Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕрыгӕттӕ, архайут Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕныныл

Ӕрыгӕттӕ, архайут Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕныныл

Ӕрыгӕттӕ, архайут Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕныныл

«Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы де ’взонджы бонты» (ЕККЛ. 12:1).

1. Рагон Израилы сывӕллӕттӕн цы уыд загъд?

ӔРТӔ мин фондз сӕдӕ азы размӕ Йегъовӕйы пехуымпар Моисей Израилы хистӕр лӕгтӕн ӕмӕ сауджынтӕн бафӕдзӕхста: «Ӕрӕмбырд кӕнут адӕмы се ’ппӕты дӕр: нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты, сывӕллӕтты... цӕмӕй хъусой ӕмӕ ахуыр кӕной, уымӕн ӕмӕ хъуамӕ тӕрсой уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ ӕмӕ ацы закъоны цыдӕриддӕр фыст ис, уый ӕххӕст кӕной» (Дык. з. 31:12). Уӕ хъус-ма ӕрдарут, чи хъуамӕ ӕрӕмбырд уыдаид, уымӕ: нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ. О, суанг ӕрыгӕттӕ дӕр уыдысты, Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ чи хъуамӕ зыдтаид, чи сӕм хъуыстаид ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кодтаид, уыдоны ’хсӕн.

2. Фыццаг ӕнусы Йегъовӕ ӕрыгӕттыл куыд тыхсти?

2 Фыццаг ӕнусы дӕр Йегъовӕ тыхсти, чырыстон ӕмбырды чи уыд, уыцы ӕрыгӕттыл. Зӕгъӕм, апостол Павел Хуыцауы фӕндӕй ӕмбырдтӕм цы фыстӕджытӕ ныффыста, уыдоны иуӕй-иуты ис, ӕрыгӕттӕм чи хауы, ахӕм уынаффӕтӕ. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 6:1; Колоссӕгтӕм 3:20.) Уыцы уынаффӕтӕм ӕрыгӕттӕй чи хъуыста, уыдон сӕ уӕларвон Фыдмӕ ӕввахсдӕр кодтой ӕмӕ сын Йегъовӕ дӕр арфӕ кодта.

3. Ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у равдисын, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын сӕ кӕй фӕнды, уый?

3 Цымӕ абон дӕр ӕрыгӕттӕ хъуамӕ ӕмбырдтӕм цӕуой, цӕмӕй Йегъовӕйӕн кувой? Куыннӕ ма! Хуыцауы адӕмӕн тынг ӕхсызгон у, ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстой Павелы ныхӕстӕ: «Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм, иуӕй-иутӕ куыд ахуыр сты, афтӕ не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, ӕмӕ, уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр» (Дзут. 10:24, 25). Уымӕй уӕлдай ма ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ сӕ ныййарджытимӕ фӕхъусын кӕнынц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар (Матф. 24:14). Алы аз дӕр ӕрыгӕттӕй минтӕ донаргъуыд райсынц ӕмӕ афтӕмӕй равдисынц, Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзынц, уый. Уыдон свӕййынц Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййынц (Матф. 16:24; Марчы 10:29, 30).

Фӕстиат ма кӕнут

4. Ӕрыгӕттӕн сӕ бон цал азӕй у Хуыцауӕн лӕггад кӕнын?

4 Екклесиасты 12:1 фыст ис: «Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы де ’взонджы бонты». Цал азы дыл хъуамӕ цӕуа, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайай? Библийы уый тыххӕй бӕлвырд ницы ис фыст. Уӕдӕ фӕстиат ма кӕнут ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕнут, нырма ӕгӕр гыццыл кӕй стут, цӕмӕй Йегъовӕмӕ хъусат ӕмӕ йын лӕггад кӕнат. Цасфӕнды уыл ма цӕуа, Хуыцауӕн ӕвӕстиатӕй лӕггад кӕнын райдайут.

5. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар кӕна?

5 Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕн сӕ ныййарджытӕ (сӕ иу кӕнӕ сӕ дыууӕ) ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар кӕна. Рагзаманты чи цард, уыцы Тимофейӕн дӕр йӕ хабар афтӕ уыд. Хӕрзгыццыл ма куы уыд, уӕд ӕй йӕ мад Евникӕ ӕмӕ йӕ мады мад Лоидӕ ахуыр кодтой сыгъдӕг Фыстытӕм гӕсгӕ (2 Тим. 3:14, 15). Сымахӕн дӕр уӕ ныййарджытӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕнынц: уемӕ Библи ахуыр кӕнынц, уемӕ иумӕ кувынц, ӕмбырдтӕм ӕмӕ уӕ конгресстӕм кӕнынц ӕмӕ уемӕ уацамынды цӕуынц. Уый тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ сын Йегъовӕ бахӕс кодта, цӕмӕй уӕ ахуыр кӕной. Кӕй уӕ уарзынц ӕмӕ уыл кӕй тыхсынц, уымӕн аргъ кӕнут? (Ӕмб. 23:22).

6. а) Псаломы 110:3 фыст ныхӕстӕм гӕсгӕ Йегъовӕйӕн куыд хъӕуы лӕггад кӕнын, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕна? ӕ) Цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

6 Фӕлӕ ӕрыгӕттӕ рӕзынц ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй Тимофейау «ӕмбарой, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст» (Ром. 12:2). Афтӕ куы кӕнат, уӕд ӕмбырды хъуыддӕгты архайдзыстут, уӕ ныййарджыты афтӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ уӕхи Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уый тыххӕй. Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы лӕггад кӕнат, уӕд ын афтӕмӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстут (Пс. 110:3). Уӕдӕ уӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы разамындмӕ хъусын уӕ кӕй фӕнды, уый? Аныхас кӕндзыстӕм ӕртӕ ахсджиаг хъуыддагыл: Библи ахуыр кӕнын, Хуыцаумӕ кувын ӕмӕ хӕрзӕгъдау цард кӕнын.

Йегъовӕйы хуыздӕр базонут

7. Йесо Фыстад куыд ахуыр кодта, уымӕй нын фӕзминаг куыд у ӕмӕ йын чи ’ххуыс кодта уыцы хъуыддаджы?

7 Фыццаг, Йегъовӕйӕн уӕ зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уый равдисдзыстут, Библи алы бон дӕр куы кӕсат, уӕд. Хуыцауы Ныхас ӕдзух куы кӕсат, уӕд уӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн ӕмӕ уӕм фылдӕр зонындзинӕдтӕ уыдзӕн (Матф. 5:3). Уыцы хъуыддаджы нын Йесо у фӕзминаг. 12 азы йыл куы цыд, уӕд ӕй иухатт йӕ ныййарджытӕ ссардтой кувӕндоны – «уый бадт ахуыргӕнджыты ’хсӕн ӕмӕ сӕм хъуыста, стӕй сӕм лӕвӕрдта фарстытӕ дӕр» (Лук. 2:44–46). Нырма гыццыл уыд, афтӕмӕй йӕ фӕндыд Фыстад зонын ӕмӕ архайдта, цӕмӕй йӕ ’мбӕрстаид. Чи йын ӕххуыс кодта уыцы хъуыддаджы? Стыр ӕххуыс ын уыдысты йӕ мад Марийӕ ӕмӕ йӕ кӕнгӕ фыд Иосиф. Уыдон уыдысты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ Йесойы йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ ахуыр кодтой Фыстадмӕ гӕсгӕ (Матф. 1:18–20; Лук. 2:41, 51).

8. а) Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты кӕд хъуамӕ райдайой ахуыр кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас бауарзой? ӕ) Сывӕллӕтты сӕ гыццӕлӕй фӕстӕмӕ ахуыр кӕнын кӕй хъӕуы, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

8 Абон дӕр, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыцы ныййарджытӕ ӕмбарынц, тынг ахсджиаг кӕй у сывӕллӕттӕн сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ бафӕнда рӕстдзинад базонын (Дык. з. 6:6–9). Нӕ хо Руби дӕр йӕ хистӕр лӕппу Иосифы ахуыр кӕнын райдыдта, хӕрзгыццыл ма куыд уыд, уӕд. Алы бон дӕр-иу ын каст «Мӕ библион радзырдты чиныг». Фӕстӕдӕр ын ӕххуыс кодта, цӕмӕй-иу Библийӕ алыхуызон стихтӕ бахъуыды кодтаид. Цымӕ Иосифӕн уый исты пайда фӕци? Дзурын куы базыдта, уӕд-иу йӕ бон уыд йӕхи ныхӕстӕй Библийӕ бирӕ хабӕрттӕ радзурын. Ӕмӕ йын Хъусынгӕнджыты скъолайы фыццаг раныхас та уыд, фондз азы йыл куы цыд, уӕд.

9. Цӕмӕн хъӕуы Библи кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын?

9 Ӕрыгӕттӕ, цӕмӕй уӕ уырнындзинад дарддӕр дӕр фидар кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ Библи алы бон дӕр кӕсат (Пс. 71:17). Уый уын куыд ӕххуыс кӕндзӕн? Уӕ хъус-ма ’рдарут, Йесо йӕ Фыдмӕ кувгӕйӕ цы загъта, уымӕ: «Ӕнусон цард та уымӕй кӕнгӕ у, цӕмӕй базоной дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы» (Иоан. 17:3). Йегъовӕйы тыххӕй цас фылдӕр зонат, уыйас хуыздӕр ӕмбардзыстут, ӕцӕг Хуыцау кӕй у, уый ӕмӕ йӕ тынгдӕр уарздзыстут (Дзут. 11:27). Библи куы фӕкӕсут, уӕд-иу архайут Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базоныныл. Ахъуыды-иу кӕнут: «Ацы хабарӕй цы базыдтон, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй? Хуыцау мӕ кӕй уарзы ӕмӕ мыл кӕй тыхсы, уый ацы скъуыддзагӕй куыд зыны?» Ахӕм фарстатыл куы хъуыды кӕнат, уӕд базондзыстут, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, цы ’нкъары ӕмӕ уын цы фӕдзӕхсы, уый. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 2:1–5.) Ӕрыгон Тимофейау сымах дӕр «фидарӕй» ӕууӕнддзыстут, Фыстадӕй цы базонут, ууыл ӕмӕ Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕндзыстут (2 Тим. 3:14).

Уӕ куывдтытӕ уын куыд ӕххуыс кӕндзысты Йегъовӕйы тынгдӕр уарзынӕн

10, 11. Хуыцаумӕ куы куват, уӕд уын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнат?

10 Йегъовӕйӕн уӕ ’ппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уый ма равдисдзыстут, зӕрдӕбынӕй йӕм куы куват, уӕд. Псаломы 65:2 кӕсӕм: «Куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау, дӕумӕ ӕрцӕудзысты адӕм иууылдӕр». Израилӕгтӕ ма Хуыцауы адӕмыл нымад куы уыдысты, уыцы рӕстӕг-иу ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй Йегъовӕйы кувӕндонмӕ чи цыд, уыдонӕн дӕр сӕ бон уыд, цӕмӕй йӕм куывтаиккой (1 Пад. 8:41, 42). Хуыцау никӕй хъулон кӕны. Йӕ фӕдзӕхстытӕ йын чи ӕххӕст кӕна, уыдонӕн фидарӕй зӕгъы, сӕ куывдтытӕ сын кӕй хъусдзӕн (Ӕмб. 15:8). Ӕрыгӕттӕ, Хуыцау сымахӕн дӕр уӕ куывдтытӕ хъусы.

11 Цӕмӕй дыууӕ адӕймаджы хорз ӕмбӕлттӕ суой, уый тыххӕй сӕ хъӕуы иумӕ рӕстӕг ӕрвитын ӕмӕ арӕх ныхас кӕнын. Ӕвӕццӕгӕн, сымах дӕр уе ’ввахс ӕмбалӕн фӕдзурут уӕ хъуыдытӕ, уе ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ уӕ цы тыхсын кӕны, уый тыххӕй. Раст афтӕ Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй куы фӕкувут, уӕд йемӕ фӕныхас кӕнут (Фил. 4:6, 7). Цы уӕ тыхсын кӕны, уый-иу Йегъовӕйӕн раргом кӕнут, уӕ ныййарджытӕн кӕнӕ сӕ уе ’мбалӕн куыд раргом кӕнут, афтӕ. Йегъовӕмӕ куыд фӕкувут ӕмӕ йӕм цы зӕрдӕ дарут, уыцы дыууӕ хъуыддаджы кӕрӕдзийыл тынг баст сты. Сымах ӕнӕмӕнгдӕр фендзыстут, Йегъовӕмӕ цас ӕввахсдӕр кӕнат, уыйас ӕм ноджы зӕрдӕбындӕрӕй кӕй кувдзыстут.

12. а) Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй кувын ӕнӕуи цыдӕртӕ дзурын цӕуылнӕ нысан кӕны? ӕ) Йегъовӕ уӕм хӕстӕг кӕй у, уый бамбарынӕн уын цы баххуыс кӕндзӕн?

12 Фӕлӕ иу хъуыддаг зӕрдыл дарын хъӕуы: Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй кувын ӕнӕуи цыдӕртӕ дзурын нӕ нысан кӕны. Уымӕ хауы зӕрдӕйы арф ӕнкъарӕнтӕ ’ргом кӕнын. Уӕ куывдтытӕй бӕрӕг уӕд, Йегъовӕйы фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзут, кӕй йын аргъ кӕнут ӕмӕ йыл уӕ ныфс ӕгасӕй дӕр кӕй дарут, уый. Йегъовӕ уын уӕ куывдтытӕ кӕй хъусы, уый куы уынат, уӕд ӕй хуыздӕр ӕмбардзыстут, «Йегъовӕ хӕстӕг [кӕй] у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ» (Пс. 145:18). О, Йегъовӕ уӕ йӕхимӕ ӕрбаввахс кӕндзӕн, стӕй уын ӕххуыс кӕндзӕн Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууынӕн ӕмӕ царды раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн. (Бакӕс Иаковы 4:7, 8.)

13. а) Шери Хуыцауы ӕмбал кӕй у, уый йын куыд баххуыс кодта? ӕ) Хуыцауы ӕмбал куы уай, уӕд фӕлварӕнты фидар куыд фӕлӕудзынӕ?

13 Ӕркӕсӕм, нӕ хо Шери Йегъовӕйы хорз ӕмбал кӕй у, уый фӕрцы фӕлварӕны фидар куыд фӕлӕууыд, уымӕ. Хистӕр кълӕсты хорз кӕй ахуыр кодта ӕмӕ йын спорты дӕр бирӕ кӕй ӕнтыст, уый тыххӕй йын радтой бирӕ хорзӕхтӕ. Скъола куы фӕци, уӕд йӕ бон уыд ӕнӕхцайӕ уӕлдӕр ахуырмӕ бацӕуын ӕмӕ ма йын стипенди дӕр фыстаиккой. Шери дзуры: «Уыцы хъуыддаг мын сси стыр фӕлварӕн. Мӕ тренертӕ ӕмӕ мын ме ’мкъласонтӕ ӕдзухдӕр дзырдтой, цӕмӕй сразы уыдаин». Фӕлӕ Шери ӕмбӕрста, уӕлдӕр ахуырмӕ куы бацӕуа, уӕд йӕ рӕстӕг ӕрмӕстдӕр кӕй цӕудзӕн ахуырыл ӕмӕ тренировкӕтыл, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн та йын къаддӕр рӕстӕг кӕй уыдзӕн. Куыд бакодта Шери? Уый дзуры: «Йегъовӕмӕ куы скуывтон, уӕд уый фӕстӕ мӕ ахуыргӕнджытӕн загътон, уыцы стипенди мӕ кӕй нӕ хъӕуы ӕмӕ райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын». Ныр Шери фондз азы дӕргъы лӕггад кӕны пионерӕй. «Ӕз ӕппындӕр ницӕуыл фӕсмон кӕнын,– дзуры Шери.– Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм уынаффӕ кӕй рахастон, уый мын стыр циндзинад хӕссы. Ӕцӕгдӕр, фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад куы агурай, уӕд цух ницӕмӕй уыдзынӕ» (Матф. 6:33).

Уӕ хӕрзӕгъдаудзинадӕй бӕрӕг у, сыгъдӕгзӕрдӕ кӕй стут

14. Хӕрзӕгъдау кӕй стут, уый Йегъовӕйы цӕсты ахсджиаг цӕмӕн у?

14 Йегъовӕйӕн уӕ зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, хӕрзӕгъдау куы уат, уӕд дӕр. Йегъовӕ арфӕ кӕны, йе ’гъдау сыгъдӕгӕй чи дары, уыцы ӕрыгӕттӕн. (Бакӕс Псалом 24:3–5.) Самуил ӕрыгон куы уыд, уӕд йӕхи хызта, хистӕр сауджын Илийӕн йӕ фырттӕ цы хӕлд митӕ кодтой, уыдонӕй. Самуил хӕрзӕгъдау кӕй уыд, уый ӕнӕбафиппайгӕ нӕ баззад. Библийы фыст ис: «Гыццыл Самуил та рӕзыд, ӕмӕ тынгӕй-тынгдӕр цыд Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ дӕр ӕмӕ адӕмы зӕрдӕмӕ дӕр» (1 Сам. 2:26).

15. Хӕрзӕгъдау цӕмӕн хъуамӕ уат?

15 Абон мах цӕрӕм, Павел цавӕр адӕмы кой кодта, ахӕм адӕмы ’хсӕн: хиуарзон, сӕрбӕрзонд, сӕ ныййарджытӕн ӕгоммӕгӕс, мӕнгард, ӕгъатыр, хивӕнд, хорздзинадӕн чи нӕ аргъ кӕны, Хуыцауы нӕ, фӕлӕ ирхӕфсӕнтӕ чи уарзы (2 Тим. 3:1–5). Ахӕм фыдадӕмы ’хсӕн цӕргӕйӕ уын ӕнцон нӕу хӕрзӕгъдаудзинад бахъахъхъӕнын. Раст цы у, уый куы аразат ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕй уӕхи куы хизат, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй лӕуут (Иов 2:3, 4). Стӕй уын стыр циндзинад хӕсдзӕн, Йегъовӕйы ныхӕстӕм кӕй хъусут, уый. Хуыцау уын дзуры: «Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мӕ бон уа, фидистӕ мын чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттын» (Ӕмб. 27:11). Уымӕй уӕлдай ма уӕ Йегъовӕ райгонд кӕй у, уый куы зонат, уӕд уӕ ’ппӕт зӕрдӕйӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй йын лӕггад кӕнат.

16. Иу хо Йегъовӕйы зӕрдӕ куыд рухс кодта?

16 Хо Кэрол ма скъолайы куы ахуыр кодта, уӕд фидар хӕцыд Библийы уагӕвӕрдтыл ӕмӕ йӕ хорз уагахастӕй иннӕтӕй хицӕн кодта. Йе ’фсарм ын бар нӕ лӕвӕрдта бӕрӕгбӕтты архайынӕн ӕмӕ йыл уый тыххӕй йе ’мкъласонтӕ худтысты. Ахӕм уавӕрты-иу ын фадат фӕзынд, цӕуыл ӕууӕндыд, ууыл ныхас кӕнынӕн. Бирӕ азты фӕстӕ Кэрол йе ’мкъласонӕй райста фыстӕг. Фыст дзы уыд ахӕм ныхӕстӕ: «Ныфс мӕ уыд, искуы дӕм кӕй ныффысдзынӕн ӕмӕ дын бузныг кӕй зӕгъдзынӕн. Алкӕддӕр хӕрзӕгъдау кӕй уыдтӕ ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндыдтӕ, ууыл фидар кӕй хӕцыдтӕ ӕмӕ бӕрӕгбӕтты кӕй нӕ архайдтай, уый алчидӕр уыдта. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй фыццаг дӕуыл сӕмбӕлдтӕн». Кэрол йӕхи куыд дардта, уый йе ’мкъласоныл афтӕ тынг фӕзынд, ӕмӕ фӕстӕдӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Уыцы фыстӕджы ма ныффыста, 40 азӕй фылдӕр кӕй у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн! Ӕрыгӕттӕ, сымах дӕр Кэролау Библийы уагӕвӕрдтыл фидар кӕй хӕцут, уый фӕрцы, чи зоны, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы бафӕнда Йегъовӕйы базонын.

Ӕрыгӕттӕ кадджын кӕнынц Йегъовӕйы

17, 18. а) Де ’мбырды цы фӕсивӕд ис, уыдоны тыххӕй цы хъуыды кӕныс? ӕ) Цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыцы ӕрыгӕттӕм?

17 Не ’ппӕтӕн дӕр тынг ӕхсызгон у, ӕгас дунейы дӕр мингай ӕрыгӕттӕ Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнынц, уый! Алы бон дӕр Библи кӕй кӕсынц, Хуыцаумӕ кӕй кувынц ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ сӕхи кӕй дарынц, уымӕй ӕвдисынц, кӕй сӕ фӕнды, цӕмӕй йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕной. Ахӕм фӕсивӕдмӕ кӕсгӕйӕ сӕ ныййарджытӕн дӕр ӕмӕ Йегъовӕйы адӕмӕн дӕр сӕ зӕрдӕ райы (Ӕмб. 23:24, 25).

18 Фидӕны иузӕрдион ӕрыгӕттӕ уыдзысты, Хуыцауы зӕрдӕвӕрд ног дунемӕ чи бацӕудзӕн, уыцы адӕмы ’хсӕн (Рар 7:9, 14). Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕн куы аргъ кӕной, уӕд сын арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ ӕнустӕм кадджын кӕндзысты (Пс 148:12, 13).

Куыд бамбарын кӕнис?

• Абон ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын?

• Библийы цы бакӕсыс, ууыл хъуыды кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?

• Йегъовӕмӕ куы кувай, уӕд ӕм уый фӕрцы куыд баввахс уыдзынӕ?

• Ӕрыгӕттӕ хӕрзӕгъдау кӕй сты, уымӕй цы ’вдисынц ӕмӕ сын уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 5 фарсыл]

Библи алы бон дӕр фӕкӕсыс?