Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Рагон чырыстӕттӕ ӕмӕ Ромы хуыцӕуттӕ

Рагон чырыстӕттӕ ӕмӕ Ромы хуыцӕуттӕ

Рагон чырыстӕттӕ ӕмӕ Ромы хуыцӕуттӕ

ПЛИНИ КӔСТӔР, Вифинийы хицау, Ромы император Траянмӕ ныффыста: «Чырыстӕтты-иу мӕм куы ’рбакодтой ӕмӕ-иу сӕ мӕ разы куы аххосджын кодтой, чырыстӕттӕ кӕй сты, уый тыххӕй, уӕд-иу сӕ бафарстон, ӕцӕгдӕр афтӕ у ӕви нӕ, зӕгъгӕ. Ӕмӕ-иу разыйы дзуапп куы радтой, уӕд ма-иу сӕ цалдӕр хатты бафарстон ӕмӕ-иу сӕм бартхъирӕн кодтон, мӕлӕт сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕмӕ-иу уӕддӕр куы загътой, чырыстӕттӕ кӕй сты, уӕд-иу сын мӕлӕты тӕрхон рахастон». Фӕлӕ-иу чидӕртӕ сӕ диныл сӕ къух систой – Чырыстийы-иу бафаудтой ӕмӕ-иу императоры цыртӕн, стӕй Плини галуаны кӕртмӕ кӕй ӕрбахаста, уыцы хуыцӕутты нывтӕн-иу бакуывтой. Плини уыцы адӕмы тыххӕй ныффыста: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, ахӕм адӕмы сӕрибар кӕнӕн уыди».

Фыццаг чырыстӕтты ӕфхӕрдтой, императорӕн ӕмӕ алыхуызон хуыцӕутты нывтӕн кӕй нӕ куывтой, уый тыххӕй. Ромы паддзахады ма цы динтӕ уыд, уыдонӕй та цы зӕгъӕн ис? Цавӕр хуыцӕуттӕн куывтой уыцы динтыл хӕст адӕм ӕмӕ сӕм ромӕгтӕ цы цӕстӕй кастысты? Чырыстӕттӕ Ромы хуыцӕуттӕн нывӕндтӕ кӕй нӕ хастой, уый тыххӕй сӕ цӕмӕн ӕфхӕрдтой? Ацы фарстатыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд базондзыстӕм, мах дӕр ахӕм уавӕрты куы бахауӕм, уӕд нӕ куыд хъӕуы архайын, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайӕм.

Ромы паддзахады динтӕ

Ромы паддзахады чи цард, уыцы адӕмыхӕттытӕ куыд бирӕ уыдысты, афтӕ бирӕ уыдысты, кӕмӕн куывтой, уыцы хуыцӕуттӕ дӕр. Ӕмӕ кӕд ромӕгты цӕсты иудаизм ӕнахуыр дин уыд, уӕддӕр ӕй нымадтой религио ликита-йыл (religio licita), ома сӕм нымады уыд, ӕмӕ-иу йӕ сӕрыл дӕр хӕцыдысты. Иерусалимы кувӕндоны-иу дзуттӕгтӕ бон дыууӕ хатты нывондӕн хастой дыууӕ уӕрыччы ӕмӕ иу уӕныг кесӕр ӕмӕ ромӕгты тыххӕй. Ромӕгтӕн уӕлдай нӕ уыд, дзуттӕгтӕ фӕнды иу хуыцауӕн хастаиккой нывӕндтӕ, фӕнды бирӕ хуыцӕуттӕн. Уыдонӕн сӕйрагдӕр уыд, дзуттӕгтӕ уыцы хъуыддагӕй кӕй ӕвдыстой, Ромы паддзахадыл ӕнувыд кӕй сты.

Ромы паддзахады адӕмӕн сӕ фылдӕр куывтой алыхуызон хуыцӕуттӕн. Бирӕтӕ райдыдтой грекъаг хуыцӕуттӕн кувын ӕмӕ дӕсны фӕрсын. Хурыскӕсӕны динтыл хӕст адӕм дзырдтой, зӕгъгӕ, сӕ диныл ӕнувыд чи уа, уыдон никуы амӕлдзысты, стӕй сын хуыцӕуттӕ ахсджиаг хабӕрттӕ ӕргом кӕндзысты ӕмӕ сӕ дины ӕгъдӕуттӕ куы ӕххӕст кӕной, уӕд сӕм баввахс уыдзысты. Ацы динтӕ апарахат сты ӕгас паддзахадыл. Нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусты бирӕтӕ куывтой египетаг хуыцау Сераписӕн ӕмӕ ус-хуыцау Исидӕйӕн, сириаг ус-хуыцау Атаргатисӕн (кӕсагхуыз хуыцау) ӕмӕ персайнаг хуры хуыцау Митрӕйӕн.

Хъуыддӕгты чиныгӕй хорз зыны, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ кӕй цардысты, алыхуызон хуыцӕуттӕн чи куывта, ахӕм адӕмы ’хсӕн. Зӕгъӕм, Кипры хицау лымӕн кодта дзуттаг кӕлӕнгӕнӕгимӕ (Ап. хъ. 13:6, 7). Листрӕйы цӕрджытӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйы банымадтой грекъаг хуыцӕуттыл – Гермес ӕмӕ Зевсыл (Ап. хъ. 14:11–13). Павел Филиппты фембӕлд, дӕсны чи фарста, иу ахӕм лӕггадгӕнӕг чызгыл (Ап. хъ. 16:16–18). Афинты та бафиппайдта, горӕты цӕрджытӕ хуыцӕуттыл иннӕ адӕмӕй ӕнувыддӕр кӕй сты. Уыцы горӕты ма федта нывондхӕссӕн, фыст ыл уыд, «Ӕнӕзонгӕ Хуыцауӕн», зӕгъгӕ (Ап. хъ. 17:22, 23). Ефесы цӕрджытӕ куывтой ус-хуыцау Артемидӕйӕн (Ап. хъ. 19:1, 23, 24, 34). Павел Мальтӕйы сакъадахыл куы уыди, уӕд ӕй бынӕттон цӕрджытӕ хуыцау схуыдтой, уымӕн ӕмӕ йыл калм куы фӕхӕцыд, уӕд ын ницы уыд (Ап. хъ. 28:3–6). Чырыстӕттӕ ахӕм адӕмы ’хсӕн кӕй цардысты, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уыдаиккой къӕрцхъус, цӕмӕй сӕхи мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй бахызтаиккой.

Ромаг хуыцӕуттӕ

Ромы паддзахад куыд стырдӕр кодта, афтӕ ромӕгтӕ иннӕ адӕмыхӕттыты хуыцӕуттӕн дӕр райдыдтой кувын. Уыдоны уырныдта, уыцы хуыцӕуттӕ ӕмӕ сӕхи хуыцӕуттӕ иу кӕй сты, ӕрмӕст цӕмӕйдӕрты кӕй хицӕн кӕнынц. Ромӕгтӕ-иу цы бӕстӕтӕ бацахстой, уым-иу сын сӕ хуыцӕутты нӕ фесӕфтой, фӕлӕ-иу сын сӕхӕдӕг дӕр райдыдтой кувын. Ромы паддзахады алыхуызон адӕмыхӕттытӕ куыд бирӕ систы, афтӕ бирӕ систы ромаг дины хуыцӕуттӕ дӕр. Ромаг дины ӕнӕмӕнг нӕ уыд ӕрмӕстдӕр иу хуыцауӕн кувын. Адӕмӕн сӕ бон уыд уыциу рӕстӕг алыхуызон хуыцӕуттӕн кувын.

Ромӕгты сӕйраг хуыцау уыд Юпитер, хуыдтой ма йӕ Оптимус Максимус (Optimus Maximus) дӕр, ома ӕппӕты хуыздӕр ӕмӕ ӕппӕты стырдӕр. Ромӕгтӕ йӕ нымадтой дымгӕ, къӕвда, арвӕрттывд ӕмӕ арвынӕрды хуыцауыл. Юпитеры хо ӕмӕ ус Юнонӕ уыд мӕйы хуыцау ӕмӕ сылгоймӕгты бардуаг, ома сын сӕ царды алы хъуыддаджы дӕр ӕххуыс кодта. Юпитеры чызг Минервӕ уыд ӕрмгуыст, аивад, хӕст ӕмӕ цавӕрдӕр професситы хуыцау.

Ромаг хуыцӕуттӕ афтӕ бирӕ уыдысты, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕ уыд. Ларӕтӕ ӕмӕ пенаттӕ уыдысты бинонты хуыцӕуттӕ. Вестӕ уыди къонайы бардуаг, ома бинонты фарн ӕмӕ иудзинад хъахъхъӕдта. Дыууӕцӕсгомон хуыцау Янус уыдис алы райдианы бардуаг. Алы куыстӕн дӕр уыд йӕхи бардуаг. Ромӕгтӕн ма суанг уыди цавӕрдӕр миниуджытӕ ӕмӕ хъуыддӕгты бардуагтӕ дӕр. Зӕгъӕм, Пакс уыд фарны ус-хуыцау, Салюс – ӕнӕниздзинады ус-хуыцау, Пудикити – бонзонгӕдзинад ӕмӕ ӕгъдаудзинады ус-хуыцау, Фидес – ӕнувыддзинады ус-хуыцау, Виртус – хъӕбатырдзинады хуыцау ӕмӕ Волюптас – ӕхсызгондзинады ус-хуыцау. Ромӕгтӕн сӕ царды алы хъуыддаг дӕр баст уыд сӕ хуыцӕутты фӕндонимӕ. Уымӕ гӕсгӕ-иу, цӕмӕй цавӕрдӕр хъуыддаг сӕ къухы бафтыдаид, уый тыххӕй-иу хъуамӕ, уыцы хъуыддагмӕ йӕ хъус чи дардта, уыцы хуыцауы хорзӕх ссардтаиккой – хъуамӕ йӕм скуывтаиккой, нывӕндтӕ йын ӕрхастаиккой ӕмӕ йӕ номыл бӕрӕгбон скодтаиккой.

Зӕгъӕм, хуыцӕутты фӕндон базонӕн уыд цавӕрдӕр нысӕнттӕм гӕсгӕ. Сӕйраджыдӕр-иу ахӕм нысӕнттӕ агуырдтой, нывондӕн-иу кӕй ӕрхастой, уыцы фосы хуылфы дзаумӕттӕм кӕсгӕйӕ. Сӕ хуызмӕ гӕсгӕ-иу уыд базонӕн, сӕ фӕндтӕ сӕ хуыцӕутты зӕрдӕмӕ цӕуынц ӕви нӕ.

Нӕ эрӕйы размӕ дыккаг ӕнусы кӕрон ромӕгтӕ грекъаг сӕйраг хуыцӕутты банымадтой сӕхи хуыцӕуттыл. Зӕгъӕм, Зевсы банымадтой Юпитерыл, Герӕйы – Юнонӕйыл ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Ромӕгтӕ ма сӕ мифологимӕ бафтыдтой ӕндӕр грекъаг бардуагты дӕр. Уыцы мифологийы сӕ хуыцӕутты хорзы кой ӕппындӕр нӕ уыд – уыдон дӕр уыдысты зӕххон адӕмы хуызӕн ӕмӕ сӕм уыди бирӕ хъӕндзинӕдтӕ. Зӕгъӕм, Зевс уыд тыхмигӕнӕг, стӕй сывӕллӕттӕн фыдмитӕ кодта ӕмӕ зӕххон адӕмимӕ ӕмӕ хуыцӕуттимӕ хӕтыд. Уыцы хуыцӕутты ӕнӕфсарм хъуыддӕгтӕ арӕх ӕвдыстой рагон театрты ӕмӕ сын чи куывта, уыдонӕн уый ӕфсон уыд, цӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ кодтаиккой.

Ахуыргонд адӕмӕй мифологитӕ ӕцӕг хабӕрттыл чи нымадта, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ нӕ уыдысты. Чидӕртӕ сӕ дзырдта, уыцы таурӕгътӕн фӕсномыг хъуыды кӕй ис. Понти Пилат цы фарста радта, зӕгъгӕ, ӕцӕгдзинад та цы у, уымӕй бӕрӕг у, ахуыргонд адӕмӕн сӕ фылдӕр ахӕм хъуыдыйыл хӕст кӕй сты, ӕмӕ, рӕстдзинад цы у, уый кӕронмӕ бамбарӕн нӕй (Иоан. 18:38).

Императорӕн кувыны ӕгъдау

Август паддзах куы сси (н. э. размӕ 27 азӕй н. э. 14 азы онг), уӕд ромӕгтӕ райдыдтой императортӕн кувын. Хурыскӕсӕны грекъаг ӕвзагыл кӕм дзырдтой, уыцы бӕстӕты бирӕтӕ Августӕй тынг бузныг уыдысты, хӕстытӕн кӕрон кӕй скодта ӕмӕ сын сабырдзинад кӕй ӕрхаста, уый тыххӕй. Адӕмы фӕндыд, цӕмӕй сӕхи цӕстӕй кӕй уыдтаиккой, ахӕм тых сӕ хъахъхъӕдтаид. Стӕй кӕд алыхуызон динтыл хӕст уыдысты, уӕддӕр сӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ паддзах зӕххыл цӕрӕг адӕмы се ’ппӕты дӕр иу зондыл сарӕзтаид ӕмӕ сӕ «ирвӕзынгӕнӕгыл» ӕнувыд уыдаиккой. Уымӕ гӕсгӕ императоры хуыцауы бынаты сӕвӕрдтой.

Кӕд Август, цалынмӕ удӕгас уыд, уӕдмӕ йӕхи хуыцау хонын нӕ уагъта, уӕддӕр адӕмӕй домдта, цӕмӕй куывтаиккой горӕт Ромы ус-хуыцау Ромӕйӕн (Roma Dea). Августӕн кувын райдыдтой йӕ мӕлӕты фӕстӕ. Ромы адӕм сӕ хуыцӕуттыл ӕмӕ паддзахыл ӕнувыд кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ кувын райдыдтой паддзахадӕн дӕр ӕмӕ паддзахӕн йӕхицӕн дӕр. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Ромы паддзахады ӕппӕт бӕстӕты адӕм райдыдтой императорӕн кувын, ӕмӕ-иу афтӕмӕй ӕвдыстой, сӕ бӕстӕйыл ӕнувыд кӕй сты.

Ромаг императортӕй йӕхицӕн кувын чи домдта, уыдонӕй фыццаг уыд Домициан (н. э. 81 азӕй 96 азы онг). Уыцы рӕстӕг ромӕгтӕ бамбӕрстой, чырыстӕттӕ дзуттӕгтӕй кӕй хицӕн кӕнынц, уый ӕмӕ ног дины ныхмӕ рацыдысты. Апостол Иоанны, ӕвӕццӕгӕн, Домицианы рӕстӕджы ӕрцахстой ӕмӕ йӕ Патмосы сакъадахмӕ арвыстой, «Йесойы тыххӕй кӕй хъусын кодта», уый тыххӕй (Рарг. 1:9).

Иоанн ахст куы уыд, уӕд ныффыста Раргомады чиныг. Уыцы чиныджы ныффыста, иу чырыстоны, Антипӕ, зӕгъгӕ, Пергамы куыд амардтой, уый тыххӕй. Пергам уыд, императорӕн кӕм куывтой, ахӕм сӕйраг горӕт (Рарг. 2:12, 13). Уыцы рӕстӕг, ӕвӕццӕгӕн, Ромы хицауад чырыстӕттӕй домын райдыдта, цӕмӕй паддзахады дины ӕгъдӕуттӕ ’ххӕст кодтаиккой. Куыдфӕнды ма уыдаид, н. э. 112 азы Плини Вифинийы цӕрӕг чырыстӕттӕй домдта уыцы ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнын. Уый бӕрӕг у, Траянмӕ цы писмо ныффыста, уымӕй (писмойы тыххӕй дзырд цыд статьяйы райдианы).

Траян Плинийы уынаффӕтимӕ разы уыд ӕмӕ-иу чырыстӕттӕй ромаг хуыцӕуттӕн кувыныл чи нӕ разы кодта, уыдонӕн-иу мӕлӕты тӕрхон рахаста. Траян ныффыста: «Адӕймаг йӕ диныл йӕ къух куы сиса ӕмӕ нӕ хуыцӕуттӕн кувыныл куы сразы уа, уӕд ын хъӕуы ныххатыр кӕнын, кӕд ыл кӕронмӕ не ’ууӕндай, уӕддӕр».

Ромӕгтӕм ӕнахуыр кастысты, ӕрмӕстдӕр иу хуыцауӕн кувын кӕм хъуыд, ахӕм динтӕ. Кӕд ромаг хуыцӕуттӕ уый нӕ домдтой, уӕд чырыстӕтты Хуыцау уый цӕмӕн домдта? Адӕм афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Ромы хуыцӕуттӕн кӕй кувынц, уымӕй ӕвдисынц, хицауадыл ӕнувыд кӕй сты. Уымӕ гӕсгӕ сын чи нӕ куывта, уыдоны Ромы паддзахады знӕгтыл нымадтой. Плини бамбӕрста, чырыстӕттӕн сӕ фылдӕры ӕппындӕр кӕй ницӕмӕй ис басӕттӕн. Уыдон ӕмбӕрстой, императорӕн куы бакувой, уӕд Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ кӕй сивдзысты. Рагон чырыстӕттӕй бирӕтӕ мӕлӕтыл дӕр разы уыдысты, цӕйнӕфӕлтау императорӕн бакуывтаиккой.

Ацы хабар махӕн дӕр ахсджиаг цӕмӕн у? Иуӕй-иу бӕстӕты адӕм фӕтабу кӕнынц цавӕрдӕр нысӕнттӕн. Мах чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хицауадӕн аргъ кӕнӕм (Ром. 13:1). Фӕлӕ нын, зӕгъӕм, тырысайӕн куы фӕтабу кӕнын кӕнынц, уӕд нӕ зӕрдыл фӕдарӕм, Хуыцау Йегъовӕ махӕй кӕй домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уӕм иузӕрдион, стӕй фӕархайӕм, йӕ Ныхасы цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ – нӕхи «хизӕм мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй» (1 Кор. 10:14; 1 Иоан. 5:21; Наум 1:2). Чырысти загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув ӕмӕ иунӕг уымӕн лӕггад кӕн» (Лук. 4:8). Цӕй уӕдӕ нӕ Хуыцауыл алкӕддӕр иузӕрдион уӕм.

[Хицӕнгонд текст 5 фарсыл]

Ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл сты иузӕрдион

[Нывтӕ 3 фарсыл]

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ нӕ разы кодтой императорӕн ӕмӕ хуыцӕутты нывтӕн кувыныл

Император Домициан

Зевс

[Барлӕвӕрдӕй]

Emperor Domitian: Todd Bolen/​Bible Places.com; Zeus: Photograph by Todd Bolen/​Bible Places.com, taken at Archaeological Museum of Istanbul

[Ныв 4 фарсыл]

Ефесы чырыстӕттӕ, иннӕ адӕмӕй уӕлдай, нӕ куывтой ус-хуыцау Артемидӕйӕн (Ап. хъ. 19:23–41).