Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Не ’мчырыстӕтты фидар кӕнӕм

Не ’мчырыстӕтты фидар кӕнӕм

Не ’мчырыстӕтты фидар кӕнӕм

«Уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут» (1 ФЕС. 5:11).

1. Чырыстон ӕмбырды чи ис, уыдон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын сты, фӕлӕ уӕддӕр цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц?

ЧЫРЫСТОН ӕмбырды чи ис, уыдон стыр арфӕдзинӕдтӕй хайджын сты. Ды дӕр уыдоны ’хсӕн дӕ ӕмӕ уыдонау дӕ Йегъовӕйы хӕлар. Йӕ ныхасыл ын кӕй ӕууӕндыс ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ кӕй хъусыс, уый дӕ хъахъхъӕны, зиан чи хӕссы, ахӕм хъуыддӕгтӕй. Дӕ алыварс ис, дӕ хорз кӕй фӕнды, ахӕм ӕмбӕлттӕ. Ӕцӕгдӕр, мах бирӕ арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын. Фӕлӕ чырыстӕттӕй бирӕтӕ алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц. Кӕмӕндӕрты дзы фӕхъӕуы Хуыцауы Ныхас хуыздӕр бамбарын кӕнын. Чидӕртӕ та вӕййынц рынчын кӕнӕ ныфссаст, йе та раст уынаффӕ кӕй нӕ рахӕссынц, уый тыххӕй фыдбылызы бахауынц. Стӕй махӕй алчи дӕр цӕры, Хуыцауӕй чи адард, уыцы дунейы.

2. Не ’мчырыстӕттӕ фыдӕвзарӕнты куы бахауынц, уӕд цы хъуамӕ аразӕм ӕмӕ цӕмӕн?

2 Махӕй алкӕмӕн дӕр зын вӕййы, не ’мчырыстӕттӕ фыдӕвзарӕнты куы бахауынц, уӕд. Апостол Павел ӕмбырд абарста буаримӕ, зӕгъгӕ, «буары уӕнгтӕй иуӕн зын куы вӕййы, уӕд иннӕ уӕнгтӕн дӕр вӕййы зын» (1 Кор. 12:12, 26). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ахӕм уавӕры куы вӕййынц, уӕд-иу хъуамӕ сӕ фарсмӕ балӕууӕм. Библийы ис цалдӕр цӕвиттоны, чырыстӕттӕ-иу кӕрӕдзийӕн зын рӕстӕг куыд ӕххуыс кодтой, уый тыххӕй. Уыцы цӕвиттонты тыххӕй куы кӕсӕм, уӕд-иу ахъуыды кӕн, дӕуӕн дӕр дӕ бон куыд у уыдонау иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын. Куыд у дӕ бон де ’фсымӕрты фидар кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕной?

«Семӕ [йӕ] ракодтой»

3, 4. Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ Аполлосӕн куыд баххуыс кодтой?

3 Аполлос Ефесы куы ’рцарди, уӕд уый размӕ дӕр хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта. Уый «зынгзӕрдӕйӕ дзырдта ӕмӕ ахуыр кодта Йесойы тыххӕй, ӕмӕ цы дзырдта, уый уыди раст, кӕд ӕрмӕстдӕр Иоанны донаргъуыды тыххӕй зыдта, уӕддӕр». Аполлос, донаргъуыд «Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уды номӕй» райсын кӕй хъӕуы, уый, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн нӕ зыдта, ӕмӕ хорз хабар фехъуыста н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны размӕ Аргъауӕг Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕй кӕнӕ та Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй. Кӕд Аполлос зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг уыди, уӕддӕр ӕм фаг зонындзинӕдтӕ нӕ уыд. Уыцы хъуыддаджы йын йе ’мчырыстӕттӕ куыд баххуыс кодтой? (Ап. хъ. 1:4, 5; 18:25; Матф. 28:19).

4 Чырыстон лӕг ӕмӕ ус, Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ, зӕгъгӕ, фехъуыстой, Аполлос дзуттаг ӕмбырдгӕнӕны ныфсджынӕй куыд дзырдта, уый. Уыдон ӕй семӕ акодтой ӕмӕ йын рӕстдзинад бӕлвырддӕр бамбарын кодтой. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 18:24–26.) Уыцы хъуыддагӕй равдыстой сӕ уарзондзинад. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ Аполлосимӕ ныхас кодтаиккой уӕзданӕй ӕмӕ фӕлмӕнӕй, ӕмӕ йын афтӕ дӕр нӕ загътаиккой, ды раст нӕ хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ. Аполлос ӕрмӕстдӕр нӕ зыдта, чырыстон ӕмбырд куыд фӕзынд ӕмӕ дзы уыцы рӕстӕг цы хабӕрттӕ цыд, уый тыххӕй. Дзырд дӕр ыл нӕй, Аполлос тынг бузныг кӕй уыд, йӕ ног ӕмбӕлттӕ йын алцыдӕр лыстӕггай кӕй бамбарын кодтой, уый тыххӕй. Аполлос уыцы хабӕрттӕ куы базыдта, уӕд Ахайы йе ’мчырыстӕттӕн «тынг баххуыс кодта» ӕмӕ адӕмӕн хорз хабар бӕстон фехъусын кодта (Ап. хъ. 18:27, 28).

5. Хъусынгӕнджытӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц ӕмӕ сын цы бантысы?

5 Абон чырыстон ӕмбырды чи ис, уыдон бузныг сты, Библи бамбарынӕн сын чи баххуыс кодта, уыдонӕй. Чырыстӕттӕй бирӕтӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кодтой, уыдонӕн систы се ’мбӕлттӕ. Цӕмӕй адӕмӕн рӕстдзинад базонынӕн баххуыс кӕнай, уый тыххӕй арӕх бахъӕуы цалдӕр мӕйы дӕргъы семӕ Библи ахуыр кӕнын. Фӕлӕ хъусынгӕнджытӕ сӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕнынц, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбарынц, адӕмӕн сӕ цард уымӕй аразгӕ кӕй у (Иоан. 17:3). Ӕмӕ куыд ӕхсызгон вӕййы, адӕм рӕстдзинад куы базонынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ цард куы фӕаразынц ӕмӕ сӕхи Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн куы снывонд кӕнынц, уӕд!

«Тимофейӕ тынг ӕппӕлыдысты»

6, 7. а) Павел Тимофейы йӕхицӕн ӕххуысгӕнӕгӕй цӕмӕн равзӕрста? ӕ) Тимофейӕн цы бантыст, кӕй йын баххуыс кодтой, уый фӕрцы?

6 Апостол Павел ӕмӕ Силӕ сӕ дыккаг балцы рӕстӕг Листрӕйы куы уыдысты, уӕд фембӕлдысты Тимофейыл, уӕд ыл цыдаид 20 азы бӕрц. «Тимофейӕ тынг ӕппӕлыдысты Листрӕ ӕмӕ Иконийы ӕфсымӕртӕ». Йӕ мад Евникӕ ӕмӕ йӕ мадымад Лоидӕ уыдысты чырыстӕттӕ, йӕ фыд та уыд ӕнӕуырнӕг (2 Тим. 1:5). Павел, ӕвӕццӕгӕн, семӕ базонгӕ дыууӕ азы размӕ, уыцы ран фыццаг хатт куы уыд, уӕд. Фӕлӕ ныр Тимофеймӕ йӕ хъус лӕмбынӕгдӕр ӕрдардта, уымӕн ӕмӕ йӕм хорз миниуджытӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сразы сты, цӕмӕй Тимофей Павелӕн йӕ уацамындон балцы ӕххуыс кодтаид. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 16:1–3.)

7 Тимофей хъуамӕ бирӕ цӕуылдӕртыл сахуыр уыдаид йӕ хистӕр ӕмбалӕй. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр уырнындзинады афтӕ сырӕзт, ӕмӕ Павелӕн йӕ бон уыд, цӕмӕй йӕ йӕхи бӕсты ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕнынмӕ ’рвыстаид. Тимофей 15 азы дӕргъы Павелимӕ кӕй уыди, уый йын фӕпайда ис. Кӕд раздӕр ӕвӕлтӕрд ӕмӕ ӕфсӕрмыгӕнаг уыд, уӕддӕр фӕстӕдӕр сси хорз цӕстдарӕг (Фил. 2:19–22; 1 Тим. 1:3).

8, 9. Чырыстӕттӕ ӕрыгӕтты цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕной ӕмӕ куыд? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

8 Абон чырыстон ӕмбырды ӕрыгӕттӕй бирӕтӕн сӕ бон у фылдӕр лӕггад кӕнын. Сӕ лӕггадӕй фӕзминаг чи сты, ахӕм ӕмбӕлттӕ сын куы уа ӕмӕ сӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ куы разӕнгард кӕной, уӕд сӕ бон уыдзӕн фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн. Де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм дӕ хъус ӕрдар. Мыййаг, се ’хсӕн ахӕм ӕрыгӕттӕ нӕй, йӕ бон фылдӕр лӕггад кӕнын кӕмӕн у? Куы сын ӕххуыс кӕнай ӕмӕ сӕ куы разӕнгард кӕнай, уӕд, чи зоны, сӕ бон бауа лӕггад кӕнын пионертӕй, миссионертӕй, цӕугӕ цӕстдарджытӕй кӕнӕ Вефилы. Дӕ бон сын куыд у баххуыс кӕнын ахӕм нысӕнттӕ сӕвӕрынӕн?

9 Мартин Вефилы лӕггад кӕны 20 азы. Йӕ зӕрдыл лӕууы, 30 азы размӕ йӕ иу районон цӕстдарӕг куыд разӕнгард кодта фылдӕр лӕггад кӕнынмӕ, уый. Хъусын кӕнынмӕ куы уыдысты, уӕд ын уыцы цӕстдарӕг ӕхсызгонӕй радзырдта, ӕрыгонӕй Вефилы куыд лӕггад кодта, уый тыххӕй. Стӕй йын загъта, цӕмӕй уый дӕр ахъуыды кодтаид, ӕмӕ Йегъовӕйӕн афтӕ лӕггад кӕнын райдыдтаид. Мартин зӕгъы, зӕгъгӕ, уыцы ныхӕстӕ тынг бандӕвтой, фӕстӕдӕр цы уынаффӕ рахастон, ууыл. Ды дӕр ӕрыгӕтты куы разӕнгард кӕнай, цӕмӕй сӕ разы хорз нысӕнттӕ ӕвӕрой, уӕд сӕ, чи зоны, бафӕнда Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын.

«Ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдаут»

10. Епафродитӕн йӕ ныфс цӕй тыххӕй асаст?

10 Епафродит Филипптӕй Роммӕ Павелы бӕрӕг кӕнынмӕ куы цыд, уӕд фӕндагыл бирӕ бахъуыд, стӕй йӕ балц уӕззау уыди. Уыцы рӕстӕг Павел бадти ахӕстоны, чырыстон кӕй уыд, уый тыххӕй. Епафродит ӕрцыд Филиппты ӕмбырды номӕй. Уый апостолӕн ӕрмӕст сӕ лӕвӕрттӕ нӕ фӕхӕццӕ кодта, фӕлӕ ма йӕ бафӕндыд йемӕ баззайын ӕмӕ йын йӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй баххуыс кӕнын. Фӕлӕ Ромы афтӕ тынг фӕрынчын, ӕмӕ «мӕлӕты къахыл лӕууыд». Епафродит куы бамбӕрста, йӕ фӕнд йӕ къухы кӕй нӕ бафтдзӕн, уӕд йӕ ныфс асаст (Фил. 2:25–27).

11. а) Ӕмбырды исчи ныфссаст куы уа, уӕд нӕм уый диссаг цӕуылнӕ хъуамӕ кӕса? ӕ) Павел филиппӕгтӕн Епафродиты тыххӕй цы ныффыста?

11 Абон адӕмӕн бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй сӕ ныфс асӕтты. Ӕнӕниздзинады дунеон организаци куыд сбӕрӕг кодта, афтӕмӕй алы фӕндзӕм адӕймаг дӕр царды иу хатт уӕддӕр вӕййы ныфссаст. Йегъовӕйы адӕм дӕр уымӕй хызт не сты. Адӕймагӕн йӕ ныфс асӕтты, бинонтӕ дарын ын зын кӕй вӕййы, йе ’нӕниздзинад кӕй фӕцуды, исты рӕдыд кӕй саразы кӕнӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй. Филиппӕгтӕн сӕ бон куыд уыд Епафродитӕн баххуыс кӕнын? Павел ныффыста: «Суазӕг-иу [ӕй] кӕнут, Хицауы фӕдылдзӕуджыты куыд суазӕг кӕнут, афтӕ, бацин ыл кӕнут, ӕмӕ ахӕм адӕймӕгтӕн аргъ кӕнут, уымӕн ӕмӕ нӕ Хицауы хъуыддаджы тыххӕй йӕхи тӕссаг уавӕры баппӕрста ӕмӕ мӕлӕты къахыл лӕууыд, цӕмӕй мемӕ уыдаид ӕмӕ мын уӕ бӕсты лӕггад кодтаид» (Фил. 2:29, 30).

12. Ныфссаст чи у, уыдоны куыд ис бафидар кӕнӕн?

12 Мах дӕр хъуамӕ фидар кӕнӕм, ныфссаст чи у, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй сӕ ис раппӕлӕн. Чи зоны, сӕ царды бирӕ цыдӕртӕ фӕивтой, цӕмӕй чырыстӕттӕ суыдаиккой кӕнӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдыдтаиккой. Мах сын сӕ фыдӕбонӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ сын сӕ зӕрдыл лӕууын кӕнӕм, Йегъовӕйӕ дӕр рох кӕй не сты. Иузӕрдион чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты сӕ бон раздӕрау лӕггад кӕнын нӕу, азтӕ сыл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой кӕнӕ се ’нӕниздзинад кӕй фӕцудыдта, уый аххосӕй. Фӕлӕ Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй уый аккаг сты, цӕмӕй сын аргъ кӕнӕм. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ цӕйфӕнды аххосӕй ма уой ныфссаст, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн дзуры: «Ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдаут, лӕмӕгъты фидар кӕнут, алкӕимӕ дӕр ут бирӕфӕразон» (1 Фес. 5:14).

«Зӕрдӕйӕ [йын] ныххатыр кӕнут ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ бафидар кӕнут»

13, 14. а) Коринфы ӕмбырды цавӕр ахсджиаг уынаффӕ рахастой ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уый цы пайда уыд?

13 Фыццаг ӕнусы Коринфы ӕмбырды иу нӕлгоймаг хӕтыд ӕмӕ йӕ тӕригъӕдыл нӕ фӕсмон кодта. Йӕхи афтӕ кӕй дардта, уый ӕмбырды сыгъдӕгдзинадӕн тӕссаг уыд, ӕмӕ уыцы хабар суанг ӕнӕуырнджыты ’хсӕн дӕр ахъӕр. Уӕдӕ Павел дзӕгъӕлы нӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ ӕмбырдӕй ацух кодтаиккой (1 Кор. 5:1, 7, 11–13).

14 Уыцы адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уый раст уыд. Иннӕ чырыстӕттӕн тӕссаг нал уыд, йе ’нӕгъдау хъуыддӕгтӕ сыл кӕй фӕзындзысты, уымӕй. Стӕй уыцы нӕлгоймаг бамбӕрста, уӕззау тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕрфӕсмон кодта. Павел Коринфы ӕмбырдмӕ йӕ дыккаг фыстӕг куы фыста, уӕд ӕфсымӕрты бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы адӕймагӕн бар радтаиккой, ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхтаид, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд, кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый. Фӕлӕ хабар ууыл хъуамӕ ма ахицӕн уыдаид. Павел ма сын загъта, зӕгъгӕ йын «зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнут ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ бафидар кӕнут, цӕмӕй уыцы адӕймаг бынтондӕр йӕхимӕ ма ныхъхъуса». (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 2:5–8.)

15. Йӕ тӕригъӕдыл чи ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ чи ӕрбаздӕхт, уыдонмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

15 Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Ӕмбырдӕй искӕй ацух кӕнын куы бахъӕуы, уӕд нын уый тынг хъыг вӕййы. Уыдон, чи зоны, Хуыцауы ӕмӕ ӕмбырды ном фӕхудинаг кодтой кӕнӕ суанг нӕ ныхмӕ дӕр тӕригъӕд сарӕзтой. Фӕлӕ, йӕ тӕригъӕдыл чи ӕрфӕсмон кодта, ахӕм адӕймаджы хъуыддаг хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы ’взарой ӕмӕ Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ куы аскъуыддзаг кӕной, цӕмӕй фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ раздӕха, уӕд уый ууыл дзурӕг у, Йегъовӕ йын кӕй ныххатыр кодта (Матф. 18:17–20). Цымӕ мах дӕр уыцы хъуыддаджы Хуыцауы хъуамӕ ма фӕзмӕм? Йӕ тӕригъӕдыл чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы адӕймагмӕ тызмӕг цӕстӕй куы кӕсӕм ӕмӕ йын куы нӕ ныххатыр кӕнӕм, уӕд, зӕгъӕн ис, афтӕмӕй цӕуӕм Йегъовӕйы ныхмӕ. Цымӕ раст нӕ уаид, кӕй йӕ уарзӕм, уый куы равдисӕм, цӕмӕй ӕмбырды иудзинад уа ӕмӕ нӕ Йегъовӕ йӕ хорзӕхӕй хайджын кӕна? (Матф. 6:14, 15; Лук. 15:7).

«Мӕ лӕггады мӕ йе ’ххуыс хъӕуы»

16. Павел Маркмӕ цӕй тыххӕй фӕхӕрам?

16 Библийы иннӕ хабарӕй бӕрӕг у, чи нӕ фӕхъыг кӕны, уыдонмӕ хъуамӕ кӕй ма мӕсты кӕнӕм. Иухатт Иоанн Марк апостол Павелы тынг фӕхъыг кодта. Куыд? Павел ӕмӕ Варнавӕ фыццаг хатт уацамындон балцы куы ацыдысты, уӕд Марк дӕр семӕ ацыд, цӕмӕй сын ӕххуыс кодтаид. Фӕлӕ балцы рӕстӕг Марк йе ’мбӕлтты фӕуагъта (цӕмӕн, уый бӕрӕг нӕу) ӕмӕ сӕхимӕ аздӕхт. Павел ӕм уый тыххӕй афтӕ тынг фӕхӕрам, ӕмӕ Варнавӕимӕ дыккаг балцы ацӕуын куы фӕнд кодтой, уӕд йемӕ не сразы, цӕмӕй Марчы семӕ акодтаиккой. Марк сӕ фыццаг балцы рӕстӕг кӕй ныууагъта, уый тыххӕй Павелы нӕ фӕндыд, цӕмӕй та семӕ ацыдаид. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 13:1–5, 13; 15:37, 38.)

17, 18. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Павел ӕмӕ Марк кӕй бафидыдтой, уый ӕмӕ нын уыцы хабар зондзонӕн куыд у?

17 Павел Маркмӕ ахӕм цӕстӕй кӕй ракаст, уый тыххӕй Марк йӕ къухтӕ нӕ ауагъта. Уый бӕрӕг у, дарддӕр дӕр Варнавӕимӕ ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕм балцы кӕй цыд, уымӕй (Ап. хъ. 15:39). Павел цалдӕр азы фӕстӕ Марчы тыххӕй цы ныффыста, уымӕй зыны, иузӕрдион ӕмӕ ӕууӕнчы аккаг кӕй разынд, уый. Павел Ромы ахӕстоны куы уыд, уӕд Тимофеймӕ ныффыста, цӕмӕй йӕм ӕрцыдаид. Уыцы фыстӕджы ма ныффыста: «Демӕ-иу ракӕн Марчы дӕр, мӕ лӕггады мӕ йе ’ххуыс хъӕуы» (2 Тим. 4:11). О, Павел фидарӕй зыдта, Марк хуыздӕрырдӕм кӕй фӕивта.

18 Уыцы хабар нын у зондзонӕн. Марк сси фӕлтӕрд миссионер, уымӕн ӕмӕ уыд хорз миниуджыты хицау. Павел ӕй йемӕ кӕй нӕ акодта, уый йын цӕлхдур не сси. Сӕ дыууӕ дӕр уыдысты Йегъовӕйы ӕввахс хӕлӕрттӕ ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ тагъд рӕстӕджы бафидыдтой. Павел фӕстӕдӕр бамбӕрста, Марк хорз ӕмбӕлццон кӕй у, уый. Уӕдӕ чырыстӕттӕ сӕ зындзинӕдты сӕрты куы ахизынц, уӕд раст уаид дарддӕр дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын уырнындзинады рӕзынӕн. Иннӕтӕм хорз цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд сын уый уыдзӕн ныфсы хос.

Уӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнут

19. Чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын?

19 Абон мах цӕрӕм «тынг уӕззау рӕстӕджы». Уымӕ гӕсгӕ мах хъӕуы нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕххуыс, уыдоны та – не ’ххуыс (2 Тим. 3:1). Чырыстӕттӕ исты зын уавӕры куы бахауынц, уӕд алыхатт нӕ фӕзонынц, цы сӕ хъӕуы аразын, уый. Йегъовӕ та зоны, ӕмӕ йӕ бон у ӕмбырды искӕй уылты, стӕй дӕу уылты дӕр, иннӕтӕн баххуыс кӕнын, раст куыд у, афтӕ бакӕнынӕн (Ис. 30:20, 21; 32:1, 2). Куыдфӕнды ма уа, дӕ зӕрдыл дар Павелы фӕдзӕхст: «Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут» (1 Фес. 5:11).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Ӕмбырды иннӕты цӕмӕн хъӕуы фидар кӕнын?

• Цавӕр зындзинӕдты у дӕ бон иннӕтӕн баххуыс кӕнын?

• Иннӕты ’ххуыс нӕ цӕмӕн хъӕуы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 11 фарсыл]

Не ’мчырыстӕттӕ зын уавӕры куы уой, уӕд-иу сын баххуыс кӕнӕм

[Ныв 12 фарсыл]

Абон ӕрыгӕттӕй бирӕтӕн сӕ бон у фылдӕр лӕггад кӕнын