Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕрыгӕттӕн се Сфӕлдисӕджы сӕ зӕрдыл дарынӕн чи ӕххуыс кӕны, ахӕм чиныг

Ӕрыгӕттӕн се Сфӕлдисӕджы сӕ зӕрдыл дарынӕн чи ӕххуыс кӕны, ахӕм чиныг

Ӕрыгӕттӕн се Сфӕлдисӕджы сӕ зӕрдыл дарынӕн чи ӕххуыс кӕны, ахӕм чиныг

«ДӔ ЗӔРДЫЛ дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы де ’взонджы бонты»,– загъта зондджын паддзах Соломон иу-3 000 азы размӕ (Еккл. 12:1). Абон ӕрыгӕттӕн ис, уыцы хъуыддаджы сын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм чиныг, хуыйны «Вопросы молодежи. Практические советы», 2 том. Ацы чиныг райстам, 2008 азы майӕ 2009 азы январы онг ӕнӕхъӕн дунейы цы облӕстон конгресстӕ уыди, уым. Конгресс хуынди «Хуыцауы сыгъдӕг уд нын амоны фӕндаг».

Чыныджы цъары мидӕггаг фарсы ис Разамонӕг советы писмо ӕрыгӕттӕм. Ис дзы ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕппӕт зӕрдӕйӕ кувӕм, цӕмӕй дын ацы чиныг баххуыс кӕна, ӕрыгӕттӕ алы бон дӕр цы фӕлварӕнтыл ӕмбӕлынц, уыдоны фидар фӕлӕууынӕн ӕмӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссынӕн».

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныййарджыты фӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕной, «Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразой» (Еф. 6:4). Фӕлӕ сывӕллӕттӕн сӕ фылдӕр рӕзгӕ кары вӕййынц ӕнӕныфсхаст ӕмӕ сӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сын сӕ ныййарджытӕ зонд амоной. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ сывӕллӕттӕ уыцы кары сты, уӕд сын куыд ис ацы чиныджы фӕрцы баххуыс кӕнӕн? Дӕлдӕр ис цалдӕр уынаффӕйы.

Дӕхимӕ дӕр ацы чиныг уӕд ӕмӕ йӕ лӕмбынӕг бакӕс. Фӕлӕ йӕ ӕрмӕст бакӕсын фаг нӕу. Куыд арӕзт у, уымӕ дӕ хъус ӕрдар. Чиныг ӕнӕуи нӕ дзуры, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый, фӕлӕ адӕймаджы ахуыр кӕны, «раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын» (Дзут. 5:14). Стӕй ма амоны, раст цы у, ууыл фидар хӕцын куыд хъӕуы, уый дӕр. Зӕгъӕм, 15 сӕр («Как не попасть под дурное влияние?») ӕрыгӕттӕн ӕрмӕст «нӕ» зӕгъын нӕ амоны. Ис ма дзы, «кӕмӕн цавӕр дзуапп раттын хъӕуы, уый» фӕдыл уынаффӕтӕ ӕмӕ Библийӕ иуӕй-иу цӕвиттонтӕ (Кол. 4:6).

Чиныджы цы рамкӕтӕ ӕмӕ схемӕтӕ ис, уыдонӕй пайда кӕн. Кӕд ӕрыгӕтты тыххӕй арӕзт сты, уӕддӕр дӕ бон у дӕхи чиныджы дӕ хъуыдытӕ ныффыссын *. 16 фарсыл ис, искӕимӕ ӕмбӕлын кӕд ис, уый фӕдыл фарстатӕ. Куы сыл ныхас кӕнат, уӕд ӕрхъуыды кӕн, дӕ сывӕллоны кары куы уыдтӕ, уӕд уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кастӕ, уый. Чи зоны дӕ бафӕнда фарстаты фарсмӕ ныффыссын, уыцы кары цавӕр дзуапп радтаис, уый. Стӕй-иу ахъуыды кӕн: «Ацы хъуыддагмӕ бирӕ азты фӕстӕ цы цӕстӕй кӕсын райдыдтон? Уӕдӕй фӕстӕмӕ цӕуыл сахуыр дӕн ӕмӕ мӕ сывӕллонӕн мӕ бон зонд бацамонын куыд у?»

Дӕ сывӕллонӕн аргъ кӕн ӕмӕ йын йӕ чиныгмӕ ӕнӕфӕрсгӕйӕ ма кӕс. Схемӕтӕ афтӕ арӕзт сты, цӕмӕй сывӕллон йӕ хъуыдытӕ ӕргом дзура кӕнӕ сӕ фысса. Дӕ нысан хъуамӕ уа йӕ чиныгмӕ кӕсын нӕ, фӕлӕ йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый базонын. 3 фарсыл ныййарджытӕн ис ахӕм уынаффӕ: «Цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ сӕхи чиныджы сӕ хъуыдытӕ сӕрибарӕй фыссой, уый тыххӕй-иу сын сӕ фыстытӕм ӕнӕфӕрсгӕйӕ ма кӕсут. Чи зоны сӕ фӕстӕдӕр бафӕнда радзурын, цы ныффыстой, уый».

Стыр ӕххуыс бинонты ахуырӕн

Бинонты ахуыры рӕстӕджы уӕ бон у пайда кӕнын чиныг «Вопросы молодежи»-йӕ, 2 том. Чиныджы абзацтӕм фарстатӕ кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ дзы куыд пайда кӕнын хъӕуы? Хорз уаид бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнын, уӕ сывӕллӕттӕн пайдадӕр куыд уа, афтӕ.

Зӕгъӕм, иуӕй-иу бинонтӕн сӕ бон у цавӕрдӕр уавӕртыл ныхас кӕнын, рамкӕ «Мои действия в условиях прессинга» (132, 133 фф.) куы ӕвзарой, уӕд. Фыццаг фарстайы фӕрцы ӕрыгӕттӕн сӕ бон у сбӕлвырд кӕнын, ӕппӕты зындӕр сын цы вӕййы, уый. Дыккаг фарста сын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй базоной, ахӕм уавӕры кӕм ис бахауӕн, уый. Аныхас кӕнут, се ’мгӕрттӕ сын исты ӕвзӕр хъуыддаг куы аразын кӕной, уӕд цы ’рцӕудзӕн, куы сӕм байхъусой ӕмӕ сӕм куы нӕ байхъусой, уӕд. Дарддӕр чиныджы ис цалдӕр цӕвиттоны, сӕ бон цавӕр дзуапп раттын у, уымӕн. Зӕгъӕм, сӕ бон у, ӕмӕ се ’мгӕртты ныхӕстимӕ сразы уой, бамбарын кӕной, цӕуылнӕ разы кӕнынц, уый кӕнӕ сын аккаг дзуапп раттой. Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй дзырдарӕхст уой ӕмӕ ныфсджынӕй дзуапп дӕттын сахуыр уой (Пс. 119:46).

Стыр ӕххуыс ныхас кӕнынӕн

Чиныг «Вопросы молодежи», 2 том ӕрыгӕтты разӕнгард кӕны сӕ ныййарджытимӕ ныхас кӕнынмӕ. Зӕгъӕм, рамкӕтӕ «Как мне поговорить о сексе с папой и мамой?» (63, 64 фф.) ӕмӕ «Поговори с родителями!» (189 ф.) сты хорз ӕххуыс фӕсивӕдӕн, цӕмӕй сӕ ныййарджытимӕ сӕ бон бауа ӕфсӕрмыйаг фарстатыл аныхас кӕнын. Иу 13-аздзыд чызг ныффыста: «Ацы чиныг мын баххуыс кодта, цӕмӕй мӕ ныййарджытӕн радзырдтаин, цӕуыл хъуыды кодтон, уый тыххӕй ӕмӕ ма суанг цы сарӕзтон, уый тыххӕй дӕр».

Ацы чиныг ма ӕххуыс кӕны ӕндӕр хуызы дӕр. Алы сӕры кӕрон дӕр ис рамкӕ «Как по-твоему?». Уый ӕрмӕг ӕрмӕст зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынӕн нӕу, фӕлӕ ма бинонтимӕ ныхас кӕнынӕн дӕр. Уымӕй уӕлдай ма алы сӕры дӕр ис рамкӕ «План действий!». Уым ӕрыгӕттӕн сӕ бон у ныффыссын, цы базыдтой, уымӕй сӕ бон спайда кӕнын куыд у, уый. Рамкӕйы кӕрон ис ахӕм ныхӕстӕ: «Вопросы, которые я хочу задать родителям». Ӕрыгӕттӕн уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ ныййарджытӕй уынаффӕ агурой.

Сӕ зӕрдӕмӕ сын фӕндаг ссарут!

Ныййарджытӕ, архайут уӕ сывӕллоны зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарыныл. Чиныг «Вопросы молодежи», 2 том уын уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕндзӕн. Ӕркӕсӕм, иу фыд ацы чиныгӕй куыд пайда кодта, цӕмӕй йын йӕ чызг йӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ уӕндонӕй ӕргом кодтаид.

«Мӕ чызг Ребеккӕимӕ нын ис, улӕфын кӕм уарзӕм, ахӕм цалдӕр бынаты. Уырдӕм фӕцӕуӕм къахӕй, велосипедтыл кӕнӕ та машинӕйыл. Афтӕмӕй йын ӕнцондӕр вӕййы мемӕ сӕрибарӕй ныхас кӕнын.

Ацы чиныгӕй фыццаг ӕркастыстӕм Разамонӕг советы писмо ӕмӕ ныййарджытӕм фыст писмомӕ. Фӕндыди мӕ, цӕмӕй, 3 фарсыл куыд фыст ис, афтӕмӕй мӕ чызг йӕ хъуыдытӕ сӕрибарӕй фыстаид ӕмӕ ма тарстаид, исчи йӕ чиныгмӕ кӕй кӕсдзӕн, уымӕй. Ӕз ын дзырд радтон, йӕ фыстытӕм ын кӕй нӕ кӕсдзынӕн.

Ӕз ын бар радтон, цӕмӕй йӕхӕдӕг равзӕрстаид, кӕцы сӕртыл ӕй аныхас кӕнын фӕнды, уый. Фыццаг равзӕрста сӕр „Стоит ли мне играть в электронные игры?“. Мӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыди, ахӕм темӕ кӕй равзардзӕн! Фӕлӕ йӕ дзӕгъӕлы нӕ равзӕрста. Йе ’мбӕлттӕй чидӕртӕ хъазыдысты, алыхуызон фыдмитӕ кӕм уыди, ахӕм хъӕзтытӕй. Ӕз ыл хъуыды дӕр никуы акодтаин, ӕмӕ дзы уыйбӕрц тыхми ӕмӕ ӕвӕзр ныхӕстӕ ис! Фӕлӕ рамкӕйыл „План действий!“ (251 ф.) куы ныхас кодтам, уӕд мын сӕ иууылдӕр радзырдта. Уыцы рамкӕйы фӕрцы Ребеккӕ бацӕттӕ кодта, исчи йӕ ахӕм хъӕзтытӕй куы хъазын кӕна, уӕд ын цавӕр дзуапп ратдзӕн, уый.

Ребеккӕ йӕ чиныджы цы фыссы, уый мӕ нӕ сусӕг кӕны. Нӕ ахуыры рӕстӕджы нӕ хъуыдытӕ кӕрӕдзийӕн сӕрибарӕй фӕдзурӕм. Радыгай йӕ куы бакӕсӕм, уӕд ӕй фӕфӕнды алцӕуылдӕр аныхас кӕнын, уыимӕ нывтыл ӕмӕ рамкӕтыл дӕр. Уый фӕрцы йын мӕ бон вӕййы радзурын, йӕ карӕн куы уыдтӕн, уӕд цы уарзтон, уый тыххӕй. Стӕй мын уый дӕр фӕзӕгъы, абон фӕсивӕды зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый. Фӕнды йӕ, цӕмӕй мын алцыдӕр дзура!»

Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, тынг бацин кодтай, ацы чиныг мыхуыры куы рацыди, уӕд. Ныр дзы дӕ бон у пайда кӕнын. Разамонӕг советы ныфс ис, чиныг «Вопросы молодежи. Практические советы», 2 том дӕ бинонтӕн стыр ӕххуыс кӕй фӕуыдзӕн. Уӕдӕ алкӕмӕндӕр, уӕлдайдӕр та ӕрыгӕттӕн, баххуыс кӕнӕд, цӕмӕй «сыгъдӕг уды коммӕ кӕсой» (Гал. 5:16).

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Иуӕй-иу схемӕтӕ хауынц алы кармӕ дӕр. Зӕгъӕм, рамкӕ «Сдерживай гнев» (221 ф.) пайда уыдзӕн дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ сывӕллонӕн дӕр. Афтӕ ма рамкӕтӕ «Мои действия в условиях прессинга» (132, 133 фф.), «Бюджет на месяц» (163 ф.) ӕмӕ «Мои цели» (314 ф.).

[Рамкӕ 30 фарсыл]

Цы дзурынц ӕрыгӕттӕй иуӕй-иутӕ

«Ацы чиныг кӕсгӕйӕ дӕ бон у фыссын дӕр ӕмӕ хъуыды кӕнын дӕр. Ис ӕй абарӕн боныгимӕ – афтӕ арӕзт у, цӕмӕй адӕймаг лӕмбынӕг хъуыды кӕна ӕмӕ царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг равзара» (Николь).

«Иннӕтӕ мын ӕдзух фӕдзурынц, цӕмӕй искӕимӕ ӕмбӕлын райдайон, суанг мӕ хорз кӕй фӕнды, уыдон дӕр. Ацы чиныджы фыццаг хай куы бакастӕн, уӕд мӕхицӕн загътон: „Чифӕнды мын цыфӕнды ма дзура, уӕддӕр нырма уымӕ цӕттӕ нӕ дӕн“» (Катринӕ).

«Рамкӕ „Думаешь ли ты о крещении?“ мын баххуыс кодта донаргъуыдмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсынӕн, Библи ноджы хуыздӕр ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ зӕрдӕбындӕрӕй кувынӕн» (Эшли).

«Кӕд мӕ мӕ ныййарджытӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ ахуыр кодтой, уӕддӕр ацы чиныджы фӕрцы мӕхӕдӕг хъуыды кӕнын райдыдтон, царды цавӕр фӕндаг хъуамӕ равзарон, ууыл. Стӕй ма мын баххуыс кодта мӕ ныййарджытимӕ ӕргомдӕр ныхас кӕнынӕн» (Замирӕ).

[Ныв 31 фарсыл]

Ныййарджытӕ, ацы чиныг уӕхӕдӕг лӕмбынӕг бакӕсут

[Ныв 32 фарсыл]

Дӕ сывӕллоны зӕрдӕмӕ фӕндаг ссар