Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Ныхас ныфсджынӕй дзурӕм

Хуыцауы Ныхас ныфсджынӕй дзурӕм

Хуыцауы Ныхас ныфсджынӕй дзурӕм

«Се ’ппӕт дӕр сыгъдӕг удӕй схайджын сты ӕмӕ Хуыцауы ныхас ныфсджынӕй дзырдтой» (АП. ХЪ. 4:31).

1, 2. Цӕмӕн нӕ хъӕуы архайын, цӕмӕй нӕ лӕггады ӕнтыстджын уӕм?

ЙЕСО йӕ мӕлӕтӕй ӕртӕ боны размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон». Уӕлӕрвтӕм ссӕуыны размӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй «ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр цӕттӕ кӕной ахуыргӕнинӕгтӕ» ӕмӕ сын амоной, цы сын бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕттӕ ’ххӕст кӕнын. Стӕй сын зӕрдӕ бавӕрдта: «Цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 24:14; 26:1, 2; 28:19, 20).

2 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй архайӕм, фыццаг ӕнусы чи райдыдта, уыцы хъуыддаджы. Цардирвӕзынгӕнӕн хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕй ахсджиагдӕр куыст нӕй. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ лӕггады ӕнтыстджын уӕм. Ацы статъяйы фендзыстӕм, сыгъдӕг уд нын куыд ӕххуыс кӕны ныфсджынӕй хъусын кӕнынӕн. Иннӕ дыууӕ статъяйы та дзырд цӕудзӕн, Йегъовӕйы сыгъдӕг уд нын разамынд куыд дӕтты, цӕмӕй хорз ахуыргӕнджытӕ уӕм ӕмӕ ӕдзух уацамынды цӕуӕм.

Ныфсджын уӕм

3. Цӕмӕй Хуыцауы ныхас хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй ныфсджын цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

3 Хуыцау нын бахӕс кодта йӕ Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын, ӕмӕ нын уый у стыр кад. Фӕлӕ уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Иуӕй-иутӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабармӕ зӕрдиагӕй байхъусынц, фӕлӕ бирӕтӕ та сты, Нойы рӕстӕг чи цард, уыдоны хуызӕн. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ уыдонмӕ «нымады дӕр ницы уыд, цалынмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ фӕласта» (Матф. 24:38, 39). Ис ма ахӕмтӕ дӕр, худгӕ ныл чи кӕны ӕмӕ нӕ ӕфхӕргӕ чи кӕны (2 Пет. 3:3). Нӕ ныхмӕ фӕцӕуынц хицӕуттӕ, не ’мкъласонтӕ, не ’мкусджытӕ ӕмӕ ма суанг нӕ бинонтӕ дӕр. Уымӕй уӕлдай ма фӕтох кӕнӕм нӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ, зӕгъӕм, ӕфсӕрмы фӕкӕнӕм йе та нӕм куы ничи байхъуса, уымӕй фӕтӕрсӕм. Уӕдӕ нын бирӕ хъуыддӕгты тыххӕй вӕййы зын Хуыцауы ныхас «ныфсджынӕй дзурын» (Еф. 6:19, 20). Фӕлӕ цӕмӕй дарддӕр Хуыцауы ныхас хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ныфсджын уӕм. Уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?

4. а) Дзырд «ныфсджын» цы нысан кӕны? ӕ) Апостол Павел йӕхимӕ уыйбӕрц ныфс куыд ссардта, цӕмӕй Фессалоникӕйы цӕрджытимӕ дзырдтаид?

4 «Ныфсджын»-ӕй цы грекъаг дзырд тӕлмац ӕрцыд, уый нысан кӕны «ӕргомдзырд». Фӕлӕ адӕймаг ныфсджын уа, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ тызмӕг кӕнӕ схуыст ныхас кӕна (Кол. 4:6). Ныфсджын уӕм, уый хорз у, фӕлӕ ма нӕ фӕнды алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрын (Ром. 12:18). Уымӕй уӕлдай ма, хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ, хъуамӕ уӕм уӕндон ӕмӕ ма уыимӕ уӕздан дӕр, цӕмӕй ӕнӕнхъӕлӕджы макӕй фӕхъыг кӕнӕм. Цӕмӕй ӕцӕгдӕр ныфсджын уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы нӕ удыхъӕды ӕндӕр хорз миниуджытӕ дӕр рӕзын кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр ныфсджын нӕ курдиӕттӕ кӕнӕ нӕ хъаруйы фӕрцы нӕ уыдзыстӕм. Апостол Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн «Филиппты хъизӕмӕрттӕ куы бавзарын кодтой», уӕд ма сӕхимӕ уыйбӕрц ныфс куыд ссардтой, цӕмӕй Фессалоникӕйы цӕрджытимӕ дзырдтаиккой? Павел куыд ныффыста, афтӕмӕй «Хуыцауы фӕрцы». (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 2:2.) Йегъовӕ Хуыцауӕн йӕ бон у нӕ зӕрдӕйӕ тас фӕсурын ӕмӕ нӕ ахӕм ныфс бауадзын.

5. Йегъовӕ ныфс куыд бауагъта Петр, Иоанн ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгты?

5 «Дзуттӕгты разамонджытӕ, хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ» Петр ӕмӕ Иоанны ныхмӕ куы дзырдтой, уӕд сын апостолтӕ загътой: «Уӕхӕдӕг-ма ахъуыды кӕнут, Хуыцаумӕ нӕ, фӕлӕ сымахмӕ куы хъусӕм, уӕд уый Хуыцауы раз раст уыдзӕн? Мах та уын зӕгъӕм: цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уыдӕтты тыххӕй ма дзурӕм – уый нӕ бон нӕу». Апостолтӕ ӕмӕ се ’муырнджытӕ Хуыцауӕй уый нӕ куырдтой, ӕмӕ сӕ се знӕгтӕ мауал ӕфхӕрдтаиккой, фӕлӕ йын ныллӕгъстӕ кодтой: «Йегъовӕ, се ’ртхъирӕнтӕм [сын] ӕркӕс ӕмӕ дӕ цагъартӕн баххуыс кӕн, дӕ ныхас дын ныфсджынӕй куыд дзурой» (Ап. хъ. 4:5, 19, 20, 29). Цымӕ сын Йегъовӕ сӕ куывд фехъуыста? (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 4:31.) Уый сӕ йӕ сыгъдӕг удӕй схайджын кодта, цӕмӕй ныфсджын уыдаиккой. Хуыцауы сыгъдӕг удӕн йӕ бон у махӕн дӕр афтӕ ӕххуыс кӕнын. Фӕлӕ нӕ Хуыцау йӕ сыгъдӕг удӕй куыд хайджын кӕны ӕмӕ нын сыгъдӕг уд уацамынды разамынд куыд дӕтты?

Ныфсджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм

6, 7. Цӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕг удӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй нӕ сӕйраджыдӕр цы хъӕуы? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

6 Цӕмӕй сыгъдӕг удӕй схайджын уӕм, уый тыххӕй нӕ сӕйраджыдӕр хъӕуы Хуыцаумӕ кувын. Йесо йӕ ныхасмӕхъусджытӕн загъта: «Кӕд сымах, тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ, уӕ цотӕн хорзы цӕуын зонут, уӕд уӕ уӕларвон Фыд та куыннӕ ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн!» (Лук. 11:13). Уӕдӕ ӕдзухдӕр Хуыцауӕй сыгъдӕг уд курӕм. Кӕд цавӕрдӕр уавӕрты хъусын кӕнын нӕ уӕндӕм, зӕгъӕм, уынджы, фадат нын куы фӕзыны, уӕд кӕнӕ та куыстуӕтты, уӕд нӕ бон у Йегъовӕйӕ сыгъдӕг уд курын ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй нын баххуыс кӕна ныфсджынӕй дзурынӕн (1 Фес. 5:17).

7 Раст афтӕ бакодта нӕ хо Розӕ дӕр *. Иубон, кӕм куыста, уыцы скъолайы ахуыргӕнджытӕй иу базыдта, ӕндӕр скъолайы сывӕллӕтты куыд ӕфхӕрынц, уый тыххӕй. Ахуыргӕнӕгӕн йӕ зӕрдӕ тынг фӕрыст ӕмӕ тыхстхуызӕй загъта: «Мӕнӕ дуне куыд фесӕфт!» Розӕйӕн фӕзынд хорз фадат йемӕ аныхас кӕнынӕн. Цы сарӕзта, цӕмӕй йӕ бон уыдаид ныфсджынӕй дзурын? Розӕ дзуры: «Ӕз Йегъовӕмӕ скуывтон ӕмӕ дзы йӕ сыгъдӕг уд ракуырдтон». Афтӕмӕй йӕ бон сси йе ’мкусӕгӕн хорз хабар радзурын ӕмӕ баныхас кодтой, ӕндӕр хатт та кӕй аныхас кӕндзысты. Ӕркӕсӕм ма 5-аздзыд чызг Миланӕйы хабармӕ дӕр, цӕры Нью-Йорчы. Миланӕ дзуры: «Скъоламӕ ацӕуыны размӕ мамӕимӕ алы хатт дӕр Йегъовӕмӕ фӕкувӕм». Цӕй тыххӕй фӕкувынц? Цӕмӕй Миланӕ ныфсджын уа ӕмӕ йӕ Хуыцауы тыххӕй фидарӕй дзура. Йӕ мад дзуры: «Уый фӕрцы-иу Миланӕйӕн йӕ бон уыди, гуырӕнбонтӕ ӕмӕ бӕрӕгбӕтты тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый ӕмбарын кӕнын, ӕмӕ-иу сӕ иннӕтӕ куы бӕрӕг кодтой, уӕд-иу дзы нӕ архайдта». Цымӕ ацы дыууӕ хабары ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд кӕй фӕныфсджындӕр уыдзыстӕм?

8. Пехуымпар Йеремийы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

8 Ахъуыды-ма кӕнӕм, пехуымпар Йеремийӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй ныфсджын уыдаид. Йегъовӕ Йеремийы адӕмтӕн пехуымпарӕй куы равзӕрста, уӕд ын Йереми загъта: «Ӕз нырма ӕрыгон дӕн, ӕмӕ дзурын дӕр нӕ зонын» (Йер. 1:4–6). Фӕлӕ рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Йереми афтӕ ныфсджын ӕмӕ афтӕ фӕндфидар сси, ӕмӕ йӕ бирӕтӕ хуыдтой бӕллӕхы хабӕрттӕ хъусынгӕнӕг (Йер. 38:4). Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ ныфсджынӕй хъусын кодта 65 азӕй фылдӕр. Израилы йӕ иууылдӕр зыдтой хъӕбатыр хъусынгӕнӕгӕй. Уымӕ гӕсгӕ иу-600 азы фӕстӕ Йесо ныфсджынӕй куы дзырдта, уӕд иуӕй-иутӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, Йереми райгас (Матф. 16:13, 14). Цы баххуыс кодта Йеремийӕн, райдианы ӕвӕндонӕй чи дзырдта, уыцы пехуымпарӕн, цӕмӕй фӕныфсджындӕр уыдаид? Йереми загъта: «[Хуыцауы] ныхас мӕ зӕрдӕйы сыгъд пиллон артау. Пиллон артау сыгъд ме стджыты мидӕг. Ӕмӕ йӕ уромынӕй бафӕлладтӕн» (Йер. 20:9). Йегъовӕйы ныхас Йеремийы хъару бауагъта, ӕмӕ уӕндонӕй дзурын райдыдта.

9. Хуыцауы ныхасӕн йӕ бон цӕмӕн у, Йеремийыл куыд бандӕвта, афтӕ махыл дӕр бандавын?

9 Апостол Павел йӕ фыстӕджы дзуттӕгтӕм ныффыста: «Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых, уый у цыфӕнды дыууӕкомон хъамайӕ дӕр цыргъдӕр: адӕймаджы афтӕ ахизы, ӕмӕ равдисы, бакастӕй куыд зыны ӕмӕ мидӕгӕй цавӕр у, уый, кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕны стджытӕ ӕмӕ стджыты магъз, ӕмӕ базоны зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ» (Дзут. 4:12). Хуыцауы ныхасӕн йӕ бон у, ӕмӕ махыл дӕр бандава, Йеремийыл куыд бандӕвта, афтӕ. Рох нӕ ма уӕд, кӕд Хуыцау Библи ныффыссынӕн адӕмӕй спайда кодта, уӕддӕр адӕмы зондӕй фыст кӕй не ’рцыд, фӕлӕ Хуыцауы фӕндӕй. 2 Петры 1:21 фыст ис: «Пехуымпарад адӕймаджы фӕндонмӕ гӕсгӕ загъд никуы уыд, фӕлӕ адӕм дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, сыгъдӕг уд сын куыд амыдта, афтӕ». Библи лӕмбынӕг куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд, сыгъдӕг уды фӕрцы фыст чи ’рцыд, уыцы хабӕрттӕ ахъарынц нӕ зӕрдӕйы ӕмӕ нӕ зонды. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 2:10.) Хуыцауы Ныхас нӕ мидӕг «пиллон артау» афтӕ ссудзы, ӕмӕ йӕ нӕ бон уромын дӕр нал вӕййы.

10, 11. а) Цӕмӕй ныфсджынӕй дзурӕм, уый тыххӕй Библи куыд хъуамӕ ахуыр кӕнӕм? ӕ) Дӕ ахуыры дӕ фӕхуыздӕр кӕнын цы фӕнды, уыдонӕй иу хъуыддаг зӕгъ.

10 Цӕмӕй ныл Библийы ахуыр ӕндава, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ афтӕ ахуыр кӕнӕм, ӕмӕ цы кӕсӕм, уый нӕ зӕрдӕмӕ арф хъара. Зӕгъӕм, пехуымпар Иезекил цы цӕстылуайӕн федта, уым ын Хуыцау загъта, зӕгъгӕ, чиныджы тыхтон бахӕр – фыст дзы уыд, ӕгоммӕгӕс адӕмӕн кӕй хъуамӕ дзырдтаид, ахӕм ахсджиаг хабар. Иезекилы хъуыди уыцы хабар йӕ зӕрдӕмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр айсын. Уӕд ын уыцы хабар хъусын кӕнын уыдаид ӕхсызгон – мыдау адджын. (Бакӕс Иезекил 2:8–3:4, 7–9.)

11 Мах дӕр стӕм, Иезекил цы уавӕры уыд, ахӕм уавӕры. Абон бирӕты нӕ фӕнды, Библийы цы фыст ис, уымӕ хъусын. Кӕд нӕ Хуыцауы ныхас дарддӕр хъусын кӕнын фӕнды, уӕд ӕй хъуамӕ афтӕ ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй хорз ӕмбарӕм, цы фыст дзы ис, уый ӕмӕ йыл ӕууӕндӕм. Искуы иу хатт ӕй хъуамӕ ма ахуыр кӕнӕм, фӕлӕ ӕдзухдӕр. Мах дӕр разы стӕм псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстимӕ: «Мӕ ныхӕстӕ ӕмӕ дын мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕхсызгон уӕнт, о Йегъовӕ, мӕ Къӕдзӕх ӕмӕ мӕ Ирвӕзынгӕнӕг» (Пс. 19:14). Куыд ахсджиаг у, цы кӕсӕм, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнын, цӕмӕй Библийы ахуырӕдтӕ нӕ зӕрдӕйы арф ахъарой! Уӕдӕ хъуамӕ архайӕм нӕ Библийы ахуыр фӕхуыздӕр кӕныныл *.

12. Ӕмбырды фембӕлдтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй нын сыгъдӕг уд разамынд дӕтта?

12 Йегъовӕйы сыгъдӕг уд ма нын ноджыдӕр кӕд ӕххуыс кӕндзӕн? Кӕрӕдзийы уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм куы разӕнгард кӕнӕм ӕмӕ не ’мбырдтӕ куы нӕ цух кӕнӕм, уӕд (Дзут. 10:24, 25). Сыгъдӕг уд нын разамынд дӕтдзӕн, ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуыныл куы архайӕм, лӕмбынӕг куы хъусӕм ӕмӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм. Куыд уынӕм, афтӕмӕй Йегъовӕйы сыгъдӕг уд разамынд дӕтты ӕмбырды уылты. (Бакӕс Раргомад 3:6.)

Ныфсджын уӕм, уый цы пайда у

13. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн уацамынды цы бантыст, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

13 Дун-дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр тых у сыгъдӕг уд ӕмӕ йӕ бон у адӕмӕн ӕххуыс кӕнын Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн. Уый фӕрцы фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн бантыст стыр хъуыддаг – хорз хабар фехъусын кодтой «арвы бын ӕппӕт адӕмӕн дӕр» (Кол. 1:23). Сӕ фылдӕрмӕ ахуырдзинад кӕй нӕ уыд ӕмӕ хуымӕтӕг адӕм кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ бӕрӕг у, сӕхимӕ цы тых уыди, уымӕй стырдӕр тых сӕ кӕй разӕнгард кодта (Ап. хъ. 4:13).

14. Цӕмӕй «нӕ удӕй арт уадзӕм», уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?

14 Сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд нын тых дӕтдзӕн ӕмӕ нӕ разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ лӕггады ныфсджын уӕм. Хуыцауӕй ӕдзух йӕ сыгъдӕг уд куы курӕм, Библи лӕмбынӕг куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, ӕмбырдтӕм куы цӕуӕм, уӕд «нӕ удӕй арт уадздзыстӕм» (Ром. 12:11). Зӕгъӕм, дзуттаг лӕг Аполлос уыд дзырдарӕхст адӕймаг. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Аполлос «зынгзӕрдӕйӕ дзырдта ӕмӕ ахуыр кодта Йесойы тыххӕй, ӕмӕ цы дзырдта, уый уыди раст» (Ап. хъ. 18:24, 25). «Нӕ удӕй арт [куы] уадзӕм», уӕд ныфсджындӕрӕй хъусын кӕндзыстӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕмӕ нын фадат куы фӕзына, уӕд.

15. Ныфсджындӕрӕй куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд ныл уый хорзырдӕм куыд фӕзыны?

15 Ныфсджындӕрӕй куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд ныл уый хорзырдӕм фӕзыны. Уацамындмӕ раст цӕстӕй фӕкӕсӕм, уымӕн ӕмӕ хуыздӕр фембарӕм, уыцы хъуыддаг ахсджиаг кӕй у ӕмӕ пайда кӕй хӕссы. Адӕмимӕ хорз аныхас кӕнын нын куы бантысы, уӕд тынгдӕр фӕцин кӕнӕм ӕмӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй фӕхъусын кӕнӕм. Ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, уый хорз куы фембарӕм, уӕд нӕ тынгдӕр фӕфӕнды уацамынды цӕуын.

16. Кӕд нӕ лӕггады раздӕрау зынгзӕрдӕ нал стӕм, уӕд нӕ цы кӕнын хъӕуы?

16 Кӕд, мыййаг, нӕ лӕггады ӕрлӕмӕгъ стӕм кӕнӕ раздӕрау зынгзӕрдӕ нал стӕм, уӕд нӕ хъӕуы нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын. Павел ныффыста: «Уӕхи фӕлварут, уырнындзинады фидар стут ӕви нӕ. Уӕ зӕрдӕтӕм-иу ныккӕсут» (2 Кор. 13:5). Ахъуыды кӕн: «Раздӕрау ма зынгзӕрдӕ дӕн? Йегъовӕйӕ сыгъдӕг уд фӕкурын? Мӕ кувдтытӕй бӕрӕг у, йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн мын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл мӕ ныфс кӕй дарын? Хъусын кӕныны хъуыддаг мыл кӕй баууӕндыд, уый тыххӕй йын бузныг фӕдзурын? Библи ӕдзух фӕахуыр кӕнын? Цы фӕкӕсын ӕмӕ цы фехъусын, ууыл хъуыды кӕнынӕн цас рӕстӕг рахицӕн кӕнын? Ӕмбырды хъуыддӕгты архайын?» Ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕнай, уӕд базондзынӕ, цы дӕ хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын ӕмӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн.

Хуыцауы сыгъдӕг уд дын дӕ ныфсыл ныфс ӕфтауӕд

17, 18. а) Абон хъусын кӕныны хъуыддаг куыд апарахат? ӕ) Нӕ бон куыд у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ныфсджынӕй хъусын кӕнын?

17 Йесо куы райгас, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Сымах райсдзыстут тых, сыгъдӕг уд уыл куы ’рцӕуа, уӕд, ӕмӕ мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейы, Самарийы ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Ап. хъ. 1:8). Уӕд цы куыст райдыдта, уый абон куыд апарахат, афтӕ никуы. 7 милуанӕй фылдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕны Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынц 230 бӕстӕйӕ фылдӕры. Фӕстаг рӕстӕг алы аз дӕр фӕхъусын кӕнынц иу ӕмӕ ’рдӕг миллиард сахаты бӕрц. Диссаг куыннӕ у, чи никуыуал уыдзӕн, уыцы куысты зынгзӕрдӕйӕ архайын!

18 Фыццаг ӕнусы куыд уыд, афтӕ абон дӕр хъусын кӕныны хъуыддагӕн ӕгас зӕххыл дӕр разамынд дӕтты Хуыцауы сыгъдӕг уд. Йӕ разамындмӕ йын куы хъусӕм, уӕд ноджы ныфсджындӕрӕй хъусын кӕндзыстӕм (Ап. хъ. 28:31). Цӕй уӕдӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ архайӕм, сыгъдӕг уд нын куыд амоны, афтӕ!

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 7 абз. Нӕмттӕ ивд сты.

^ 11 абз. Цӕмӕй дын Библи кӕсын ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнын фылдӕр пайда хӕсса, уый тыххӕй кӕс чиныджы «Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – стыр ӕххуыс дӕуӕн», сӕртӕ «Кӕсынмӕ зивӕг ма кӕн» ӕмӕ «Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын арфӕйаг хъуыддаг», 21–32 фӕрстӕ.

Цы базыдтай?

• Хуыцауы ныхас ныфсджынӕй цӕмӕн хъуамӕ дзурӕм?

• Фыццаг ӕнусы ахуыргӕнинӕгтӕн цы ’ххуыс кодта ныфсджынӕй дзурынӕн?

• Цӕй фӕрцы уыдзыстӕм ныфсджын?

• Ныфсджын кӕй стӕм, уый нын цы пайда у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 7 фарсыл]

Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй ныфсджын уой?

[Нывтӕ 8 фарсыл]

Цыбыртӕй куы скувай, уӕд ныфсджындӕрӕй хъусын кӕндзынӕ