусон цард чи дӕтты, ахӕм суадон» (Иоан. 4:14). Адӕм цы диссаджы дон нуазынмӕ цӕуынц хуынд, уый дӕтты ӕнусон цард.

4. Царды дон цӕмӕн бахъуыди ӕмӕ уыцы дон цӕмӕ амоны?

4 Царды дон бахъуыд, фыццаг адӕймаг Адам ӕмӕ йӕ ус Евӕ се Сфӕлдисӕг Йегъовӕ Хуыцауы коммӕ куы нӕ бакастысты, уӕд (Райд. 2:16, 17; 3:1–6). Йегъовӕ Хуыцау сӕ Едемы цӕхӕрадонӕй ратардта, «цӕмӕй [Адам] царды бӕласы дыргътӕй ма ’ртыдтаид, ма дзы бахордтаид ӕмӕ ӕнустӕм ма цардаид» (Райд. 3:22). Адӕм се ’ппӕт дӕр Адамы байзӕддӕгтӕ кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ туджы рахастой мӕлӕт (Ром. 5:12). Царды дон амоны, Хуыцау коммӕгӕс адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕныны тыххӕй ӕмӕ сын зӕххыл дзӕнӕты ӕнусон цард раттыны тыххӕй цыдӕриддӕр сарӕзта, уымӕ. Хуыцау уыдӕттӕ сӕххӕст кӕндзӕн Йесо Чырыстийы нывонды фӕрцы (Матф. 20:28; Иоан. 3:16; 1 Иоан. 4:9, 10).

5. Царды дон лӕвар райсынмӕ чи хоны? Бамбарын ӕй кӕн.

5 Царды дон лӕвар райсынмӕ чи хоны? Хуыцау ӕнусон цард раттыны тыххӕй цы сарӕзта, ӕппӕт уыдӕттӕй адӕм ӕххӕстӕй спайда кӕндзысты Чырыстийы фӕрцы йӕ Миназон хицаудзинады рӕстӕг. Уыцы хорздзинӕдтӕ Раргомады чиныгмӕ гӕсгӕ сты, «дзӕнхъайау сыгъдӕг» чи у, ахӕм «царды доны цӕугӕдоны» хуызӕн. «Уыцы цӕугӕдон кӕлы Хуыцауы ӕмӕ Уӕрыччы паддзахбадӕнӕй» (Рарг. 22:1). Уымӕ гӕсгӕ царды дон ис Йегъовӕмӕ, нӕ Царддӕттӕгмӕ (Пс. 36:9). Уыцы дон Хуыцау дӕтты «Уӕрыччы», Йесо Чырыстийы, фӕрцы (Иоан. 1:29). Уыцы «цӕугӕдоны» фӕрцы Йегъовӕ аиуварс кӕндзӕн, Адамы ӕгоммӕгӕсдзинад цы бӕллӕхтӕм ӕркодта, уыдон иууылдӕр. О, хонӕг у Йегъовӕ Хуыцау, ӕмӕ алкӕмӕндӕр дзуры: «Ӕрцу!»

6. «Царды доны цӕугӕдон» кӕлын кӕд райдыдта?

6 «Царды доны цӕугӕдон» ӕцӕгдӕр куыд хъуамӕ кӕла, афтӕ кӕлдзӕн Чырыстийы Миназон хицаудзинады рӕстӕг. Фӕлӕ уыцы дон кӕлын райдыдта «Хицау Йесойы боны», 1914 азы «Уӕрыкк» уӕлӕрвты паддзах куы сси, уӕд (Рарг. 1:10). Уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмӕн сӕ бон пайда кӕнын у, Хуыцау ӕнусон цард раттыны тыххӕй цы сарӕзта, уыдӕттӕй, уыимӕ Библийы хабарӕй дӕр. Фыстады уыцы хабар хуыйны «дон» (Еф. 5:26). «Царды дон лӕвар айсын», ома Паддзахады хорз хабар фехъусын ӕмӕ йӕ йӕ зӕрдӕмӕ арф айсын, алкӕй бон дӕр у. Фӕлӕ Хицауы боны рӕстӕг хонӕг чи у?

«Чындз дзуры: „Ӕрцу!“»

7. «Хицау Йесойы боны» фыццаг хонӕг чи уыд ӕмӕ кӕй хуыдта?

7 «Ӕрцу», зӕгъгӕ, фыццаг дзурын райдыдта чындзы къорд – сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕ. Кӕмӕн дзырдта? «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕсты» фӕстӕ зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕй ис, уыдонӕн. (Бакӕс Раргомад 16:14, 16.)

8. Сӕрст чырыстӕттӕ суанг 1918 азӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы номӕй адӕмы кӕй хонынц, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

8 Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ хонын райдыдтой суанг 1918 азӕй. Уыцы азы дзырдтой раныхас «Абон чи цӕры, уыдонӕй милуантӕ никуы амӕлдзысты». Дзырд дзы цыди, Армагеддоны фӕстӕ бирӕтӕ ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты, ууыл. 1922 азы Библииртасджытӕн Сидар-Пойнты (АИШ, штат Огайо) цы конгресс уыди, уым хъусджыты разӕнгард кодтой, цӕмӕй «хъусын кӕной Паддзах ӕмӕ йӕ паддзахады тыххӕй». Чындзы къордӕй ма зӕххыл чи уыди, уыдонӕн уый фӕрцы сӕ бон сси ноджы фылдӕр адӕмы фӕхонын. 1929 азы 15 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы уыди статья «Хуыцау хӕларзӕрдӕйӕ хоны», йӕ сӕйраг стих уыд Раргомад 22:17. Статьяйы дзырд цыди: «Иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдон [Иунӕг Стыр Хуыцауимӕ] иннӕты хӕларзӕрдӕйӕ хонынц ӕмӕ сын дзурынц, „ӕрцу“, зӕгъгӕ. Уыцы хабар фехъусын кӕнын хъӕуы, рӕстдзинад чи агуры, уыдонӕн. Уыцы хъуыддаг аразын хъӕуы ныр». Чындзы къорд уыцы куыст кӕны абоны онг дӕр.

«Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: „Ӕрцу!“»

9, 10. «Ӕрцу!», зӕгъгӕ, чи фехъусы, уыдон цы саразынц?

9 «Ӕрцу!», зӕгъгӕ, чи хъусы, уыдонӕй цы зӕгъӕн ис? Уыдоны дӕр хъӕуы иннӕты хонын. Зӕгъӕм, 1932 азы 1 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 232 фарсыл фыст уыд: «Сӕрст чырыстӕттӕ хъуамӕ разӕнгард кӕной, паддзахады тыххӕй хорз хабар чи хъусын кӕндзӕн, уыдоны се ’ппӕты дӕр. Ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ Хицауы хабар хъусын кӕной ӕрмӕстдӕр Хицауы сӕрст лӕггадгӕнджытӕ. Йегъовӕйы ӕвдисӕнтӕн абон тынг ӕхсызгон у, уый бар сын кӕй ис, цӕмӕй царды дон хӕссой, Армагеддоны сӕрты чи ахиздзӕн ӕмӕ ӕнустӕм зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыцы адӕмӕн».

10 «Ӕрцу!», зӕгъгӕ, чи хъусы, уыдоныл цы хӕс ис, уый тыххӕй 1934 азы 15 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 249 фарсыл фыст уыд: «Ионадавы къордмӕ чи хауы, уыдон кӕд Йегъовӕйы сӕрст ӕвдисӕнтӕ не сты, уӕддӕр хъуамӕ Ииуйы къордимӕ, ома сӕрстытимӕ, цӕуой ӕмӕ хъусын кӕной паддзахады хабар». 1935 азы рабӕрӕг, Раргомады 7:9–17 стихты «тынг бирӕ адӕм» чи сты, уый. Уый фӕрцы Хуыцауы хъуыддаг ноджы тынгдӕр апарахат. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ (абон сты авд милуанӕй фылдӕр) уыцы хъуыддаг зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнынц. Уыдон хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айстой, сӕхи Хуыцауӕн снывонд кодтой, донаргъуыд райстой ӕмӕ чындзы къордимӕ иумӕ иннӕты зӕрдиагӕй хонын райдыдтой, цӕмӕй уыдон дӕр ӕрцӕуой ӕмӕ царды дон лӕвар райсой.

«Сыгъдӕг уд... дзуры: „Ӕрцу!“»

11. Фыццаг ӕнусы хъусын кӕныны хъуыддаджы сыгъдӕг удӕн цавӕр бынат уыди?

11 Йесо Назареты ӕмбырдгӕнӕны куы хъусын кодта, уӕд пехуымпар Исайы чиныджы тыхтон райхӕлдта ӕмӕ бакаст: «Мӕныл ис Йегъовӕйы сыгъдӕг уд, уымӕн ӕмӕ мӕ уый тыххӕй байсӕрста, цӕмӕй мӕгуыртӕн хорз хабар хъусын кӕнон; уый тыххӕй мӕ рарвыста, цӕмӕй, уацайрӕгтӕ кӕй ссӕрибар уыдзысты ӕмӕ куырмытӕ цӕстӕй кӕй ракӕсдзысты, уый тыххӕй сын дзурон; цӕмӕй зӕрдӕсаст адӕмы суӕгъд кӕнон; цӕмӕй хъусын кӕнон, Йегъовӕйы хорзӕхы аз кӕй ралӕууыд, уый». Уый фӕстӕ Йесо загъта, уыцы ныхӕстӕ йӕхимӕ кӕй хауынц: «Ныртӕккӕ Фыстадӕй цы ныхӕстӕ фехъуыстат, уыдон абон сӕххӕст сты» (Лук. 4:17–21). Уӕлӕрвтӕм ссӕуыны размӕ Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Сымах райсдзыстут тых, сыгъдӕг уд уыл куы ’рцӕуа, уӕд, ӕмӕ мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Ап. хъ. 1:8). Фыццаг ӕнусы хъусын кӕныны хъуыддаджы сыгъдӕг удӕн уыди ахсджиаг бынат.

12. Абон Хуыцауы сыгъдӕг уд куыд ӕххуыс кӕны адӕмы хонынӕн?

12 Абон Хуыцауы сыгъдӕг уд куыд ӕххуыс кӕны адӕмы хонынӕн? Сыгъдӕг уд дӕтты Йегъовӕ ӕмӕ дзы пайда кӕны, цӕмӕй, чындзы къордмӕ чи хауы, уыцы сӕрст чырыстӕттӕн сӕ зӕрдӕтыл ӕмӕ сӕ зондыл ӕндава, ӕмӕ йын йӕ Ныхас Библи ӕмбарой. Сыгъдӕг уд сӕ разӕнгард кӕны, ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдоны хонынмӕ ӕмӕ сын Библийы хабӕрттӕ ӕмбарын кӕнынмӕ. Цы зӕгъӕн ис, Хуыцауы ныхӕстӕм чи байхъуыста, Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинаг чи сси ӕмӕ ныр иннӕты йӕхӕдӕг чи хоны, уыдоны тыххӕй та? Сыгъдӕг уд уыдонӕн дӕр ӕххуыс кӕны. «Донаргъуыд... сыгъдӕг уды номӕй» кӕй райстой, уымӕ гӕсгӕ йын йӕ разамындмӕ хъусынц ӕмӕ йын йе ’ххуысыл сӕ ныфс дарынц (Матф. 28:19). Ахъуыды ма кӕн, сӕрстытӕ ӕмӕ тынг бирӕ адӕм цы хабар хъусын кӕнынц, ууыл дӕр. Уый фыст ис Библийы – Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындӕй фыст чи ’рцыд, уыцы чиныджы. Афтӕмӕй адӕм хуынд цӕуынц сыгъдӕг уды фӕрцы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕн дӕр разамынд уый дӕтты. Куыд хъуамӕ ӕндава уыцы хъуыддаг, иннӕты хонынӕн цас рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, ууыл?

Уыдон «дзурынц: „Ӕрцу!“»

13. Цы нысан кӕнынц ныхӕстӕ, «сыгъдӕг уд ӕмӕ чындз дзурынц: „Ӕрцу!“», зӕгъгӕ?

13 «Сыгъдӕг уд ӕмӕ чындз дзурынц: „Ӕрцу!“» Ацы ныхӕстӕ нысан кӕнынц Хуыцауы номӕй иннӕты ӕдзухдӕр хонын. Чи сӕм хъусы ӕмӕ сӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, уыдонӕй цы зӕгъӕн ис? Уыдон дӕр дзурынц: «Ӕрцу!» Тынг бирӕ адӕмы тыххӕй Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы «кувӕндоны ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнынц» (Рарг. 7:9, 15). Куыд лӕггад кӕнынц ӕхсӕвӕй-бонӕй? (Бакӕс Лукайы 2:36, 37; Хъуыддӕгты 20:31; 2 Фессалоникӕгтӕм 3:8.) Зӕгъӕм, ацӕргӕ ус-пехуымпар Аннӕ ӕмӕ апостол Павелы цӕвиттонтӕй зыны, ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнын кӕй нысан кӕны Хуыцауӕн ӕдзухдӕр ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнын.

14, 15. Данелы цардӕй куыд зыны, Хуыцауӕн ӕдзух лӕггад кӕнын ахсджиаг кӕй у?

14 Пехуымпар Данелы цардӕй дӕр зыны, Хуыцауӕн ӕдзух лӕггад кӕнын ахсджиаг кӕй у. (Бакӕс Данел 6:4–10, 16.) Уый ахуыр куыд уыд, афтӕ бон ӕртӕ хатты Хуыцаумӕ куывта ӕмӕ уыцы ӕгъдау суанг иу мӕймӕ дӕр нӕ ныууагъта, кӕд ӕй уый тыххӕй домбӕйтты дзыхъхъы ныппӕрстаиккой, уӕддӕр. Данелы чи зыдта, уыдон бамбӕрстой, Йегъовӕйӕн ӕдзух лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр кӕй ницы ис! (Матф. 5:16).

15 Данел домбӕйтты дзыхъхъы ӕнӕхъӕн ӕхсӕв куы фӕци, уӕд райсомӕй паддзах уырдӕм бацыд ӕмӕ йӕм фӕдзырдта: «„О Данел, удӕгас Хуыцауы лӕггадгӕнӕг! Ӕдзух кӕмӕн лӕггад кӕныс, уыцы Хуыцауы бон сси дӕу домбӕйттӕй фервӕзын кӕнын?“ Данел ӕм уайтагъд сдзырдта: „О паддзах, ӕнустӕм цӕр! Мӕ Хуыцау йӕ зӕды рарвыста, цӕмӕй домбӕйтты комыл ныххӕцыдаид, ӕмӕ мын ницы зиан ракодтой, уымӕн ӕмӕ ницы аххосджын уыдтӕн йӕ разы, стӕй дӕ разы дӕр, о паддзах, ӕз ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтон“». Йегъовӕ Данелӕн раарфӕ кодта, «ӕдзух» ын кӕй лӕггад кодта, уый тыххӕй (Дан. 6:19–22).

16. Данел Хуыцауӕн ӕдзух кӕй лӕггад кодта, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон цӕуыл у ахъуыды кӕнын?

16 Данел амӕлынмӕ дӕр цӕттӕ уыди, цӕйнӕфӕлтау Хуыцауӕн цыбыр рӕстӕгмӕ дӕр мауал куывтаид. Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕдзухдӕр хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй нӕхи цӕмӕй фӕцух кӕнӕм? Хъуамӕ иу мӕй дӕр афтӕ ма ацӕуа, ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй иннӕтӕн ма радзурӕм! Хорз уаид, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, алы къуыри дӕр уацамынды куы цӕуиккам. Кӕд тынг рынчын стӕм ӕмӕ мӕйы мидӕг нӕ бон 15 минутӕй фылдӕр хъусын кӕнын нӕу, уӕддӕр уыцы рӕстӕг хъӕуы уацамынды хыгъды фыссын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нӕ фӕнды сыгъдӕг удимӕ ӕмӕ чындзимӕ иумӕ дзурын: «Ӕрцу!» О, мах фӕнды ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй нымад уӕм, ӕппынӕдзух уацамынды чи вӕййы, ахӕм хъусынгӕнджытыл.

17. Йегъовӕйы номӕй адӕмы хоныны тыххӕй цавӕр фадӕттӕй хъуамӕ пайда кӕнӕм?

17 Мах хъуамӕ Йегъовӕйы номӕй адӕмы хонӕм, уацамындӕн цы рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, ӕрмӕст уӕд нӕ, фӕлӕ алы хатт дӕр. Цӕй стыр кад у, дойны кӕмӕн у, уыцы адӕмы «царды дон лӕвар айсынмӕ» хонын! Зӕгъӕм, истытӕ ӕлхӕнгӕйӕ, балцы цӕугӕйӕ, улӕфгӕйӕ, куысты кӕнӕ скъолайы. Суанг нӕ хицауад хъусын кӕнын куы нӕ фӕуадзы, уӕддӕр мах ӕмбаргӕйӕ фӕархайӕм – хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ уыцы иу бон алы хӕдзармӕ нӕ бацӕуӕм кӕнӕ та фылдӕр фӕхъусын кӕнӕм, фадат нын куы фӕзыны, уӕд.

Дарддӕр дӕр дзурӕм: «Ӕрцу!»

18, 19. Хуыцауы ӕмкусӕг кӕй дӕ, уыцы кадӕн кӕй аргъ кӕныс, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

18 Царды донӕй дойны кӕмӕн у, уыдонӕн нӕуӕдз азӕй фылдӕр сыгъдӕг уд ӕмӕ чындз дзурынц, «Ӕрцу!», зӕгъгӕ. Уыцы диссаджы хабар ды дӕр фехъуыстай? Уӕдӕ ды дӕр иннӕты хон.

19 Мах ӕй нӕ зонӕм, Йегъовӕ адӕмы зӕрдиагӕй кӕдмӕ хондзӕн, уый. Фӕлӕ йын йӕ ныхӕстӕм кӕй хъусӕм ӕмӕ иннӕтӕн кӕй дзурӕм, «Ӕрцу!», зӕгъгӕ, уый фӕрцы стӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ (1 Кор. 3:6, 9). Цӕй стыр кад у уый! Уӕдӕ ӕдзухдӕр кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй бӕрӕг уӕд, уыцы стыр кадӕн кӕй аргъ кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауӕн алкӕддӕр «кады нывонд» кӕй хӕссӕм (Дзут. 13:15). Зӕххон ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕй алчидӕр чындзы къордимӕ иумӕ дзурӕд: «Ӕрцу!» Цӕй уӕдӕ ноджы фылдӕр адӕм «царды дон лӕвар айсӕд»!

Цы базыдтай?

• Сыгъдӕг уд ӕмӕ чындзы къорд кӕмӕн дзурынц, «ӕрцу», зӕгъгӕ?

• Цӕмӕн ис зӕгъӕн, хонгӕ Йегъовӕ кӕй кӕны?

• Хуыцау адӕмы кӕй хоны, уыцы хъуыддаджы сыгъдӕг удӕн цавӕр бынат ис?

• Ӕдзухдӕр цӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕнӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 16 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Дарддӕр дӕр дзурынц: «Ӕрцу!»

1914

5 100 хъусынгӕнӕджы

1918

Бирӕтӕ цӕрдзысты зӕххыл дзӕнӕты

1922

«Хъусын кӕнут, хъусын кӕнут, хъусын кӕнут Паддзах ӕмӕ йӕ паддзахады тыххӕй!»

1929

Зӕххыл ма цы сӕрст чырыстӕттӕ баззад, уыдон дзурынц: «Ӕрцу!»

1932

Сӕрстытӕй фӕстӕмӕ ма иннӕтӕ дӕр хуынд цӕуынц, «Ӕрцу!», зӕгъгӕ

1934

Ионадавы къордӕн загъд уыди, цӕмӕй хъусын кӕной

1935

«Тынг бирӕ адӕм» чи сты, уый сбӕрӕг

2009

7 313 173 хъусынгӕнӕджы