Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы сыгъдӕг уды «маст ма уадзут»

Йегъовӕйы сыгъдӕг уды «маст ма уадзут»

Йегъовӕйы сыгъдӕг уды «маст ма уадзут»

«Хуыцауы сыгъдӕг уды маст ма уадзут... мыхуыр [уыл] уыцы сыгъдӕг удӕй ӕвӕрд ис» (ЕФ. 4:30).

1. Йегъовӕ милуангай адӕмӕн цавӕр фадат радта ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ аразой?

ЙЕГЪОВӔ ацы змӕст дунейы милуангай адӕмы тыххӕй стыр хъуыддаг сарӕзта. Йӕ иунӕггуырд фырт Йесо Чырыстийы уылты сын радта фадат, цӕмӕй йӕм баввахс уой (Иоан. 6:44). Кӕд дӕ цард Хуыцауӕн снывонд кодтай ӕмӕ йын цы дзырд радтай, уымӕ гӕсгӕ цӕрыс, уӕд ды дӕр уыдонӕй дӕ. Сыгъдӕг уды номӕй донаргъуыд кӕй райстай, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ сыгъдӕг уды разамындмӕ хъусай (Матф. 28:19).

2. Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Мах, сыгъдӕг уды цы фӕнды, уый кӕй тауӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ удыхъӕд ивӕм (Гал. 6:8; Еф. 4:17–24). Фӕлӕ нӕ апостол Павел бафӕдзӕхста, цӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕг уды маст ма бауадзӕм. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:25–32.) Ацы статьяйы лӕмбынӕг ӕркӕсдзыстӕм, апостол цы уынаффӕ радта, уымӕ. Павелы цы зӕгъын фӕндыд, Хуыцауы сыгъдӕг уды маст ма уадзут, зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд? Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг сыгъдӕг уды маст куыд бауадзы? Ӕмӕ нӕхи ахӕм хъуыддагӕй куыд бахизӕм?

Павелы ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц

3. Ефесӕгтӕм 4:30 цы ныхӕстӕ ис фыст, уыдон куыд бамбарын кӕндзынӕ?

3 Фыццаджыдӕр уал ӕркӕсӕм, Павел Ефесӕгтӕм 4:30 кӕй ныффыста, уыцы ныхӕстӕм: «Хуыцауы сыгъдӕг уды маст ма уадзут – ӕлхӕд кӕй ӕрцыдыстут, уый фӕрцы цы бон ссӕрибар уыдзыстут, уыцы бонмӕ уыл мыхуыр уыцы сыгъдӕг удӕй ӕвӕрд ис». Павелы нӕ фӕндыд, цӕмӕй йе ’мчырыстӕтты уырнындзинадӕн истӕмӕй тӕссаг уыдаид. Уыдон Йегъовӕйы сыгъдӕг уды фӕрцы ссӕрибар сты ӕмӕ сыл мыхуыр ӕвӕрд ӕрцыд. Сӕрст чырыстӕттӕй Хуыцауыл иузӕрдионӕй чи баззайы, уыдоныл мыхуыр ӕвӕрд ӕрцӕуы, ома сыгъдӕг удӕй схайджын вӕййынц, «цы [сӕм] ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдӕттӕ кӕй райсдзысты, уый равдисынӕн» (2 Кор. 1:22). Уыцы мыхуыр нысан кӕны, сӕрст чырыстӕттӕ Хуыцауы исбон кӕй сты ӕмӕ уӕлӕрвты ӕнусон цард кӕй райсдзысты. Мыхуыр ӕвӕрд кӕуыл хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдоны нымӕц у 144 000 (Рарг. 7:2–4).

4. Хуыцауы сыгъдӕг уды маст бауадзынӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?

4 Чырыстон сыгъдӕг уды маст уадзын куы райдайа, уӕд ын Хуыцау йӕ архайгӕ тыхӕй бынтондӕр нал ӕххуыс кӕндзӕн. Уый бӕрӕг у, Давид Вирсавиимӕ куы фӕрӕдыд, уый фӕстӕ кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕй. Давид фӕсмон кӕнгӕйӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта: «Дӕхицӕй мӕ ма аппар ӕмӕ мӕ дӕ сыгъдӕг тых ма айс» (Пс. 51:11). «Мӕлӕты онг иузӕрдионӕй» чи баззайа, ӕрмӕстдӕр уыцы сӕрстытӕ райсдзысты «хӕрзиуӕг» – ӕнӕмӕлгӕ цард уӕлӕрвты (Рарг. 2:10; 1 Кор. 15:53). Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕтты дӕр хъӕуы сыгъдӕг уд, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайой ӕмӕ, Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы ӕнусон цард райсой (Иоан. 3:36; Ром. 5:8; 6:23). Уӕдӕ нӕ алчидӕр йӕхи хъуамӕ хиза Йегъовӕйы сыгъдӕг уды маст бауадзынӕй.

Чырыстон сыгъдӕг уды маст куыд бауадзы?

5, 6. Чырыстон Йегъовӕйы сыгъдӕг уды маст куыд бауадзы?

5 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у нӕхи хизын сыгъдӕг уды маст бауадзынӕй. Ӕмӕ уый нӕ къухы бафтдзӕн, «сыгъдӕг уды коммӕ [куы] кӕсӕм», уӕд. Афтӕмӕй нӕ тӕригъӕдджын буары монцтыл уӕлахиз кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕм ӕвзӕр миниуджытӕ нӕ фӕзындзӕн (Гал. 5:16, 25, 26). Фӕлӕ, гӕнӕн ис, хъуыддаг ӕндӕрхуызон дӕр рауайа. Чи зоны йӕ нӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕнӕм, афтӕмӕй, Хуыцауы Ныхас цы хъуыддӕгты ныхмӕ у, уыдон аразын райдайӕм ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг уды маст бауадзӕм.

6 Ӕдзух сыгъдӕг уды разамынды ныхмӕ куы цӕуӕм, уӕд афтӕмӕй мӕсты кӕндзыстӕм Йегъовӕйы – сыгъдӕг уд чи дӕтты, уый. Ефесӕгтӕм 4:25–32 цы фыст ис, уымӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕг уды маст уадзынӕй нӕхи хизӕм.

Сыгъдӕг уды маст уадзынӕй нӕхи куыд бахизӕм

7, 8. Бамбарын кӕн, ӕнӕзӕрдӕхудт цӕмӕн хъуамӕ уӕм, уый.

7 Хъуамӕ уӕм ӕнӕзӕрдӕхудт. Ефесӕгтӕм 4:25 Павел ныффыста: «Сымах ныууагътат мӕнг ныхас, ӕмӕ уӕ ныр алчидӕр иннӕмӕн дзурӕд, раст цы у, уый, уымӕн ӕмӕ мах иу буары уӕнгтӕ стӕм». «Иу буары уӕнгтӕ» кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ не ’мчырыстӕттимӕ мӕнгардӕй ма архайӕм, уымӕн ӕмӕ уый сайынӕй уӕлдай нӕу. Афтӕ чи кӕна, уый Хуыцауы хӕлар нал уыдзӕн. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 3:32.)

8 Мӕнг ныхӕстӕ кӕнӕ мӕнгард хъуыддӕгтӕ куы кӕнӕм, уӕд ӕмбырды иудзинад нал уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ пехуымпар Данелау ӕууӕнкджын уӕм ӕмӕ ӕвзӕрӕй мацы аразӕм (Дан. 6:4). Нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм, Павел сӕрст чырыстӕттӕн цы уынаффӕ радта, уый. Загъта сын, «Чырыстийы буары» уӕнгтӕ кӕрӕдзийыл баст кӕй сты ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ алчи дӕр ӕмбырды иудзинад кӕй хъуамӕ хъахъхъӕна (Еф. 4:11, 12). Зӕххыл Дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕй ис, уыдон дӕр хъуамӕ, раст цы у, уый дзурой. Уый фӕрцы ӕппӕт дунейы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ’хсӕн иудзинад уыдзӕн.

9. Ефесӕгтӕм 4:26, 27 фыст уынаффӕмӕ хъусын ӕнӕмӕнг цӕмӕн у?

9 Хъуамӕ Хӕйрӕджы ныхмӕ лӕууӕм ӕмӕ йын бар ма дӕттӕм, цӕмӕй нын, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, ахӕм исты аразын кӕна (Иак. 4:7). Сыгъдӕг уд нын ӕххуыс кӕны Хӕйрӕджы ныхмӕ фӕлӕууынӕн. Уый нӕ къухы бафтдзӕн, зӕгъӕм, мӕсты кӕнынӕй нӕхи куы хизӕм, уӕд. Павел ныффыста: «Куы смӕсты уат, уӕддӕр-иу тӕригъӕд ма ӕруадзут; хур уыл мӕстыйӕ ма аныгуылӕд, стӕй-иу Хӕйрӕгӕн бынат ма ныууадзут» (Еф. 4:26, 27). Кӕд нын мӕсты кӕнынӕн ӕфсон ис, уӕддӕр уайтагъд нӕхинымӕр куы скувӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн нӕхиуыл фӕхӕцынӕн. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Хуыцауы сыгъдӕг уды маст нӕ бауадздзыстӕм (Ӕмб. 17:27). Уӕдӕ мӕсты ма кӕнӕм ӕмӕ Хӕйрӕгӕн фадат ма дӕттӕм, цӕмӕй нӕ фӕрӕдийын кӕна (Пс. 37:8, 9). Искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм ӕмӕ хъуыддаг Чырыстийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ уайтагъд куы банывыл кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй Хӕйрӕгӕн ныхкъуырд ратдзыстӕм (Матф. 5:23, 24; 18:15–17).

10, 11. Нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм давынӕй кӕнӕ раст цы нӕу, уый аразынӕй?

10 Хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы ма фӕзына исты радавыны кӕнӕ, раст цы нӕу, уый саразыны фӕнд. Давыны тыххӕй Павел ныффыста: «Чи давта, уый мауал давӕд, фӕлӕ фыдӕбон кӕнӕд, йӕхи къухтӕй хорзӕй исты аразӕд, цӕмӕй йӕ бон уа, хъуаг чи ӕййафы, уымӕн исты фӕхай кӕнын» (Еф. 4:28). Чырыстон исты куы радава, уӕд Хуыцауы ном фӕхудинаг кӕндзӕн (Ӕмб. 30:7–9). Мӕгуыр куы уа, уӕддӕр ын уый ахӕм хъуыддаг саразыны ӕфсон нӕу. Хуыцауы ӕмӕ адӕмы чи уарзы, уый ӕмбары, давын ӕвзӕр хъуыддаг кӕй у (Марчы 12:28–31).

11 Павел, цы хъуамӕ ма аразӕм, ӕрмӕст уый кой нӕ кодта, фӕлӕ ма нӕ цы аразын хъӕуы, уый кой дӕр. Сыгъдӕг уды коммӕ куы кӕсӕм, уӕд ӕппӕт тыхтӕй архайдзыстӕм, цӕмӕй нӕ бон уа нӕ бинонты дарын ӕмӕ, «хъуаг чи ӕййафы, уымӕн исты фӕхай кӕнын» дӕр (1 Тим. 5:8). Йесомӕ ӕмӕ йӕ апостолтӕм уыд ӕхцайы къопп, цӕмӕй-иу мӕгуыртӕн ӕххуыс кодтаиккой, фӕлӕ-иу дзы Иудӕ Искариот сусӕгӕй систа (Иоан. 12:4–6). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый сыгъдӕг уды коммӕ нӕ каст. Мах Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындмӕ кӕй хъусӕм, уымӕ гӕсгӕ Павелау алы хъуыддаджы дӕр «ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайӕм» (Дзут. 13:18). Афтӕмӕй нӕхи хизӕм Йегъовӕйы сыгъдӕг уды маст бауадзынӕй.

Нӕхи ма куыд бахизӕм сыгъдӕг уды маст бауадзынӕй

12, 13. а) Ефесӕгтӕм 4:29 гӕсгӕ нӕхи цавӕр ныхӕстӕй хъуамӕ хизӕм? ӕ) Нӕ дзыхыныхас цавӕр хъуамӕ уа?

12 Цы дзурӕм, ууыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм. Павел загъта: «Уӕ дзыхӕй иу ӕмбыд ныхас дӕр ма схауӕд. Дзурут, бахъуаджы сахат иннӕты чи бафидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, чи уӕм хъуса, уыдонӕн пайда куыд фӕуой» (Еф. 4:29). Ногӕй та апостол дзуры, цы хъуамӕ ма аразӕм, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, цы хъуамӕ аразӕм, уый тыххӕй дӕр. Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕ Павел разӕнгард кӕны, цӕмӕй дзурӕм, иннӕты чи бафидар кӕндзӕн ӕмӕ сын пайда чи фӕуыдзӕн, ахӕм хорз ныхӕстӕ. Уымӕй уӕлдай ма загъта, нӕ дзыхӕй иу «ӕмбыд ныхас» дӕр кӕй хъуамӕ ма схауа. Грекъаг дзырд «ӕмбыд» амыдта, чи бамбыд, ахӕм дыргъ, кӕсаг кӕнӕ дзидзамӕ. Ӕмбыд хӕринаг нын ӕлгъаг куыд у, раст афтӕ не сӕфт уынӕм, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр чи у, ахӕм ныхӕстӕй.

13 Нӕ дзыхыныхас хъуамӕ уа уӕздан, фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ (Кол. 3:8–10; 4:6). Адӕм хъуамӕ уыной, куыд дзурӕм, уымӕй иннӕтӕй кӕй хицӕн кӕнӕм. Уӕдӕ иннӕтӕн алкӕддӕр дзурӕм, чи сӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм ныхӕстӕ, ӕмӕ уӕд махӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн псаломзарӕггӕнӕгау зӕгъын: «Мӕ ныхӕстӕ ӕмӕ дын мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕхсызгон уӕнт, о Йегъовӕ, мӕ Къӕдзӕх ӕмӕ мӕ Ирвӕзынгӕнӕг» (Пс. 19:14).

14. Ефесӕгтӕм 4:30, 31 гӕсгӕ нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

14 Мах хъуамӕ ныууадзӕм фыдӕх, маст, ӕнӕфсарм ныхас ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр. Павел куы бафӕдзӕхста, цӕмӕй нӕхи хизӕм Хуыцауы сыгъдӕг уды маст бауадзынӕй, уӕд ныффыста: «Фыдӕх, маст, знӕт, хъӕр-хъӕлӕба, ӕфхӕрӕн ныхас ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ныууадзут» (Еф. 4:30, 31). Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ алкӕйдӕр хъӕуы йӕхиуыл кусын, цӕмӕй нӕхи хизӕм ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕй. Нӕхицӕн уый бар куы дӕттӕм, ӕмӕ «фыдӕх, маст, знӕт, хъӕр-хъӕлӕба» кӕнӕм, уӕд Хуыцауы сыгъдӕг уды маст бауадздзыстӕм.Чи нӕ цал хатты фӕхъыг кодта, уый куы нымайӕм, куы сӕм мӕсты кӕнӕм ӕмӕ нӕ семӕ бафидауын куы нӕ фӕнда, уӕд дӕр тӕссаг у сыгъдӕг уды маст бауадзынӕй. Библийы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон куы ницӕмӕуал дарӕм, уӕд нӕм фӕзындзӕн, сыгъдӕг уды ныхмӕ нӕ чи рӕдийын кӕндзӕн, ахӕм миниуджытӕ. Ӕмӕ нӕ уый та хорзӕй ницӕмӕ ’ркӕндзӕн.

15. Исчи нӕ тынг куы фӕхъыг кӕна, уӕд цы хъуамӕ саразӕм?

15 Мах хъуамӕ хӕларзӕрдӕ уӕм, кӕрӕдзийы зын ӕмбарӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм. Павел ныффыста: «Кӕрӕдзимӕ ут хӕларзӕрдӕ, уӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарут, ӕмӕ уын Чырыстийы фӕрцы Хуыцау зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр кӕрӕдзийӕн афтӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут» (Еф. 4:32). Кӕд нӕ исчи тынг фӕхъыг кодта, уӕд ын ӕй ныххатыр кӕнӕм, Хуыцау нын куыд хатыр кӕны, афтӕ (Лук. 11:4). Зӕгъӕм, ӕмбырды чидӕр нӕ фыдкой кӕны, ӕмӕ йӕм мах бацыдыстӕм, цӕмӕй йемӕ аныхас кӕнӕм ӕмӕ бафидауӕм. Уыцы адӕймаг зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ нӕ хатыртӕ ракуырдта. Мах ын ныххатыр кодтам, фӕлӕ ма нӕ ноджы цыдӕр хъӕуы саразын. Левиты 19:18 кӕсӕм: «Дӕ маст ма ис ӕмӕ дӕ адӕмы фырттӕм дӕ зӕрдӕйы маст ма хӕсс. Иннӕйы уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ. Ӕз дӕн Йегъовӕ».

Хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм

16. Ӕрхӕсс цӕвиттон, цӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕг уды маст ма бауадзӕм, уый тыххӕй нӕ цыдӕр кӕй бахъӕуы аивын.

16 Иунӕгӕй куы уӕм, уӕд дӕр, гӕнӕн ис, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддаг саразӕм. Зӕгъӕм, ӕфсымӕр хъусы, чи не ’мбӕлы, ахӕм музыкӕмӕ. Йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудти, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» литературӕйы Библийӕ цы уынаффӕ ис, уымӕ кӕй нӕ хъуыста, уый тыххӕй (Матф. 24:45). Хуыцаумӕ скуывта ӕмӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Павел Ефесӕгтӕм 4:30 цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдон. Фидарӕй аскъуыддзаг кодта, Хуыцауы сыгъдӕг уды маст цы бауадздзӕн, ахӕмӕй кӕй ницыуал кӕндзӕн ӕмӕ ахӕм музыкӕмӕ кӕй нал хъусдзӕн. Раст уынаффӕ кӕй рахаста, уый тыххӕй йын Йегъовӕ раарфӕ кӕндзӕн. Уӕдӕ дарддӕр дӕр нӕхи хизӕм Хуыцауы сыгъдӕг уды маст бауадзынӕй.

17. Лӕмбынӕг куы нӕ уӕм ӕмӕ Хуыцаумӕ куы нӕ кувӕм, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн?

17 Лӕмбынӕг куы нӕ уӕм ӕмӕ Хуыцаумӕ куы нӕ кувӕм, уӕд, гӕнӕн ис, исты ӕвзӕр хъуыддаг бакӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй сыгъдӕг уды маст бауадзӕм. Хуыцау йӕ фӕндон йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы ӕххӕст кӕны. Уымӕ гӕсгӕ, сыгъдӕг уды маст куы уадзӕм кӕнӕ йӕ куы хъыг кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй хъыг кӕнӕм нӕ уӕларвон Фыды дӕр, ӕмӕ нӕ уый та, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ фӕнды (Еф. 4:30). Фыццаг ӕнусы дзуттаг чиныджыдӕснытӕ Йесойӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, диссӕгтӕ Сайтаны хъаруйӕ аразы. (Бакӕс Марчы 3:22–30.) Чырыстийы знӕгтӕ сыгъдӕг удӕй фауӕн ныхас дзырдтой ӕмӕ афтӕмӕй сарӕзтой, ныххатыр кӕнӕн кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм тӕригъӕд. Ахӕм хабар махыл макуы ӕрцӕуӕд!

18. Куыд у нӕ бон базонын, ныххатыр кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм тӕригъӕд кӕй нӕ сарӕзтам, уый?

18 Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй саразӕм, ныххатыр кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм тӕригъӕд. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Павел сыгъдӕг уды маст бауадзыны тыххӕй цы загъта, уый. Фӕлӕ кӕд уӕззау тӕригъӕд ракодтам, уӕд та куыд? Кӕд нӕ рӕдыдыл ӕрфӕсмон кодтам ӕмӕ нын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ баххуыс кодтой, уӕд уымӕй бӕрӕг у, Хуыцау нын кӕй ныххатыр кодта ӕмӕ сыгъдӕг уды ныхмӕ тӕригъӕд кӕй нӕ сарӕзтам. Хуыцау нын дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сыгъдӕг уды маст мацӕмӕй бауадзӕм.

19, 20. а) Нӕхи цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ хизӕм? ӕ) Цӕуыл хъуамӕ архайӕм?

19 Хуыцау йӕ сыгъдӕг уды уылты йӕ адӕмы хорзӕхджын кӕны уарзондзинад, циндзинад ӕмӕ иудзинадӕй (Пс. 133:1–3). Хъуамӕ нӕхи хизӕм искӕй фыдкой кӕнынӕй кӕнӕ, хистӕр нӕлгоймӕгты кад чи дӕлӕмӕ кӕны, ахӕм мӕнг ныхӕстӕ дзурынӕй, цӕмӕй сыгъдӕг уды маст ма бауадзӕм (Ап. хъ. 20:28; Иудӕ 8). Уый бӕсты мах хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн кад кӕнӕм, ӕмӕ ӕмбырды иудзинад уа. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ сӕхи хизой ӕмбырд къордтыл дихтӕ кӕнынӕй. Павел ныффыста: «Ме ’фсымӕртӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй уын фӕдзӕхсын: уе ’ппӕт дӕр дзурут ӕмхуызон, кӕрӕдзийы ныхмӕ ма цӕут, фӕлӕ ут иу зондыл хӕст ӕмӕ ӕмхуызон хъуыды кӕнут» (1 Кор. 1:10).

20 Йегъовӕйӕн йӕ бон у ӕмӕ йӕ фӕндгӕ дӕр кӕны, цӕмӕй нӕ йӕ сыгъдӕг уды маст бауадзынӕй бахиза. Уӕдӕ йӕм кувӕм, цӕмӕй нӕ йӕ сыгъдӕг удӕй хайджын кӕна ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй дзы маст макуы бауадзӕм. Стӕй, «сыгъдӕг уды цы фӕнды», уый «тауӕм» ӕмӕ йын алкӕддӕр йӕ разамынд агурӕм.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цы нысан кӕны сыгъдӕг уды маст бауадзын?

• Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг сыгъдӕг уды маст куыд бауадзы?

• Цы у нӕ бон аразын, цӕмӕй сыгъдӕг уды маст ма бауадзӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 30 фарсыл]

Бафидауыныл фӕстиат ма кӕн

[Ныв 31 фарсыл]

Дӕ дзыхыныхас цавӕр дыргъы хуызӕн у?