Архайут, цӕмӕй уӕ зонд ахуыр кӕнат
Архайут, цӕмӕй уӕ зонд ахуыр кӕнат
КУЫД ӕхсызгон вӕййы фӕлтӕрд гимнастмӕ кӕсын! Библи чырыстӕтты разӕнгард кӕны, цӕмӕй сӕ зонд ахуыр кӕной, гимнаст йӕхи куыд фӕахуыр кӕны, афтӕ.
Апостол Павел йӕ фыстӕджы Дзуттӕгтӕм ныффыста: «Хъӕбӕр хӕринаг... у фӕлтӕрд адӕймӕгтӕн, йӕ зондӕй чи архайы ӕмӕ афтӕмӕй йӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын чи сахуыр кодта, уыдонӕн» (Дзут. 5:14). Павел дзуттӕгты цӕмӕн разӕнгард кодта сӕ зонд ахуыр кӕнынмӕ? Ӕмӕ махӕн та нӕ бон куыд уый аразын?
«Сымах хъуамӕ ахуыргӕнджытӕ уаиккат»
Павел Йесойы «Мелхиседекы хуызӕн хистӕр сауджын» куы схуыдта, уӕд ныффыста: «Уый [Йесойы] тыххӕй нӕм бирӕ ис зӕгъинаг, фӕлӕ сӕ зын у сымахӕн бамбарын кӕнын, уымӕн ӕмӕ хъусынхъом нал стут. Рӕстӕгмӕ гӕсгӕ сымах хъуамӕ ахуыргӕнджытӕ уаиккат, фӕлӕ та уын ногӕй амонын хъӕуы Хуыцауы ныхӕсты „абетӕ“. Ахӕм уавӕрмӕ ’рцыдыстут, ӕмӕ уын дӕттын хъӕуы хъӕбӕр хӕринаг нӕ, фӕлӕ ӕхсыр» (Дзут. 5:10–12).
Бӕрӕг у, фыццаг ӕнусы дзуттаг чырыстӕттӕй чидӕртӕ сӕ зонд кӕй нӕ ахуыр кодтой ӕмӕ уырнындзинады кӕй нӕ рӕзыдысты. Зӕгъӕм, Хуыцау Закъон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ сунӕт кӕнын кӕй нал домдта, ууыл нӕ разы кодтой (Ап. хъ. 15:1, 2, 27–29; Гал. 2:11–14; 6:12, 13). Иуӕй-иутӕм зын каст сабатбон ӕмӕ Сыгъдӕггӕнӕн бонимӕ баст ӕгъдӕуттӕ ныууадзын (Кол. 2:16, 17; Дзут. 9:1–14). Уымӕ гӕсгӕ сӕ Павел сразӕнгард кодта сӕ зонд ахуыр кӕнын, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй «ӕппӕт хъарутӕй тырной фӕлтӕрддзинадмӕ» (Дзут. 6:1, 2). Ӕвӕццӕгӕн, чидӕртӕ Павелы ныхӕстӕ сӕ зӕрдыл бадардтой ӕмӕ ахъуыды кодтой, сӕ зонд куыд ахуыр кӕнынц, ууыл ӕмӕ уырнындзинады рӕзын райдыдтой. Махӕй та цы ис зӕгъӕн?
Уӕ зонд ахуыр кӕнут
Нӕ бон куыд у нӕ зонд ахуыр кӕнын, цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суӕм? Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, нӕ зондӕй куы «архайӕм», уӕд. Гимнаст тренировкӕ куыд фӕкӕны, цӕмӕй арӕхстджындӕрӕй змӕла, афтӕ мах дӕр хъуамӕ нӕ зонд ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй нӕ бон уа хорз ӕвзӕрӕй иртасын.
«Сӕрымагъзы куыстӕн ӕппӕты хуыздӕр у хъуыды кӕнын»,– загъта Джон Рейти, Гарварды университеты медицинон факультеты психиатрийы профессор. Джин Коэн у, адӕмы ӕнӕниздзинадыл чи тыхсы, уыцы центры директор. Уый дзуры, зӕгъгӕ, нӕ сӕрымагъз куы фӕкусын кӕнӕм, уӕд сӕрымагъзы клеткӕтӕй равзӕры ног клеткӕтӕ, ӕмӕ афтӕмӕй сбирӕ вӕййынц синапстӕ (нейронтӕ кӕрӕдзийыл кӕм баст вӕййынц, ахӕм бынӕттӕ).
Уӕдӕ хорз уаид нӕ зонд ахуыр кӕнын ӕмӕ Хуыцауы Ныхасӕй нӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕнын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, Хуыцауы цӕсты «ӕххӕст» цы у, уый (Ром. 12:1, 2).
Уӕхи ахуыр кӕнут «хъӕбӕр хӕринаг» хӕрын
Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суӕм, уӕд нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Библи хуыздӕр ӕмбарыныл архайын? Иннӕтӕ мӕ фӕлтӕрд чырыстонӕй зонынц?» Мадӕн ӕхсызгон вӕййы йӕ гыццыл сывӕллонӕн ӕхсыр ӕмӕ фӕлмӕн хӕринаг дарын. Фӕлӕ ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, мад куыд мӕт кӕнид, йӕ сывӕллон цалдӕр азы фӕстӕ хъӕбӕр хӕринаг куы нӕ хӕрид, уӕд. Афтӕ махӕн дӕр ӕхсызгон вӕййы, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон уырнындзинады куы фӕрӕзынц, сӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕнынц ӕмӕ донаргъуыд куы райсынц, уӕд. Фӕлӕ уый фӕстӕ уырнындзинады куы нӕ рӕзой, уӕд та куыд? Хъыг нын нӕ уаид? (1 Кор. 3:1–4). Ахуыргӕнӕг фӕбӕллы, йӕ ахуыргӕнинаг дӕр искуы ахуыргӕнӕг кӕй суыдзӕн, уымӕ.
Цӕмӕй нӕ зонд ахуыр кӕнӕм, уый тыххӕй хъӕуы хъуыды кӕнын ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайын (Пс. 1:1–3). Ахсджиаг цы у, уыдӕттыл хъуыды кӕнын нӕ хъуамӕ мацы хъыгдара, зӕгъӕм, телевизор кӕнӕ, хъуыды кӕнынмӕ чи нӕ разӕнгард кӕны, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ. Стӕй ма хъуамӕ тырнӕм Библи ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» публикацитӕ ахуыр кӕнынмӕ (Матф. 24:45–47). Нӕхӕдӕг Библи кӕй фӕкӕсӕм, уымӕй уӕлдай ма ахсджиаг у рӕстӕг рахицӕн кӕнын бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ Библийӕ алыхуызон темӕтӕ иртасынӕн.
Херонимо лӕггад кӕны цӕугӕ цӕстдарӕгӕй Мексикӕйы. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ног номыр куы райсы, уӕд ӕй лӕмбынӕг бакӕсы. Стӕй ма рӕстӕг рахицӕн кӕны, цӕмӕй йӕ усимӕ иумӕ Библи ахуыр кӕной. Херонимо дзуры: «Мӕ усимӕ алы бон дӕр иумӕ Библи фӕкӕсӕм ӕмӕ фӕпайда кӕнӕм брошюрӕйӕ „Добрая земля“». Иу ӕфсымӕр, Рональд, зӕгъгӕ, алы къуыри дӕр фӕкӕсы Библи Хъусынгӕнджыты скъолайы программӕмӕ гӕсгӕ. Стӕй ма равзары иу кӕнӕ дыууӕ темӕйы йе та публикацийы ӕмӕ сӕ лӕмбынӕг фӕиртасы. Рональд дзуры: «Ӕз алы хатт дӕр фенхъӕлмӕ кӕсын, иннӕ хатт та сӕ кӕд ахуыр кӕндзынӕн, уыцы бонмӕ».
Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Библи ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ йыл хъуыды кӕнынӕн фаг рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм? Нӕ зонд фӕахуыр кӕнӕм ӕмӕ, Фыстады цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ уынаффӕтӕ фӕхӕссӕм? (Ӕмб. 2:1–7). Цӕй уӕдӕ тырнӕм фӕлтӕрддзинадмӕ, цӕмӕй суӕм ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын адӕймӕгтӕ ӕмӕ нӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын сахуыр кӕнӕм.
[Ныв 23 фарсыл]
Мах нӕ зондӕй «архайӕм» ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ахуыр кӕнӕм