Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хистӕртӕн кад кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

Хистӕртӕн кад кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

Хистӕртӕн кад кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

КАЛИФОРНИЙЫ (АИШ) донгӕрон зайы, ӕппӕты арӕхдӕр кӕй къам фӕисынц, уыцы бӕлас, хуыйны Иунӕг кипарис. Куыд дзурынц, афтӕмӕй йыл цӕуы 250 азы. Ацы рӕсугъд бӕлас зындгонд у, фидар кӕй у, уымӕй. Адӕм ӕм хорз базылдысты цалдӕр хъуыддагӕй. Зӕгъӕм, тростӕй йӕ ныффидар кодтой ӕмӕ йын йӕ бындзӕфхады алыварс дуртӕ сӕвӕрдтой.

Иунӕг кипарис нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны ацӕргӕ чырыстӕтты. Уыдон дӕр ӕвдисынц диссаджы фидардзинад, зӕгъӕм, хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ. Пехуымпар Иоил загъта, «зӕронд лӕгтӕ» кӕй хъусын кӕндзысты хорз хабар (Иоил 2:28–32; Ап. хъ. 2:16–21). Ахъуыды-ма кӕн, цас рӕстӕг ӕрвитынц уацамынды ӕмӕ куыд зӕрдиагӕй архайынц, цӕмӕй иннӕтӕн «паддзахады тыххӕй... хорз хабар» хъусын кӕной (Матф. 24:14). Ацӕргӕтӕй чидӕртӕ бирӕ азты дӕргъы ӕййӕфтой ӕфхӕрд кӕнӕ ӕвзӕрстой ӕндӕр зындзинӕдтӕ. Кӕд адӕм хуымӕтӕг бӕласмӕ афтӕ хорз зилынц, уӕд цымӕ нӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ уый аккаг не сты, ӕмӕ сын кад кӕнӕм?

Йегъовӕ рагзаманты йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста: «Урссӕр адӕймаджы раз-иу сыст ӕмӕ зӕрондӕн кад кӕн» (Лев. 19:32). Абон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн ис, бирӕ азты дӕргъы Хуыцауимӕ иузӕрдионӕй чи цӕуы ӕмӕ нын уымӕй фӕзминаг чи у, ахӕм адӕм (Мих. 6:8). Фыстады уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уый тыххӕй сӕ урс сӕр, ӕцӕгдӕр, у «рӕсугъд кадыхуды» хуызӕн (Ӕмб. 16:31).

Апостол Павел ӕрыгон Тимофейӕн загъта: «Хистӕрӕн карз уайдзӕф ма кӕн». Тимофей хъуамӕ хистӕримӕ ныхас кодтаид, «цыма йӕ фыд у, афтӕ», «хистӕр сылгоймӕгтимӕ» та – «цыма йӕ мадимӕ ныхас кӕны», афтӕ (1 Тим. 5:1, 2). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ-иу Тимофей хъуамӕ «урссӕр адӕймаджы раз» сыстадаид. Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй мах дӕр хистӕртимӕ нӕхи уӕздан дарӕм.

Ромӕгтӕм 12:10 фыст ис: «Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ уӕ иу иннӕмӕ ӕнхъӕлмӕ ма кӕсӕд». Дзырд дӕр ыл нӕй, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмбырды ацӕргӕтӕн кӕй кад кӕнынц. Фӕлӕ нӕ алчидар хъуамӕ архайа, цӕмӕй-иу нӕхӕдӕг фӕраздӕр уӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн кад кӕнӕм.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныййарджытӕм ӕмӕ ныййарджыты ныййарджытӕм кӕсын сӕйраджыдӕр у цоты хӕс. Адӕм Иунӕг кипарисмӕ базылдысты, цӕмӕй йӕ бахъахъхъӕной ӕмӕ йӕм ныронг дӕр зилынц. Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ ацӕргӕ ныййарджытӕн ӕмӕ нӕ ныййарджыты ныййарджытӕн кад кӕнӕм. Зӕгъӕм, лӕмбынӕг сӕм куы хъусӕм, уӕд ӕрмӕст нӕхи цы фӕнды, уый нӕ араздзыстӕм, фӕлӕ сын се ’нкъарӕнтыл дӕр хъуыды кӕндзыстӕм (Ӕмб. 23:22; 1 Тим. 5:4).

Йегъовӕйы цӕсты ацӕргӕтӕн ис стыр аргъ ӕмӕ сыл йӕхи никуы атигъ кӕны (Пс. 71:18). Хуыцау сӕ бафидар кӕны, иузӕрдионӕй йын кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй. Цӕй уӕдӕ сын мах дӕр кад кӕнӕм.

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Иунӕг кипарисмӕ зилын куыд хъӕуы, афтӕ ацӕргӕтӕн дӕр хъӕуы кад кӕнын ӕмӕ сӕм хъус дарын

[Барлӕвӕрдӕй]

American Spirit Images/​age fotostock