Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ цардӕмбал дыл йӕ зӕрдӕ куы сива, уӕд куыд кӕнгӕ у?

Дӕ цардӕмбал дыл йӕ зӕрдӕ куы сива, уӕд куыд кӕнгӕ у?

Дӕ цардӕмбал дыл йӕ зӕрдӕ куы сива, уӕд куыд кӕнгӕ у?

МАРГАРИТӔ ӕмӕ йӕ лӕг Раул бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг фӕлӕггад кодтой *. Фӕлӕ сын сывӕллон куы райгуырд, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Раулӕн йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕнын райдыдта. Фӕстагмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл бафтыд, ӕмӕ йӕ ӕмбырдӕй ацух кодтой. Маргаритӕ дзуры: «Уыцы хабар куы ’рцыди, уӕд мӕм цӕрын дӕр нал цыд. Мӕ зӕрдӕ уыд саст ӕмӕ, дарддӕр цы арӕзтаин, уый нӕ зыдтон».

Джейнӕн та йӕ хабар ӕндӕрхуызон уыд. Куы смой кодта, уӕд ӕй цасдӕры фӕстӕ йӕ лӕг нӕмын райдыдта, ӕмӕ дзы Джейн фыдӕнхъӕл фӕци. Уый дзуры: «Мӕ лӕг мӕ фыццаг хатт куы ныццавта, уӕд мын уый тынг зын уыд, раст мӕ цыма цъыфы сӕвдылдта, мӕхи афтӕ хатыдтӕн. Уый фӕстӕ дӕр-иу мӕ арӕх фӕнадта ӕмӕ-иу мӕ стӕй хатыртӕ куырдта. Ӕз афтӕ ӕнхъӕлдтон, уый мӕ чырыстон хӕс кӕй уыд, цӕмӕй йын хатыр кодтаин. Стӕй ма хъуыды кодтон, раст кӕй нӕу уый тыххӕй искӕмӕн дзурын, суанг не ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр. Афтӕмӕй фӕцардыстӕм бирӕ азтӕ. Уыцы рӕстӕг хъуыды кодтон, зӕгъгӕ мӕ цыдӕр аразын хъӕуы, цӕмӕй мӕ мӕ лӕг уарза. Ӕппынфӕстаг мӕ мӕ чызгимӕ куы ныууагъта, уӕд мӕм афтӕ каст, цыдӕр раст кӕй нӕ бакодтон, ӕмӕ мӕ ноджы цыдӕр зӕгъын кӕнӕ саразын кӕй хъуыд, цӕмӕй иумӕ баззадаиккам».

Чи зоны, дӕу дӕр дӕ лӕг Маргаритӕ ӕмӕ Джейнау ныууагъта ӕмӕ дӕ зӕрдӕ у саст, дарддӕр цӕмӕй цӕрдзынӕ, ууыл катай кӕныс ӕмӕ дӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ ис. Кӕнӕ та, чи зоны, бинонты хистӕр дӕ ӕмӕ дыл дӕ ус йӕ зӕрдӕ сивта, ӕмӕ уый тыххӕй тынг маст кӕныс. Библийы фыст ис, «тынг уӕззау рӕстӕг» кӕй скӕндзӕн, ӕмӕ мах раст уыцы рӕстӕг цӕрӕм. Библийы цы пехуыпмарӕдтӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, «фӕстӕг бонты» бинонты цардӕн фехӕлынӕй тӕссаг кӕй уыдзӕн ӕмӕ бинонты ’хсӕн уарзондзианад кӕй нӕ уыдзӕн. Чидӕртӕ сӕхи афтӕ дарынц, цыма Хуыцауыл иузӕрдион сты, фӕлӕ сӕ цардӕй та уый бӕрӕг нӕу (2 Тим. 3:1–5). Ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр ахӕм зындзинӕдтӕй хызт не сты. Уӕдӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ахӕм уавӕры фидар фӕлӕууай?

Йегъовӕйы цӕстӕй кӕс дӕхимӕ

Фыццаг, чи зоны, хъуыды кӕнай, кӕй уарзыс, уыцы адӕймаг дын дӕ зӕрдӕ куыд хъуамӕ фӕриссын кӕна, зӕгъгӕ. Чи зоны ма дӕхи аххосджын дӕр кӕнай, дӕ цардӕмбал афтӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй.

Фӕлӕ-ма дӕ зӕрдыл ӕрдар, суанг Чырысти кӕуыл ӕууӕндыд ӕмӕ кӕй уарзта, уый дӕр ыл йӕ зӕрдӕ кӕй сивта. Йесо йӕ 12 апостолы равзарыны размӕ бирӕ фӕхъуыды кодта ӕмӕ Хуыцаумӕ фӕкуывта. Уыдон иууылдӕр Йегъовӕйыл уыдысты иузӕрдион. Ӕмӕ Чырысти куыд тынг хъыг кодтаид, Иудӕ йыл гадзрахатӕй куы рацыд, уӕд (Лук. 6:12–16). Фӕлӕ Йегъовӕ Йесойы нӕ аххосджын кодта, Иудӕ афтӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, абон ӕххӕст бинонтӕ нӕй. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фӕхъыг кӕнынц. Уыцы хабар ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг загъта: «О Йагъ, ды адӕймагӕн йӕ рӕдыдтытӕм лӕмбынӕг куы кӕсис, уӕд чи бафӕразид, о Йегъовӕ?» (Пс. 130:3). Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ Йегъовӕйы фӕзмой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн хатыр кӕной (1 Пет. 4:8).

Фӕлӕ «нӕ Хуыцауы раз алчидӕр йӕхи тыххӕй дзуапп ратдзӕн» (Ром. 14:12). Лӕг кӕнӕ ус йӕ цардӕмбалы ӕдзух ныхасӕй куы ’фхӕра кӕнӕ йӕм йӕ къух куы иса, уӕд Йегъовӕйы раз дзуапп ратдзӕн. Йегъовӕ у тыхми ӕмӕ ӕфхӕрӕн ныхасы ныхмӕ. Уымӕ гӕсгӕ лӕг кӕнӕ усӕн мацы ӕфсон хъуамӕ уа, цӕмӕй йӕ цардӕмбалы ма нымайа ӕмӕ йӕм дурзӕрдӕ уа (Пс. 11:5; Еф. 5:33; Кол. 3:6–8). Чырыстон адӕймаг ӕдзух йӕ маст йӕ цардӕмбалыл куы кала ӕмӕ куы нӕ фӕсмон кӕна, уӕд ӕй хъӕуы ӕмбырдӕй ацух кӕнын (Гал. 5:19–21; 2 Иоан. 9, 10). Йӕхи афтӕ чи дары, уымӕн йӕ цардӕмбал йӕ хъуыддӕгты тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куы радзура, уӕд уый тыххӕй йӕхи хъуамӕ аххосджыныл ма нымайа. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ тынг кӕй тӕригъӕд кӕны, ахӕм маст чи бавзӕрста, уыдонӕн.

Лӕг кӕнӕ ус куы хӕта, уӕд ӕрмӕст йӕ цардӕмбалы тӕригъӕды нӕ цӕуы, фӕлӕ ма Йегъовӕйы раз дӕр тӕригъӕд аразы (Матф. 19:4–9; Дзут. 13:4). Кӕд, йӕ цардӕмбал гадзрахатӕй кӕуыл рацыд, уыцы адӕймаг Библийы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрыныл архайы, уӕд йӕхи хъуамӕ ма аххосджын кӕна, ахӕм хабар ыл кӕй ’рцыд, уый тыххӕй.

Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ дын де ’нкъарӕнтӕ кӕй ӕмбары, уый. Библийы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис, Израилӕн йӕ сӕрыхицау кӕй у. Фыст ма дзы ис, йӕ адӕм-иу ыл сӕ зӕрдӕ куы сивтой, уӕд-иу цы стыр маст бавзӕрста, уый тыххӕй дӕр (Ис. 54:5, 6; Йер. 3:1, 6–10). Дызӕрдыг дӕр ыл ма кӕн, кӕд дыл дӕ цардӕмбал йӕ зӕрдӕ сивта ӕмӕ уый тыххӕй маст кӕныс, уӕд дӕ Йегъовӕ кӕй уыны (Мал. 2:13, 14). Уый ӕмбары, дӕ зӕрдӕ дын кӕй хъӕуы ӕрсабыр кӕнын ӕмӕ дӕ бафидар кӕнын.

Йегъовӕ куыд фидар кӕны

Йегъовӕ нӕ бафидар кӕны алыхуызӕтты, зӕгъӕм, чырыстон ӕмбырды уылты. Джейнӕн дӕр йе ’мчырыстӕтты уылты баххуыс кодта. Джейн дзуры: «Не ’мбырд нын районон цӕстдарӕг куы бӕрӕг кодта, уыцы рӕстӕг тынг ныфссаст уыдтӕн. Уый зыдта, мӕ лӕг мӕ хицӕн кӕнынвӕнд кӕй кӕны ӕмӕ уый тыххӕй тынг кӕй маст кӕнын. Рӕстӕг мын ссардта ӕмӕ мӕм ӕрбацыд, цӕмӕй Библийӕ иумӕ цалдӕр стихы равзӕрстаиккам. Сӕ иу уыд 1 Коринфӕгтӕм 7:15. Библийӕ стихтӕ куы бакастӕн ӕмӕ мемӕ фӕлмӕнӕй куы аныхас кодта, уӕд мӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт бакалд ӕмӕ мӕхи нал ӕфхӕрдтон» *.

Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы Маргаритӕ дӕр йӕхиуыл бавзӕрста, Йегъовӕ ӕмбырды уылты куыд ӕххуыс кӕны, уый. Маргаритӕ дзуры: «Мӕ лӕг йӕ хъуыддӕгтыл кӕй никуы ӕрфӕсмон кӕндзӕн, уый куы бамбӕрстон, уӕд мӕ дыууӕ сывӕллонимӕ ӕндӕр горӕтмӕ ацыдтӕн цӕрынмӕ. Уырдӕм куы ныххӕццӕ стӕм, уӕд, дыууӕ къомнӕты кӕм уыд, ахӕм фатер баххуырстон. Дыккаг бон ӕнкъардӕй мӕ дзаумӕттӕ куы ’фснайдтон, уӕд нын нӕ дуар чидӕр бахоста. Ӕз фенхъӕлдтон, фатеры хицау у. Уыцы сылгоймаг нӕ фарсмӕ царди. Дуар куы бакодтон, уӕд джихӕй аззадтӕн – къӕсӕрыл лӕууыд, мӕ мадимӕ Библи чи ахуыр кодта ӕмӕ рӕстдзинад кӕмӕй баззыдтам, уыцы хо. Уый дӕр уый ӕнхъӕл нӕ уыд, ӕмӕ мӕныл фембӕлдзӕн. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй уыцы хо фатеры хицауимӕ Библи ахуыр кодта. Йӕ фенд мын тынг ӕхсызгон уыд. Мӕ хабӕрттӕ йын куы радзырдтон, уӕд нӕ дыууӕ дӕр фӕкуыдтам. Уыцы бон нӕ йемӕ ӕмбырдмӕ акодта. Уым ныл хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ тынг бацин кодтой. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ та ныл батыхстысты, цӕмӕй нын нӕ уырнындзинад бафидар кодтаиккой ӕмӕ нӕ бон уыдаид ӕмбырды хъуыддӕгты архайын».

Иннӕтӕн сӕ бон цы у аразын

Чырыстӕттӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у ӕххуыс кӕнын, зын уавӕры чи ис, уыдонӕн. Зӕгъӕм, Маргаритӕйы хъуыди куыст ссарын. Се ’мбырдӕй йын иу бинонтӕ загътой, йӕ сывӕллӕттӕ-иу скъолайӕ куы ’рбацӕуой, уӕд-иу сӕм кӕй фӕкӕсдзысты.

«Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй ӕппӕты тынгдӕр уый тыххӕй дӕн бузныг, ӕмӕ мӕн дӕр ӕмӕ мӕ сывӕллӕтты дӕр семӕ уацамынды кӕй фӕкӕнынц»,– дзуры Маргаритӕ. Чырыстӕттӕ афтӕ кӕй кӕнынц, уый фӕрцы «кӕрӕдзийы уӕргътӕ хӕссынц ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кӕнынц Чырыстийы закъон» (Гал. 6:2).

Иннӕты тӕригъӕдты аххоссӕй чи фӕмаст кӕны, уыдон тынг бузныг вӕййынц, сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕ сӕ фарсмӕ кӕй балӕууынц, уый тыххӕй. Моникӕй йӕ лӕг куы ацыд, уӕд йӕ цыппар сывӕллонимӕ иунӕгӕй баззад. Уымӕй уӕлдай ма банкӕй дардтой 15 000 доллӕры ӕмӕ йӕхи фидинаг фесты. Моник дзуры: «Ме ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ мыл тынг батыхстысты. Ӕнӕ уыдоны ӕххуыссӕй цы фӕуыдаин, уый нӕ зонын. Йегъовӕйӕ бузныг дӕн, ӕфсымӕрты уылты нын кӕй ӕххуыс кодта, уый тыххӕй. Бирӕтӕ сӕ мӕ сывӕллӕттимӕ сӕ рӕстӕг арӕх ӕрвыстой. Мӕ сывӕллӕттӕ рӕстдзинады куыд рӕзыдысты, уый уынгӕйӕ мӕ зӕрдӕ рухс кодта. Хистӕр нӕлгоймӕгты уынаффӕ-иу мӕ куы хъуыди, уӕд-иу мын баххуыс кодтой. Мӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ радзурын-иу мӕ куы фӕндыд, уӕд-иу мӕм байхъуыстой» (Марчы 10:29, 30).

Хорз ӕмбал фӕзоны, йе ’мбал цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлы, уыдоныл ныхас кӕнын кӕд нӕ фӕхъӕуы, уый (Еккл. 3:7). Маргаритӕ дзуры: «Не ’мбырды хотимӕ фылдӕр фӕныхас кӕнӕм нӕ сывӕллӕттыл, уацамындыл ӕмӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдоныл – мӕ зындзинӕдтӕй фӕстӕмӕ алцӕуылдӕр. Ӕз сӕ бузныг дӕн, мӕ раздӕры цард мын мӕ зӕрдыл кӕй не ’рлӕууын кӕнынц ӕмӕ мын кӕй ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дарддӕр мӕ царды кой кӕнон».

Дӕ масты фӕдыл ма ацу

Чи зоны, рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд дӕхи аххосджын мауал кӕнай, фӕлӕ мӕсты кӕнын райдайай, зӕгъгӕ, уый аххоссӕй цӕмӕн хъизӕмар кӕнын. Дӕ маст дӕ зӕрдӕйы куы хӕссай, уӕд Йегъовӕйыл иузӕрдион нал уыдзынӕ. Дӕ цардӕмбал дыл йӕ зӕрдӕ кӕй сивта, уый тыххӕй дӕ, гӕнӕн ис, бафӕнда, цӕмӕй дзы дӕ маст райсай.

Кӕд дӕ зӕрдӕйы маст хӕссын райдыдтай, уӕд дӕ бон у ахъуыды кӕнын Навины фырт Йесо ӕмӕ Халевы хабарыл. Ацы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ сӕ цардыл нӕ бацауӕрстой, Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ сӕ сгарджытӕй куы арвыстой, уӕд. Иннӕ сгарджытӕн сӕ уырнындзинад лӕмӕгъ разынд ӕмӕ ма адӕмы дӕр Йегъовӕйы раз фӕрӕдийын кодтой. Йесо ӕмӕ Халев израилӕгтӕн куы дзырдтой, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадаиккой, уӕд сӕ чидӕртӕ дуртӕй фӕхойын сфӕнд кодтой (Ным. 13:25–14:10). Израилы тӕригъӕды аххоссӕй Йесо ӕмӕ Халевы 40 азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры рахау-бахау кӕнын бахъуыд.

Кӕд Навины фырт Йесо ӕмӕ Халев се ’фсымӕрты тӕригъӕды аххоссӕй фыдӕвзарӕнты бахаудысты, уӕддӕр сӕ масты фӕдыл нӕ ацыдысты. Уыдонӕн сӕйрагдӕр уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ уый тыххӕй арфӕгонд ӕрцыдысты – 40 азы фӕстӕ ма сӕ фӕлтӕрӕй баззадысты ӕрмӕстдӕр сӕхӕдӕг ӕмӕ левиттӕ, ӕмӕ сӕ Хуыцау Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бакодта (Ным. 14:28–30; Йес. Н. 14:6–12).

Дӕ цардӕмбал дыл йӕ зӕрдӕ кӕй сивта, уый тыххӕй, чи зоны, зӕрдӕхӕлд фӕдӕ. Куы ахицӕн уат, уый фӕстӕ дӕр, чи зоны, маст кӕнай, стӕй дын цардамӕлттӕ кӕнын дӕр зын уа. Фӕлӕ дӕхимӕ ма ныхъхъус ӕмӕ дӕ ма рох кӕнӕд, Йегъовӕ кӕй зоны, йӕ фӕдзӕхстытӕ йын чи не ’ххӕст кӕны, уыдонӕн цы бакӕнын хъӕуы, уый. Израилӕгты хабар дӕр ууыл дзурӕг у (Дзут. 10:30, 31; 13:4).

Дӕ бон у фидар фӕлӕууын!

Дӕхи ӕвзӕр хъуыдытӕй хиз ӕмӕ дӕ зонд дзаг кӕн, Йегъовӕ цы дзуры, уымӕй. Джейн дзуры: «Стыр ӕххуыс мын уыдысты журналтӕ „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“ ӕмӕ „Райхъал ут!“ кассетӕтыл. Стӕй мӕ ӕмбырдтӕ дӕр тынг фидар кодтой. Фембӕлдты зӕрдиагӕй кӕй архайдтон ӕмӕ хорз хабар кӕй хъусын кодтон, уый фӕрцы-иу мӕ мӕ зындзинӕдтӕ ферох сты. Иннӕтӕн Йегъовӕйы базонынӕн кӕй ӕххуыс кодтон, уый руаджы мӕхи уырнындзинад дӕр фидар кодта. Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кодтон, уый мын ӕххуыс кодта, цӕмӕй ахсджиагдӕр цы у, ууыл хъуыды кодтаин».

Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы Моник дзуры: «Ӕмбырдмӕ ӕдзух кӕй цыдтӕн ӕмӕ, мӕ бон цас уыд, уыйбӕрц кӕй хъусын кодтон, уый мын стыр ӕххуыс уыди. Мӕ сывӕллӕттимӕ ноджы ӕнгомдӕр систӕм, стӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ дӕр балымӕн стӕм. Мӕ зындзинӕдты рӕстӕг бамбӕрстон, мӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ цӕй мидӕг сты, уый. Фӕлварӕнты ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы руаджы фӕлӕууыдтӕн фидар».

Дӕуӕн дӕр дӕ бон у ахӕм фӕлварӕнты фидар фӕлӕууын. Дӕ цардӕмбал дыл йӕ зӕрдӕ кӕй сивта, уый тыххӕй кӕд маст кӕныс, уӕддӕр-иу архай Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Хорз цы у, уый аразгӕйӕ нӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕджы ӕркӕрддзыстӕм тыллӕг, кӕд нӕ бафӕллайӕм, уӕд» (Гал. 6:9).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ 13 абз. Хицӕн кӕнын ӕмӕ хицӕнӕй цӕрыны тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн», 142–145, 251–253 фӕрстыл.

[Ныв 31 фарсыл]

Йӕ цардӕмбал йӕ зӕрдӕ кӕуыл сивта, уыдон бузныг сты, уацамынды сын чи ӕххуыс кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй