Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы фӕстаг номыртӕ дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты? Уӕд-ма ӕркӕс, цымӕ ацы фарстытӕн дзуапп раттын дӕ бон бауаид.

• Мессийӕ цӕмӕн хъуамӕ амардаид?

Йесойы мӕлӕтӕй рабӕрӕг, ӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон кӕй у цыфӕнды карз фӕлварӕны дӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын. Стӕй ма Адамы байзӕддӕгты балхӕдта, сӕ туджы кӕй рахастой, уыцы тӕригъӕдӕй ӕмӕ сын афтӕмӕй ӕнустӕм цӕрыны фадат фӕзынд (15.12., 22, 23 фӕрстӕ).

• Адӕймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нозтӕй бӕрц зона?

Йегъовӕмӕ куы кува ӕмӕ Библи куы ахуры кӕна. Стӕй йӕхиуыл хӕцын куы ахуыр кӕна, йӕ бӕрц куы зона ӕмӕ йӕхицӕн хорз ӕмбӕлттӕ куы ’взара. Нуазын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ «фаг мын у» дзурын сахуыр уа (1.1., 7–9 фӕрстӕ).

• Сывӕллӕттимӕ ӕргом ныхас кӕнынмӕ цы хауы?

Уый ӕнӕуи ныхас кӕнын нӕу, фӕлӕ фарстатӕ дӕттын ӕмӕ сӕм лӕмбынӕг хъусын. Бирӕ бинонты хъуыдымӕ гӕсгӕ хӕрды афон хорз фадат у ныхас кӕнынӕн (15.1., 18, 19 фӕрстӕ).

• Кӕд бахъӕуы адӕймаджы ногӕй донаргъуыд райсын?

Адӕймаг донаргъуыды размӕ кӕд басусӕг кодта, ӕнӕгъдау цард кӕй кодта кӕнӕ ахӕм хъуыддаг кӕй сарӕзта, ӕмӕ донаргъуыд куы уыдаид, уӕд ӕй ӕмбырдӕй ацух кодтаиккой (15.2., 22 фарс).

• Йесойы фӕсномыг ныхасы мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй хорз мыггаг тауын цӕмӕ амоны?

Адӕймаджы фырт, Йесо, зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд ӕрцӕттӕ кодта хуымтӕ. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй фӕстӕмӕ та тауын райдыдта хорз мыггаг – «паддзахады фырттӕ». Уыцы рӕстӕг Хуыцау чырыстӕтты схайджын кодта йӕ сыгъдӕг удӕй ӕмӕ сӕ йӕ фырттӕ скодта (15.3., 20 фарс).

• «Мӕнӕу» Йегъовӕйы хордонмӕ ’фснайд куыд цӕуы? (Матф. 13:30)

Ацы хъуыддаг ӕххӕст кӕндзӕн ацы цардӕвӕрды кӕроны. «Мӕнӕу», Паддзахады сӕрст фырттӕ, Йегъовӕйы хордонмӕ ’фснайд ӕрцӕуынц, чырыстон ӕмбырды уӕнгтӕ куы свӕййынц кӕнӕ сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг куы райсынц, уӕд (15.3., 22 фарс).