Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ рынчын хионмӕ кӕсгӕйӕ уырнындзинады фидар лӕуу

Дӕ рынчын хионмӕ кӕсгӕйӕ уырнындзинады фидар лӕуу

Дӕ рынчын хионмӕ кӕсгӕйӕ уырнындзинады фидар лӕуу

КИМӔН йӕ рагъыстӕгыл ссардтой рак. Ким ӕмӕ йӕ лӕг Стив сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ *. Стив дзуры: «Кимӕн операци куы скодтой, уӕд ма йын бахъуыд радио- ӕмӕ химиотерапи кӕнын. Уыдоны фӕстӕ бынтондӕр слӕмӕгъ ӕмӕ йын змӕлын дӕр тынг зын уыд».

Дӕ бон у дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, цы стыр маст бавзӕрста Стив, йӕ зынаргъ цардӕмбал йӕ низы аххосӕй куыд тухӕн кӕны, уымӕ кӕсгӕйӕ? Чи зоны, дӕуӕн дӕр дӕ бинонтӕй исчи уӕззау низӕй рынчын у кӕнӕ йыл йӕ азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой (Еккл. 12:1–7). Цӕмӕй ахӕм адӕймагмӕ хорз кӕсай, уый тыххӕй хъуамӕ дӕхи дӕр ма рох кӕнай. Дӕ уырнындзинад куы ӕрлӕмӕгъ уа, уӕд дӕ ныфс дӕр асӕтдзӕн ӕмӕ де ’нӕниздзинад дӕр фӕцуддзӕн. Ӕмӕ уӕд дӕ рынчын хионмӕ кӕсын дӕ бон нал уыдзӕн. Ахӕм уавӕры дӕ бон куыд у ӕмбаргӕйӕ архайын, цӕмӕй дӕ чырыстон хӕстӕ дарддӕр ӕххӕст кӕнай? Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ бон цӕмӕй у фӕкӕсын, сӕ рынчын кӕнӕ сӕ ацӕргӕ хиуӕттӕм чи кӕсы, уыдонӕн?

Куыд ис ӕмбаргӕйӕ архайӕн?

Цӕмӕй дӕ рынчын хионмӕ кӕсгӕйӕ дӕ уырнындзинад ма ӕрлӕмӕгъ уа ӕмӕ де ’нӕниздзинад ма фӕцуда, уый тыххӕй хъуамӕ сахуыр уай дӕ уавӕртӕм гӕсгӕ архайын ӕмӕ дӕ хъарутӕй ӕмӕ дӕ рӕстӕгӕй раст пайда кӕнын. Ӕмбисӕндты 11:2 фыст ис: «Зонд... ис бонзонгӕтӕм». Ацы стихы дзырд «бонзонгӕ» нысан кӕны, адӕймагӕн йӕ бон алцы кӕй нӕу, уый ӕмбарын. Цӕмӕй дӕ бон цы нӕу, ууыл ма архайай, уый тыххӕй ахъуыды кӕн дӕ уавӕртыл ӕмӕ дыл ӕмбырды цы хӕстӕ ис, уыдоныл.

Стив зондджын ӕмӕ бонзонгӕ разынд ӕмӕ лӕмбынӕг ахъуыды кодта, йӕ куыстыл ӕмӕ йыл ӕмбырды цы хӕстӕ уыд, уыдоныл. Йӕхи куыстӕй уӕлдай ма лӕггад кодта ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты советы координаторӕй ӕмӕ уацамындӕн дзуаппдӕттӕг цӕстдарӕгӕй. Стӕй ма уыд, рынчындӕттимӕ ӕмгуыст чи кӕны, ахӕм комитеты уӕнг дӕр. Стив дзуры: «Ким мӕм никуы мӕсты кодта, уыцы хъуыддӕгтыл мын бирӕ рӕстӕг кӕй цыд ӕмӕ йӕ цуры арӕх кӕй нӕ уыдтӕн, уый тыххӕй. Фӕлӕ йӕ мӕхӕдӕг ӕмбӕрстон, ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтыл кӕй не ’ххӕссыдтӕн». Куыд бакодта Стив? Уый дзуры: «Мӕ уавӕртыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кодтон ӕмӕ Хуыцаумӕ куы скуывтон, уӕд аскъуыддзаг кодтон, координаторӕй кӕй нал лӕггад кӕндзынӕн. Фӕлӕ уӕддӕр лӕггад кодтон хистӕр нӕлгоймагӕй ӕмӕ иуӕй-иу хӕстӕ иннӕты бӕрны кӕй бакодтон, уый фӕрцы мӕ бон уыд Кимимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитын».

Цасдӕры фӕстӕ, Ким куы фӕхуыздӕр, уӕд Стивимӕ сӕ уавӕртыл ахъуыды кодтой ӕмӕ та Стив ногӕй ӕххӕст кӕнын райдыдта, раздӕр ыл ӕмбырды цы хӕстӕ уыд, уыдон. Стив дзуры: «Мах сахуыр стӕм, Кимы низ нын цы зындзинӕдтӕ ӕвзарын кодта, уыдонимӕ тох кӕнын. Ӕз тынг бузныг дӕн Йегъовӕйӕ йе ’ххуысы тыххӕй ӕмӕ мӕ усӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ кӕд рынчын у, уӕддӕр мын ӕххуыс кӕны мӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн».

Ӕркӕсӕм ма Джерри (лӕггад кӕны цӕугӕ цӕстдарӕгӕй) ӕмӕ йӕ ус Марийӕйы хабармӕ дӕр. Уыдоны бахъуыд, сӕ разы цы нысан сӕвӕрдтой, уый фӕивын, цӕмӕй сӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм кастаиккой. Марийӕ дзуры: «Мах фӕндыд миссионертӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ Джерри йӕ ныййарджытӕн у иунӕг фырт ӕмӕ сӕ йе ’ххуыс тынг хъуыд. Уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кодтам, Ирландийы кӕй баззайдзыстӕм ӕмӕ сӕм кӕй кӕсдзыстӕм. Джеррийы фыды рынчындоны куы сӕвӕрдтой, уӕд йемӕ ӕдзухдӕр уыдыстӕм йӕ мӕлӕты онг. Ныр та йӕ мадимӕ алы бон дӕр ныхас кӕнӕм ӕмӕ истӕмӕй куы фӕтыхсы, уӕд уайтагъд йӕ уӕлхъус ӕрбалӕууӕм. Джеррийы мад кӕдӕм цӕуы, уыцы ӕмбырды йын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕххуыс кӕнынц, ӕмӕ уый фӕрцы мӕ лӕгӕн йӕ бон у цӕугӕ цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын».

Иннӕтӕн сӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын

Апостол Павел, ӕмбырды идӕдз ацӕргӕ сылгоймӕгтӕн цӕмӕй ис баххуыс кӕнӕн, уый тыххӕй куы дзырдта, уӕд загъта: «Йӕхиуӕттыл, ӕмӕ уӕлдайдӕр та йӕ бинонтыл, чи нӕ тыхсы, уый ныууагъта уырнындзинад ӕмӕ у, уырнындзинад кӕмӕ нӕй, уымӕй ӕвзӕрдӕр». Павел йе ’мчырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, сӕ ацӕргӕ ныййарджыты ӕмӕ сӕ ныййарджыты ныййарджыты кӕй хъуамӕ дарой, цӕмӕй сӕ хъуыддӕгтӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуой (1 Тим. 5:4, 8). Фӕлӕ ӕмбырды иннӕтӕн дӕр сӕ бон у, ӕмӕ сӕ хӕс дӕр у, ацӕргӕтӕн ӕххуыс кӕнын.

Ӕркӕсӕм-ма ацӕргӕ лӕг ӕмӕ ус Хакан ӕмӕ Ингеры хабармӕ, цӕрынц Швецийы. Хакан дзуры: «Мӕ ус ракӕй рынчын кӕй у, уый куы базыдтам, уӕд арвы цӕфау фестӕм. Ингер алкӕддӕр уыд ӕнӕниз ӕмӕ фидар. Ныр та нӕ алы бон дӕр хъуыд рынчындонмӕ цӕуын процедурӕтӕ кӕнынмӕ. Уыцы процедурӕтӕй йе ’нӕниздзинад лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр кодта. Уыцы рӕстӕджы Ингер уыд хӕдзары ӕмӕ йӕ ӕдзух хъуыди ме ’ххуыс». Хакан ӕмӕ Ингерӕн се ’мбырд куыд ӕххуыс кодта?

Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бацархайдтой, цӕмӕй Ингер ӕмӕ Хакан фембӕлдты программӕмӕ телефонӕй хъуыстаиккой. Уымӕй уӕлдай ма сӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ бӕрӕг кодтой кӕнӕ-иу сӕм телефонӕй бадзырдтой. Стӕй ма сӕм писмотӕ ӕмӕ открыткӕтӕ ӕрвыстой. Хакан дзуры: «Мах уыдтам, Йегъовӕ нын не ’фсымӕрты уылты кӕй ӕххуыс кӕны. Уый фӕрцы нӕ уырнындзинад уыд фидар. Нӕ амондӕн, Ингер фӕхуыздӕр ӕмӕ та нӕ бон ногӕй уыд ӕмбырдтӕм цӕуын». Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ рынчынтӕн ӕмӕ ацӕргӕтӕн куы феххуыс кӕнынц, сӕ бон цӕмӕй у, уымӕй, уӕд разынынц, Библийы кӕй кой цӕуы, ахӕм ӕмбӕлттӕ: «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр» (Ӕмб. 17:17).

Йегъовӕ аргъ кӕны дӕ фыдӕбонӕн

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рынчын адӕймагмӕ кӕсын ӕнцон нӕу. Фӕлӕ паддзах Давид ныффыста: «Амондджын у, мӕгуыры чи ӕрхъуыды кӕны, уыцы адӕймаг». Мӕгуыр адӕймаг схонӕн ис, ӕххуыс кӕй хъӕуы, ахӕм рынчын адӕймаджы (Пс. 41:1).

Ацӕргӕ кӕнӕ рынчын адӕммӕ чи кӕсы, уыдон амондджын цӕмӕн сты? Ӕмбисӕндты 19:17 фыст ис: «Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы адӕймаг ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йын уый бафиддзӕн йӕ хорздзинад». Хуыцау уӕлдай тынг тыхсы, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй низӕй чи хъӕрзы, уыдоныл ӕмӕ сӕм йӕ хъус чи дары, уыдонӕн арфӕ кӕны. Псаломзарӕггӕнӕг Давид дзырдта: «[Ахӕм адӕймаг] рынчын куы уа, уӕд ын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн. Рынчынӕй йӕ ды фидар кӕндзынӕ» (Пс. 41:3). Рынчын кӕнӕ ацӕргӕ хиуӕттӕм кӕсгӕйӕ исты зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм кӕнӕ нын уый исты зиан куы ’рхӕсса, уӕд нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ нӕ ӕнӕ ’ххуысӕй кӕй нӕ ныууадздзӕн.

Куыд ӕхсызгон у, нӕ рынчын хиуӕттӕм кӕсгӕйӕ кӕй фыдӕбон кӕнӕм, уый Йегъовӕ кӕй уыны ӕмӕ нӕ райгонд кӕй у! Ӕмӕ нын кӕд уый ӕнцон нӕу, уӕддӕр нын Фыстад зӕрдӕ ӕвӕры, «ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон [кӕй] сты» (Дзут. 13:16).

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Нӕмттӕ ивд сты.

[Нывтӕ 18 фарсыл]

Дӕ уырнындзинад фидар кӕн ӕмӕ иннӕты ӕххуысыл разы кӕн