Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ йӕ фӕндон йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы куыд ӕххӕст кӕны?

Йегъовӕ йӕ фӕндон йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы куыд ӕххӕст кӕны?

Йегъовӕ йӕ фӕндон йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы куыд ӕххӕст кӕны?

«Мӕ дзыхӕй цы ныхас рацӕуа, уый... сӕххӕст кӕндзӕн, кӕй тыххӕй йӕ арвыстон, уыцы хъуыддаг» (ИС. 55:11).

1. Пълан ӕмӕ фӕндон кӕй хицӕн кӕнынц, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

ӔРКӔСӔМ иу цӕвиттонмӕ. Дыууӕ нӕлгоймаджы сӕхи цӕттӕ кӕнынц машинӕйыл балцы ацӕуынмӕ. Иу дзы картӕйыл фӕнысан кодта, цавӕр фӕндагыл ацӕудзӕн, уый. Иннӕ та зоны, кӕдӕм ӕй хъӕуы цӕуын, уый, фӕлӕ йӕ хъуыдыйы ис алыхуызон фӕндӕгтӕ. Балцы рӕстӕджы исты хабар куы ’рцӕуа, уӕд ӕндӕр фӕндагыл ацӕуынмӕ дӕр цӕттӕ у. Ацы дыууӕ лӕджы цӕвиттонӕй бӕрӕг у, пълан ӕмӕ фӕндон кӕрӕдзийӕ кӕй хицӕн кӕнынц, уый. Пълан абарӕн ис, бӕлццон цы фӕндагыл цӕудзӕн, уый картӕйыл бӕстон куы фӕнысан кӕны, уыимӕ, фӕндон та, цавӕрдӕр нысан ын куы вӕййы, фӕлӕ йӕм куыд бахӕццӕ уыдзӕн, уый бӕлвырд куы не спълан кӕны, уыимӕ.

2, 3. а) Райдианы Йегъовӕмӕ цы фӕнд уыд ӕмӕ цы сарӕзта, Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд куы ракодтой, уӕд? ӕ) Йегъовӕ йӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕны, уый цӕмӕн хъуамӕ ’мбарӕм ӕмӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

2 Афтӕ Йегъовӕ дӕр йӕ фӕндон сӕххӕст кӕныны тыххӕй бӕлвырд пъланмӕ гӕсгӕ нӕ фӕархайы, фӕлӕ йӕ нысан у йӕ фӕндон йӕ афоныл сӕххӕст кӕнын (Еф. 3:11). Хуыцауы фӕндонмӕ хауы, райдианы адӕм ӕмӕ зӕххы тыххӕй цы сфӕнд кодта, уый – ӕгас зӕхх дӕр суыдзӕн дзӕнӕт ӕмӕ йыл ӕххӕст адӕм ӕнустӕм фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрдзысты (Райд. 1:28). Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд куы сарӕзтой, уӕд Йегъовӕ ӕвӕстиатӕй бацархайдта, цӕмӕй йӕ фӕндон фидӕны сӕххӕст уыдаид. (Бакӕс Райдиан 3:15.) Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ «сылгоймагӕн» хъуамӕ райгуырдаид «байзӕддаг», кӕнӕ Фырт. Уыцы фырт ӕппынфӕстаг Хӕйрӕджы фесафдзӕн ӕмӕ йӕ аххосӕй цы бӕллӕхтӕ ’рцыд, уыдонӕн кӕрон скӕндзӕн (Дзут. 2:14; 1 Иоан. 3:8).

3 Хуыцауы йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын нӕдӕр уӕлӕрвты ӕмӕ нӕдӕр зӕххыл ничи бахъыгдардзӕн (Ис. 46:9–11). Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕны йӕ сыгъдӕг уды руаджы – дун-дунейы ӕппӕты стырдӕр тыхы руаджы. Уый махӕн ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау йӕ фӕндон ӕнӕмӕнгдӕр «сӕххӕст кӕндзӕн» (Ис. 55:10, 11). Мах хъуамӕ ’мбарӕм, Йегъовӕ йӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕны, уый ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайӕм. Нӕ фидӕн баст у уыцы фӕндонимӕ. Уымӕй уӕлдай ма, Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй куыд пайда кӕны, уый нын нӕ уырнындзинад фидар кӕны. Цӕй уӕдӕ ’ркӕсӕм, Йегъовӕ йӕ фӕндон сӕххӕст кӕныны тыххӕй рагзаманты йӕ сыгъдӕг удӕй куыд пайда кодта, куыд дзы пайда кӕны абон ӕмӕ дзы фидӕны куыд пайда кӕндзӕн, уымӕ.

Рагзаманты Хуыцау йӕ сыгъдӕг удӕй куыд пайда кодта

4. Йегъовӕ йӕ фӕндон сындӕггай куыд ӕргом кодта?

4 Рагзаманты Йегъовӕ йӕ фӕндон сындӕггай ӕргом кодта. Зӕрдӕвӕрд Байзӕддаг чи уыдзӕн, уый фыццаг уыд «сусӕгдзинад» (1 Кор. 2:7). Иу-2000 азы фӕстӕ та Йегъовӕ ногӕй байзӕддаджы кой скодта. (Бакӕс Райдиан 12:7; 22:15–18.) Йегъовӕ Авраамӕн цы зӕрдӕвӕрд радта, уымӕй фӕбӕлвырддӕр ис, байзӕддаг кӕй цотӕй фӕзындзӕн ӕмӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ’рхӕсдзӕн, уый. Ныхӕстӕ, «дӕ байзӕддаджы фӕрцы», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Байзӕддаг Авраамы хӕдзарвӕндагӕй кӕй хъуамӕ уыдаид. Ӕвӕццӕгӕн, Хӕйрӕг йӕ хъус лӕмбынӕг дардта, Йегъовӕ уыцы хъуыддаг куыд ӕргом кодта, уымӕ. Дзырд дӕр ыл нӕй, уыцы знаджы кӕй фӕндыд Авраамы хӕдзарвӕндаг фесафын кӕнӕ, йӕ хӕдзарвӕндагӕй чи рацыдаид, уыцы адӕмӕн се ’гъдау фехалын, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ма сӕххӕст уыдаид. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ ацы хъуыддаджы архайдта Хуыцауы ӕнӕуынгӕ тых. Куыд?

5, 6. Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй куыд пайда кодта, цӕмӕй, Байзӕддаг кӕцӕй хъуамӕ фӕзындаид, уыцы хӕдзарвӕндаг бахъахъхъӕдтаид?

5 Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй пайда кодта, цӕмӕй, Байзӕддаг кӕцӕй хъуамӕ фӕзындаид, уыцы хӕдзарвӕндаг бахъахъхъӕдтаид. Йегъовӕ Аврамӕн (Авраамӕн) загъта: «Ӕз дӕ уартау хъахъхъӕндзынӕн» (Райд. 15:1). Уыдон афтид ныхӕстӕ нӕ уыдысты. Ӕркӕсӕм, н.э. размӕ 1919 азы Авраам ӕмӕ Саррӕ рӕстӕгмӕ Герары куы ’рцардысты, уӕд цы ’рцыд, уымӕ. Герары паддзах Авимелех нӕ зыдта, Саррӕ Авраамы ус кӕй у, уый ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй йӕ ус суыдаид. Цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хӕйрӕг ууыл архайдта, цӕмӕй Авраамӕн Саррӕйӕ зӕнӕг ма уыдаид? Библийы уый тыххӕй ницы ис фыст. Фӕлӕ дзы фыст ис, Йегъовӕ кӕй нӕ бауагъта, цӕмӕй ахӕм хабар ӕрцыдаид. Авимелехы фыны бафӕдзӕхста, цӕмӕй Саррӕмӕ ’вналгӕ дӕр ма бакодтаид (Райд. 20:1–18).

6 Йегъовӕ Авраамы ӕмӕ йӕ бинонты бирӕ хӕттыты фервӕзын кодта (Райд. 12:14–20; 14:13–20; 26:26–29). Псаломзарӕггӕнӕг Авраамы ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты тыххӕй ныффыста: «[Йегъовӕ] никӕй уагъта, цӕмӕй сӕ сайдтаиккой, фӕлӕ-иу уыдоны тыххӕй паддзӕхтӕн карзӕй загъта: „Ма мын бавналут мӕ сӕрст лӕггадгӕнджытӕм, мӕ пехуымпартӕн мын мацы ӕвзӕрдзинад ракӕнут“» (Пс. 105:14, 15).

7. Йегъовӕ израилӕгты куыд хъахъхъӕдта?

7 Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы хъахъхъӕдта рагон Израилы – зӕрдӕвӕрд Байзӕддаг цы адӕмы ’хсӕн хъуамӕ фӕзындаид, уыдоны. Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг уды руаджы израилӕгтӕн радта Закъон. Уыцы Закъон сӕ хъахъхъӕдта мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй, ӕххуыс сын кодта, цӕмӕй буарӕй дӕр ӕмӕ ’гъдауӕй дӕр сыгъдӕг уыдаиккой (Рац. 31:18; 2 Кор. 3:3). Тӕрхонгӕнджыты рӕстӕг-иу Йегъовӕ иуӕй-иу нӕлгоймӕгты йӕ сыгъдӕг удӕй схайджын кодта, цӕмӕй-иу израилӕгты се знӕгтӕй фервӕзын кодтаид (Тӕрх. 3:9, 10). Авраамы байзӕддаг сӕйраджыдӕр у Йесо Чырысти. Йӕ райгуырды размӕ ӕнусты дӕргъы сыгъдӕг уд, ӕвӕццӕгӕн, хъахъхъӕдта Иерусалим, Вифлеем ӕмӕ кувӕндон, уымӕн ӕмӕ уыдон баст уыдысты, Йесойы тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ фыст ӕрцыд, уыдонимӕ.

8. Цӕмӕй бӕрӕг у, сыгъдӕг уд Йесойӕн йӕ царды дӕр ӕмӕ йӕ лӕггады дӕр кӕй ӕххуыс кодта, уый?

8 Сыгъдӕг уд ӕххуыс кодта Йесойӕн йӕ царды дӕр ӕмӕ йӕ лӕггады дӕр. Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы сарӕзта, уӕдмӕ чи никуы уыд ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр чи никуы ’рцыд, ахӕм хъуыддаг: ӕнӕххӕст сылгоймагӕн райгуырд, мӕлӕты бар кӕуыл нӕ цыд, ахӕм ӕххӕст фырт (Лук. 1:26–31, 34, 35). Сыгъдӕг уд Йесойы хъахъхъӕдта, цӕмӕй афонӕй раздӕр ма амардаид (Матф. 2:7, 8, 12, 13). Йесойыл 30 азы куы цыд, уӕд ӕй Хуыцау сыгъдӕг удӕй байсӕрста ӕмӕ йӕ равзӕрста, фидӕны Давиды паддзахбадӕныл чи хъуамӕ ӕрбадтаид, уыцы паддзахӕй, стӕй йын хорз хабар хъусын кӕнын бахӕс кодта (Лук. 1:32, 33; 4:16–21). Йесо сыгъдӕг уды фӕрцы диссӕгтӕ арӕзта, зӕгъӕм, рынчынты дзӕбӕх кодта, адӕмӕн-иу хӕринаг радта ӕмӕ мӕрдты ’гас кодта. Уыцы хъомысджын хъуыддӕгты фӕрцы Йесо равдыста, фидӕны паддзах куы суа, уӕд нӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, уый.

9, 10. а) Сыгъдӕг уд Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн кӕй ӕххуыс кодта, уый цӕмӕй бӕрӕг у? ӕ) Йегъовӕ йӕ фӕндон дарддӕр куыд хъуамӕ ӕххӕст кодтаид, уый фыццаг ӕнусы куыд рабӕрӕг?

9 Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй хайджын кӕнын райдыдта, Авраамы байзӕддагмӕ ма чи хауд, уыцы адӕмы. Уыдонӕй бирӕтӕ Авраамы хӕдзарвӕндагӕй нӕ уыдысты (Ром. 8:15–17; Гал. 3:29). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ ныфсджынӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй кӕй хъусын кодтой ӕмӕ диссӕгтӕ кӕй арӕзтой, уымӕй бӕрӕг уыд, сыгъдӕг уд сын кӕй ӕххуыс кодта (Ап. хъ. 1:8; 2:1–4; 1 Кор. 12:7–11). Сыгъдӕг уды ӕххуысӕй ахӕм диссӕгтӕ кӕй арӕзтой, уымӕй рабӕрӕг, Йегъовӕ йӕ фӕндон ӕндӕрхуызон кӕй ӕххӕст кӕндзӕн, уый. Ӕнусты дӕргъы йын адӕм Иерусалимы кувӕндоны куыд куывтой, афтӕ йын хъуамӕ мауал куывтаиккой. Уый арфӕ кӕнын райдыдта, фыццаг ӕнусы чи фӕзынд, уыцы чырыстон ӕмбырдӕн. Уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кодта сӕрст чырыстӕтты ӕмбырды фӕрцы.

10 Йегъовӕ рагзаманты йӕ адӕмы кӕй хъахъхъӕдта, тыхтӕ сын кӕй лӕвӕрдта ӕмӕ-иу сӕ кӕйдӕрты сыгъдӕг удӕй кӕй байсӕрста, уымӕй-иу равдыста, йӕ фӕндон ӕнӕмӕнгдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Мах рӕстӕджы та дзы куыд пайда кӕны? Уыцы хъуыддаг нӕ бӕлвырд зонын хъӕуы, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕнды сыгъдӕг уды разамындмӕ хъусын. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йегъовӕ абон йӕ сыгъдӕг удӕй куыд пайда кӕны, уыцы цыппар хъуыддагмӕ.

Абон Хуыцау йӕ сыгъдӕг удӕй куыд пайда кӕны

11. а) Цӕмӕй бӕрӕг у, Хуыцау йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы йӕ адӕмӕн сӕ сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕнынӕн кӕй ӕххуыс кӕны? ӕ) Нӕ бон куыд у равдисын, сыгъдӕг уды разамындмӕ кӕй хъусӕм, уый?

11 Фыццаг, Хуыцау йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы йӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сыгъдӕг уой. Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕныны чи архайы, уыдон хъуамӕ уой хӕрзӕгъдау. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 6:9–11.) Чырыстӕттӕй чидӕртӕ раздӕр ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ арӕзтой: хӕтыдысты, сӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй цыдысты кӕнӕ уыдысты гомосексуалисттӕ. Тӕригъӕдмӕ чи ’ркӕны, ахӕм фӕндтӕ арф уидаг ауадзынц (Иак. 1:14, 15). Фӕлӕ ахӕм адӕм «ӕхсад ӕрцыдысты», ома сӕ цард фӕивтой, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссардтаиккой. Хуыцауы чи уарзы, ахӕм адӕймаг цӕй фӕрцы тох кӕны йӕ буары монцтимӕ? «Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы»,– фыст ис 1 Коринфӕгтӕм 6:11. Нӕ хӕрзӕгъдаудзинад кӕй хъахъхъӕнӕм, уымӕй ӕвдисӕм, сыгъдӕг уд нын царды разамынд кӕй дӕтты, уый.

12. а) Йезекил цы цӕстылуайӕн федта, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд цӕй фӕрцы дӕтты? ӕ) Куыд у дӕ бон равдисын, сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ кӕй архайыс, уый?

12 Дыккаг, Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы йӕ организацийӕн разамынд дӕтты, цӕмӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ архайа. Йезекил цы цӕстылуайӕн федта, уым Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай ӕвдыст у уӕрдоны хуызы. Уый йӕ цыдӕй никуы ’рлӕууы ӕмӕ Йегъовӕйы фӕндон ӕппынӕдзух ӕххӕст кӕны. Уыцы уӕрдон цӕй фӕрцы цӕуы? Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы (Йез. 1:20, 21). Рох нӕ ма уӕд, Йегъовӕйы организаци дыууӕ хайӕ конд кӕй у – уӕларвон ӕмӕ зӕххон. Ӕмӕ кӕд йӕ уӕларвон хайӕн разамынд сыгъдӕг уд дӕтты, уӕд зӕххон хайӕн дӕр разамынд уый дӕтты. Хуыцау йӕ зӕххон организацийы уылты цы разамынд дӕтты, уымӕ куы хъусай ӕмӕ йыл иузӕрдион куы уай, уӕд уымӕй ӕвдисдзынӕ, Йегъовӕйы уӕларвон уӕрдонимӕ иумӕ кӕй цӕуыс ӕмӕ сыгъдӕг уд куыд амоны, афтӕ кӕй архайыс (Дзут. 13:17).

13, 14. а) Йесо «ацы дуджы адӕм» кӕй схуыдта? ӕ) Ӕрхӕсс цӕвиттон, Йегъовӕйы сыгъдӕг уд куыд ӕххуыс кӕны Библи ӕмбарынӕн. (Кӕс рамкӕ «Рӕстдзинад бӕлвырдӕй-бӕлвырддӕр куыд кӕны, уымӕ дӕ хъус дарыс?»)

13 Ӕртыккаг, Йегъовӕйы сыгъдӕг уд ӕххуыс кӕны Библи ӕмбарынӕн (Ӕмб. 4:18). «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» бирӕ азты дӕргъы Библийы рӕстдзинад сындӕггай ӕргом кӕны, сӕйраджыдӕр, ацы журналы уылты (Матф. 24:45). Зӕгъӕм, куыд ӕмбарӕм, чи сты, Йесо «ацы дуджы адӕм» кӕй схуыдта, уыдон. (Бакӕс Матфейы 24:32–34.) Статья «Чырыстийы ӕрцыд. Куыд ӕй ӕмбарыс?», зӕгъгӕ, ӕмбарын кодта, Йесо ацы ныхӕстӕ дзургӕйӕ ацы дунейы фыдадӕмы кой кӕй нӕ кодта, фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты кой – тагъд рӕстӕджы сыгъдӕг удӕй сӕрст чи хъуамӕ ’рцыдад, уыдоны кой *. Йесо цы хабӕртты кой кодта, уыдон фыццаг ӕнусы дӕр ӕмӕ абон дӕр йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ канд уынгӕ хъуамӕ ма фӕкодтаиккой, фӕлӕ ма хъуамӕ бамбӕрстаиккой, цы нысан кӕнынц, уый дӕр, ома «къӕсӕрыл [кӕй] лӕууы».

14 Ацы хабар махмӕ куыд хауы? «Ацы дуджы адӕм» цас цӕрдзысты, ома уыцы рӕстӕг цас ахӕсдзӕн, уый бӕлвырд нӕ зонӕм, фӕлӕ уӕддӕр нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм, дзырд «дуг» цы нысан кӕны, уый. Зӕгъӕм, иу дуг схонӕн ис, фыды фыд, фыд ӕмӕ фырт цы рӕстӕджы цӕрынц, уый. Уыцы дуг тынг бирӕ рӕстӕг нӕ ахӕссы ӕмӕ йын кӕддӕр вӕййы кӕрон (Рац. 1:6). Уӕдӕ куыд ӕмбаргӕ сты Йесойы ныхӕстӕ, «ацы дуджы адӕм», зӕгъгӕ? Стыр бӕллӕх куыд райдайдзӕн, уый чи фена, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ ӕрӕййафдзысты, 1914 азы нысан ӕххӕст кӕнын куыд райдыдта, уый чи федта, уыцы сӕрстыты. Уыцы дугӕн уыди райдиан ӕмӕ йын кӕрон дӕр уыдзӕн. Йесо цы нысаны тыххӕй дзырдта, уый кӕй ӕххӕст кӕны, уымӕй бӕрӕг у, стыр бӕллӕх тагъд кӕй райдайдзӕн, уый. Ацы хъуыддаг дӕ зӕрдыл кӕй дарыс ӕмӕ къӕрцхъус кӕй дӕ, уымӕй ӕвдисыс, Библийӕ нын цавӕрдӕр хабӕрттӕ ӕндӕрхуызон куы фембарын кӕнынц, уӕд уымӕ дӕ хъус кӕй фӕдарыс ӕмӕ сыгъдӕг уды разамындмӕ кӕй хъусыс (Марчы 13:37).

15. Цӕмӕй бӕрӕг у, сыгъдӕг уд нын кӕй ӕххуыс кӕны хъусын кӕнынӕн?

15 Цыппӕрӕм, сыгъдӕг уд нын тых дӕтты, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм (Ап. хъ. 1:8). Афтӕ куы нӕ уыдаид, уӕд цымӕ ӕппӕт зӕххыл дӕр хорз хабар хъуыстгонд ӕрцыдаид? Чи зоны, раздӕр ӕфсӕрмы кодтай кӕнӕ дӕ ныфс нӕ хастай хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ дзырдтай: «Ӕз никуы хъусын кӕндзынӕн хӕдзарӕй-хӕдзармӕ!» Фӕлӕ абон уыцы куыст зӕрдиагӕй кӕныс *. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ ӕнӕрӕнцойӕ хъусын кӕнынц, кӕд сӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр. Ӕрмӕстдӕр Хуыцауы сыгъдӕг уды ӕххуысӕй у нӕ бон алыхуызон цӕлхдурты сӕрты хизын ӕмӕ, нӕхи хъарутӕй нӕ бон кӕй не суыдаид, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразын (Мих. 3:8; Матф. 17:20). Хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй кӕй архайыс, уымӕй бӕрӕг у, сыгъдӕг уды разамындмӕ кӕй хъусыс.

Хуыцау фидӕны йӕ сыгъдӕг удӕй куыд пайда кӕндзӕн

16. Цӕмӕн у нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ стыр бӕллӕхы йӕ адӕмы кӕй бахъахъхъӕндзӕн?

16 Йегъовӕ фидӕны дӕр йӕ сыгъдӕг удӕй диссаджы хуызы пайда кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ фӕндон сӕххӕст кӕна. Ӕркӕсӕм уал, Йегъовӕ йӕ адӕмы куыд фӕхъахъхъӕны, уыцы хъуыддагмӕ. Куыд федтам, афтӕмӕй Йегъовӕ раджы заманты хицӕн адӕймӕгты ӕмӕ Израилы адӕмы се ’ппӕты дӕр йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы хъахъхъӕдта. Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, стыр бӕллӕхы рӕстӕджы йӕ сыгъдӕг удӕй кӕй спайда кӕндзӕн йӕ адӕмы бахъахъхъӕнынӕн. Йегъовӕ нӕ куыд хъахъхъӕндзӕн, ууыл ӕгӕр тыхсын нӕ хъӕуы. Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ кӕй нӕ ферох кӕндзӕн, чи йӕ уарзы, уыдоны ӕмӕ ӕнӕ сыгъдӕг уды ӕххуысӕй кӕй нӕ баззайдзысты (2 Аз. 16:9; Пс. 139:7–12).

17. Йегъовӕ ног дунейы йӕ сыгъдӕг удӕй куыд пайда кӕндзӕн?

17 Цымӕ ног дунейы та Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй куыд пайда кӕндзӕн? Сыгъдӕг уды фӕрцы фыст ӕрцӕудзысты ног тыхтӕттӕ (Рарг. 20:12). Цы дзы уыдзӕн фыст? Ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ, мин азы дӕргъы цы хъуамӕ аразӕм, уый тыххӕй. Нӕ дӕ фӕндид базонын, уыцы тыхтӕтты цы фыст уыдзӕн, уый? Мах тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм уыцы ног дунемӕ. Нӕ бон нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын дӕр нӕу, цавӕр цард уыдзӕн ног дунейы, Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй йӕ фӕндон куы ’ххӕст кӕна, уӕд.

18. Дӕ фидар фӕнд цы у?

18 Уӕдӕ нӕ макуы ферох уӕд, Йегъовӕйы фӕндон ӕнӕмӕнгдӕр кӕй сӕххӕст уыдзӕн йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы – дун-дунейы ӕппӕты стырдӕр тыхы фӕрцы. Уыцы фӕндон дӕумӕ дӕр хауы. Уӕдӕ Йегъовӕйӕ сыгъдӕг уд кур ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ хъус (Лук. 11:13). Афтӕ куы кӕнай, уӕд Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ зӕххыл Дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрдзынӕ.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 15 абз. Раздӕр тынг чи ӕфсӕрмы кодта ӕмӕ ныр зӕрдиагӕй чи хъусын кӕны, ахӕм хойы хабар бакӕсӕн ис 1993 азы 15 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 19 фарсыл, (уырыс.).

Бахъуыды кодтай?

• Раджы заманты Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй куыд пайда кодта, цӕмӕй йӕ фӕндон ӕххӕст кодтаид?

• Йегъовӕ абон йӕ сыгъдӕг удӕй куыд пайда кӕны?

• Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй фидӕны куыд пайда кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ фӕндон кӕронмӕ сӕххӕст кӕна?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 10 фарсыл]

Рӕстдзинад бӕлвырдӕй-бӕлвырддӕр куыд кӕны, уымӕ дӕ хъус дарыс?

Йегъовӕ абон йӕ адӕмӕн Библи бӕстондӕр ӕмбарын кӕны. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы фӕстаг номырты цавӕр ног хъуыдытӕ уыд фыст?

▪ Йесойы фӕсномыг ныхас ӕнхъизӕны тыххӕй нын цы амоны, чидӕртӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ куыд свӕййынц, уый тыххӕй? (Матф. 13:33). (2008 азы 15 июль 19, 20 фф., ирон.).

▪ Сӕрст чырыстӕттӕ уӕларвон цардмӕ иууылдӕр хуынд кӕд ӕрцӕудзысты? (2007 азы 1 май 30, 31 фф., уырыс.).

▪ Цы нысан кӕны Йегъовӕйӕн «сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ» кувын (Иоан. 4:24). (2002 азы 1 август 11 ф., ирон.).

▪ «Тынг бирӕ адӕм» «кувӕндоны» кӕцы кӕрты лӕггад кӕнынц (Рарг. 7:15). (2002 азы 1 май 30, 31 фф., уырыс.).

▪ Адӕм фыстыл ӕмӕ сӕгътыл дих кӕд цӕуынц? (Матф. 25:31–33). (1995 азы 15 октябрь 18–28 фф., уырыс.).