Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Харран – цард дзы цӕджджинагау фыхти

Харран – цард дзы цӕджджинагау фыхти

Харран – цард дзы цӕджджинагау фыхти

СЫГЪДӔГ ФЫСТАД хорз чи зоны, уыдон горӕт Харраны кой куы фехъусынц, уӕд сӕ зӕрдыл ӕвиппайды ӕрбалӕууы Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраам. Йӕ ус Саррӕ, йӕ фыд Фарӕ ӕмӕ йе ’фсымӕры фырт Лотимӕ горӕт Урӕй Ханааны зӕхмӕ куы цыдысты, уӕд рӕстӕгмӕ ӕрцардысты Харраны. Уым Авраам бирӕ фӕллой ӕрӕмбырд кодта. Йӕ фыд куы амард, уӕд сӕ балц адарддӕр кодтой, Хуыцау сын зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уырдӕм (Райд. 11:31, 32; 12:4, 5; Ап. хъ. 7:2–4). Фӕстӕдӕр Авраам йӕ лӕггадгӕнджытӕй хистӕры арвыста Харранмӕ кӕнӕ уымӕ хӕстӕг ранмӕ, цӕмӕй йын уырдыгӕй йӕ фырт Исахъӕн ус ӕркодтаид. Авраамӕн йӕ фырты фырт Иаков дӕр уым бирӕ азтӕ фӕцард (Райд. 24:1–4, 10; 27:42–45; 28:1, 2, 10).

Ассирийы паддзах Сеннахирим Иудӕйы паддзах Езекимӕ куы ӕртхъирӕн кодта, уӕд ранымадта, кӕуыл фӕуӕлахиз, уыцы «адӕмты», се ’хсӕн уыдысты Харраны цӕрджытӕ дӕр. Дзырд «Харран» ацы ран ӕрмӕст горӕтмӕ нӕ амоны, фӕлӕ ма йӕ алыврс чи цард, уыцы адӕммӕ дӕр (2 Пад. 19:11, 12). Йезекил йӕ пехуымпарады загъта, Харран кӕй уыд, Тир сӕйраджыдӕр кӕимӕ базар кодта, ахӕм горӕт. Уымӕй бӕрӕг у, Харранӕн ахсджиаг бынат кӕй уыд базарады (Йез. 27:1, 2, 23).

Харран абон у гыццыл горӕт ӕмӕ ис хурыскӕсӕн Турчы, Урфӕмӕ хӕстӕг. Фӕлӕ Харраны кӕддӕр цард цӕджджинагау фыхти. Библийы кӕй кой цӕуы, уыцы горӕттӕй абон сӕ рагон нӕмттӕй кӕй хонынц, уыдон бирӕ не сты, ӕмӕ Харран у сӕ иу. Ассириагау Харрану, ӕвӕццӕгӕн, нысан кӕны «фӕндаг» кӕнӕ «караванты фӕндаг». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕм иу горӕтӕй иннӕ горӕтмӕ исты уӕй кӕнынмӕ кӕнӕ исты ӕлхӕнынмӕ арӕхдӕр цыдысты Харраны уылты. Археологтӕ Харраны цы фыстытӕ ссардтой, уыдонмӕ гӕсгӕ Вавилоны паддзах Набониды мад уыди дзуары ус ӕмӕ лӕггад кодта мӕйы хуыцау Сины кувӕндоны. Иуӕй-иутӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй Набонид уыцы кувӕндон сцалцӕг кодта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ фӕзынд ӕмӕ ныппырх цалдӕр паддзахады, фӕлӕ Харран ныронг дӕр ис.

Абон Харран рагон горӕты хуызӕн нал у. Рагзаманты Харран уыд хъӕздыг горӕт ӕмӕ йын уыди стыр нысаниуӕг. Фӕлӕ абон зындгонд у ӕрмӕстдӕр къуырфсӕр хӕдзӕрттӕй. Йӕ алыварс ис фенӕн алы заманты хӕлддзӕгтӕ. Хуыцауы ног дунейы райгас уыдзысты, Харраны чи цард, уыдонӕй бирӕтӕ, зӕгъӕм, Авраам, Саррӕ ӕмӕ Лот. Ӕвӕццӕгӕн нын радзурдзысты Харраны тыххӕй, кӕддӕр цард цӕджджинагау кӕм фыхт, уыцы горӕты тыххӕй.

[Ныв 20 фарсыл]

Харраны хӕлддзӕгтӕ

[Ныв 20 фарсыл]

Къуырфсӕр хӕдзӕрттӕ

[Ныв 20 фарсыл]

Харран абон