Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сылгоймаг йӕ сӕрыхицауы коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕса?

Сылгоймаг йӕ сӕрыхицауы коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕса?

Сылгоймаг йӕ сӕрыхицауы коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕса?

«Сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг» (1 КОР. 11:3).

1, 2. а) Чи кӕй дӕлбар хъуамӕ уа, уыцы хъуыддаджы Йегъовӕ цы фӕтк сӕвӕрдта, уый тыххӕй апостол Павел цы ныффыста? ӕ) Ацы статьяйы цӕуыл цӕудзӕн дзырд?

ЙЕГЪОВӔ бӕлвырд фӕтк сӕвӕрдта, чи кӕй дӕлбар хъуамӕ уа, уыцы хъуыддаджы. Павел уый тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти, Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау (1 Кор. 11:3). Амӕй размӕ цы статья ахуыр кодтам, уым ныхас цыд, Чырысти йӕхицӕн кадыл кӕй нымадта ӕмӕ йын ӕхсызгон дӕр кӕй уыд йӕ хицауы, Йегъовӕ Хуыцауы, коммӕ кӕсын. Дзырд ма дзы цыди, нӕлгоймӕгтӕн сӕ хицау Чырысти кӕй у. Чырысти уыд хӕларзӕрдӕ, фӕлмӕн ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг, стӕй адӕмӕн йӕ уд не ’вгъау кодта. Нӕлгоймӕгтӕ дӕр иннӕтӕм раст ахӕм зӕрдӕ хъуамӕ дарой, уӕлдайдӕр та сӕ устытӕм.

2 Фӕлӕ цы зӕгъӕн ис сылгоймӕгтӕй та? Уыдонӕн та сӕ хицау чи у? Павел ныффыста: «Сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг». Сылгоймӕгтӕ ацы ныхӕстӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? Цымӕ сӕ лӕгтӕ ӕнӕуырнӕг куы уой, уӕддӕр хъуамӕ ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ архайой? Цымӕ сылгоймагӕн сӕрыхицау кӕй ис, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йын дзырды бар нӕй, исты уынаффӕ хӕссын куы фӕхъӕуы, уӕд? Сылгоймаг кады аккаг кӕд вӕййы?

«Скӕнон ын, йемӕ чи сфидауа, ахӕм ӕххуысгӕнӕг»

3, 4. Хуыцау бинонты царды цы фӕтк сӕвӕрдта, уый цы пайда у?

3 Хуыцау Йегъовӕ райдианы йӕхӕдӕг сбӕлвырд кодта, бинонты хистӕр чи хъуамӕ уа, уый. Адамы куы сфӕлдыста, уӕд загъта: «Адӕймаг иунӕг кӕй у, уый хорз нӕу. Скӕнон ын, йемӕ чи сфидауа, ахӕм ӕххуысгӕнӕг». Адам фыццаг хатт Евӕйы куы федта, уӕд бамбӕрста, кӕй йын фӕзынд ӕмбал ӕмӕ ӕххуысгӕнӕг ӕмӕ фырцинӕй загъта: «Кӕдӕй-уӕдӕй! Ай у стӕг ме стӕгӕй, ӕмӕ буар мӕ буарӕй» (Райд. 2:18–24). Адам ӕмӕ Евӕйӕн уыд диссаджы фадат, цӕмӕй ӕппӕт адӕм кӕмӕй рацыдаиккой, ахӕм мад ӕмӕ фыд суыдаиккой. Ӕмӕ сӕ цот хъуамӕ зӕххыл ӕнустӕм амондджынӕй цардаиккой.

4 Нӕ рагфыдӕлтӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый аххосӕй адӕмӕн сӕ бон нӕу Хуыцауы ’вӕрд фӕткмӕ гӕсгӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ архайын. (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:12.) Фӕлӕ бинонты хистӕр лӕг кӕй у, уыцы уагӕвӕрд йӕ тых нӕ фесӕфта. Лӕг йӕ бартӕй раст куы пайда кӕна ӕмӕ йӕ ус йӕ коммӕ куы кӕса, уӕд арфӕгонд уыдзысты ӕмӕ сын уый циндзинад хӕсдзӕн, раст Йесойӕн йӕ хицауы, Йегъовӕйы, коммӕ кӕсын циндзинад куыд хаста, афтӕ. Чырысти уӕлӕрвты куы уыд, уӕд уыди Йегъовӕйы «стыр цин алы бон дӕр» (Ӕмб. 8:30). Адӕм ӕнӕххӕст кӕй сты, уый тыххӕй нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон нӕ вӕййы алыхатт сӕ хӕстӕ раст ӕххӕст кӕнын ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр алыхатт коммӕгӕс нӕ разынынц. Фӕлӕ сӕ дыууӕтӕ дӕр ӕппӕт тыхтӕй куы архайой, цӕмӕй уыцы фӕткмӕ гӕсгӕ цӕрой, уӕд абон дӕр уыдзысты амондджын.

5. Лӕг ӕмӕ ус цӕмӕн хъуамӕ хъусой, Ромӕгтӕм 12:10 цы уынаффӕ ис, уымӕ?

5 Цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус амондджын уой, уый тыххӕй сӕ сӕйраджыдӕр хъӕуы ацы уынаффӕмӕ хъусын: «Кӕрӕдзи уарзут ӕфсымӕртау, фӕлмӕн уарзтӕй. Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ уӕ иу иннӕмӕ ӕнхъӕлмӕ ма кӕсӕд» (Ром. 12:10). Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайой, цӕмӕй «кӕрӕдзимӕ уой хӕларзӕрдӕ, сӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарой» ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕн «зӕрдӕйӕ хатыр кӕной» (Еф. 4:32).

Цардӕмбал ӕнӕуырнӕг куы уа

6, 7. Ус йе ’нӕуырнӕг лӕджы коммӕ куы кӕса, уӕд уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

6 Дӕ цардӕмбал Йегъовӕйӕн куы нӕ лӕггад кӕна, уӕд та куыд? Арӕхдӕр лӕг вӕййы ӕнӕуырнӕг. Ахӕм уавӕры ус йӕ лӕгмӕ цавӕр цӕстӕй хъуамӕ кӕса? Библийы фыст ис: «Устытӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут, цӕмӕй сӕ Хуыцауы ныхасмӕ чи нӕ хъусы, уыдон ӕнӕ ныхӕстӕй дӕр сӕ устыты уаг ӕмӕ ӕгъдауы фӕрцы басӕттой, хӕдӕфсарм кӕй стут ӕмӕ сӕ кӕй нымайут, уый уынгӕйӕ» (1 Пет. 3:1, 2).

7 Хуыцауы Ныхас устытӕн дзуры, цӕмӕй се ’нӕуырнӕг лӕгты коммӕ кӕсой. Усӕн йӕ хорз уагахаст, гӕнӕн ис, йӕ лӕгыл фӕзына ӕмӕ ахъуыды кӕна, зӕгъгӕ, цымӕ мӕ ус афтӕ ӕгъдауджын цӕй фӕрцы сси. Чи зоны, лӕджы бафӕнда базонын, йӕ ус цӕуыл ӕууӕнды, уый ӕмӕ ӕппынфӕстаг рӕстдзинады фӕндагыл слӕууа.

8, 9. Ӕнӕуырнӕг лӕг йӕ усы хорз уагахаст куы ницӕмӕ дара, уӕд усӕн йӕ бон цы у аразын?

8 Фӕлӕ ӕнӕуырнӕг лӕг йӕ усы хорз уагахаст куы ницӕмӕ дара, уӕд та куыд? Фыстад устыты разӕнгард кӕны, цӕмӕй чырыстон миниуджытӕ ӕвдисой, цыфӕнды зын уавӕрты ма уой, уӕддӕр. Зӕгъӕм, 1 Коринфӕгтӕм 13:4 фыст ис: «Уарзондзинад бирӕ фӕразы». Уӕдӕ чырыстон сылгоймаг хъуамӕ дарддӕр дӕр архайа, цӕмӕй уа «сӕрныллӕг, фӕлмӕн, бирӕфӕразон» ӕмӕ уарзондзинады фӕрцы алцӕмӕндӕр быхса (Еф. 4:2). Хуыцауы архайгӕ тыхы фӕрцы усӕн йӕ бон у, ӕмӕ суанг зын уавӕрты дӕр хорз миниуджытӕ ӕвдиса.

9 Павел ныффыста: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Фил. 4:13). Чырыстон адӕймагӕн Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у. Зӕгъӕм, искӕй йӕ цардӕмбал куы ӕфхӕра, уӕд ӕй, гӕнӕн ис, бафӕнда йӕ маст райсын. Фӕлӕ Библи чырыстӕттӕн дзуры: «Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут... Уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: „Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ“» (Ром. 12:17–19). 1 Фессалоникӕгтӕм 5:15 стихы та ис ахӕм уынаффӕ: «Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ ӕвзӕр ӕвзӕрӕй макӕмӕн мачи фида, фӕлӕ, уӕ кӕрӕдзийӕн дӕр ӕмӕ алкӕмӕн дӕр хорз цы у, алкӕддӕр ууыл архайут». Нӕхи бон цы нӕу, уый нӕ бон свӕййы Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы. Уӕдӕ куыд хорз уаид Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых курын, цӕмӕй нӕм фӕзыной, цы миниуджытӕ нын нӕ фаг кӕны, уыдон!

10. Чырыстийы-иу куы ’фхӕрдтой, уӕд-иу йӕхи куыд дардта?

10 Чырыстийы-иу куы ’фхӕрдтой, уӕд-иу йӕхи куыд дардта, уымӕй нын у фӕзминаг. 1 Петры 2:23 фыст ис: «Ӕлгъыстой йӕ, фӕлӕ уый никӕй ӕлгъыста. Хъизӕмӕрттӕ ӕвзӕрста, фӕлӕ ӕртхъирӕн никӕмӕ кодта – раст тӕрхон чи кӕны, уый бар-иу бакодта йӕхи». Мах дӕр хъӕуы Чырыстийау архайын. Исчи нӕ куы мӕсты кӕна, уӕд ӕй нӕхи рӕдийын кӕнын ма бауадзӕм. Уымӕн ӕмӕ чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр уыд загъд, цӕмӕй «кӕрӕдзийы зын ӕмбарой, сӕрныллӕг уой, ӕвзӕр ӕвзӕрӕй ма фидой ӕмӕ сӕ чи ӕлгъиты, уыдоны ма ӕлгъитой» (1 Пет. 3:8, 9).

Цымӕ сылгоймӕгтӕн дзырды бар ис?

11. Иуӕй-иу чырыстон сылгоймӕгтӕм цавӕр кад ӕрхауд?

11 Цымӕ сылгоймагӕн сӕрыхицау кӕй ис, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йын бинонты ’хсӕн кӕнӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дзырды бар нӕй? Уый ууыл дзурӕг нӕу. Йегъовӕ нӕлгоймӕгты цӕмӕй схорзӕхджын кодта, уымӕй схорзӕхджын кодта сылгоймӕгты дӕр. Ахъуыды-ма кӕн, цӕй стыр кад ӕрхауд 144 000 сӕрст чырыстонмӕ – уӕлӕрвты Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ уыдзысты! Уыдоны ’хсӕн ис сылгоймӕгтӕ дӕр (Гал. 3:26–29). Бӕрӕг у, сылгоймӕгтӕн Йегъовӕйы хъуыддӕгты кӕй ис ахсджиаг бынат.

12, 13. Сылгоймӕгтӕ кӕй пехуымпариуӕг кодтой, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

12 Зӕгъӕм, рагзаманты иуӕй-иу сылгоймӕгтӕ пехуымпариуӕг кодтой. Иоилы 2:28, 29 фыст ис: «Ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн алыхуызон адӕймӕгтыл, ӕмӕ уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ пехуымпариуӕг кӕндзысты... Уыцы бонты мӕ тых ӕруадздзынӕн суанг лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгтыл ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтыл дӕр».

13 Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм бон Иерусалимы иу хӕдзары уӕллаг уаты ӕрӕмбырд Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй иу-120 адӕймаджы, се ’хсӕн уыдысты сылгоймӕгтӕ дӕр. Хуыцау сӕ се ’ппӕты дӕр схайджын кодта йӕ сыгъдӕг тыхӕй. Уымӕ гӕсгӕ Петр адӕмӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта Иоилы ныхӕстӕ ӕмӕ сӕ ахаста нӕлгоймӕгтӕм дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕм дӕр: «Уый у, пехуымпар Иоилы дзыхӕй кӕй тыххӕй загъд уыд, уыцы хабар: „Фӕстаг бонты,– зӕгъы Хуыцау,– мӕ сыгъдӕг удӕй схайджын кӕндзынӕн алыхуызон адӕймӕгты, ӕмӕ уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ пехуымпар-ныхас кӕндзысты... Ӕмӕ суанг мӕ цагъар лӕппуты ӕмӕ мӕ цагъар чызджыты уыцы бонты схайджын кӕндзынӕн мӕ сыгъдӕг удӕй ӕмӕ пехуымпар-ныхас кӕндзысты“» (Ап. хъ. 2:16–18).

14. Фыццаг ӕнусы сылгоймӕгтӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы куыд архайдтой?

14 Фыццаг ӕнусы сылгоймӕгтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зӕрдиагӕй хъусын кодтой. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы хъуыддаг размӕ цыдаид, уый тыххӕй сӕм цы уыд, уый не ’вгъау кодтой (Лук. 8:1–3). Зӕгъӕм, апостол Павел ской кодта Фивӕйы тыххӕй, зӕгъгӕ, «уый лӕггад кӕны Кенхрейы ӕмбырды». Стӕй йе ’мчырыстӕттӕм салӕмӕттӕ куы ’рвыста, уӕд цалдӕр иузӕрдион сылгоймаджы номгай ранымадта. Се ’хсӕн уыдысты Трифенӕ ӕмӕ Трифосӕ дӕр, Хицауы хъуыддаджы тынг зӕрдиагӕй чи архайдта, уыцы сылгоймӕгтӕ. Салӕмттӕ ма арвыста хо Персидӕйӕн дӕр, зӕгъгӕ, «уый нӕ Хицауы хъуыддаджы бирӕ сарӕзта» (Ром. 16:1, 12).

15. Абон сылгоймӕгтӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы куыд архайынц?

15 Абон ӕгас зӕххыл дӕр Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынц авд милуан адӕймагӕй фылдӕр. Уыдонӕн сӕ фылдӕр сты алы кары сылгоймӕгтӕ (Матф. 24:14). Бирӕтӕ сӕ лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй, миссионертӕй ӕмӕ Вефилты. Псаломзарӕггӕнӕг Давид загъта: «Йегъовӕ йӕхӕдӕг зӕгъы ныхас. Хорз хабар чи хӕссы, уыцы сылгоймӕгтӕ сты ӕнӕхъӕн ӕфсад» (Пс. 68:11). Куыд раст разындысты ацы ныхӕстӕ! Йегъовӕ сылгоймӕгтӕн стыр аргъ кӕны, хъусын кӕныны хъуыддаджы кӕй архайынц ӕмӕ йын йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый тыххӕй. Уӕдӕ кӕд Хуыцау чырыстон сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицауы коммӕ кӕсын бафӕдзӕхста, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын дзырды бар нӕй.

Йӕ хъуыды ӕргом чи загъта, дыууӕ ахӕм сылгоймаджы

16, 17. Саррӕйы цӕвиттонӕй куыд зыны, сылгоймӕгтӕн дзырды бар кӕй ис?

16 Кӕд Йегъовӕ сылгоймӕгтӕн бирӕ хъуыддӕгтӕ бахӕс кодта, уӕд цымӕ лӕгтӕ исты ахсджиаг уынаффӕ рахӕссыны размӕ сӕ устыты хъуыды хъуамӕ ма базоной? Афтӕ кӕнын зондыл дзурӕг уыдзӕн. Библийы фыст ис, устытӕ-иу сӕ лӕгты хъуыды куы нӕ базыдтой ӕмӕ-иу афтӕмӕй сӕхӕдӕг уынаффӕ куы рахастой, цалдӕр ахӕм хабары. Ӕркӕсӕм дзы дыууӕмӕ.

17 Саррӕ йӕ лӕг Авраамӕн дзырдта, цӕмӕй йӕ дыккаг ус ӕмӕ йын йӕ фырты арвыстаид, уымӕн ӕмӕ Саррӕйы ӕмӕ йӕ фырты ницӕмӕ дардтой. Ӕмӕ кӕд уый «Авраамӕн тынг хъыг уыди», уӕд Йегъовӕ та уым ӕвзӕрӕй ницы уыдта ӕмӕ йын загъта: «Саррӕ дын лӕппуйы ӕмӕ цагъар-сылгоймаджы тыххӕй цы загъта, ууыл ма маст кӕн. Байхъус ӕм» (Райд. 21:8–12). Авраам Йегъовӕмӕ байхъуыста ӕмӕ йын Саррӕ куыд загъта, афтӕ бакодта.

18. Авигейӕ цавӕр хъуыддаг бакодта?

18 Ахъуыды-ма кӕнӕм Навалы ус Авигейӕйы хабарыл дӕр. Давид паддзах Саулӕй куы ӕмбӕхсти, уӕд иу рӕстӕг ӕрбынат кодта, Навалы фос кӕм хызти, уым. Давид йӕ адӕмимӕ Навалы фӕллоймӕ никуы бавнӕлдта, фӕлӕ-иу ын ӕй хъахъхъӕдта. Навал та уыд «тызмӕг» ӕмӕ «ницӕйаг адӕймаг», стӕй Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй «йе ’нӕзонддзинад дӕр йемӕ уыд». Давиды адӕм ӕм куы ӕрбацыдысты ӕмӕ йын куы загътой, цӕмӕй сын исты хойрӕг радтаид, уӕд сын «алывыдтӕ фӕкалдта». Авигейӕ уый куы фехъуыста, уӕд куыд бакодта? Навалӕн ницы схъӕр кодта, афтӕмӕй «ауади, райста дыууӕсӕдӕ дзулы, дыууӕ стыр сӕны дурыны, фондз фысы ӕргӕвстӕй, фондз къусы цӕкуытӕ, сӕдӕ тъӕпӕн гуылы чисмисӕй ӕмӕ дыууӕсӕдӕ тъӕпӕн гуылы та хус легъуитӕй» ӕмӕ сӕ Давидӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн радта. Цымӕ Авигейӕ раст бакодта? О, ӕмӕ уый бӕрӕг у, уый фӕстӕ цы ’рцыд, уымӕй. Библийы фыст ис, Йегъовӕ Навалы кӕй ӕрцавта ӕмӕ кӕй амард. Цасдӕры фӕстӕ Давид Авигейӕйы ракуырдта (1 Сам. 25:3, 14–19, 23–25, 38–42).

Кады аккаг чи у, ахӕм сылгоймаг

19, 20. Сылгоймаг кады аккаг кӕд вӕййы?

19 Фыстадмӕ гӕсгӕ раппӕлинаг у, Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ чи архайы, ахӕм ус. Ӕмбисӕндты чиныджы фыст ис «хорз усы» тыххӕй: «Уый у зынаргъ дуртӕй дӕр зынаргъдӕр. Йӕ сӕрыхицау ыл йӕ зӕрдӕ дары ӕмӕ цух ницӕмӕй ӕййафы. Цӕрӕнбонты дзы зоны ӕрмӕст хорздзинад, ницы дзы зоны ӕвзӕрӕй». Уымӕй уӕлдай ма: «Йӕ дзыхӕй цӕуы зондджын ныхас, йе ’взагыл ис ӕнувыд уарзты закъон. Йӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕм йӕ хъус дары ӕмӕ лӕвар къӕбӕр нӕ хӕры. Йӕ фырттӕ йӕ разы сыстынц ӕмӕ йӕ схонынц амондджын, сысты йӕ сӕрыхицау ӕмӕ дзы раппӕлы» (Ӕмб. 31:10–12, 26–28).

20 Сылгоймаг кады аккаг кӕд вӕййы? Ӕмбисӕндты 31:30 фыст ис: «Конд ӕмӕ уындыл ӕууӕнк нӕй, ӕмӕ рӕсугъддзинад ницы у, фӕлӕ Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыцы сылгоймаг у кады аккаг». Ус Йегъовӕйӕ кӕй тӕрсы, уый бӕрӕг уыдзӕн, йӕ сӕрыхицауы коммӕ ӕнӕзивӕгӕй куы кӕса, уӕд. «Сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг», раст «алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау» Чырысти куыд у ӕмӕ «Чырыстийӕн та йӕ хицау» Хуыцау куыд у, афтӕ (1 Кор. 11:3).

Хуыцауы лӕварӕй бузныг ут

21, 22. а) Хуыцау чырыстон бинонтӕн цы лӕвар радта, уый тыххӕй дзы бузныг цӕмӕн хъуамӕ уой? ӕ) Чи кӕй дӕлбар хъуамӕ уа, уыцы хъуыддаджы Йегъовӕ цы фӕтк сӕвӕрдта, уымӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм? (Кӕс рамкӕ 17 фарсыл.)

21 Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕ Хуыцауӕй бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй сты бузныг. Бинонты цард у Хуыцауы лӕвар ӕмӕ хӕссы стыр циндзинад. Уӕлдай бузныг дзы сты, сӕ цард кӕй баиу кодтой ӕмӕ йын иумӕ кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй (Руф 1:9; Мих. 6:8). Хуыцау бинонты Бындурӕвӕрӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хорз зоны, цы сӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй амондджын уой. Алкӕддӕр Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ архайут, ӕмӕ уын «цы циндзинад дӕтты, уый уыдзӕн уӕ фидар мӕсыг», суанг ацы змӕст дунейы дӕр (Неем. 8:10).

22 Чырыстон нӕлгоймаг йӕ усы, йӕхи куыд уарзы, афтӕ куы уарза, уӕд йемӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕндзӕн ӕмӕ йыл тыхсдзӕн. Усӕн ахӕм сӕрыхицау куы уа, уӕд ын ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ йын тынгдӕр аргъ кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй йӕ лӕг ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарздзӕн. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та у, сӕ бинонты цардӕй фӕзминаг кӕй уыдзысты ӕмӕ кад кӕй хӕсдзысты Хуыцау Йегъовӕйӕн.

Бахъуыды кодтай?

• Йегъовӕ цы фӕтк сӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ бинонты хистӕр чи у?

• Ус ӕмӕ лӕг кӕрӕдзийӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕной?

• Ус йе ’нӕуырнӕг лӕгмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕса?

• Лӕгтӕ исты ахсджиаг уынаффӕ рахӕссыны размӕ сӕ устыты хъуыды цӕмӕн хъуамӕ базоной?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 17 фарсыл]

Бартӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн аргъ кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

Йегъовӕ зӕдты ’хсӕн дӕр ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дӕр сӕвӕрдта бӕлвырд фӕтк – алчи дӕр сӕ у кӕйдӕр дӕлбар. Хуыцау афтӕ кӕй бакодта, уый сын у пайда. Уый фӕрцы сӕ бон у сӕ сӕрибардзинадӕй пайда кӕнын ӕмӕ Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ йын афтӕмӕй кад хӕссын (Пс. 133:1).

Сӕрст чырыстӕттӕ Йесо Чырыстийы нымайынц сӕ хицауыл (Еф. 1:22, 23). Чырысти та йӕ хицауыл нымайы Хуыцауы ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕппынфӕстаг «йӕхӕдӕг дӕр йӕхи бакӕндзӕн, ӕппӕт дӕр ын йӕ къӕхты бын чи ӕрӕвӕрдта, уый бар, цӕмӕй Хуыцау уа алкӕмӕн дӕр алцыдӕр» (1 Кор. 15:27, 28). Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, Хуыцау ӕмбырды дӕр ӕмӕ бинонты ’хсӕн дӕр цы фӕтк сӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ архайын! (1 Кор. 11:3; Дзут. 13:17). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Хуыцауы хорзӕхӕй ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм (Ис. 48:17).

[Ныв 13 фарсыл]

Чырыстон сылгоймагӕн куывд ӕххуыс кӕндзӕн хорз миниуджытӕ ӕвдисынӕн

[Нывтӕ 15 фарсыл]

Йегъовӕ аргъ кӕны сылгоймӕгтӕн, Паддзахады хъуыддаджы кӕй архайынц, уый тыххӕй