Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хӕйрӕджы мӕнгныхӕстыл ма ӕууӕндӕм

Хӕйрӕджы мӕнгныхӕстыл ма ӕууӕндӕм

Хӕйрӕджы мӕнгныхӕстыл ма ӕууӕндӕм

«УӔХИ сайын ма бауадзут. Уӕ Хуыцау уын нӕ баххуыс кӕндзӕн. Уӕхи нӕ къухтӕм раттут, кӕннод уӕ хабар хорз нӕ уыдзӕн!» Ассириаг паддзах Сеннахиримы минӕвар рабсак ацы ныхӕстӕ загъта Иерусалимы цӕрджытӕн. Уӕдмӕ Ассирийы ӕфсад Иудӕйы зӕхх бацахста. Уыцы ныхӕстӕй рабсакы фӕндыд Иерусалимы адӕмӕн сӕ ныфс асӕттын ӕмӕ сӕ фӕтӕрсын кӕнын, цӕмӕй сӕхи ассириӕгты къухтӕм раттаиккой (2 Пад. 18:28–35).

Ассириӕгтӕ уыдысты тынг ӕгъатыр ӕмӕ фыдзӕрдӕ адӕм. Уыдон-иу се знӕгты тӕрсын кодтой – бӕстон-иу сын радзырдтой, сӕ уацайрӕгтӕн-иу цы фыдмитӕ бакодтой, уый тыххӕй. Иу историк, Филип Тейлор, ныффыста, зӕгъгӕ, ассирийӕгтӕм уыди ахӕм ӕгъдау: апарахат-иу кодтой алыхуызон мӕнг хабӕрттӕ, цӕмӕй-иу адӕмы тас бацыдаид ӕмӕ-иу сыл фӕуӕлахиз уыдаиккой. Стӕй-иу се знӕгтыл айхъусын кодтой, куыд ӕгъатыр уыдысты иннӕ адӕмтимӕ, цӕмӕй-иу сӕ ныфс асастаид. Мӕнгныхӕстӕн ис стыр тых ӕмӕ Тейлоры ныхӕстӕм гӕсгӕ «адӕмы зондыл тынг ӕндавынц».

Ӕцӕг чырыстӕттӕн сӕ «тох туг ӕмӕ фыдӕй конд адӕймаджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ... уӕларвон фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ», ома, Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕдты ныхмӕ (Еф. 6:12). Сӕйраджыдӕр та тох кӕнынц Сайтан Хӕйрӕджы ныхмӕ. Уый дӕр пайда кӕны мӕнгныхӕстӕй ӕмӕ афтӕмӕй адӕмы зӕрдӕты тас уадзы.

Сайтан дзуры, йӕ бон кӕй у афтӕ бакӕнын, цӕмӕй махӕй алчи дӕр Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сива. Иовы рӕстӕджы Хӕйрӕг Йегъовӕйӕн загъта: «Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн». Ӕндӕр дзырдӕй, адӕймаг фӕлварӕнты куы бахауа, уӕд Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ ӕнӕмӕнгӕй сивдзӕн (Иов 2:4). Цымӕ Сайтаны ныхӕстӕ раст сты? Ӕцӕгдӕр, карз фӕлварӕнты куы бахауӕм, уӕд нӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй Хуыцауы уагӕвӕрдты сӕрты ахиздзыстӕм? Сайтаны фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ уый тыххӕй пайда кӕны мӕнгныхӕстӕй. Ӕркӕсӕм, куыд сӕ пайда кӕны ӕмӕ нӕ бон куыд у йӕ ныхмӕ фӕлӕууын.

«Сӕ бындур сыджыт» у

Сайтан спайда кодта Елифазӕй, Иовы ӕртӕ хӕларӕй сӕ иуӕй, цӕмӕй йӕ баууӕндын кодтаид, адӕм ӕдых кӕй сты ӕмӕ сӕ бон кӕй нӕу Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын. Елифаз адӕмы схуыдта «ӕлыг хӕдзӕртты чи цӕры, уыдон» ӕмӕ загъта: «Сӕ бындур сыджыт... у... Рӕмпӕг куыд ныцъцъӕл кӕнай, уымӕй тагъддӕр сӕ ис ныцъцъӕл кӕнӕн. Райсомӕй изӕрмӕ ныппырх вӕййынц, ӕнустӕм куыд фесӕфынц, уый хъуыды дӕр ничи ’ркӕны» (Иов 4:19, 20).

Фыстад ма нӕ бары «ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтимӕ» дӕр – ӕнцонсӕттӕн дурынтимӕ (2 Кор. 4:7). Мах лӕмӕгъ стӕм, нӕ туджы тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинад кӕй рахастам, уый аххосӕй (Ром. 5:12). Нӕхи бон нӕу Сайтаны ныхмӕ фӕлӕууын. Фӕлӕ чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ Йегъовӕ ӕххуысхъуаг нӕ уадзы. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нын Хуыцау стыр аргъ кӕны (Ис. 43:4). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ дӕтты сыгъдӕг уд, чи дзы куры уыдонӕн (Лук. 11:13). Сыгъдӕг удӕн йӕ бон у, цӕмӕй нӕ схайджын кӕна, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ». Уый фӕрцы фидар фӕлӕудзыстӕм, Сайтан нӕ цыфӕнды фӕлварӕнты ма баппара, уӕддӕр (2 Кор. 4:7; Фил. 4:13). Йӕ ныхмӕ куы фӕлӕууӕм ӕмӕ уырнындзинады фидар куы уӕм, уӕд нын Хуыцау нӕ хъарутыл хъарутӕ бафтаудзӕн (1 Пет. 5:8–10). Уӕдӕ Сайтан Хӕйрӕгӕй хъуамӕ ма тӕрсӕм.

Адӕймаг «фыддзинад донау» нуазы

«Цы у зӕххон адӕймаг, куыд хъуамӕ уа сыгъдӕг? Науӕд цы у сылгоймагӕй гуырд, куыд хъуамӕ уа раст?»– бафарста Елифаз. Уый фӕстӕ загъта: «[Хуыцау] йӕ зӕдтыл дӕр куы не ’ууӕнды ӕмӕ уӕлӕрвтӕ дӕр йӕ цӕсты сыгъдӕг куы не сты. Ӕмӕ уӕд ӕлгъаг ӕмӕ хӕлд адӕймаг йӕ цӕсты сыгъдӕг куыд хъуамӕ уа, фыддзинад донау чи нуазы, уыцы адӕймаг!» (Иов 15:14–16). Елифаз Иовӕн загъта, Йегъовӕ адӕймаджы рӕстгӕнӕгыл кӕй нӕ нымайы. Хӕйрӕг дӕр пайда кӕны рӕдыд хъуыдытӕй. Фӕнды йӕ, цӕмӕй мӕт кӕнӕм нӕ раздӕры рӕдыдтытыл, нӕхи ӕгӕр ӕфхӕрӕм ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ мӕ сраст кӕнӕн нӕй. Стӕй ма йӕ фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ ӕгӕр бирӕ домы ӕмӕ кӕд тӕригъӕдгӕнаг, хатыргӕнаг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ у, уӕддӕр нын нӕ рӕдыдтытӕ нӕ ныббардзӕн.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах иууылдӕр «тӕригъӕд ракодтам ӕмӕ ӕнӕхай фестӕм Хуыцауы кадӕй». Ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон нӕу Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕнын (Ром. 3:23; 7:21–23). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын Хуыцауы цӕсты ӕппындӕр ницы аргъ ис. Йегъовӕ ӕмбары, «рагон калм», «Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан чи хуыйны», уый нӕ кӕй рӕдийын кӕны (Рарг. 12:9, 10). Йегъовӕ йӕ зӕрдыл дары, «сыджыт» кӕй стӕм ӕмӕ нын «нӕ рӕдыдтытӕ... ӕдзух нӕ цӕстмӕ нӕ дары» (Пс. 103:8, 9, 14).

Нӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ куы ныууадзӕм, зӕрдӕйӕ куы ӕрфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕмӕ куы ӕввахс кӕнӕм, уӕд нын «зӕрдиагӕй ныххатыр кӕндзӕн» (Ис. 55:7; Пс. 51:17). Нӕ «тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой, уӕд [дӕр] нын митау урс фестдзысты»,– дзуры Библи (Ис. 1:18). Уӕдӕ алкӕддӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныныл архайӕм.

Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕхӕдӕг уый аккаг никуы суыдзыстӕм, цӕмӕй нӕ Хуыцау рӕстгӕнджытыл банымайа. Адам ӕмӕ Евӕ ӕххӕстдзинад ӕмӕ ӕнусон цардӕй сӕхӕдӕг ӕнӕхай фесты, ӕмӕ ма дзы мах дӕр ӕнӕхай фӕкодтой (Ром. 6:23). Фӕлӕ Йегъовӕ адӕмы тынг кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы нӕ тӕригъӕдты тыххӕй нывондӕн ӕрхаста. Уыцы нывондыл куы ӕууӕндӕм, уӕд нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕндзӕн (Матф. 20:28; Иоан. 3:16). Хуыцау диссаджы хуызы равдыста йе «стыр хорзӕх» (Тит. 2:11). Нӕ тӕригъӕдтӕ нын хатыр кӕны! Уӕдӕ Хӕйрӕгӕн уый бар ма раттӕм, цӕмӕй нӕ ахӕм хъуыдытыл бафтауа, ӕмӕ нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд никуы ’рцӕудзысты.

«Йе стӕг ӕмӕ йын йӕ буармӕ бавнал»

Хӕйрӕг загъта, зӕгъгӕ, Иов Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивдзӕн, йе ’нӕниздзинад куы фӕцуда, уӕд. Хӕйрӕг Йегъовӕйӕн бауайдзӕф кодта: «Уӕдӕ-ма... йын йе стӕг ӕмӕ йӕ буармӕ бавнал, кӕддӕра дӕ ӕргом нӕ ралгъитид» (Иов 2:5). Хуыцауы знагӕн ӕхсызгон уаид, афтӕ куы хъуыды кӕниккам, зӕгъгӕ, мӕ низы тыххӕй ницӕмӕн бӕззын.

Фӕлӕ нӕ бон раздӕрау лӕггад кӕнын куы нал уа, уӕддӕр ныл Йегъовӕ йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн. Зӕгъӕм, не ’мбал тынг куы фӕрынчын уа, уӕд ын къаддӕр аргъ кӕндзыстӕм, йӕ бон махӕн раздӕрау хорздзинад аразын кӕй нал у, уый тыххӕй? Ницы хуызы! Уӕддӕр ӕй уарздзыстӕм ӕмӕ йыл тыхсдзыстӕм, уӕлдайдӕр та махӕн балӕггад кӕныны тыххӕй ахӕм уавӕры куы бахауа, уӕд. Уӕдӕ уӕд Йегъовӕйӕ та цы зӕгъӕн ис? Библийы фыст ис: «Хуыцау мӕнгард Хуыцау нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ, йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый» (Дзут. 6:10).

Фыстады дзырд цӕуы, бирӕ азты дӕргъы Хуыцауы хъуыддагӕн чи ӕххуыс кодта, иу ахӕм «идӕз усыл». Иухатт кувӕндоны ӕхцавӕрӕны «дыууӕ лыстӕг ӕрхуы ӕхцайы» куы нывӕрдта, уӕд ӕй Йесо федта. Цымӕ афтӕ ахъуыды кодта, ӕмӕ уыцы мысайнагӕн ницы аргъ уыди? Нӕ. Чырысти дзы раппӕлыд, йӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй Хуыцауы хъуыддагӕн кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй (Лук. 21:1–4).

Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд йӕ хӕлӕрттӕ уыдзыстӕм, нӕ низы тыххӕй кӕнӕ ныл азтӕ сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый аххосӕй цыфӕнды зындзинӕдтӕ куы ӕвзарӕм, уӕддӕр. Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты никуы ныууадздзӕн, сӕ бон бирӕ кӕй нӕу, уый тыххӕй (Пс. 71:9, 17, 18).

«Нӕ сӕртыл ӕркӕнӕм ирвӕзындзинады згъӕрхуд»

Нӕ бон куыд у Хӕйрӕджы мӕнгныхӕстӕй нӕхи бахъахъхъӕнын? Апостол Павел ныффыста: «Уӕхи фидар кӕнут Хицауы фӕрцы ӕмӕ йе стыр хъаруйы фӕрцы. Уӕхи сифтонг кӕнут, Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй, цӕмӕй уӕ бон уа Хӕйрӕджы хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕууын». Хуыцау цы хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй иу у «ирвӕзындзинады згъӕрхуд» (Еф. 6:10, 11, 17). Цӕмӕй нӕхи Хӕйрӕджы мӕнгныхӕстӕй бахъахъхъӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уыцы згъӕрхуд ӕдзух нӕ сӕрыл дарӕм. Ӕфсӕддонӕн згъӕрхуд хъахъхъӕны йӕ сӕр. Махӕн нӕ «ирвӕзындзинады ныфс» у, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы диссаджы ног дуне. Уыцы ныфс нын нӕ зонд хъахъхъӕндзӕн Сайтаны мӕнгныхӕстӕй (1 Фес. 5:8). Цӕмӕй уыцы ныфсыл фидар хӕцӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Фыстад лӕмбынӕг ахуыр кӕнын.

Иов фидар фӕлӕууыд, Хӕйрӕг ӕй цы карз фӕлварӕнты баппӕрста, уыдоны. Уый райгасдзинадыл афтӕ тынг ӕууӕндыд, ӕмӕ йӕ цардӕн тӕссаг куы уыди, уӕд дӕр йӕ ныфс нӕ асаст. Иов Йегъовӕйӕн загъта: «Ды мӕм фӕдзурдзынӕ, ӕмӕ дын ӕз дзуапп ратдзынӕн. Дӕ къухтӕ кӕуыл фӕфыдӕбон кодтой, уый фенынмӕ бӕлдзынӕ» (Иов 14:15). Иов кӕд Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайыны тыххӕй мӕлӕтмӕ дӕр цӕттӕ уыди, уӕддӕр ӕй уырныдта, Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кӕй уарзы ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй раздахдзӕн.

Цӕй уӕдӕ мах дӕр ӕцӕг Хуыцауыл нӕ ныфс фидарӕй дарӕм. Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ зондыл чи цӕуы, уыдон нын цыфӕнды зиан ма ракӕной, уӕддӕр Йегъовӕ алцыдӕр сраст кӕндзӕн. Павелы ныхӕстӕ дӕр нӕ ныфс уадзынц: «Хуыцау йӕ ныхасӕн хицау у, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕмӕн нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны, фӕлӕ уын фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразат» (1 Кор. 10:13).

[Ныв 20 фарсыл]

Йегъовӕ аргъ кӕны, иузӕрдионӕй йын кӕй лӕггад кӕныс, уымӕн

[Ныв 21 фарсыл]

«Ирвӕзындзинады згъӕрхуд» ӕдзух нӕ сӕрыл дарӕм