Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ницӕйаг цы у, уымӕ ма кӕсут!

Ницӕйаг цы у, уымӕ ма кӕсут!

Ницӕйаг цы у, уымӕ ма кӕсут!

«Ницӕйаг цы у, ахӕмӕй мӕ мацӕмӕ бауадз кӕсын. Кӕн мӕ дӕ фӕндагыл, цӕмӕй цӕрон» (ПС. 119:37).

1. Цӕстырухс стыр лӕвар цӕмӕн у?

ЦӔЙ зынаргъ лӕвар нын у цӕстырухс! Уый фӕрцы нӕ бон у уынын, нӕ алыварс цы ис, уыдӕттӕн сӕ ас дӕр ӕмӕ сӕ хуыз дӕр. Цӕстырухсы фӕрцы нӕ бон вӕййы не ’ввахс ӕмбӕлтты уынын ӕмӕ нӕхи тӕссаг уавӕртӕй бахизын. Уый фӕрцы нӕ бон у ӕрдзы диссӕгтӕ уынын, ӕмӕ афтӕмӕй ӕмбарын, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ стыр кады аккаг кӕй у (Пс. 8:3, 4; 19:1, 2; 104:24; Ром. 1:20). Адӕймаг цӕстӕй кӕй уыны, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у бирӕ цыдӕртӕ базонын. Уӕдӕ Йегъовӕйы тыххӕй, сӕйраджыдӕр, уый фӕрцы базонӕм ӕмӕ нӕм уырнындзинад дӕр уый фӕрцы фӕзыны (Йес. Н. 1:8; Пс. 1:2, 3).

2. Истӕмӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд къӕрцхъус цӕмӕн хъуамӕ уӕм ӕмӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕй?

2 Фӕлӕ цӕмӕ фӕкӕсӕм, уый нын, гӕнӕн ис, зиан дӕр ӕрхӕсса. Зонд ӕмӕ цӕстырухс афтӕ тынг баст сты, ӕмӕ цы фенӕм, уый тынг фӕзыны не ’нкъарӕнтыл ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы фӕндтыл. Стӕй Хӕйрӕджы дунейы кӕй цӕрӕм ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр хӕлд ӕмӕ хиуарзон кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу рекламӕтӕ ӕмӕ нывтӕ адӕймаджы ӕнцонтӕй фӕрӕдийын кӕнынц, йӕ цӕст сыл иугыццыл дӕр куы ахӕссы, уӕддӕр (1 Иоан. 5:19). Уӕдӕ диссаг нӕу, псаломзарӕггӕнӕг Хуыцауӕн кӕй лӕгъстӕ кодта: «Ницӕйаг цы у, ахӕмӕй мӕ мацӕмӕ бауадз кӕсын. Кӕн мӕ дӕ фӕндагыл, цӕмӕй цӕрон» (Пс. 119:37).

Нӕ цӕстытӕ нӕ куыд фӕсайынц

3–5. Библийы цӕвиттонтӕй куыд зыны, цӕмӕ кӕсӕм, уымӕ бӕллын тӕссаг кӕй у?

3 Ӕркӕсӕм фыццаг сылгоймаг Евӕйы хабармӕ. Хӕйрӕг ын загъта, зӕгъгӕ, «хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй» куы бахӕрай, уӕд дӕ «цӕстытӕ байгом уыдзысты». Хӕйрӕджы ныхӕстӕ Евӕйы зӕрдӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕцыдысты ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй йӕ цӕстытӕ «байгом уыдаиккой». Куы федта, «бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн хорз кӕй сты ӕмӕ адӕймаджы цӕст сӕхимӕ кӕй ӕлвасынц, адӕймаг сӕм кӕсынӕй кӕй не ’фсӕды», уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бафӕндыд уыцы дыргътӕй бахӕрын. Евӕ сӕм кӕй смондаг, уый йӕ фӕрӕдийын кодта ӕмӕ Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ нал байхъуыста. Йӕ лӕг Адам дӕр ӕгоммӕгӕс разынд ӕмӕ ӕппӕт адӕмы дӕр тӕригъӕды хай бакодта (Райд. 2:17; 3:2–6; Ром. 5:12; Иак. 1:14, 15).

4 Нойы бонты дӕр зӕдты кӕйдӕрты сӕ цӕстытӕ фӕрӕдийын кодтой. Райдианы 6:2 уыдоны тыххӕй ис фыст: «Ӕцӕг Хуыцауы фырттӕ сӕ хъус дарын райдыдтой зӕххон чызджытӕм, рӕсугъд кӕй сты, уымӕ. Ӕмӕ-иу дзы сӕ зӕрдӕмӕ чи фӕцыди, уыдонӕй-иу сӕхицӕн устытӕ скодтой». Зӕххон сылгоймӕгтӕм арӕх кӕй кастысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ зӕрдӕйы сӕвзӕрд ӕвзӕр фӕнд – семӕ лӕг ӕмӕ усы цард кӕнын. Сылгоймӕгтӕн уыцы зӕдтӕй гуырдис, фыдмитӕ чи кодта, ахӕм цот. Уыцы рӕстӕг адӕм афтӕ фехӕлдысты, ӕмӕ сӕ Хуыцау се ’ппӕты дӕр фесӕфта, ӕрмӕстдӕр Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ аирвӕзтысты (Райд. 6:4–7, 11, 12).

5 Ӕнустӕ фӕстӕдӕр, израилӕгтӕ Иерихон куы бацахстой, уӕд дзы Ахан цавӕрдӕр дзауматӕ федта, нӕ сӕм фӕлӕууыд ӕмӕ сӕ адавта. Хуыцау бафӕдзӕхста, цӕмӕй, йӕ хӕзнадонмӕ баххӕсын кӕй хъуыд, уыцы дзауматӕй уӕлдай, иннӕтӕ иууылдӕр фесӕфтаиккой. Израилӕгтӕн загъд уыд: «Сӕфты хай цы хъӕуы бакӕнын, уыдӕттӕй хӕстӕг мацӕмӕ бацӕут, цӕмӕй сӕм ма бабӕллат ӕмӕ дзы мацы райсат». Ахан ацы фӕдзӕхстмӕ кӕй нӕ байхъуыста, уый тыххӕй израилӕгтӕ Гаймӕ куы бабырстой, уӕд фӕхӕрд сты, иуцасдӕр та дзы маргӕ акодтой. Ахан нӕ басаст йӕ рӕдыдыл, цалынмӕ йын нӕ рахъӕр, уӕдмӕ. Уый загъта, зӕгъгӕ, знагӕй цы байстам, уыдоны ’хсӕн цыдӕртӕ федтон ӕмӕ мӕ бафӕндыд, цӕмӕй сӕ мӕхицӕн райстаин. Цӕмӕ касти, уымӕ кӕй бабӕллыд, уый аххосӕй йӕхи дӕр фесӕфта ӕмӕ ма йын «цыдӕрдиддӕр уыди, уыдон дӕр» (Йес. Н. 6:18, 19; 7:1–26). Ахан бабӕллыд, цы йӕм не ’мбӕлд, уымӕ.

Хъуамӕ нӕхиуыл хӕцын сахуыр уӕм

6, 7. Хӕйрӕг мах ӕрцахсыны тыххӕй арӕхдӕр цавӕр мадзалӕй фӕпайда кӕны ӕмӕ, рекламӕ чи аразы, уыдон уыцы мадзалӕй куыд фӕпайда кӕнынц?

6 Евӕ, ӕгоммӕгӕс зӕдтӕ ӕмӕ Ахан цӕмӕ кастысты, уымӕ куыд бабӕллыдысты, афтӕ абон дӕр адӕм фӕбӕллынц, цӕмӕ фӕкӕсынц, уымӕ. Хӕйрӕгадӕмы алыхуызон мадзӕлттӕй сайы, ӕмӕ арӕхдӕр фӕпайда кӕны «цӕстыты монцтӕй» (2 Кор. 2:11; 1 Иоан. 2:16). Рекламӕ чи аразы, уыдон тынг хорз зонынц, адӕм цы фенынц, уый балхӕнын сӕ кӕй бафӕнды. Европӕйы иу журналист ныффыста: «Цӕстыты монцтӕй тыхджындӕр ницы ис. Адӕймаг истӕмӕ бабӕллы ӕмӕ йӕ кӕд ӕппындӕр нӕ фӕхъӕуы, уӕддӕр ӕй балхӕны».

7 Уӕдӕ диссаг нӕу, рекламӕ чи аразы, уыдон ахӕм нывтӕй кӕй фӕпайда кӕнынц, цӕмӕй сӕ адӕймаг куы фена, уӕд ӕй ӕнӕмӕнгдӕр бафӕнда исты балхӕнын! Рекламӕ адӕймагыл куыд фӕзыны, уый тыххӕй иу америкӕйаг иртасӕг загъта, зӕгъгӕ, рекламӕйӕн йӕ нысан ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ дзы адӕймаг цыдӕр базона, фӕлӕ, сӕйраджыдӕр, цӕмӕй адӕймагӕн йӕ зонд ӕмӕ йӕ зӕрдӕйыл бандава ӕмӕ йӕ бафӕнда, рекламӕйы цӕй кой ис, уый саразын. Рекламӕты арӕх вӕййы ӕнӕфсарм нывтӕ. Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕ кӕсӕм, стӕй нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕйыл бандавын цы уадзӕм, уымӕ!

8. Цӕмӕ фӕкӕсӕм, уымӕ лӕмбынӕг кӕй хъуамӕ уӕм, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?

8 Цӕстыты монцтӕ ӕмӕ буары монцтӕ ӕцӕг чырыстӕттыл дӕр фӕзынынц. Уымӕ гӕсгӕ нӕ Хуыцауы Ныхас фӕдзӕхсы, цӕмӕй хиуыл хӕцын зонӕм ӕмӕ лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕ фӕкӕсӕм ӕмӕ цӕмӕ фӕбӕллӕм, уымӕ (1 Кор. 9:25, 27; бакӕс 1 Иоанны 2:15–17). Рӕстгӕнӕг Иов дӕр ӕмбӕрста, адӕймаг цы фӕуыны ӕмӕ цӕмӕ бабӕллы, уыцы дыууӕ хъуыддаджы кӕрӕдзийыл тынг баст кӕй сты. Иов загъта: «Ӕз мӕ цӕстытимӕ скодтон бадзырд. Ӕмӕ ма уӕд чызджытӕм куыд хъуамӕ кастаин?» (Иов 31:1). Иов йӕхи ӕрмӕст уымӕй нӕ хызта, ӕмӕ сылгоймагыл ӕнӕгъдау ми саразыны тыххӕй андзӕвыдаид, фӕлӕ ма ууыл суанг хъуыды дӕр никуы акодта. Йесо дӕр загъта, адӕймаг йӕ зонд чъизи хъуыдытӕй кӕй хъуамӕ хиза: «Сылгоймагмӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕм йӕхи чи мондаг кӕны, уый фӕхӕтыд йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг» (Матф. 5:28).

Нӕхи хизӕм ницӕйаг хъуыддӕгтӕй

9. а) Интернетӕй куы фӕпайда кӕнӕм, уӕд уӕлдай къӕрцхъус цӕмӕн хъуамӕ уӕм? ӕ) Адӕймаг порнографимӕ гыццыл дӕр куы бакӕсы, уӕд уый цӕмӕ ’ркӕны?

9 Абон бирӕтӕ фӕцахуыр сты порнографимӕ кӕсын, уӕлдайдӕр та Интернеты. Нӕхӕдӕг ахӕм сайттӕ куы нӕ агурӕм, уӕддӕр нӕ сӕхӕдӕг ссардзысты. Куыд? Интернеты исты агургӕйӕ экраныл рекламӕйы ӕвиппайды фӕзыны, зӕрдӕ кӕмӕ бахъазы, ахӕм ныв. Кӕнӕ Интернеты уылты ахӕм фыстӕджытӕ ’рбацӕуы, ӕмӕ сӕ куы бакӕнай, уӕд дзы ӕвиппайды хӕлд ныв фӕзыны ӕмӕ йӕ уайтагъд сӕхгӕнӕн нӕ вӕййы. Адӕймаг уыцы ныв иу цӕстӕй дӕр куы фена, уӕддӕр йӕ хъуыдыйы баззайдзӕн ӕмӕ йыл ма фӕзына, уый гӕнӕн нӕй. Стӕй йын йе ’фсарм ӕнцой нӕ дӕтдзӕн ӕмӕ йӕ ӕппӕт тыхтӕй архайын бахъӕудзӕн уыцы ныв ферох кӕныныл. Фӕлӕ уымӕй фыддӕр та у, адӕймаг зонгӕ-зонын порнографимӕ куы кӕса – уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы чъизи фӕндтӕ нӕма амардта. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:3, 4, 12; Кол. 3:5, 6.)

10. Порнографи сывӕллӕттӕн уӕлдай тынгдӕр тӕссаг цӕмӕн у ӕмӕ сыл куыд фӕзыны?

10 Сывӕллӕтты алцы зонын кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ уыдон дӕр иуӕй-иу хатт порнографимӕ кӕсыныл фӕцахуыр вӕййынц. Уый сыл афтӕ тынг фӕзыны, ӕмӕ сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаджы ’хсӕн цы ахастытӕ вӕййы, уыдонмӕ раст цӕстӕй нал фӕкӕсынц. Иу журналы куыд фыст ис, афтӕмӕй «сылгоймагӕн нал фӕаргъ кӕнынц, раст цӕстӕй нал фӕкӕсынц хӕрзӕгъдаудзинадмӕ ӕмӕ уарзондзинадмӕ; порнографи ма фӕзыны се ’нӕниздзинадыл, сӕ ахуырыл, сӕ бинонтимӕ ӕмӕ се ’мбӕлттимӕ куыд сты, ууыл дӕр». Ӕппӕты стырдӕр зиан та сын ӕрхӕссы, фӕстӕдӕр сӕхицӕн бинонтӕ куы фӕзыны, уӕд.

11. Порнографимӕ кӕсын стыр зиан кӕй хӕссы, уымӕн цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс.

11 Иу ӕфсымӕр ныффыста: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы нӕма сдӕн, уӕд мын ӕппӕты зындӕр уыди, порнографимӕ мауал кастаин, уый. Ныр дӕр ма уыцы хӕлд нывтӕ мӕ цӕстыты раз сӕвзӕрынц, гыццылдӕр сӕ кой куы скӕнай, уӕд дӕр. Зӕгъӕм, цавӕрдӕр зарӕг куы фехъусын, исты ныв куы фенын, суанг ахӕм истӕуыл куы ахъуыды кӕнын, уӕд дӕр. Уыцы хъуыдытимӕ мӕ алы бон дӕр тох кӕнын фӕхъӕуы». Иннӕ ӕфсымӕр та-иу гыццылӕй, хӕдзары иунӕгӕй куы уыд, уӕд касти, йе ’нӕуырнӕг фыдмӕ цы хӕлд журналтӕ уыд, уыдон. Уый ныффыста: «Уыцы нывтӕ мӕ хъуыдыйы баззадысты. Уӕдӕй нырмӕ рацыд 25 азы, фӕлӕ сӕ мӕ бон ферох кӕнын нӕу. Цас фӕтох кодтон семӕ, фӕлӕ мын дзы уӕддӕр ницы уайы! Ӕмӕ кӕд ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй сыл ма хъуыды кӕнон, уӕддӕр мын ме ’фсарм ӕнцой нӕ дӕтты». Цӕмӕй нӕм ахӕм ӕнкъарӕнтӕ макуы фӕзына, уый тыххӕй хорз уаид, ницӕйаг цы у, уыдӕттӕм куы нӕ кӕсиккам. Куыд нын бантысдзӕн уый? Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй «алы хъуыды дӕр уацары исӕм ӕмӕ йӕ кӕнӕм Чырыстийӕн коммӕгӕс» (2 Кор. 10:5).

12, 13. Чырыстон адӕймаг йӕхи цавӕр ирхӕфсӕнтӕй хъуамӕ хиза ӕмӕ цӕмӕн?

12 Ницӕйаг цы у, ахӕм хъуыддӕгтӕм ма хауынц, адӕмы ’ргом хъӕздыгдзинадмӕ чи здахы, спиритизм ӕмӕ тыхми кӕм ис, стӕй адӕм кӕрӕдзи кӕм марынц, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ сӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм. (Бакӕс Псалом 101:3.) Чырыстон ныййарджытӕ Йегъовӕйы раз хӕсджын сты, цӕмӕй лӕмбынӕг уой, сӕ сывӕллӕттӕ цӕмӕ фӕкӕсынц, уымӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстон адӕймаг зонгӕ-зонын спиритизмыл нӕ бафтдзӕн. Фӕлӕ ныййарджытӕ хъуамӕ зоной, иуӕй-иу кинотӕ, телесериалтӕ, видеохъӕзтытӕ, суанг радзырдтӕ нывтимӕ (комикстӕ) ӕмӕ сывӕллӕтты чингуыты дӕр кӕй вӕййы спиритизм (Ӕмб. 22:5).

13 Ӕрыгӕттӕ стӕм ӕви ацӕргӕтӕ, хъуамӕ ма уарзӕм, тыхми кӕм ис ӕмӕ кӕрӕдзи кӕм марынц, ахӕм видеохъӕзтытӕ. (Бакӕс Псалом 11:5.) Хъуамӕ нӕ зонд хъахъхъӕнӕм, Йегъовӕ цы нӕ уарзы, уыдӕттӕй. Рох нӕ ма уӕд, Хӕйрӕг кӕй архайы нӕ зонд сзыгъуыммӕ кӕныныл (2 Кор. 11:3). Ӕвзӕрӕй кӕм ницы ис, суанг ахӕм ирхӕфсӕнтыл дӕр нын бирӕ рӕстӕг куы цӕуа, уӕддӕр нын зиан ӕрхӕсдзысты – къаддӕр рӕстӕг нын уыдзӕн бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн, алы бон дӕр Библи кӕсынӕн ӕмӕ фембӕлдтӕм цӕттӕ кӕнынӕн (Фил. 1:9, 10).

Чырыстийы фӕзмӕм

14, 15. Хӕйрӕг Чырыстийы ’ртыккаг хатт куыд фӕлвӕрдта ӕмӕ Чырысти йӕ ныхмӕ куыд фӕлӕууыд?

14 Хъыгагӕн, ацы сӕфт дунейы цӕргӕйӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ, ницӕйаг цы у, уыдӕттӕм ӕппындӕр ма кӕсӕм. Суанг ма сӕ Йесо дӕр хызт нӕ уыд. Хӕйрӕг ӕй ӕртыггаг хатт куы фӕлвӕрдта, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон мауал ӕххӕст кодтаид, уӕд ӕй «скодта тынг бӕрзонд хохмӕ ӕмӕ йын равдыста дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ ӕмӕ сӕ кады фидыц» (Матф. 4:8). Хӕйрӕг афтӕ цӕмӕн бакодта? Фӕндыд ӕй, цӕмӕй, Чырысти цӕстӕй цы федтаид, уымӕ бабӕллыдаид, зӕгъгӕ, ӕппӕт дунейы паддзахӕдты кад куы фена, уӕд ӕй бафӕнддзӕн уыцы паддзахӕдтӕ йӕхи бакӕнын. Фӕлӕ Йесо цы сарӕзта?

15 Цы йӕ фӕрӕдийын кодтаид, уымӕ кӕсгӕ дӕр нӕ бакодта. Йӕ зӕрдӕмӕ ’взӕр фӕндтӕ хӕстӕг дӕр нӕ бауагъта. Хӕйрӕг ын цы раттинаг уыд, ууыл хъуыды дӕр нӕ кодта, фӕлӕ йын уайтагъд загъта: «Ацу ардыгӕй, Сайтан!» (Матф. 4:10). Чырысти хъуыды кодта, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, ууыл ӕмӕ йын царды сӕйрагдӕр цы уыд, уымӕ гӕсгӕ архайдта – Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кодта (Дзут. 10:7). Афтӕмӕй Хӕйрӕгӕн йӕ хинӕйдзаг фӕндтӕй ницы рауад.

16. Йесо Хӕйрӕджы къӕппӕджыты ныхмӕ фидар куыд фӕлӕууыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

16 Йесойы цӕвиттонӕй мах бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. Фыццаг уый, ӕмӕ Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй хызт ничи у (Матф. 24:24). Дыккаг, нӕ цӕст цӕмӕ арӕзт у, уый нын нӕ зӕрдӕйы кӕнӕ хорз фӕндтӕ сӕвзӕрын кӕндзӕн кӕнӕ ӕвзӕр. Ӕртыккаг, Хӕйрӕг ӕппӕт тыхтӕй архайы, цӕмӕй нӕ нӕ «цӕстыты монцтӕ» фӕрӕдийын кӕной (1 Пет. 5:8). Ӕмӕ цыппӕрӕм, махӕн дӕр нӕ бон у йӕ ныхмӕ фӕлӕууын, ӕвӕстиатӕй куы архайӕм, уӕд (Иак. 4:7; 1 Пет. 2:21).

Уӕ цӕст «иу цӕмӕдӕр арӕзт уӕд»

17. Фӕлварӕны нӕхи куыд дардзыстӕм, ууыл рагацау хъуыды кӕнын зондыл дзурӕг цӕмӕн у?

17 Йегъовӕйӕн нӕхи кӕй снывонд кодтам, уымӕй йын дзырд радтам, ницӕйаг цы у, уыдӕттӕй нӕхи кӕй хиздзыстӕм. Йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын нӕ кӕй бафӕндыд, уымӕ гӕсгӕ махӕн дӕр нӕ бон у псаломзарӕггӕнӕгау зӕгъын: «Алы ӕвзӕр фӕндагӕй дӕр мӕхи хъахъхъӕнын, цӕмӕй дын дӕ ныхас ӕххӕст кӕнон» (Пс. 119:101). Зондыл дзурӕг уыдзӕн, рагацау куы хъуыды кӕнӕм, исты фӕлварӕны куы бахауӕм, уӕд нӕхи куыд дардзыстӕм. Мах бӕлвырд зонӕм, Фыстад цавӕр хъуыддӕгты ныхмӕ у, уый. Библи нын ӕргом кӕны Хӕйрӕджы фыдвӕндтӕ. Хӕйрӕг Йесойӕн дуртӕй дзул кӕд аразын кодта? Дыууиссӕдз боны ӕмӕ ’хсӕвы куы ницы бахордта ӕмӕ куы «сӕххормаг», уӕд (Матф. 4:1–4). Хӕйрӕг зоны, лӕмӕгъ кӕд вӕййӕм, уый ӕмӕ нӕ йӕ къӕппӕджы кӕд ӕрцахса, уый дӕр. Уӕдӕ уыдӕттыл хъуамӕ ныр лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм ӕмӕ фӕстиат ма кӕнӕм. Йегъовӕйӕн цы дзырд радтам, уый алы бон дӕр нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕхи хиздзыстӕм, ницӕйаг цы у, уыдӕттӕй (Ӕмб. 1:5; 19:20).

18, 19. а) Йӕ цӕст «иуцӕмӕдӕр арӕзт» кӕмӕн у, уый цӕмӕй хицӕн кӕны, йӕ цӕст «ӕвзӕр» кӕмӕн у, уымӕй? ӕ) Нӕ цӕст цӕмӕн хъуамӕ аразӕм, ӕцӕгдӕр аргъ цӕмӕн ис, уымӕ ӕмӕ Филиппӕгтӕм 4:8 уый фӕдыл цавӕр уынаффӕ ис?

18 Мах алы бон дӕр уынӕм, нӕ цӕст нын йӕхимӕ чи ’лвасы, ахӕм цыдӕртӕ ӕмӕ бонӕй бонмӕ сӕ нымӕц фылдӕр кӕны. Уымӕ гӕсгӕ абон тынг ахсджиаг у, цӕмӕй, Чырысти куыд бафӕдзӕхста, афтӕ нӕ цӕст «иуцӕмӕдӕр арӕзт уа» (Матф. 6:22, 23). Йӕ цӕст «иуцӕмӕдӕр арӕзт» кӕмӕн у, уымӕн сӕйрагдӕр у Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Йӕ цӕст «ӕвзӕр» кӕмӕн у, уый та у мӕнгард ӕмӕ зыд, стӕй, ницӕйаг цы у, уымӕ фӕбӕллы.

19 Рох нӕ ма уӕд: цӕст цы уыны, уый зонд ӕфсады, зонд та зӕрдӕйы фӕндтыл фӕзыны. Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ цӕст арӕзт уа, ӕцӕгдӕр аргъ цӕмӕн ис, уымӕ. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:8.) Мах дӕр разы стӕм псаломзарӕггӕнӕджы куывды ныхӕстимӕ: «Ницӕйаг цы у, ахӕмӕй мӕ мацӕмӕ бауадз кӕсын». Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕ ныфс уыдзӕн, Йегъовӕ нӕ кӕй кӕндзӕн «йӕ фӕндагыл, цӕмӕй цӕрӕм» (Пс. 119:37; Дзут. 10:36).

Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм

• Нӕ цӕстытӕ, нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕ кӕрӕдзийыл баст куыд сты?

• Порнографимӕ кӕсын цавӕр зиан хӕссы?

• Нӕ цӕст «иуцӕмӕдӕр арӕзт» уа, уый ахсджиаг цӕмӕн у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 23 фарсыл]

Чырыстӕттӕ сӕхи хъуамӕ цавӕр ницӕйаг хъуыддӕгтӕй хизой?