Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕфсымӕртӕ, сыгъдӕг уды цы фӕнды, уый «таут» ӕмӕ фылдӕр хӕстӕм тырнут!

Ӕфсымӕртӕ, сыгъдӕг уды цы фӕнды, уый «таут» ӕмӕ фылдӕр хӕстӕм тырнут!

Ӕфсымӕртӕ, сыгъдӕг уды цы фӕнды, уый «таут» ӕмӕ фылдӕр хӕстӕм тырнут!

«Сыгъдӕг уды цы фӕнды, уый чи тауы, уый та сыгъдӕг уд ӕркӕндзӕн ӕнусон цардмӕ» (ГАЛ. 6:8).

1, 2. Матфейы 9:37, 38 цы пехуымпарад ис, уый куыд ӕххӕст кӕны ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕмбырдты кӕй ӕххуыс хъӕуы?

СЫМАХ уӕхи цӕстӕй уынут, чи никуы ферох уыдзӕн, уыцы хабӕрттӕ! Йесо Чырысти цы куысты кой кодта, уый абон ӕххӕст кӕны. Йесо загъта: «Кӕрдинаг бирӕ ис, кусджытӕ та – гыццыл. Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита» (Матф. 9:37, 38). Йегъовӕ Хуыцау ацы куывдӕн диссаджы хуызы дзуапп дӕтты. 2009 лӕггады азы ӕппӕт дунейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты нымӕцыл бафтыд 2 031 ӕмӕ ныр сты 105 298. Рӕстӕмбис нымадӕй-иу алы бон дӕр донаргъуыд райстой 757 адӕймаджы!

2 Ӕмбырдтӕ фылдӕр кӕй кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ хъӕуы фылдӕр фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй Хуыцауы дзуг ахуыр кӕной ӕмӕ йын разамынд дӕттой (Еф. 4:11). Бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕ ӕвзӕрста фӕлтӕрдджын нӕлгоймӕгты, цӕмӕй йын йӕ дзугмӕ сӕ хъус дардтаиккой ӕмӕ нӕ ныфс ис, дарддӕр дӕр афтӕ кӕй кӕндзӕн. Михейы 5:5 стихы цы пехуымпарад ис, уый дӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фӕстаг бонты Йегъовӕ йӕ адӕмӕн кӕй ратдзӕн «авд фыййауы» ӕмӕ «аст кънйазы», ома, йӕ адӕмӕн разамынд чи дӕтдзӕн, бирӕ ахӕм курдиатджын нӕлгоймӕгты.

3. Бамбарын кӕн, цы нысан кӕны, «сыгъдӕг уды цы фӕнды», уый «тауын».

3 Кӕд донаргъуыд ӕфсымӕр дӕ, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй тырнай ӕмбырды фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ? Сӕйраджыдӕр дӕ хъӕуы, «сыгъдӕг уды цы фӕнды», уый «тауын» (Гал. 6:8). Уымӕ хауы Хуыцауы сыгъдӕг удӕн бар дӕттын, цӕмӕй дын дӕ цардыл ӕндава. Дӕ тых дӕ бонӕй архай, цӕмӕй дӕ «тӕригъӕдджын буары монцтӕ ӕфсадынӕн» ма «тауай». Лӕмбынӕг у, цӕмӕй дӕ Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕнын мацы хъыгдара. Зӕгъӕм, дӕхи хиз ӕрмӕст дӕ уды дзӕбӕхӕн цӕрынӕй ӕмӕ дӕ рӕстӕг ӕрмӕст ирхӕфсӕнтыл ӕрвитынӕй. Алы чырыстон дӕр хъуамӕ, «сыгъдӕг уды цы фӕнды», уый «тауа». Ӕмӕ ӕфсымӕртӕй афтӕ чи кӕны, уыдонӕн сӕ бон уыдзӕн ӕмбырды фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕмбырдты кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕй нӕ фаг кӕны, уымӕ гӕсгӕ ацы статья сӕрмагондӕй фыст у ӕфсымӕрты тыххӕй. Уӕдӕ нӕ зынаргъ ӕфсымӕртӕ, курӕг уӕ стӕм, цӕмӕй Хуыцаумӕ скуват ӕмӕ ацы статьяйыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнат!

Хорз хъуыддӕгтӕм тырнут

4, 5. а) Донаргъуыд ӕфсымӕртӕ ӕмбырды цавӕр хӕстӕм хъуамӕ тырной? ӕ) Сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕной?

4 Донаргъуыд ӕфсымӕр цӕстдарӕг ӕвиппайды не свӕййы. Уый хъуамӕ тырна ацы «хорз хъуыддагмӕ» (1 Тим. 3:1). Уымӕ хауы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын. (Бакӕс Исай 32:1, 2.) Фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ раст цӕстӕй чи кӕсы, уый кадмӕ нӕ бӕллы, фӕлӕ йӕ фӕнды иннӕтӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын.

5 Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй кӕнӕ цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ архайой, Фыстады цы домӕнтӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕныныл (1 Тим. 3:1–10, 12, 13; Тит. 1:5–9). Кӕд донаргъуыд ӕфсымӕр дӕ, уӕд-ма ахъуыды кӕн: «Хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй архайын ӕмӕ иннӕтӕн уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕнын? Мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртыл зӕрдиагӕй тыхсын ӕмӕ сын афтӕмӕй сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын? Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг чи иртасы, ахӕмӕй мӕ зонынц? Фембӕлдты мӕ дзуаппытӕ фӕхуыздӕр кӕныныл архайын? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мын цы бахӕс кӕнынц, уый ӕнӕзивӕгӕй феххӕст кӕнын?» (2 Тим. 4:5). Ацы фарстатыл хъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын.

6. Ӕмбырды хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн сӕйраджыдӕр цы хъӕуы?

6 Ӕмбырды хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн ма хъӕуы Хуыцаумӕ кувын, цӕмӕй «дӕ мидӕг цы адӕймаг цӕры, уый» сыгъдӕг удӕй сфидар уа (Еф. 3:16). Ӕмбырды кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр кӕнӕ хистӕр нӕлгоймаг равзарыны тыххӕй хъӕлӕс нӕ фӕкӕнынц. Ӕфсымӕртӕ уыцы кадджын хӕсты аккаг свӕййынц, сӕ уырнындзинад фидар куы вӕййы, ӕрмӕстдӕр уӕд. Дӕ уырнындзинад цӕй фӕрцы уыдзӕн фидар? Сыгъдӕг уды коммӕ куы кӕсай ӕмӕ, сыгъдӕг удӕй чи гуыры, уыцы миниуджытӕ дӕ удыхъӕды куы рӕзын кӕнай, уӕд (Гал. 5:16, 22, 23). Фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн цы миниуджытӕ хъӕуы, уыдон дӕм куы уой, стӕй дын уыцы хъуыддаг фӕхуыздӕр кӕныны фӕдыл цы уынаффӕтӕ фӕдӕттынц, уыдонмӕ куы хъусай, уӕд «дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уындзӕн» (1 Тим. 4:15).

Удуӕлдайдзинад у ахсджиаг

7. Иннӕтӕн лӕггад кӕнынмӕ цы хауы?

7 Иннӕтӕн лӕггад кӕныны тыххӕй хъӕуы удуӕлдайӕ ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайын. Чырыстон цӕстдарджытӕ Хуыцауы дзугмӕ кӕй кӕсынц, уымӕ гӕсгӕ сын сӕ зындзинӕдтӕ арф сӕ зӕрдӕмӕ айсынц. Дӕ хъус-ма ӕрдар, апостол Павел цӕстдарӕджы хӕстӕ кӕй ӕххӕст кодта, уый йыл куыд фӕзынд, уымӕ. Павел Коринфы чырыстӕттӕм ныффыста: «Мӕ фыртыхстӕй ӕмӕ уӕм мӕ зӕрдӕйы рыстӕй цӕссыгкалгӕйӕ уый тыххӕй нӕ фыстон, цӕмӕй ӕрӕнкъард уат, фӕлӕ йӕ цӕмӕй зонат, сымах уӕлдай уарзт кӕй кӕнын» (2 Кор. 2:4). Бӕрӕг у, Павел йе ’мчырыстӕттыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй тыхсти.

8, 9. Иннӕтыл чи тыхсти, уыцы нӕлгоймӕгты тыххӕй Библийӕ цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс.

8 Ӕнусты дӕргъы-иу Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытыл чи тыхсти, уыдон алкӕддӕр архайдтой удуӕлдайӕ. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ Библийӕ. Зынтӕй ис зӕгъӕн, Ной йӕ бинонтӕн афтӕ кӕй загътаид: «Ковчег арӕзт куы фӕуат, уӕд-иу мын ӕй зӕгъут, ӕмӕ уӕм ӕз дӕр ӕрбаиу уыдзынӕн». Моисей дӕр израилӕгтӕн Египеты афтӕ нӕ загъта: «Ӕз уыл Сырх денджызы раз сӕмбӕлдзынӕн. Уый онг та уӕхӕдӕг исты хуызы ӕрцӕут». Йесо Навин афтӕ никуы загътаид: «Йерихоны къултӕ куы ныппырх уой, уӕд-иу мын ӕй фехъусын кӕнут». Ӕмӕ Исай дӕр ӕндӕр искӕмӕ нӕ бацамыдта ӕмӕ афтӕ нӕ загъта: «Уӕртӕ уый. Уый арвит!» (Ис. 6:8).

9 Хуыцауы сыгъдӕг удӕн йӕ цардыл ӕндавынӕн бар чи лӕвӕрдта, уыдонӕй ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон у Йесо Чырысти. Уый ӕнӕзивӕгӕй сразы, цӕмӕй адӕмы Ирвӕзынгӕнӕг суыдаид (Иоан. 3:16). Цымӕ нӕ уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй мах дӕр Йесойау удуӕлдай уӕм? Бирӕ азты дӕргъы хистӕр нӕлгоймагӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр, Хуыцауы дзугмӕ цы зӕрдӕ дары, уый тыххӕй загъта: «Йесо Петрӕн цы ныхӕстӕ загъта, зӕгъгӕ мын мӕ гыццыл фыстӕм кӕс, уыдон мыл тынг бандӕвтой. Ӕз бамбӕрстон, адӕймагӕн цалдӕр фӕлмӕн ныхасы дӕр куы зӕгъай кӕнӕ йын исты хорздзинад куы саразай, уӕд ыл базыртӕ кӕй базайы. Хуыцауы дзугмӕ кӕсын мын стыр циндзинад хӕссы» (Иоан. 21:16).

10. Ӕфсымӕрты цы сразӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй Йесойы фӕзмой, иннӕтӕн куыд лӕггад кодта, уыцы хъуыддаджы?

10 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, донаргъуыд ӕфсымӕрты фӕнды, Чырысти адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта, ахӕм зӕрдӕ дарын Хуыцауы дзугмӕ. Йесо загъта: «Ӕз [уын] уӕ уаргъ фӕрог кӕндзынӕн» (Матф. 11:28). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ацы хорз хъуыддагмӕ тырнынц, Хуыцауыл кӕй ӕууӕндынц ӕмӕ ӕмбырд кӕй уарзынц, уый тыххӕй ӕмӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, уый тынг зын ӕххӕст кӕнӕн у. Фӕлӕ ӕфсымӕр фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ куы нӕ тырна, уӕд та куыд? Йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй йӕ ӕмбырдӕн лӕггад кӕнын фӕнда?

Тырнут ӕмбырдӕн лӕггад кӕнынмӕ

11. Ӕфсымӕрӕн йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй иннӕтӕн лӕггад кӕнынмӕ тырна?

11 Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ дӕ бон нӕу ӕмбырдӕн лӕггад кӕнын, уӕд Хуыцауӕй кур йӕ сыгъдӕг уд (Лук. 11:13). Йегъовӕйы сыгъдӕг уд дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй афтӕ мауал хъуыды кӕнай. Иннӕтӕн лӕггад кӕныны фӕнд у Хуыцауӕй, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы разӕнгард кӕны ӕфсымӕрты фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ ӕмӕ сын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс дӕр кӕны (Фил. 2:13; 4:13). Уӕдӕ хорз уаид Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, ӕмӕ ӕмбырды фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ тырнай. (Бакӕс Псалом 25:4, 5.)

12. Ӕмбырды фылдӕр хӕстӕ кӕмӕн раттынц, уыцы ӕфсымӕртӕм ӕмбаргӕдзинад цӕй фӕрцы фӕзындзӕн?

12 Ӕфсымӕр афтӕ куы хъуыды кӕна, ӕмӕ ӕмбырдӕн лӕггад кӕнынӕн бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ хъӕуы, уӕд ӕй, чи зоны, фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын ма бафӕнда. Кӕнӕ йӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ йӕм фаг ӕмбаргӕдзинад нӕй, цӕмӕй уыцы хъуыддагмӕ арӕхса. Кӕд ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс, уӕд дӕ бон у лӕмбынӕгдӕр ахуыр кӕнын Хуыцауы Ныхас ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы литературӕ. Дӕ бон ма у ахъуыды кӕнын: «Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнын ӕмӕ Хуыцауӕй зонд фӕкурын?» Ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста: «Кӕд [уӕ] искӕмӕ зонд фаг нӕй, уӕд курӕд Хуыцауӕй,– уымӕн ӕмӕ уый алкӕмӕн дӕр дӕтты рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй,– ӕмӕ йын ӕнӕратгӕ нӕ фӕуыдзӕн» (Иак. 1:5). Ацы ныхӕстыл фидарӕй ӕууӕндыс? Соломон Хуыцаумӕ куы скуывта, уӕд ын уый радта «зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ зӕрдӕ», цӕмӕй йӕ бон уыдаид хорз ӕвзӕрӕй иртасын ӕмӕ афтӕмӕй раст тӕрхон кӕнын (1 Пад. 3:7–14). Кӕд абон, Хуыцау Соломонӕн диссаджы хуызы зонд куыд радта, афтӕ никӕмӕнуал дӕтты, уӕддӕр нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, ӕмбырды цӕстдарӕджы хӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕн Хуыцау кӕй дӕтдзӕн зонд, цӕмӕй йын йӕ дзуг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ хизой (Ӕмб. 2:6).

13, 14. а) Бамбарын кӕн, Павелыл «Чырыстийы уарзт» куыд фӕзынд, уый. ӕ) Махыл та куыд хъуамӕ фӕзына «Чырыстийы уарзт»?

13 Цӕмӕй ӕфсымӕр иннӕтӕн лӕггад кӕнынмӕ тырна, уый тыххӕй ма йын баххуыс кӕндзӕн, арф куы хъуыды кӕна, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт мах тыххӕй цы сарӕзтой, ууыл. Ӕркӕсӕм, 2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15 цы фыст ис, уымӕ. (Бакӕс сӕ.) Куыд нӕ «разӕнгард кӕны Чырыстийы уарзт»? Чырысти Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕ цард мах тыххӕй радта ӕмӕ уымӕй равдыста йӕ уарзондзинад. Ацы хъуыддаг цас хуыздӕр ӕмбарӕм ӕмӕ цас тынгдӕр бузныг уӕм, уыйас нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Чырыстийы уарзондзинад тынг фӕзынд Павелыл. Уый йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй ӕрмӕст йӕхиуыл ма хъуыды кодтаид, фӕлӕ лӕггад кодтаид Хуыцауӕн ӕмӕ адӕмӕн – йе ’мчырыстӕттӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр.

14 Чырысти адӕмы куыд уарзы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд дзы тынгдӕр бузныг уыдзыстӕм. Ӕмӕ уӕд ӕмбардзыстӕм, раст кӕй нӕ уаид, «тӕригъӕдджын буары монцтӕ ӕфсадынӕн» тауын, ома нӕхи пайдайӕн цы у, ӕрмӕстдӕр уый аразын. Уый бӕсты нӕ царды уавӕртӕ афтӕ ивдзыстӕм, цӕмӕй нын Хуыцауы хъуыддаг фыццаг бынаты уа. Библи нӕ разӕнгард кӕны не ’фсымӕрты уарзынмӕ ӕмӕ сын «цагъары» лӕггад кӕнынмӕ. (Бакӕс Галатӕгтӕм 5:13.) Нӕхимӕ «цагъары» цӕстӕй куы кӕсӕм ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕрныллӕгӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд сын кад кӕндзыстӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хӕйрӕджы зондыл нӕ цӕудзыстӕм ӕмӕ тӕрхон никӕмӕн кӕндзыстӕм (Рарг. 12:10).

Бинонты ӕххуыс дӕр ахсджиаг у

15, 16. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй кӕнӕ хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнынмӕ чи тырны, уыдонӕн сӕ бинонтӕ куыд хъуамӕ ӕххуыс кӕной?

15 Ӕфсымӕрӕн ус ӕмӕ сывӕллӕттӕ куы уа ӕмӕ йӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй кӕнӕ хистӕр нӕлгоймагӕй куы нысан кӕной, уӕд, йӕ бинонтӕ кӕрӕдзиимӕ куыд сты, уымӕ дӕр ӕркӕсдзысты. Йӕ бинонты уырнындзинад цы уавӕры ис ӕмӕ сын ӕмбырды цы ном ис, уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн, фылдӕр хӕстӕ йын бахӕс кӕндзысты ӕви нӕ. Уӕдӕ бӕрӕг у, бинонты ӕххуыс ахсджиаг кӕй у, нӕлгоймаг кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй кӕнӕ хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнынмӕ куы тырна, уӕд. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 3:4, 5, 12.)

16 Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, чырыстон бинонтӕ иумӕ куы фӕархайынц, уӕд (Еф. 3:14, 15). Уый фӕрцы бинонты хистӕр ӕмбырды хъуыддӕгты дӕр фӕархайы ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр «хорз уынаффӕгӕнӕг» вӕййы. Уӕдӕ ахсджиаг у, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр алы къуыри дӕр йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕттимӕ Библи ахуыр кӕна ӕмӕ сын афтӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар кӕна. Стӕй хъуамӕ йӕ бинонтимӕ ӕдзухдӕр уацамынды цӕуа. Ахсджиаг ма у, цӕмӕй хӕдзары алчи дӕр бинонты хистӕры разамындмӕ хъуса.

Раздӕрау лӕггад кӕнын дӕ нӕ фӕнды?

17, 18. а) Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр кӕнӕ хистӕр нӕлгоймагӕй чи нал лӕггад кӕны, уыдоны цы хъӕуы аразын? ӕ) Ахӕм ӕфсымӕртӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕной?

17 Чи зоны, кӕддӕр лӕггад кодтай кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр кӕнӕ хистӕр нӕлгоймагӕй, фӕлӕ ныр уыцы хӕстӕ нал ӕххӕст кӕныс. Ды уарзыс Йегъовӕйы, ӕмӕ дыл уый дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тыхсы (1 Пет. 5:6, 7). Кӕд дын дӕ рӕдыдмӕ бацамыдтой, уӕд ыл басӕтт ӕмӕ Хуыцауӕй ӕххуыс агур, цӕмӕй йӕ сраст кӕнай. Ма-иу мӕсты кӕн. Ӕмбаргӕ у ӕмӕ дӕ ныфс уӕд, уавӕр кӕй фӕхуыздӕр уыдзӕн. Цалдӕр азы хистӕр нӕлгоймагӕй чи лӕггад кодта, фӕлӕ иуцасдӕр уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнын йӕ бон кӕмӕн нӕ уыд, иу ахӕм ӕфсымӕр загъта: «Хистӕр нӕлгоймагӕй куы нал лӕггад кодтон, уӕд мӕхицӕн загътон, раздӕрау фембӕлдтӕм кӕй цӕудзынӕн, кӕй хъусын кӕндзынӕн ӕмӕ Библи кӕй кӕсдзынӕн. Уыцы рӕстӕг сахуыр дӕн фӕразондзинадыл, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕнхъӕлдтон, иу-дыууӕ азы фӕстӕ та ногӕй хистӕр нӕлгоймаг кӕй суыдзынӕн, фӕлӕ мӕ бахъуыд авд азы ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Стыр ӕххуыс мын уыд, иннӕтӕ мын кӕй дзырдтой, цӕмӕй мӕ къухтӕ ма ауадзон ӕмӕ дарддӕр дӕр тырнон уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ».

18 Кӕд ды дӕр ахӕм уавӕры дӕ, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Хъуыды кӕн, Йегъовӕ дын куыд арфӕ кӕны уацамынды дӕр ӕмӕ дӕ бинонты царды дӕр. Дӕ бинонты уырнындзинад фидар кӕн, рынчынты бӕрӕг кӕн ӕмӕ лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕн. Сӕйраджыдӕр та, стыр кадыл нымай, Хуыцауы кӕй кадджын кӕныс ӕмӕ йын йӕ Паддзахады тыххӕй кӕй хъусын кӕныс, уый * (Пс. 145:1, 2; Ис. 43:10–12).

Дӕ уавӕртыл ногӕй ахъуыды кӕн

19, 20. а) Донаргъуыд ӕфсымӕртӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕной? ӕ) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

19 Ӕмбырды цӕстдарджытӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ абон куыд хъӕуынц, афтӕ никуы. Уымӕ гӕсгӕ, нӕ зынаргъ ӕфсымӕртӕ, ногӕй ӕркӕсут уӕ уавӕртӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнут: «Кӕд кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр кӕнӕ хистӕр нӕлгоймаг нӕ дӕн, уӕд мӕ цы хъыгдары?» Хуыцауы сыгъдӕг уд уын ӕххуысгӕнӕг уӕд, цӕмӕй ацы ахсджиаг хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕсат.

20 Ӕмбырды иууылдӕр кӕрӕдзийыл удуӕлдайӕ куы фӕтыхсынц, уӕд уый алкӕмӕндӕр вӕййы пайда. Иннӕтӕн хӕларзӕрдӕйӕ ӕмӕ удуӕлдайӕ куы фӕлӕггад кӕнӕм ӕмӕ, сыгъдӕг уды цы фӕнды, уый куы фӕтауӕм, уӕд нын уый стыр циндзинад ӕрхӕссы. Иннӕ статьяйы фендзыстӕм, цӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕг уды ныхмӕ ма цӕуӕм, уый тыххӕй нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм.

[Фиппаинаг]

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

Михейы 5:5 цы пехуымпарад ис, уый нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

• Бамбарын кӕн, удуӕлдай лӕггадмӕ цы хауы.

• Цӕмӕй иннӕтӕн лӕггад кӕнынмӕ тырнай, уый тыххӕй дӕ цы хъӕуы аразын?

• Бинонтӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сӕ бинонты хистӕр кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр кӕнӕ хистӕр нӕлгоймаг суа?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 25 фарсыл]

Дӕ бон фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын куыд у?