Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕут царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл!

Цӕут царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл!

Цӕут царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл!

«Цӕргӕ кӕнӕм ӕви мӕлгӕ кӕнӕм, уӕддӕр Йегъовӕйы стӕм» (РОМ. 14:8).

1. Йесо цы дзырдта царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаджы тыххӕй?

ЙЕГЪОВӔЙЫ фӕнды, цӕмӕй цӕуӕм царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл. Адӕм алыхуызон фӕндӕгтыл цӕуынц, фӕлӕ дзы ӕрмӕстдӕр иу фӕндаг у ӕппӕты хуыздӕр. Нӕ цард Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ куы аразӕм ӕмӕ йын йӕ Фырт Йесо Чырыстимӕ куы хъусӕм, уӕд афтӕмӕй равзардзыстӕм, царды ӕппӕты хуыздӕр цы у, уый. Йесо йӕ фӕдылдзӕуыджытӕн амыдта, Хуыцауӕн кӕй хъӕуы «кувын сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕгдзинадмӕ гӕсгӕ» ӕмӕ сын бафӕдзӕхста ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын (Матф. 28:19, 20; Иоан. 4:24). Йесойы фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм.

2. Фыццаг ӕнусы бирӕтӕ хорз хабармӕ цы цӕстӕй ракастысты ӕмӕ цы нысан кӕны, «Фӕндагыл» лӕуд уыдысты, зӕгъгӕ?

2 «Йӕ зӕрдӕ ӕнусон цардмӕ здӕхт кӕмӕн у», уыцы адӕм рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ куы айсынц ӕмӕ донаргъуыд куы райсынц, уӕд сын нӕ бон фидарӕй зӕгъын вӕййы: «Цӕут царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл!» (Ап. хъ. 13:48). Нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы алыхуызон адӕмыхӕттытӕй мингай адӕмтӕ рӕстдзинад базыдтой, Хуыцауӕн сӕхи снывонд кодтой ӕмӕ донаргъуыд райстой (Ап. хъ. 2:41). Уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ лӕуд уыдысты «Фӕндагыл» (Ап. хъ. 9:2; 19:23). Ӕмӕ сӕ афтӕ уымӕн зӕгъӕн уыдис, ӕмӕ сын царды сӕйрагдӕр уыди Йесо Чырыстийыл ӕууӕндын ӕмӕ йӕ къахвӕдтыл цӕуын (1 Пет. 2:21).

3. Фӕстаг дӕс азы цал адӕймаджы райстой донаргъуыд ӕмӕ цӕмӕн?

3 Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг ацы фӕстаг бонты тынг апарахат, ӕмӕ хорз хабар хъуыстгонд цӕуы 230 бӕстӕйӕ фылдӕры. Фӕстаг дӕс азы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын сфӕнд кодтой ӕмӕ йын сӕхи снывонд кодтой 2 700 000 адӕймагӕй фылдӕр – алы къуыри дӕр рӕстӕмбис нымадӕй 5 000 адӕймагӕй фылдӕр! Донаргъуыд райсын кӕй бафӕнды, уыдон фыццаджыдӕр Хуыцауы бауарзынц, Фыстадӕй зонындзинӕдтӕ райсынц ӕмӕ цы базонынц, ууыл баууӕндынц. Донаргъуыд у царды ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы адӕймаг свӕййы Йегъовӕйы ӕввахс хӕлар. Уымӕй ма равдисы, фидарӕй йӕ кӕй уырны, Хуыцау рагзаманты йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ уымӕн дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн (Ис. 30:21).

Донаргъуыд райсын цӕмӕн хъӕуы?

4, 5. Донаргъуыд куы райсай, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ?

4 Кӕд Хуыцауы базыдтай, дӕ царды ивындзинӕдтӕ скодтай ӕмӕ ныр ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг дӕ, уӕд раппӕлинаг дӕ. Фӕлӕ Хуыцауӕн дӕхи снывонд кодтай ӕмӕ дӕ донаргъуыд райсын фӕнды? Библи ахуыр кӕнгӕйӕ, ӕвӕццӕгӕн, базыдтай, дӕ царды ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕй хъуамӕ уа Йегъовӕйы кадджын кӕнын, ӕрмӕст дӕхи тыххӕй цӕрын кӕнӕ мулк ӕмбырд кӕнын нӕ, фӕлӕ. (Бакӕс Псалом 148:11–13; Лук. 12:15.) Донаргъуыд чи райсы, уыдон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййынц?

5 Хуыцауӕн дӕхи куы снывонд кӕнай, уӕд царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл слӕудзынӕ. Хуыцауы фӕндон куы ’ххӕст кӕнай, уӕд уыдзынӕ амондджын (Ром. 12:1, 2). Йегъовӕйы сыгъдӕг уд дын ӕххуыс кӕндзӕн чырыстон миниуджытӕ, зӕгъӕм, фарн ӕмӕ уырнындзинад, дӕ удыхъӕды фидар кӕнынӕн (Гал. 5:22, 23). Хуыцау дын дӕ куывдтытӕ хъусдзӕн ӕмӕ дын арфӕ кӕндзӕн, йӕ Ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрыныл ын куы архайай, уӕд. Дӕ лӕггад дын циндзинад хӕсдзӕн ӕмӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый куы аразай, уӕд ӕнусон цардыл тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ. Уымӕй уӕлдай ма, Хуыцауӕн дӕхи куы снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд равдисдзынӕ, ӕцӕгдӕр дӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уай (Ис. 43:10–12).

6. Донаргъуыд куы райсӕм, уӕд уымӕй цы равдисӕм?

6 Хуыцауӕн нӕхи кӕй снывонд кӕнӕм ӕмӕ донаргъуыд кӕй райсӕм, уымӕй равдисӕм, Йегъовӕйы кӕй стӕм. Апостол Павел ныффыста: «Уӕвгӕ, махӕй ӕрмӕст йӕхицӕн ничи цӕры, ӕмӕ нӕ ӕрмӕст йӕхи тыххӕй дӕр ничи мӕлы. Цӕргӕ кӕнӕм,– цӕрӕм Йегъовӕйӕн, мӕлгӕ кӕнӕм,– мӕлӕм Йегъовӕйӕн. Гъемӕ уӕдӕ цӕргӕ кӕнӕм ӕви мӕлгӕ кӕнӕм, уӕддӕр Йегъовӕйы стӕм» (Ром. 14:7, 8). Хуыцау нын радта сӕрибардзинад ӕмӕ уымӕй равдыста, кӕй нын аргъ кӕны. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй йын нӕ цард куы снывонд кӕнӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ барухс кӕнӕм (Ӕмб. 27:11). Донаргъуыдӕй равдисӕм, Йегъовӕйӕн нӕхи кӕй снывонд кодтам, нӕ Хицауыл ӕй кӕй банымадтам ӕмӕ дзырддаг фарстайы йӕ фарс кӕй слӕууыдыстӕм (Ап. хъ. 5:29, 32). Йегъовӕ дӕр у мах фарс. (Бакӕс Псалом 118:6.) Донаргъуыд куы райсӕм, уӕд ма бирӕ ӕндӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййӕм, ӕмӕ нӕм фидӕны та ноджы фылдӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы.

Арфӕгонд ӕрцӕуынц – фӕзыны сын бирӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ

7–9. а) Йӕ фӕллой чи ныууагъта ӕмӕ Йесойы фӕдыл чи ацыд, уыдонӕн Йесо зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? ӕ) Марчы 10:29, 30 Йесо цы ныхӕстӕ загъта, уыдон куыд ӕххӕст кӕнынц?

7 Апостол Петр Йесойӕн загъта: «Мах ӕппӕт дӕр нӕ ныууагътам ӕмӕ дӕ фӕдыл нӕ рацыдыстӕм? Цы нын уыдзӕн хорзӕй?» (Матф. 19:27). Петры фӕндыд базонын, йӕхимӕ дӕр ӕмӕ Йесойы иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕм дӕр цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Уыдон сӕхи ӕгасӕй дӕр радтой хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддагӕн, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй бирӕ цӕмӕйдӕрты бахъуыд сӕхи фӕцух кӕнын (Матф. 4:18–22). Йесо сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

8 Марчы Евангелийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Йесо бамбарын кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕгас зӕххыл дӕр кӕй уыдзӕн бирӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ. Уый загъта: «Мӕн тыххӕй ӕмӕ хорз хабары тыххӕй йӕ хӕдзар, кӕнӕ йе ’фсымӕрты, кӕнӕ йӕ хоты, кӕнӕ йӕ мады, кӕнӕ йӕ фыды, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты, кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууагъта, уыдонӕй иу дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ, кӕд ӕфхӕрд ӕййафдзӕн, уӕддӕр абон сӕдӕ хатты фылдӕр чи не ссара хӕдзӕрттӕ, ӕфсымӕртӕ, хотӕ, мадӕлтӕ, сывӕллӕттӕ ӕмӕ зӕххытӕ, ӕмӕ фидӕны та – ӕнусон цард» (Марчы 10:29, 30). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ-иу, зӕгъӕм, Лидийӕ, Акилӕ, Прискиллӕ ӕмӕ Гай, се ’муырнджыты суазӕг кодтой ӕмӕ-иу сын систы се ’фсымӕртӕ, сӕ хотӕ ӕмӕ сӕ мадӕлтӕ, Йесо куыд дзырдта, раст афтӕ (Ап. хъ. 16:14, 15; 18:2–4; 3 Иоан. 1, 5–8).

9 Йесойы ныхӕстӕ абон ноджы тынгдӕр ӕххӕст кӕнынц. Йӕ фӕдылдзӕуыджытӕ цы «зӕххытӕ» ныууадзынц, уыдонмӕ хауы, миссионертӕ, Вефилы лӕггадгӕнджытӕ, арӕзтадон куыстыты чи архайы, уыдон ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр чырыстӕттӕ ӕнӕзивӕгӕй цы фӕллой ныууадзынц, уый. Фӕнды сӕ, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ алы бӕстӕты размӕ цӕуой. Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй бирӕтӕ сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕныны тыххӕй сӕ хӕдзӕрттӕ дӕр ныууагътой. Йегъовӕ сыл куыд фӕтыхсы ӕмӕ сын сӕ лӕггад цы стыр циндзинад фӕхӕссы, уый тыххӕй куы фӕхъусӕм, уӕд нын вӕййы тынг ӕхсызгон (Ап. хъ. 20:35). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ «фыццаджыдӕр... Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад» кӕй агурынц, уый тыххӕй иууылдӕр арфӕгонд сты – ӕгас зӕххыл дӕр сын ис бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ (Матф. 6:33).

«Ӕмбӕхсӕн бынат»

10, 11. Цы у «Иунӕг Стыр Хуыцауы ӕмбӕхсӕн бынат» ӕмӕ йӕм нӕ бон куыд у бацӕуын?

10 Адӕймаг йӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕны ӕмӕ донаргъуыд куы райсы, уӕд ма схайджын вӕййы ӕндӕр арфӕдзинадӕй дӕр – «Иунӕг Стыр Хуыцауы ӕмбӕхсӕн бынатмӕ» бацӕуы. (Бакӕс Псалом 91:1.) Уый у, уырнындзинадӕн ӕдас кӕм у ӕмӕ йын зиан кӕм ницы ӕрхӕсдзӕн, ахӕм бынат. «Ӕмбӕхсӕн бынат» уымӕн хуыйны, ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм Хуыцауы цӕстӕй чи нӕ кӕсы ӕмӕ йыл чи не ’ууӕнды, уыдон ӕй нӕ зонынц. Йегъовӕйӕн цы нывонддзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ кӕй цӕрӕм ӕмӕ йыл нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр кӕй дарӕм, уымӕй йын раст цыма афтӕ дзурӕм: «Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн ӕмӕ мӕ фидар мӕсыг, ды дӕ мӕ Хуыцау, дӕуыл дардзынӕн мӕ зӕрдӕ» (Пс. 91:2). Йегъовӕ Хуыцау у нӕ фидар мӕсыг (Пс. 91:9). Уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ уа?

11 «Ӕмбӕхсӕн бынатмӕ» кӕй бацыдыстӕм, уый фӕрцы ма нӕм ӕрхауд стыр кад – Йегъовӕйы ӕввахс хӕлӕрттӕ систӕм. Мах Йегъовӕмӕ баввахс вӕййӕм, нывонддзырд ын куы раттӕм ӕмӕ донаргъуыд куы райсӕм, уӕд. Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй куы фӕкувӕм ӕмӕ йӕ коммӕ алы хатт дӕр куы фӕкӕсӕм, уӕд ӕм ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм (Иак. 4:8). Йегъовӕмӕ Йесо куыд ӕнгом уыди, афтӕ никуы ничи. Уый йе Сфӕлдисӕгыл йӕ ныфс алкӕддӕр дардта (Иоан. 8:29). Уӕдӕ макуы дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у ӕмӕ йӕ фӕндгӕ дӕр кӕй кӕны, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна нӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрынӕн (Еккл. 5:4). Хуыцау йӕ адӕмӕн кӕй арфӕ кӕны, уымӕй бӕрӕг у, ӕцӕгдӕр нӕ кӕй уарзы ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йын ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕнӕм.

Хуыцауимӕ ӕмӕ не ’мчырыстӕттимӕ ӕнгом кӕй стӕм, уымӕн аргъ кӕнӕм

12, 13. а) Хуыцауӕн йӕхи чи снывонд кӕны ӕмӕ донаргъуыд чи райсы, ахӕм адӕймагӕн цавӕр фадат фӕзыны? ӕ) Нӕ бон куыд у ногтӕн ӕххуыс кӕнын?

12 Хуыцауӕн нӕхи кӕй снывонд кӕнӕм ӕмӕ донаргъуыд кӕй райсӕм, уый фӕрцы ма нын фадат фӕзыны «дзӕнӕты» цӕрынӕн, ома нӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ не ’мчырыстӕттимӕ хӕларӕй фӕцӕрӕм (Пс. 29:11; Ис. 54:13). Уыцы диссаджы «дзӕнӕт» ацы дунейы ницӕимӕ ис абарӕн. Уый уӕлдай тынгдӕр бӕрӕг вӕййы ӕппӕтдунеон конгрессты. Уым не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ алыхуызон адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй иумӕ ӕрӕмбырд вӕййынц, ӕмӕ се ’хсӕн вӕййы фарн, иудзинад ӕмӕ уарзондзинад.

13 Мах цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый тынг хицӕн кӕны, ацы дуне цы уӕззау уавӕры ис, уымӕй. (Бакӕс Исай 65:13, 14.) Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнгӕйӕ иннӕты хонӕм, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ суой. Ӕрӕджы ӕмбырдтӕм цӕуын чи райдыдта, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сӕ хъусын кӕнынмӕ цӕттӕ кӕнын дӕр у стыр арфӕдзинад. Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ Аполлосӕн «Хуыцауы фӕндаг» бӕлвырддӕр куыд бамбарын кодтой, афтӕ махӕн дӕр нӕ бон у ногтӕн ӕххуыс кӕнын, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын куыд амонынц, уымӕ гӕсгӕ (Ап. хъ. 18:24–26).

Йесо нын у фӕзминаг

14, 15. Йесо нын фӕзминаг цӕмӕн у?

14 Махӕн Йесо Чырысти у фӕзминаг. Уӕлӕрвты уый йӕ Фыдимӕ бирӕ мин азты дӕргъы ӕмгуыст кодта (Ӕмб. 8:22, 30). Йесо зыдта, царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг кӕй у Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ рӕстдзинады тыххӕй хъусын кӕнын (Иоан. 18:37). Уый ӕмбӕрста, ӕндӕр фӕндаг куы равзӕрстаид, уӕд уый зондыл дзурӕг кӕй нӕ уыдаид, стӕй афтӕмӕй кӕй суыдаид хиуарзон. Зыдта йӕ, фӕлвӕрд кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ кӕй амардзысты (Матф. 20:18, 19; Дзут. 4:15). Йесо Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг.

15 Йесо донаргъуыд куы райста, уый хӕдфӕстӕ йӕ Сайтан фӕлвӕрдта, цӕмӕй царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг ныууагътаид. Фӕлӕ Йесо уыцы фӕлварӕнты фидар фӕлӕууыд (Матф. 4:1–11). Уый махӕн ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нын Сайтан цыфӕнды ма бавзарын кӕна, уӕддӕр нӕ бон кӕй у Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын. Хӕйрӕг йӕ ныхтӕ ныссадзы, донаргъуыд райсын чи фӕнд кӕны, стӕй ӕрӕджы донаргъуыд чи райста, уыдоны дӕр (1 Пет. 5:8). Хатт нӕ бинонтӕ дӕр нӕ ныхмӕ свӕййынц, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хорз нӕ фӕзонынц ӕмӕ нын фӕтӕрсынц, исты ныл куы ’рцӕуа, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нын ахӕм уавӕрты фадат вӕййы, иннӕтӕн кӕй аргъ кӕнӕм ӕмӕ уӕздан кӕй стӕм, уый равдисынӕн, сӕ фарстатӕн сын дзуапп куы фӕдӕттӕм ӕмӕ сын Хуыцауы тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд (1 Пет. 3:15). Чи нӕм хъусы, уыдоныл уый гӕнӕн ис, ӕмӕ хорзырдӕм бандава (1 Тим. 4:16).

Царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл цӕуӕм!

16, 17. а) Дыккаг закъоны 30:19, 20 цавӕр ӕртӕ сӕйраг уагӕвӕрды ис? ӕ) Йесо, Иоанн ӕмӕ Павел Моисейы ныхӕстӕ куыд сбӕлвырд кодтой?

16 Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уымӕй иу-мин ӕмӕ ’рдӕг азы размӕ Моисей израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг равзӕрстаиккой: «Арв ӕмӕ мын зӕхх ӕвдисӕн: абон уӕ разы ис цард ӕмӕ мӕлӕт, арфӕдзинад ӕмӕ ӕлгъыст. Равзарут цард, цӕмӕй цӕрат уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕ дӕр. Уарзут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы, хъусут ӕм ӕмӕ йыл ӕнувыд ут» (Дык. з 30:19, 20). Израилӕгтӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй нӕ баззадысты, фӕлӕ Моисейы ныхӕсты цы ӕртӕ сӕйраг уагӕвӕрды уыди, уыдон нӕ аивтой. Уыцы уагӕвӕрдтыл дзырдтой Йесо ӕмӕ иннӕтӕ дӕр.

17 Фыццаг, мах хъуамӕ уарзӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйы. Кӕй йӕ уарзӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ йын куы цӕрӕм, уӕд (Матф. 22:37). Дыккаг, хъуамӕ Йегъовӕмӕ хъусӕм – Библи ахуыр кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм (1 Иоан. 5:3). Уый тыххӕй та хъӕуы ӕмбырдтӕм цӕуын, уымӕн ӕмӕ нын уым фембарын кӕнынц Библи (Дзут. 10:23–25). Ӕртыккаг, хъуамӕ Йегъовӕйыл ӕнувыд уӕм. Цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр Хуыцауыл алкӕддӕр ӕууӕндӕм ӕмӕ йӕ Фырты фӕдыл цӕуӕм (2 Кор. 4:16–18).

18. а) 1914 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы рӕстдзинады тыххӕй цы фыст уыди? ӕ) Рӕстдзинад кӕй базыдтам, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

18 Ӕвӕдза, адӕймаг Библимӕ гӕсгӕ куы фӕцӕры, уӕд уый цӕй стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕссы! Ацы хъуыды фыст уыди 1914 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы: «Амондджын ӕмӕ арфӕгонд адӕм не стӕм? Нӕ Хуыцау ныл иузӕрдион нӕу? Кӕд исчи хуыздӕр фӕндаг зоны, уӕд ыл слӕууӕд. Кӕд исчи искуы хуыздӕр цыдӕр ссара, уӕд нӕ ныфс ис, кӕй йӕ нӕ басусӕг кӕндзӕн. Мах Хуыцауы Ныхасы цы ссардтам, уымӕй гыццылдӕр хуыздӕр цы уа, ахӕмӕй ницы зонӕм. Ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй цы бӕлвырд зонындзинӕдтӕ райстам, уыдон нын нӕ зӕрдӕты байтыдтой фарн ӕмӕ циндзинад ӕмӕ нын бирӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕрхастой. Уыцы арфӕдзинӕдтӕ ницӕимӕ ис абӕрӕн. Хуыцауы зонд, рӕстдзинад, хъару ӕмӕ уарзондзинады тыххӕй Библийӕ цы базыдтам, уый фӕрцы удӕнцой ссардтам. Адӕймаджы ма ӕндӕр цы хъӕуы! Ӕрмӕстдӕр ма нӕ фӕнды Хуыцауы хуыздӕр базонын». (1914 азы 15 декабрь «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 377, 378 фӕрстӕ, англ.) Абон мах дӕр Хуыцауӕй бузныг стӕм, рӕстдзинад кӕй базыдтам, уый тыххӕй. «Йегъовӕйы рухсы» кӕй цӕуӕм, уый нын стыр циндзинад хӕссы (Ис. 2:5; Пс. 43:3; Ӕмб. 4:18).

19. Донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ чи у, уый фӕстӕ кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?

19 Кӕд дӕ «Йегъовӕйы рухсы» цӕуын фӕнды, фӕлӕ йын нырма дӕхи нӕ снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд нӕ райстай, уӕд фӕстӕ ма кӕн. Библийы донаргъуыды тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ архай. Ӕрмӕстдӕр донаргъуыдӕй ис равдисӕн, Хуыцау ӕмӕ Чырысти мах тыххӕй цы сарӕзтой, уый тыххӕй сӕ бузныг кӕй стӕм. Ӕппӕты зынаргъдӕрӕй дӕм цы ис, уый – дӕ цард – Йегъовӕйӕн ратт. Чырыстийы фӕдыл цу, ӕмӕ афтӕмӕй равдисдзынӕ, Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын дӕ кӕй фӕнды (2 Кор. 5:14, 15). Уый у царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг!

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Адӕймаг донаргъуыд куы райсы, уӕд уымӕй цы равдисы?

• Хуыцауӕн нӕхи куы снывонд кӕнӕм ӕмӕ донаргъуыд куы райсӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййӕм?

• Йесо нын фӕзминаг цӕмӕн у?

• Цы нын баххуыс кӕндзӕн царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл цӕуынӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 25 фарсыл]

Донаргъуыд райсгӕйӕ ды слӕууыдтӕ царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Ды дӕр «ӕмбӕхсӕн бынаты» дӕ?