Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕлварӕнты Йегъовӕйыл тынгдӕр ӕууӕндын райдыдтам

Фӕлварӕнты Йегъовӕйыл тынгдӕр ӕууӕндын райдыдтам

Фӕлварӕнты Йегъовӕйыл тынгдӕр ӕууӕндын райдыдтам

Радзырдта йӕ Адӕ Делло Стритто

Абоны стих мӕ блокнотмӕ фыст фӕдӕн. Цӕуы мыл 36 азы, фӕлӕ цӕмӕй цалдӕр рӕнхъы ныффыстаин, уый тыххӕй мӕ бахъуыд дыууӕ сахаты. Уыйбӕрц рӕстӕг мӕ цӕмӕн бахъуыд? Мӕ мад уын ӕй бамбарын кӕндзӕн. (Жоел)

МӔ ЦАРДӔМБАЛИМӔ донаргъуыд райстам 1968 азы ӕмӕ систӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Дыууӕ фырт Давид ӕмӕ Марчы фӕстӕ нын райгуырд ӕртыккаг фырт Жоел. Райгуырд афонӕй раздӕр 1973 азы Бельгийы чысыл горӕт Беншы, Брюсселӕй иу-60 километры хуссарӕрдӕм. Йӕ уӕз 1,7 килӕ йеддӕмӕ нӕ уыд. Рынчындонӕй рацӕуыны афон мын куы ’рцыд, уӕд Жоелы рахӕссӕн нӕма уыд, цалынмӕ йӕ уӕзыл нӕ бафтыдаид, уӕдмӕ.

Иу къуыримӕ куы нӕ фӕхуыздӕр, уӕд ӕй мӕ цардӕмбал Луиджиимӕ равдыстам сывӕллӕтты дохтырӕн. Дохтыр ӕй куы басгӕрста, уӕд загъта: «Ӕвӕццӕгӕн, дӕ дыууӕ хъӕбулы цы низтӕй хызт сты, уыдон иууылдӕр Жоелы хай фесты». Цасдӕр рӕстӕг нӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд. Уӕд бамбӕрстон, нӕ гыццыл фырт тынг рынчын кӕй у. Стӕй дохтыр мӕ лӕджы ӕддӕмӕ ракодта ӕмӕ йын загъта: «Уӕ сывӕллон рынчын у, трисоми 21 кӕй хонынц, уыцы низӕй». Ацы низ ма хонынц Дауны синдром дӕр *.

Ахӕм диагноз фехъусын нын тынг хъыг уыд, ӕмӕ нӕ бафӕндыд нӕ фырты ӕндӕр дохтырӕн равдисын. Иннӕ дохтыр Жоелы сахаты бӕрц лӕмбынӕг фесгӕрста, иу ныхас дӕр не скодта, афтӕмӕй. Уыцы рӕстӕг ныл афтӕ ныддаргъ, цыма ӕнустӕ рацыд, уыйау. Фӕстагмӕ нӕм бакаст ӕмӕ нын загъта: «Уӕ сывӕллоны уе ’ххуыс тынг хъӕудзӕн». Стӕй ма фӕлмӕн хъӕлӕсӕй афтӕ бакодта: «Фӕлӕ Жоел амондджын уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ йӕ ныййарджытӕ уарзынц!» Мӕ зӕрдӕ уыцы ныхӕстӕй суынгӕг. Уый фӕстӕ Жоелы арӕхстгай мӕ хъӕбысмӕ систон ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ ахастам. Уӕд ыл цыди аст къуырийы.

Ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды кӕй цыдыстӕм, уый фӕрцы фидар уыдыстӕм

Фӕстӕдӕр ма дохтыртӕ Жоелы куы басгӕрстой, уӕд ма йӕм ссардтой зӕрдӕниз (порок сердца) ӕмӕ стджыты низ (рахит). Йӕ зӕрдӕ тынг стыр кӕй уыд ӕмӕ рӕуджыты кӕй хъыгдардта, уый тыххӕй йын тӕссаг уыд хӕцгӕ низтӕй. Цыппар мӕйы йыл куы цыди, уӕд фӕрынчын бронхӕты пневмонийӕйӕ. Ногӕй та йӕ рынчындоны схуыссын кодтой ӕмӕ йӕм хӕстӕг никӕй уагътой. Йӕ тухӕнтӕм кӕсгӕйӕ нӕ зӕрдӕ скъуыдтӕ кодта. Фӕндыд нӕ, нӕ хъӕбысмӕ йӕ куы райстаиккам ӕмӕ йӕ куы барӕвдыдтаиккам, фӕлӕ нӕ дохтыртӕ дӕс къуырийы дӕргъы Жоелыл аныдзӕвын дӕр нӕ уагътой. Нӕ бон ӕппындӕр ницы уыд, ӕрмӕст-иу кӕрӕдзийӕн ныхъхъӕбыс кодтам ӕмӕ-иу афтӕмӕй куывтам.

Ахӕм уӕззау фӕлварӕны дӕр-иу нӕ дыууӕ фыртимӕ, Давид ӕмӕ Маркимӕ, ӕмбырдтӕм цыдыстӕм. Уӕд сӕ иуыл цыд 6, иннӕуыл та – 3 азы. Паддзахады залы-иу куы уыдыстӕм, уӕд-иу нӕм афтӕ каст, цыма нӕ Йегъовӕ йӕхимӕ ӕрбахъӕбыс кодта. Ӕмбырды рӕстӕг-иу не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ уыдысты нӕ алыварс, уым-иу нӕ бон уыд нӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕрын ӕмӕ удӕнцой райсын (Пс. 55:22). Суанг ма-иу медицинон хотӕ дӕр бафиппайдтой, ӕмбырдтӕ нын кӕй ӕххуыс кодтой уыцы стыр фӕлварӕн сфӕразынӕн.

Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мын хъарутӕ раттаид ӕмӕ мӕ бон уацамындмӕ цӕуын уыдаид. Хӕдзары бадын ӕмӕ кӕуыны бӕсты мӕ фӕндыд иннӕтӕн дзурын, Хуыцау зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, низтӕ кӕм нӕ уыдзӕн, ахӕм ног дунейӕ ӕмӕ мын уыцы хабар мӕ ныфсыл ныфс куыд ӕфтауы, уый тыххӕй. Ӕмӕ-иу мын уацамындмӕ ацӕуын куы бантыст, уӕд-иу бамбӕрстон, Йегъовӕ мын мӕ куывд кӕй фехъуыста.

«Мӕнӕ диссӕгтӕ!»

Цӕй амондджын бон уыд, Жоелы рынчындонӕй хӕдзармӕ куы ’рбахастам, уӕд! Фӕлӕ дыккаг бон нӕ цин хъыгмӕ раивта. Жоел ӕвиппайды бавзӕр ӕмӕ йӕ бахъуыд фӕстӕмӕ рынчындонмӕ ахӕссын. Дохтыртӕ йӕ куы федтой, уӕд загътой: «Кӕд ма ӕхсӕз мӕйы фӕцӕра, уӕд хорз». Дыууӕ мӕйы фӕстӕ Жоелы уавӕр фӕфыддӕр. Уӕд ыл цыд аст мӕйы. Афтӕ нӕм каст, ӕмӕ дохтырты ныхӕстӕ раст разындзысты. Дохтыр нӕ фарсмӕ ӕрбадт ӕмӕ загъта: «Тынг хъыг мын у, фӕлӕ йын нӕ бон ницыуал у саразын». Стӕй ма загъта: «Кӕд ма йын Йегъовӕ баххуыс кӕна, ӕндӕр ничи».

Ӕз бацыдтӕн Жоелы палатӕмӕ. Кӕд мӕм тыхы мур дӕр нал уыд, уӕддӕр мӕхицӕн загътон, кӕй йӕ нӕ ныууадздзынӕн. Нӕ хотӕ-иу радгай мӕ цуры уыдысты, Луиджи та-иу нӕ хистӕр лӕппутӕм касти. Иу къуырийы фӕстӕ Жоел йӕ зӕрдӕйӕ бавзӕр. Медицинон хотӕ палатӕмӕ ӕрбалыгъдысты, фӕлӕ йын сӕ бон ницы уыд. Цалдӕр минуты фӕстӕ сӕ иу загъта: «Жоел амарди...» Ӕз ныккуыдтон ӕмӕ палатӕйӕ рацыдтӕн. Йегъовӕмӕ кувыныл архайдтон, фӕлӕ фырмастӕй мӕ бон дзурын дӕр нӕ уыд. Иу-15 минуты фӕстӕ мӕм медицинон хотӕй иу фӕдзырдта: «Жоел йӕхимӕ ’рцыди!» Мӕ къухыл мын ныххӕцыд ӕмӕ мын загъта: «Рацу ӕмӕ йӕ дӕхӕдӕг фен». Жоелмӕ куы бацыдтӕн, уӕд та йӕ зӕрдӕ ногӕй гуыпп-гуыпп кодта! Уайтагъд уыцы хабар рынчындоны ахъӕр. Медицинон хотӕ ӕмӕ дохтыртӕ куы ’рбацыдысты, уӕд сӕ бирӕтӕ загътой: «Мӕнӕ диссӕгтӕ!»

Цыппараздзыдӕй къахӕй ацыд

Фыццаг аз нын дохтыртӕ арӕх дзырдтой: «Жоелы уӕ уарзондзинадӕй ма цух кӕнут». Жоелы райгуырдӕй фӕстӕмӕ нын Йегъовӕ йӕ уарзтӕй куыд хай кодта ӕмӕ ныл куыд тыхсти, афтӕ мах дӕр фӕндыд нӕ фырты нӕ уарзтӕй тавын. Нӕ уарзондзинад равдисынӕн нын уыд бирӕ фадӕттӕ, уымӕн ӕмӕ Жоелы не ’ххуыс хъуыд алы хъуыддаджы дӕр.

Фыццаг авд азы дӕргъы алы аз дӕр ӕмбӕлдыстӕм уыциу зындзинӕдтыл. Октябрӕй мартъийы онг-иу Жоелӕй куы цы срыст, куы цы ӕмӕ-иу фылдӕр рӕстӕг рынчындоны уыд. Мӕ бон цы уыд, уый арӕзтон, цӕмӕй мӕ фырттӕ Давид ӕмӕ Маркмӕ дӕр мӕ хъус дардтаин. Уыдон дӕр архайдтой Жоелӕн ӕххуыс кӕныныл ӕмӕ сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ фӕци. Зӕгъӕм, цалдӕр дохтыры нын загътой, зӕгъгӕ, Жоел къахӕй никуы ацӕудзӕн. Фӕлӕ Жоелыл цыппар азы куы цыд, уӕд мӕм иубон нӕ фырт Марк фӕдзырдта ӕмӕ Жоелӕн загъта: «Гъа-ма, мамӕйӕн равдис, цы базыдтай, уый!» Мӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыд – Жоел фыццаг къахдзӕфтӕ акодта! Тынг ӕхсызгон нын уыд ӕмӕ ӕгас бинонтӕй дӕр иумӕ Йегъовӕмӕ скуывтам ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ бузныг загътам. Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ дӕр Жоелӕн гыццыл исты дӕр куы бантыст, уӕд-иу дзы зӕрдиагӕй раппӕлыдыстӕм.

Гыццылӕй йын Хуыцауы тыххӕй кӕй дзырдтам, уый дзӕгъӕлы нӕ фӕци

Гӕнӕн уӕвгӕйӕ-иу Жоелы немӕ Паддзахады залмӕ акодтам. Арӕх кӕй рынчынтӕ кодта, уый тыххӕй-иу ӕй пластикӕй ӕхгӕд коляскӕйы сӕвӕрдтам, цӕмӕй-иу ӕй микробтӕй бахъахъхъӕдтаиккам ӕмӕ-иу ӕй афтӕмӕй ӕмбырдмӕ аластам. Кӕд-иу ӕмбӕрзт коляскӕйы бадти, уӕддӕр-иу тынг цин кодта, ӕмбырды кӕй уыд, ууыл.

Не ’мбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нын стыр ныфсы хос уыдысты. Алкӕддӕр нӕ сӕ уарзтӕй тавтой ӕмӕ сӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй нын ӕххуыс кодтой. Иу ӕфсымӕр-иу нын арӕх нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта Исайы 59:1 фыст ныхӕстӕ: «Йегъовӕйы къух цыбыр не сси, цӕмӕй йӕ бон фервӕзын кӕнын ма уа. Йӕ хъус ӕхгӕд нӕу, цӕмӕй йӕ бон ма уа фехъусын». Ацы ныхӕстӕ нын ӕххуыс кодтой нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарынӕн.

Жоел куыд стыр кодта, афтӕ архайдтам, царды йын сӕйрагдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куыд уыдаид, ууыл. Алы фадатӕй дӕр пайда кодтам, цӕмӕй-иу ын Йегъовӕйы тыххӕй дзырдтаиккам. Уый фӕрцы Жоелӕн йӕ уарзондзинад йӕ уӕларвон Фыдмӕ бонӕй-бонмӕ фылдӕр кодта. Йегъовӕмӕ-иу куывтам, цӕмӕй нын нӕ фыдӕбонӕн арфӕ кодтаид.

Жоел рӕзгӕ кары куы уыд, уӕд-иу Библийы тыххӕй ӕнӕзивӕгӕй дзырдта, кӕуыл ӕмбӕлд, уыдонӕн. Цыппӕрдӕс азы йыл куы цыд, уӕд ын скодтой уӕззау операци. Куы фӕхуыздӕр, уӕд мӕ иухатт бафарста: «Мамӕ, мӕ хирургӕн чиныг „Ӕнустӕм цӕрдзынӕ“ раттон?» Уый мын тынг ӕхсызгон уыд. Цалдӕр азы фӕстӕ та йын ногӕй операци кӕнын бахъуыд. Ӕмбӕрстам ӕй, уыцы операци йын йӕ цардӕн тӕссаг кӕй у. Операцийы размӕ Жоелимӕ писмо ныффыстам ӕмӕ йӕ дохтыртӕм радта. Фыст дзы уыд, Жоелы кӕй фӕнды, цӕмӕй йын операци скӕной ӕнӕ тугӕй. Хирург Жоелы бафарста: «Разы дӕ ууыл?» Жоел фидарӕй загъта: «О». Нӕ фыртӕй тынг сӕрыстыр уыдыстӕм, йӕ ныфс йе Сфӕлдисӕгыл кӕй дары ӕмӕ йӕ йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды. Рынчындоны кусджытӕ нӕ фӕндоныл сразы сты, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй стыр бузныг фестӕм.

Жоел уырнындзинады рӕзы

Жоелыл 17 азы куы цыд, уӕд йӕ цард Хуыцауӕн снывонд кодта ӕмӕ донаргъуыд райста. Уыцы бонӕн ферох кӕнӕн нӕй! Жоел ахӕм къахдзӕф кӕй сарӕзта, уый тыххӕй нӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ уарзондзинад Йегъовӕмӕ никуы ’рмынӕг ӕмӕ алкӕддӕр рӕстдзинадыл фидар хӕцыд. Кӕуыл фембӕлы, уыдонӕн фӕдзуры: «Рӕстдзинад у мӕнӕн мӕ цард!»

Жоел кӕсын ӕмӕ фыссын ӕрыгонӕй сахуыр. Уый тыххӕй-иу ӕй стыр тыхтӕ бахъуыд. Цыбыр дзырд дӕр-иу куы ныффыста, уӕддӕр-иу ын уый стыр ӕнтыст уыд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ алы райсом дӕр фӕкӕсы стих брошюрӕйӕ «Алы бон дӕр Фыстад иртас». Уый фӕстӕ-иу ӕй йӕхӕдӕг йӕ блокнотмӕ рафыссы. Ныр ӕм ахӕм блокноттӕ бирӕ ис!

Ӕмбырды бон Жоел бацархайы, цӕмӕй-иу раздӕр ацӕуӕм Паддзахады залмӕ ӕмӕ-иу, чи ӕрбацӕуы, уыдонӕн зӕрдиагӕй «ӕгас цӕуай» зӕгъа. Фембӕлды рӕстӕджы дзуапп куы фӕдӕтты кӕнӕ йын равдыстытӕ куы вӕййы, уӕд тынг фӕцин кӕны. Ӕххуыс кӕны микрофонтимӕ ӕмӕ ӕндӕр хӕслӕвӕрдтӕ дӕр ӕххӕст кӕны. Алы къуыри дӕр немӕ хъусын кӕнынмӕ фӕцӕуы, йӕ бон куы вӕййы, уӕд. 2007 азы йӕ снысан кодтой кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй. Фырцинӕй нӕ цӕссыгтӕ дӕр ӕркалдысты. Цӕй стыр арфӕдзинад у уый!

Йегъовӕ нӕ йе ’ххуысӕй цух нӕ уадзы

1999 азы ма иу фӕлварӕныл сӕмбӕлдыстӕм. Нӕ машинӕ нын чидӕр скъуырдта ӕмӕ Луиджи тынг фӕцӕф. Йӕ иу къах ын алыг кӕнын бахъуыд, йӕ астӕустӕгыл та йын цалдӕр уӕззау операцийы скодтой. Ногӕй та нӕ ныфс Йегъовӕйыл сӕвӕрдтам ӕмӕ та нӕ бафидар кодта (Фил. 4:13). Кӕд Луиджийыл ахӕм хабар ӕрцыд, уӕддӕр нӕ къухтӕ не ’руагътам. Йӕ бон кусын кӕй нал у, уымӕ гӕсгӕ йын фылдӕр рӕстӕг ис Жоелмӕ кӕсынӕн. Мӕнӕн та фӕзындис фылдӕр рӕстӕг ӕмбырды хъуыддӕгты архайынӕн ӕмӕ Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнынӕн. Луиджи дарддӕр дӕр тыхсы нӕ бинонты уырнындзинадыл ӕмӕ йӕ бон цӕмӕй у, уымӕй ӕххуыс кӕны не ’мбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн, стӕй ма лӕггад кӕны хистӕр нӕлгоймӕгты советы координаторӕй дӕр.

Ахӕм уавӕрты кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ иумӕ фылдӕр рӕстӕг вӕййӕм. Мах архайӕм, цӕмӕй ӕмбаргӕ уӕм ӕмӕ уымӕ нӕ фенхъӕлмӕ кӕсӕм, уавӕртӕ диссаджы хуызы кӕй фӕивдзысты. Иуӕй-иу хатт нӕ ныфс куы асӕтты, уӕд нӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ Йегъовӕйӕн радзурӕм. Хъыгагӕн, нӕ фырттӕ Давид ӕмӕ Марк куы бахъомыл сты ӕмӕ хӕдзарӕй куы ацыдысты, уӕд гыццылгай раст фӕндаг ныууагътой. Фӕлӕ нӕ ныфс ис, фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ кӕй раздӕхдзысты (Лук. 15:17–24).

Бирӕ азты дӕргъы нын Йегъовӕ ӕххуыс кодта, ӕмӕ сахуыр стӕм цыфӕнды зындзинӕдты дӕр нӕ ныфс ууыл дарын. Исайы 41:13 фыст ныхӕстӕ нын уӕлдай зынаргъ сты. Уым фыст ис: «Ӕз дын хӕцын дӕ рахиз къухыл, ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, ӕмӕ дын дзурын: „Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн“». Йегъовӕ нын нӕ къухыл фидар кӕй хӕцы, уый нын стыр удӕнцой у. Махӕн нӕ бон фидарӕй зӕгъын у, фӕлварӕнты нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйыл тынгдӕр ӕууӕндын кӕй райдыдтам.

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. Дауны синдром у туджырахӕсгӕ низ. Сывӕллон рӕзы, фӕлӕ йӕ сӕры магъзы куыст фӕстейы зайы. Ӕнӕниз адӕймаджы клеткӕты цы хромосомӕтӕ ис, уыдон вӕййынц дыгӕйттӕ, фӕлӕ Дауны синдром кӕмӕн вӕййы, уыцы сывӕллӕттӕн та иу къайы (парӕйы) вӕййы уӕлдай хромосомӕ. Сывӕллонӕн 21 къайы уӕлдай хромосомӕ кӕй вӕййы, уыцы низ трисоми 21 дӕр уымӕн хуыйны.

[Нывтӕ 16, 17 фарсыл]

Жоел йӕ мад Адӕимӕ

[Ныв 18 фарсыл]

Адӕ, Жоел ӕмӕ Луиджи

[Ныв 19 фарсыл]

Жоел Паддзахады залы «ӕгас цӕуай» дзуры хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн