Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацы уӕззау рӕстӕджыты нӕ «зӕрдӕйы сыгъдӕгдзинад» хъахъхъӕнӕм

Ацы уӕззау рӕстӕджыты нӕ «зӕрдӕйы сыгъдӕгдзинад» хъахъхъӕнӕм

Ацы уӕззау рӕстӕджыты нӕ «зӕрдӕйы сыгъдӕгдзинад» хъахъхъӕнӕм

«ӔВӔЦЦӔГӔН, алчидӕр сразы уыдзӕн, католикон аргъуаны хӕрзӕгъдаудзинад кӕй нал ис». Ацы ныхӕстӕ фыст уыдысты иу италиаг газеты, загъта сӕ католикон журналист Витторио Мессори, Италийы аргъуанты сауджынтӕй чидӕртӕ ӕнӕгъдау митӕ кӕй кӕнынц, уый куы рахъӕр, уӕд. Газеты ма фыст уыд: «Сауджынтӕн ус курыны бар куы раттой, уӕддӕр хъуыддаг нӕ фӕхуыздӕр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ, ӕнӕгъдау митӕ чи кӕны, уыдонӕй 80 проценты сты гомосексуалисттӕ – нӕлгоймӕгтимӕ ӕмӕ гыццыл лӕппутимӕ ӕмуат чи ’рцӕуы, ахӕмтӕ» («La Stampa»).

Абон фыддзинад кӕй сарӕх, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мах цӕрӕм ацы цардӕвӕрдӕн йӕ «фӕстаг бонты» (2 Тим. 3:1–5). Алы бон дӕр цы хабӕрттӕ фехъусӕм, уыдонӕй бӕрӕг у, ӕнӕгъдаудзинад адӕмыл ӕвзӕрырдӕм кӕй бандавы, суанг ма йӕхи уырнӕг чи хоны, уыдоныл дӕр. Сӕ зӕрдӕ мӕнгард ӕмӕ хӕлд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ аразынц (Еф. 2:2). Йесо дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «зӕрдӕйӕ цӕуынц фыдвӕндтӕ, марын, цардӕмбалыл гадзрахатӕй цӕуын, хӕтын, давын, мӕнгӕвдисӕн, фауӕн ныхӕстӕ» (Матф. 15:19). Фӕлӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ «зӕрдӕйы сыгъдӕгдзинад» уарзой (Ӕмб. 22:11). Уӕдӕ чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у ацы уӕззау рӕстӕджыты зӕрдӕйы сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕнын?

Цы нысан кӕны «зӕрдӕйы сыгъдӕгдзинад»?

Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй Библийы дзырд «зӕрдӕ» арӕх фӕамоны «адӕймагӕн йӕ миддунемӕ», уый у, «Хуыцау йе ’ргом цӕмӕ здахы, уырнындзинад ӕмӕ ’гъдау кӕм сӕвзӕры, ахӕм цыдӕр». Зӕрдӕ ’вдисы, адӕймаг ӕцӕгдӕр цавӕр у, уый. Уыцы чиныгӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты зӕрдӕтӕ кӕй сгары ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕны, сӕ зӕрдӕты цы ис, уый тыххӕй (1 Пет. 3:4).

Библийы «сыгъдӕг»-ӕй цы дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый амоны ӕнӕуи сыгъдӕгдзинадмӕ. Фӕлӕ ма ацы дзырд Хуыцау ӕмӕ ’гъдауимӕ баст хъуыддӕгты фӕамоны ӕнаиппдзинадмӕ дӕр – чъизи кӕнӕ хӕлд цы нӕу, ахӕм цӕмӕдӕр. Йесо хохыл адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд загъта: «Амондджын сты сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ» (Матф. 5:8). Ахӕм адӕмӕн сӕ хъуыдытӕ, сӕ фӕндтӕ ӕмӕ сӕ бӕллицтӕ сты сыгъдӕг. Уыдон Йегъовӕйӕ сты бузныг ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ уарзынц ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй, стӕй сӕ уарзт у ӕнӕхин (Лук. 10:27). Дӕу дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы афтӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ уарзай?

Адӕймаг «сыгъдӕг зӕрдӕ» уа, уый алыхатт ӕнцон нӕ вӕййы

Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕгӕн хъуамӕ ӕрмӕст йӕ «къухтӕ» ма уой сыгъдӕг, фӕлӕ ма йӕ «зӕрдӕ» дӕр (Пс. 24:3, 4). Фӕлӕ абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕ «сыгъдӕгӕй» дарын бонӕй-бонмӕ зындӕр кӕны. Хӕйрӕг ӕмӕ ныл йӕ дуне, стӕй нӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕ тынг ӕндавынц ӕмӕ нӕ Йегъовӕйӕ дард кӕнынц. Цӕмӕй сӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй, сӕйраджыдӕр, хъуамӕ уарзӕм «зӕрдӕйы сыгъдӕгдзинад» ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнӕм. Уый нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауы хӕлӕрттӕ уӕм. Куыд у нӕ бон нӕ зӕрдӕ сыгъдӕгӕй дарын?

Дзуттӕгтӕм 3:12 ис ахӕм фӕдзӕхст: «Уӕдӕ уӕхи хъахъхъӕнут, ме ’фсымӕртӕ, цӕмӕй уӕ удӕгас Хуыцауӕй мачи адард уа ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ма суа хӕлд ӕмӕ, уырнындзинад кӕм нӕй, ахӕм». Нӕ зӕрдӕйы уырнындзинад куы нӕ уа, уӕд ӕй нӕ бон нӕ уыдзӕн «сыгъдӕгӕй» дарын. Цавӕр мӕнг ахуырӕдтӕ парахат кӕны Сайтан Хӕйрӕг, цӕмӕй адӕм Хуыцауыл ма ӕууӕндой? Зӕгъӕм, эволюцийы теори, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый бӕлвырд кӕй ничи зоны, стӕй Библи Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй не ’рцыд. Ахӕм хъуыдытӕ хӕссынц зиан, ӕмӕ сӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм (Кол. 2:8). Уымӕн нын баххуыс кӕндзӕн, алы бон дӕр Библи куы кӕсӕм ӕмӕ йыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уый. Хуыцауы Ныхас хорз куы зонӕм, уӕд Йегъовӕйы тынгдӕр уарздзыстӕм ӕмӕ, адӕммӕ цы зӕрдӕ дары, уый хуыздӕр ӕмбардзыстӕм. Уый тынг ахсджиаг у, цӕмӕй мӕнг ахуырӕдтӕй нӕхи хъахъхъӕнӕм, Йегъовӕйыл фидар ӕууӕндӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ сыгъдӕгӕй дарӕм (1 Тим. 1:3–5).

Нӕ тӕригъӕдджын монцтӕ ныл куы тых кӕной

Нӕ «зӕрдӕйы сыгъдӕгдзинад» хъахъхъӕнын нӕ куы фӕнда, уӕд ма нӕ, гӕнӕн ис, нӕ тӕригъӕдджын буары ӕмӕ нӕ цӕстыты монцтӕ дӕр хъыгдарой (1 Иоан. 2:15, 16). Чырыстон адӕймаг ӕхца куы уарза ӕмӕ мулк ӕмбырд кӕнынмӕ куы бӕлла, уӕд ӕй йӕ зӕрдӕ ӕвзӕр фӕндагыл акӕндзӕн ӕмӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтыл бафтдзӕн. Иуӕй-иутӕ сӕ куысты хицӕутты ӕмӕ иннӕты сайын райдыдтой, суанг ма кӕмӕйдӕрты ӕхца кӕнӕ ӕндӕр дзаумӕттӕ дӕр райдыдтой давын (1 Тим. 6:9, 10).

Йегъовӕйы зӕрдӕхудты бацӕуынӕй куы тӕрсӕм, рӕстдзинад куы уарзӕм ӕмӕ нӕ цӕсгом сыгъдӕгӕй куы хъахъхъӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй нӕ фӕнды цӕмӕй сыгъдӕгзӕрдӕ уӕм. Уый нӕ разӕнгард кӕндзӕн алы хъуыддаджы дӕр «ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайынмӕ» (Дзут. 13:18). Рӕстӕй куы архайӕм ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт куы уӕм, уӕд уый ӕркӕндзӕн хорз хъуыддӕгтӕм. Ӕфсымӕр Эмилио цӕры Италийы. Уый кусы автобусы шофырӕй. Иухатт автобусы ссардта 680 доллары. Йӕ хицаумӕ сӕ бахаста ӕмӕ сӕ уый та, кӕй уыдысты, уымӕ фӕхӕццӕ кодта. Йе ’мкусджытӕ ууыл тынг бадис кодтой ӕмӕ дзы цалдӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Фӕстӕдӕр дыууӕ бинонтӕй авд адӕймаджы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ систы. Ӕцӕгдӕр, ӕнӕзӕрдӕхудт куы уӕм, уӕд иннӕты дӕр бафӕнддзӕн Хуыцауы кадджын кӕнын (Тит. 2:10).

Адӕмӕн сӕ фылдӕр хӕрзӕгъдаудзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй кӕсынц, уый дӕр чырыстӕттыл ӕвзӕрырдӕм бандавы. Бирӕтӕм ӕвзӕр нӕ кӕсы бинонтӕ скӕныны размӕ искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуын, цардӕмбалыл гадзрахатӕй рацӕуын кӕнӕ нӕлгоймӕгтӕ нӕлгоймӕгтимӕ ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уый. Ахӕм зондахаст чырыстӕтты зӕрдӕйы сыгъдӕгдзинадыл дӕр фӕзыны. Адӕймаг ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл куы бафта, уӕд, гӕнӕн ис, йӕхи афтӕ дара, цыма Йегъовӕйӕн лӕггад кӕны ӕмӕ уыциу рӕстӕг тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ дӕр кӕна. Уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ сыгъдӕгӕй нӕ дары.

Габриел донаргъуыд райста, 15 азы йыл куы цыд, уӕд ӕмӕ ӕвӕстиатӕй пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕвзӕр адӕмимӕ слымӕн ӕмӕ ӕхсӕвыгон хиирхӕфсӕн клубтӕм цыди (Пс. 26:4). Афтӕмӕй ӕнӕгъдау цард кӕнын райдыдта, ӕмӕ йӕ ӕмбырдӕй ацух кодтой. Уый йын зондзонӕн фӕци, ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтыл арф хъуыды кӕнын райдыдта. Габриел дзуры: «Раздӕр ахсджиагыл цы нӕ нымадтон, уымӕ ӕндӕр цӕстӕй ракастӕн. Библи алы бон дӕр кастӕн ӕмӕ мын Йегъовӕ цы дзырдта, уый бамбарыныл архайдтон, стӕй нӕ литературӕ бӕстондӕр кастӕн. Ӕз бамбӕрстон, Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнын стыр циндзинад ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕ кӕй хӕссы. Стӕй ма бамбӕрстон, Библи кӕсын ӕмӕ Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй кувын адӕймагӕн йӕ уырнындзинад кӕй фидар кӕны, уый». Габриел йӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ ныууагъта ӕмӕ та фӕстӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар сси.

Абон Габриел ӕмӕ йӕ ус лӕггад кӕнынц пионертӕй. Габриелы хабарӕй бӕрӕг у, адӕймаг Библи ӕмӕ, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» цы литературӕ уадзы, уыдон куы ахуыр кӕна, уӕд уый фӕрцы йӕ зӕрдӕйы сыгъдӕгдзинад кӕй хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ йӕхи ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй кӕй хиздзӕн (Матф. 24:45; Пс. 143:10).

Фӕлварӕнты дӕр нӕ зӕрдӕ сыгъдӕгӕй дарӕм

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй кӕйдӕрты фефхӕрынц, кӕмӕндӕр цардамӕлттӕ кӕнын фӕзын вӕййы, чидӕр та уӕззау низӕй фӕрынчын вӕййы. Ахӕм зындзинӕдты хатт сӕ ныфс дӕр асӕтты. Паддзах Давид дӕр ахӕм уавӕры уыд, куы загъта: «Мӕ уд мӕ мидӕг батад, мӕ зӕрдӕ амард» (Пс. 143:4). Цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууыдаид? Рох дзы никуы уыд, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕм цы зӕрдӕ дардта, ӕмӕ йын йӕхи дӕр куыд фервӕзын кодта, уый. Стӕй хъуыды кодта, Йегъовӕ йӕ ном скадджын кӕныны тыххӕй цы сарӕзта, ууыл. Давиды фӕндыд Хуыцауы тыххӕй зонын (Пс. 143:5). Афтӕ мах дӕр куы хъуыды кӕнӕм, не Сфӕлдисӕг мах тыххӕй цы сарӕзта ӕмӕ цы сараздзӕн, ууыл, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн фӕлварӕнты рӕстӕг фидар фӕлӕууынӕн.

Исты тӕригъӕд куы саразӕм кӕнӕ нӕм афтӕ куы фӕкӕсы, ӕмӕ Хуыцауы раз цӕмӕйдӕр рӕдийӕм, уӕд, чи зоны, тынг фӕмӕт кӕнӕм. Ӕдзухдӕр ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд не ’фсымӕртӕм дӕр хорз цӕстӕй нал кӕсдзыстӕм. Гӕнӕн ис, нӕхимӕ ныхъхъусӕм, иннӕтӕй нӕхи дард ласын райдайӕм ӕмӕ ’рмӕстдӕр нӕхиуыл мӕт кӕнӕм. Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ нӕ нӕ «зӕрдӕйы сыгъдӕгдзинад» бахъахъхъӕнын фӕнды? Нӕ зӕрдӕ сыгъдӕг уыдзӕн, не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕм хорз зӕрдӕ куы дарӕм ӕмӕ семӕ хӕларӕй куы цӕрӕм, уӕд.

Мах, ӕцӕг чырыстӕттӕ, ацы чъизи дунейӕ нӕхи хизӕм, уымӕн ӕмӕ «зӕрдӕйы сыгъдӕгдзинад» уарзӕм. Хуыцауы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ зӕрдӕты ис фарн ӕмӕ нӕ цардӕй райгонд стӕм. Стыр циндзинад нын хӕссы, нӕ Хуыцау Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уый. Хуыцау уарзы, йӕ «зӕрдӕ сыгъдӕг» кӕмӕн у, уыдоны (Пс. 73:1). Йесо загъта, зӕгъгӕ, «амондджын сты сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фендзысты». Мах дӕр нӕ зӕрдӕ сыгъдӕгӕй куы дарӕм, уӕд уыцы адӕмы ’хсӕн уыдзыстӕм (Матф. 5:8).