Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй уай «сӕрӕгас ӕмӕ ӕнӕфыдбылыз»

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй уай «сӕрӕгас ӕмӕ ӕнӕфыдбылыз»

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй уай «сӕрӕгас ӕмӕ ӕнӕфыдбылыз»

СТЫР бӕллӕх куы райдайа, уӕд Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау «фервӕзын» кӕндзӕн, йӕ ныфс ыл чи дары, уыцы адӕмы (Иоил 2:32). Йегъовӕйы алкӕддӕр фӕндыд адӕмы фыдбылызӕй хъахъхъӕнын. «Царды суадон» уымӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ йын алы адӕймаджы цард дӕр у зынаргъ (Пс. 36:9).

Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕ дӕр цардмӕ ахӕм цӕстӕй кастысты. Райдианы 33:18 куыд фыст ис, афтӕмӕй Иаков йӕ бинонтимӕ тӕссаг балцы фӕстӕ «сӕрӕгасӕй ӕмӕ ӕнӕфыдбылызӕй» бахӕццӕ ис йӕ бынатмӕ. Иаков фидарӕй зыдта, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, фӕлӕ йӕхӕдӕг дӕр цыдӕртӕ арӕзта, цӕмӕй балцы рӕстӕг йӕ бинонты бахъахъхъӕдтаид (Райд. 32:7, 8; 33:14, 15). Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайай, уӕд дӕ бон уыдзӕн дӕхи цард дӕр ӕмӕ иннӕты цард дӕр бахъахъхъӕнын. Цӕй уӕдӕ ’ркӕсӕм, уыцы уагӕвӕрдтӕ куыд баххуыс кӕндзысты, Паддзахады залтӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕстыхӕйттӕ чи аразы, стӕй ӕрдзон бӕллӕхты фӕстӕ цалцӕггӕнӕн куыстытӕ чи фӕкӕны, уыдонӕн.

Моисейы закъон адӕймаджы куыд хъахъхъӕдта

Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ Хуыцауы адӕм хъуамӕ алцыдӕр афтӕ арӕзтаиккой, цӕмӕй сӕ аххосӕй макӕуыл мацы зиан ӕрцыдаид. Зӕгъӕм, израилаг-иу хӕдзар куы арӕзта, уӕд-иу хъуамӕ хӕдзарӕн йӕ сӕры алыварс сарӕзтаид ӕнцойгӕнӕн, ома ныллӕг къул. Адӕм-иу сӕ хӕдзары сӕрмӕ арӕх схызтысты ӕмӕ дзы ӕнцойгӕнӕнтӕ куы нӕ уыдаид, уӕд сын уырдыгӕй рахауынӕй тӕссаг уыдаид (1 Сам. 9:26; Матф. 24:17). Ӕмӕ-иу кӕд искуы ахӕм хабар ӕрцыд, уӕд-иу хӕдзары хицау Йегъовӕйы раз уыд аххосджын, закъоны цы фыст уыд, уый-иу кӕй нӕ сӕххӕст кодта, уый тыххӕй (Дык. з 22:8).

Закъоны ма фыст уыд, искӕй фос искӕмӕн исты зиан куы ракодтаид, уӕд цы аразын хъуыд, уый тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, гал искӕй йӕ сыкъатӕй куы ныццавтаид ӕмӕ уыцы адӕймаг куы амардаид, уӕд ӕй йӕ хицау хъуамӕ амардтаид, цӕмӕй иннӕ адӕмы бахъахъхъӕдтаид. Ахӕм галӕн йӕ дзидза нӕдӕр хӕрӕн уыд, нӕдӕр уӕйгӕнӕн ӕмӕ йӕ хицауӕн уый уыд стыр зиан. Фӕлӕ зӕгъӕм, гал кӕйдӕр ныццавта ӕмӕ йӕ хицау уымӕ йӕ хъус не ’рдардта, уӕд та куыд? Фӕстӕдӕр уыцы гал искӕй куы амардтаид, уӕд галы дӕр ӕмӕ йӕ хицауы дӕр закъонмӕ гӕсгӕ хъуыд амарын. Ахӕм закъон зонды хос уыд, йӕ фосмӕ йӕ хъус чи нӕ дардта, уыдонӕн (Рац. 21:28, 29).

Закъон ма амыдта, кусӕнгӕрзтӕй куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый дӕр. Израилӕгтӕ-иу суг фӕрӕтӕй кодтой. Суг чи кодта, уымӕн йӕ фӕрӕты ’фсӕйнаг куы фесхъиудтаид ӕмӕ йе ’мбалыл куы ауадаид ӕмӕ йӕ куы амардтаид, уӕд уыцы лӕг хъуамӕ алыгъдаид ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ. Уыцы горӕты хъуамӕ уыдаид хистӕр сауджыны мӕлӕты онг ӕмӕ-иу, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ азты йӕ хӕдзары нӕ уыд ӕмӕ-иу йӕ бинонты дӕр нӕ уыдта. Уыцы закъон адӕмӕн ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ цард Йегъовӕйы цӕсты зынаргъ у. Цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй чи каст, уыдон-иу сӕ кусӕнгӕрзтӕм хорз кастысты, цӕмӕй сӕ аххосӕй зиан макӕуыл ӕрцыдаид (Ным. 35:25; Дык. з 19:4–6).

Ахӕм закъӕтты фӕрцы Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕмбарын кодта, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй алцыдӕр афтӕ аразой, ӕмӕ сӕ хӕдзары – мидӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕддейӕ дӕр – ӕдасӕй цӕрӕн уа. Исчи-иу искӕй ӕнӕнхъӕлӕджы дӕр куы амардта кӕнӕ-иу искӕмӕн исты зиан куы ракодта, уӕд-иу Йегъовӕйы раз дзуапп лӕвӕрдта. Йегъовӕ ӕдасдзинады тыххӕй абон дӕр афтӕ хъуыды кӕны (Мал. 3:6). Фӕнды йӕ, цӕмӕй адӕм сӕхи дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр фыдбылызӕй хъахъхъӕной. Уый уӕлдай ахсджиаг у, Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы номыл алыхуызон бӕстыхӕйттӕ куы фӕаразӕм, уӕд.

Ӕдасдзинад арӕзтады рӕстӕджы

Мах стыр кадыл нымайӕм, нӕ бон кӕй у Паддзахады залтӕӕмӕ Конгрессты залтӕ, стӕй филиалты бӕстыхӕйттӕ аразын ӕмӕ сӕм зилын. Уый зӕгъӕн ис, ӕрдзон бӕллӕхты фӕстӕ цы цалцӕггӕнӕн куыстытӕ фӕкӕнӕм, уыдонӕй дӕр. Мах фӕнды, цӕмӕй алкӕддӕр арӕхстджынӕй кусӕм. Афтӕ куы нӕ уа, уӕд цыфӕнды гыццыл хъуыддаг аразгӕйӕ дӕр нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр исты зиан ракӕндзыстӕм (Еккл. 10:9). Уӕдӕ арӕхстгай кусыныл куы архайӕм, уӕд фыдбылызӕй хызт уыдзыстӕм.

Библийы фыст ис: «Лӕппуты фидауц – сӕ тых, зӕрӕдты фидауц – сӕ урс сӕр» (Ӕмб. 20:29). Ӕрыгӕттӕ стыр ӕххуыс сты уӕззау куыстыты. Фӕлтӕрд «урссӕр» кусджытӕ та дӕсны сты лыстӕг куыстытӕм ӕмӕ сӕ кусӕнгӕрзтӕй арӕхстджынӕй фӕпайда кӕнынц. Ӕрыгонӕй уыдон дӕр уӕззау куыстытӕ кодтой. Кӕд ӕрӕджы райдыдтай арӕзтадон куыстыты архайын, уӕд лӕмбынӕг кӕс фӕлтӕрдджын кусджытӕм ӕмӕ сын сӕ амындтӕм хъус. Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй хорз кусын сахуыр уай, уӕд дын уыцы ’фсымӕртӕ бирӕ цыдӕртӕ бацамондзысты, зӕгъӕм, куыд хъӕуы тӕссаг ӕрмӕджытӕй пайда кӕнын ӕмӕ уӕззӕуттыл хӕцын. Афтӕмӕй арӕхстджынӕй кусдзынӕ, ӕдас уыдзынӕ ӕмӕ дӕ куыстӕй дӕ зӕрдӕ райдзӕн.

Аразджытӕ куысты рӕстӕджы хъуамӕ уой лӕмбынӕг. Иуӕй-иу хатт уавӕр ӕвиппайды фӕивы. Раздӕр хъӕбӕр ран кӕм уыди, уым, гӕнӕн ис, дзыхъхъ фӕзына. Де ’мкусджытӕй исчи асин, фӕйнӕг кӕнӕ ахорӕнты ведра иуварс куы айса, уӕд лӕмбынӕг куы нӕ уай, уӕд дыл исты фыдбылыз дӕр ӕрцӕудзӕн. Ӕдасдзинады ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ кусӕгыл хъуамӕ уа сӕрмагонд кусӕн дзаумӕттӕ. Цӕстытӕ хъахъхъӕнӕн очкитӕ, каскӕ ӕмӕ кусӕн дзабыртӕ дӕ куысты рӕстӕджы бахъахъхъӕндзысты. Фӕлӕ дын уыцы дзаумӕттӕ ӕххуыс уыдзысты, раст сӕ куы дарай ӕмӕ сӕм хорз куы зилай, ӕрмӕстдӕр уӕд.

Бирӕ кусӕнгӕрзтӕ ӕнцон пайдагӕнӕн зынынц, фӕлӕ сӕ цӕмӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнын сахуыр уай, уый тыххӕй дын исчи хъуамӕ бацамона ӕмӕ-иу дзы дӕхӕдӕг дӕр афӕлварай. Кӕд цавӕрдӕр кусӕнгарзӕй никуы пайда кодтай, уӕд арӕзтады цӕстдарӕгӕн зӕгъ, цӕмӕй дӕ сахуыр кӕна. Арӕзтадон куыстыты ахсджиаг у, цӕмӕй бонзонгӕ уай, ома алцы кӕй нӕ зоныс, уый ӕмбарай, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй дӕхи дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр фыдбылызӕй бахиздзынӕ (Ӕмб. 11:2).

Кусджытыл арӕхдӕр зиан ӕрцӕуы, искуыцӕй кӕй рахауынц, уый тыххӕй. Цалынмӕ асиныл слӕууай кӕнӕ лӕууӕнтӕм (къултӕ аразгӕйӕ цы фӕйнӕджытыл фӕлӕууынц, уыдон) схизай, уӕдмӕ уал сбӕрӕг кӕн, фидар кӕй лӕууынц ӕмӕ дзы саст кӕй ницы у. Лӕууӕнтыл кӕнӕ уӕлхӕдзар куы кусай, уӕд дзы ӕдасдзинады ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ хъуамӕ уа, рахауынӕй чи хъахъхъӕны, ахӕм ӕнцойгӕнӕн кӕнӕ дыл хъуамӕ уа уромӕг рон. Бӕрзонд ран куыд кусын хъӕуы, уый базонын дӕ куы фӕнда, уӕд-иу дӕ цӕстдарӕджы бафӕрс *.

Ӕппӕт дунейы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты нымӕц бонӕй-бонмӕ фылдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ хъӕуы аразын фылдӕр Паддзахады залтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм бӕстыхӕйттӕ. Арӕзтадон куыстытӕ кӕй бӕрны бакӕнынц, уыцы цӕстдарджытӕ хъуамӕ сӕ хъус дарой, цӕмӕй сӕ дӕлбар чи ис, уыдоныл мацы фыдбылыз ӕрцӕуа, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы цӕсты тынг зынаргъ сты (Ис. 32:1, 2). Кӕд ды дӕр арӕзтадон куысты ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн разамынд дӕттыс, уӕд дӕ макуы рох кӕнӕд, ӕдасдзинад ахсджиаг кӕй у. Бацархай, цӕмӕй дӕ кусӕн бынат сыгъдӕг уа ӕмӕ дзы уӕлдай мацы уа. Кӕмӕн хъӕуы, уыдонӕн-иу фӕлмӕнӕй, фӕлӕ фидарӕй ӕмбарын кӕн, ӕдасӕй кусын куыд хъӕуы, уый. Ӕрыгон кӕнӕ ӕвӕлтӕрд кусджытӕн ма кусын кӕн, уӕлдай тӕссаг кӕм у, ахӕм рӕтты. Рагацау ахъуыды кӕн, цавӕр тӕссаг уавӕртӕ сӕвзӕрдзӕн, ууыл ӕмӕ кусджытӕн бацамон, куыд ис афтӕ кусӕн, цӕмӕй сыл мацы зиан ӕрцӕуа. Дӕ зӕрдыл дар, нӕ нысан кӕй у нӕ куыст ӕнӕфыдбылызӕй бакӕнын.

Уарзондзинад ахсджиаг у

Паддзахады залтӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕстыхӕйттӕ аразыны хъуыддаджы иуӕй-иу куыстытӕ ӕдас не сты. Уымӕ гӕсгӕ кусджытӕ хъуамӕ уой лӕмбынӕг. Библийы уагӕвӕрдтӕн куы аргъ кӕнай, арӕзтадон куысты фӕдыл цы амындтӕ ис, уыдонмӕ куы хъусай ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ куы архайай, уӕд дӕхи дӕр ӕмӕ де ’мкусджыты дӕр фыдбылызӕй бахиздзынӕ.

Ӕнӕфыдбылызӕй кусынмӕ нӕ сӕйраджыдӕр цы разӕнгард кӕны? Уарзондзинад. О, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй мах дӕр цардмӕ уый цӕстӕй кӕсӕм. Адӕмы кӕй уарзӕм, уый та нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй лӕмбынӕг уӕм ӕмӕ мах аххосӕй зиан макӕуыл ӕрцӕуа (Матф. 22:37–39). Цӕй уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй арӕзтадон куыстытӕ кӕнгӕйӕ нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр «сӕрӕгас ӕмӕ ӕнӕфыдбылыз» уой.

[Фиппаинаг]

^ 14 абз. Кӕс рамкӕ «Асиныл лӕугӕйӕ куыд хъӕуы кусын» 30 фарсыл.

[Рамкӕ/Ныв 30 фарсыл]

Асиныл куыд кусын хъӕуы

Фарон Америкӕйы арӕзтадон куыстыты чи архайдта, уыдонӕй 160 000 асинӕй рахаудысты, 150 та дзы мӕлгӕ акодта. Кӕмфӕнды ма цӕрай ӕмӕ ма кусай, дӕлдӕр цы амындтӕ ис, уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй асиныл кусгӕйӕ ма рахауай.

◇ Саст чи у, ахӕм асинӕй макуы пайда кӕн ӕмӕ йӕ цалцӕг дӕр ма кӕн.

◇ Алыхуызон асинтӕ фӕразынц алыхуызон уӕз. Сбӕрӕг кӕн, дӕхи уӕз, стӕй цы кусӕнгӕрзтӕ ӕмӕ цы ’рмӕгӕй пайда кӕндзынӕ, уыдоны уӕз асин сфӕраздзӕн ӕви нӕ.

◇ Дӕ асин-иу сӕвӕр фидар ӕмӕ раст бынатыл. Аразджытӕ цы фӕйнӕджытыл фӕлӕууынц, уыдоныл, стӕй ведратыл кӕнӕ йӕ асыччытыл ма ’вӕр.

◇ Асиныл уӕлӕмӕ дӕр ӕмӕ бынмӕ дӕр куы хизай, уӕд дӕ цӕсгом хъуамӕ уа асины ’рдӕм.

◇ Асины уӕллаг дыууӕ къӕпхӕныл мадӕр лӕугӕ кӕн, мадӕр бадгӕ.

◇ Уӕлхӕдзар кусын дӕ куы хъӕуа ӕмӕ, дӕргъырдӕм чи ивӕзы, ахӕм асинӕй куы пайда кӕнай, уӕд йӕ кӕрон хъуамӕ уа, цы бӕрзӕндыл кусай, уымӕй иу метр уӕлдӕр. Цӕмӕй дӕ асин ма фӕбыра, уый тыххӕй-иу ын йӕ къӕхтӕ истӕмӕ бабӕтт кӕнӕ та-иу сын сӕ раз фӕйнӕг ныххой. Кӕд уый гӕнӕн нӕ уа, уӕд-иу искӕмӕн зӕгъ, ӕмӕ-иу асиныл фӕхӕца, цалынмӕ кусай, уӕдмӕ. Асинӕн-иу йӕ кӕрон бафидар кӕн, цӕмӕй ма фӕбыра.

◇ Асины къӕпхӕнтыл лӕууӕн фӕйнӕджытӕ ма ӕвӕр.

◇ Асиныл кусгӕйӕ дӕ къухтӕ ӕмӕ дӕ къӕхтӕ, кӕдӕм не ’ххӕсыс, уырдӕм ма иваз, уымӕн ӕмӕ асин, гӕнӕн ис, фезмӕла. Фӕлтау-иу асин бафалдӕр кӕн, архайын дӕ кӕм хъӕуы, уырдӕм хӕстӕгдӕр.

◇ Ӕхгӕд дуары раз асиныл куы архайай, уӕд-иу дуарыл фӕнысан кӕн, цӕмӕй-иу ӕй мачи бакӕна ӕмӕ-иу ӕй сӕхгӕн. Дуарӕн сӕхгӕнӕн куы нӕ уа, уӕд-иу искӕмӕн зӕгъ, цӕмӕй-иу уым лӕууа ӕмӕ макӕй уадза.

◇ Асиныл хъуамӕ лӕууа ӕрмӕстдӕр иу адӕймаг, дыууӕфарсон асин куы нӕ уа, уӕд *.

[Фиппаинаг]

^ 33 абз. Асиныл куыд кусын хъӕуы, уый тыххӕй ма бакӕсӕн ис 1999 азы 8 августы «Райхъал ут!»-ы 22–24 фӕрстыл (уырыс.).

[Ныв 29 фарсыл]

Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ-иу израилӕгтӕ сӕ хӕдзары сӕрыл амадтой ныллӕг къул