Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уарзондзинад нӕ бӕтты кӕрӕдзийыл. Ӕрвылазон фембӕлд

Уарзондзинад нӕ бӕтты кӕрӕдзийыл. Ӕрвылазон фембӕлд

Уарзондзинад нӕ бӕтты кӕрӕдзийыл. Ӕрвылазон фембӕлд

ДЖЕРСИ-СИТИЙЫ (штат Нью-Джерси, АИШ) Конгрессты залы 2009 азы 3 октябры райсомӕй ӕрӕмбырд 5 000 адӕймаджы ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ уыдысты цинӕйдзаг. Уый уыд Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады (Пенсильвани) 125-ӕм ӕрвылазон фембӕлд. Уыцы фембӕлды программӕмӕ ма видеотрансляцийы фӕрцы кастысты мингай адӕм Иугонд Штатты Вефилы ӕртӕ бӕстыхайы ӕмӕ Канадӕйы Вефилы. Программӕ цыди ӕртӕ сахаты ӕмӕ йӕм ӕдӕппӕтӕй байхъуыста 13 235 адӕймаджы. Уыдон иумӕ ӕрӕмбырд сты, Йегъовӕйы кӕй уарзынц, уый тыххӕй ӕмӕ сын уый уыд стыр цины хос.

Фембӕлд уагъта ӕфсымӕр Джеффри Джексон Разамонӕг советӕй. Программӕйы райдианы загъта, Вефилы лӕггадгӕнджыты хор кӕй азардзӕн зарджытӕ ног зарджыты чиныгӕй. Хорӕн разамынд лӕвӕрдта Разамонӕг советы уӕнг Дэйвид Сплэйн. Уый цыбыртӕй бамбарын кодта, музыкӕйӕн раст дины стыр нысаниуӕг кӕй ис. Стӕй загъта, цӕмӕй сӕ иумӕ азарой: фыццаг уал-иу сӕ азарыд хор, уый фӕстӕ та – иууылдӕр иумӕ. Ацы хор арӕзт ӕрцыд ӕрмӕстдӕр ацы фембӕлды тыххӕй. Ӕндӕр ахсджиаг фембӕлдты рӕстӕджы хор аразын нӕ хъӕуы.

Хабӕрттӕ филиалтӕй

Фондз филиалы комитетты уӕнгтӕ радзырдтой, сӕ бӕстӕты куыст куыд цӕуы, уый тыххӕй. Кеннет Литтл радзырдта, тагъд Канадӕйы кӕй скусдзӕн ног мыхуыргӕнӕн станок ӕмӕ йыл мыхуыр кӕндзысты дӕс хатты фылдӕр журналтӕ Иугонд Штаттӕн ӕмӕ Канадӕйӕн. Уый тыххӕй ацы ног станок кусдзӕн бон дыууӕ сменӕйы, 16 сахаты.

Райнер Томпсон радзырдта, Доминиканы Республикӕйы Паддзахады хъуыддаг куыд цӕуы, уый тыххӕй. Альберт Оли та радзырдта, Нигерийы куыст куыд цӕуы, уый тыххӕй. Эмиль Критцингер загъта, Мозамбикы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бирӕ азты дӕргъы кӕй ӕфхӕрдтой ӕмӕ сын регистраци кӕй радтой ӕрмӕстдӕр 1992 азы. Ацы ӕртӕ бӕстӕйы дӕр хъусынгӕнджыты нымӕц тынг сырӕзт. Вив Мориц фехъусын кодта, Австралийы филиал кӕй ӕххуыс кӕны ӕфсымӕртӕн Скӕсӕйнаг Тиморы, ӕмӕ сын уыцы бӕстӕйы Паддзахады хъуыддаджы бирӕ кӕй бантыст.

Разамонӕг советы комитеттӕ

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы хъуыддӕгты фӕархайынц, уыдонӕн 1976 азӕй разамынд дӕттын райдыдтой Разамонӕг советы ӕхсӕз комитеты. Фӕстӕдӕр сын ӕндӕр фыстӕй снысан кодтой ӕххуысгӕнджыты. Абон Разамонӕг советӕн ӕххуыс кӕны 23 адӕймаджы. Уыдонӕй ӕхсӕзӕй райстой интервьютӕ. Ацы ӕфсымӕртӕ ӕххӕстрӕстӕг цал азы лӕггад кӕнынц, уыдон иууылдӕр иумӕ сты 341 аз – рӕстӕмбис нымадӕй фӕйнӕ 57 азы.

Дон Адамс, Вефилы лӕггад кӕны 1943 азӕй фӕстӕмӕ, бамбарын кодта, Координаторты комитет арӕзт кӕй у иннӕ фондз комитетты координатортӕй ӕмӕ йӕ хъус кӕй дары, цӕмӕй фондз комитеты кӕрӕдзиимӕ ӕмгуыст кӕной. Ацы комитет ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕххуыс кӕны, сӕ фӕдыл куы фӕзилынц, тӕрхондӕтты сӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрст куы фӕцӕуынц кӕнӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕ куы ’рцӕуы, уӕд, йе та, ӕвӕстиатӕй архайын кӕм фӕхъӕуы, ахӕм уавӕрты.

Дэн Молчан бамбарын кодта, Лӕггадгӕнджыты нысан кӕныны комитет кӕй тыхсы, ӕгас дунейы Вефилты цы 19 851 лӕггадгӕнӕджы ис, уыдоны уырнындзинад ӕмӕ ӕнӕниздзинадыл. Дейвид Синклер радзырдта, Рауагъдады комитет йӕ хъус кӕй дары, цӕмӕй филиалты уа, мыхуыр кӕнынӕн цы ӕрмӕг ӕмӕ кусӕнгӕрзтӕ хъӕуы, уыдон. Уый фӕстӕ Роберт Уоллен, Вефилы лӕггад кӕны 60 азмӕ ’ввахс, радзырдта, Уацамындӕн дзуапдӕттӕг комитеты бӕрны кӕй сты хъусын кӕныны хъуыддаг ӕмӕ ӕмбырдты хъуыддӕгтӕ. Уильям Маленфант радзырдта, Ахуырадон комитет конгрессты программӕтӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ куыд бафыдӕбон кӕны, уый тыххӕй. Кӕронбӕттӕны Джон Уисчук бамбарын кодта, Фысджыты комитет йӕ цӕст кӕй дары, нӕ публикацитӕн ӕрмӕг куыд цӕттӕ кӕнынц, уымӕ *.

2010 азы стих у уарзондзинады тыххӕй

Уый фӕстӕ раныхасы рацыдысты Разамонӕг советы уӕнгтӕй ӕртӕ ӕфсымӕры. Фыццаг раныхас уыд Геррит Лёшӕн ӕмӕ йӕ райдыдта фарстайӕ: «Фӕнды дӕ, цӕмӕй дӕ иннӕтӕ уарзой?» Ӕфсымӕр бамбарын кодта, адӕймаджы ӕппӕты тынгдӕр кӕй хъӕуы уарзондзинад ӕмӕ не ’ппӕт дӕр уый фӕрцы дидинӕгау кӕй райхӕлӕм. Йегъовӕ нӕ йе стыр уарзтӕй сфӕлдыста ӕмӕ цӕргӕ дӕр уый фӕрцы кӕнӕм. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, сӕйраджыдӕр нӕ уый разӕнгард кӕны хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ.

Уагӕвӕрдтыл чи ӕнцайы, ахӕм уарзондзинад нӕм куы уа, уӕд, нӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ӕрмӕст уыдоны нӕ уарздзыстӕм, фӕлӕ ма не знӕгты дӕр (Матф. 5:43–45). Ӕфсымӕр Лёш хъусджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Йесо мах тыххӕй цы бавзӕрста, уый: ехсӕй йӕ фӕнадтой, фӕхынджылӕг дзы кодтой, фӕтутӕ йыл кодтой ӕмӕ йӕ барӕхуыстой. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр хъӕдыл чи байтыгъта, уыцы ӕфсӕддонты тыххӕй Хуыцаумӕ скуывта. Уый зонгӕйӕ нӕ Йесойы ноджы тынгдӕр уарзын нӕ фӕнды? Стӕй ӕфсымӕр Лёш загъта, 2010 азы стих ист кӕй у 1 Коринфӕгтӕм 13:7, 8 стихтӕй: «[Уарзондзинад] алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы. Уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн». Уӕдӕ нын ӕрмӕст ӕнустӕм царыны ныфс нӕй, фӕлӕ ма не ’хсӕн ӕнустӕм уарзондзинад кӕй уыдзӕн, уый ныфс дӕр.

Фаг зонындзинӕдтӕ дӕм ис?

Сэмюэл Хёрд йӕ раныхас райдыдта цӕстуынгӕ цӕвиттонӕй. Зӕгъӕм, де ’мбал дӕ йемӕ машинӕйыл кӕдӕмдӕр кӕны ӕмӕ уӕ хъӕуы 50 километры бӕрц цӕуын. Йӕ фарсмӕ ӕрбадтӕ ӕмӕ уыныс, йӕ машинӕйы бензин гыццыл йеддӕмӕ кӕй нал ис. Де ’мбалӕн ӕй загътай, фӕлӕ дӕ уый сабыр кӕны, зӕгъгӕ, ма тыхс, балцы фаг у. Фӕлӕ бирӕ нӕ ацыдыстут, афтӕ бензин фӕци. Дӕ машинӕйы бензин бирӕ куы нал уа, афтӕмӕй искуыдӕм ацӕуын раст уаид? Цымӕ хуыздӕр нӕ уаид, дӕ хъус куы дарис, цӕмӕй дӕ машинӕйы бак йедзаг уа? Афтӕ мах дӕр хъӕуы нӕ «бак» йедзагӕй дарын, ома нӕм хъуамӕ Йегъовӕйы тыххӕй фаг зонындзинӕдтӕ уа.

Цӕмӕй уый нӕ къухы бафта, уый тыххӕй нӕ ӕппынӕдзух хъӕуы «бензин» кӕнын, ома нӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕнын. Уымӕн нын баххуыс кӕндзысты цыппар хъуыддаджы. Фыццаг, алы бон дӕр Библи кӕсын ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнын. Ӕмӕ йӕ ӕрмӕст кӕсын фаг нӕу, хъуамӕ цы кӕсӕм, уый ӕмбаргӕ дӕр кӕнӕм. Дыккаг, бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнын. Алы къуыри дӕр дӕ бинонтимӕ Библи фӕахуыр кӕныс ӕмӕ афтӕмӕй дӕ «бак» дзаг кӕныс ӕви дзы гыццыл ныккӕныс? Ӕртыккаг, ӕмбырдтӕм цӕуын. Цыппӕрӕм, сабыр ран Йегъовӕйы хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнын. Псаломы 143:5 фыст ис: «Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты рагон замантӕ. Хъуыды кӕнын де ’ппӕт хъуыддӕгтыл».

«Рӕстгӕнджытӕ хурау тӕмӕнтӕ калдзысты»

Ӕртыккаг раныхас уыд Джон Баррӕн. Уый бамбарын кодта Йесойы фӕсномыг ныхас мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй (Матф. 13:24–30, 38, 43). Уыцы фӕсномыг ныхасы дзырд цӕуы, «хуымгӕрдӕн афон» «паддзахады фырттӕ» ӕмбырд кӕй ӕрцӕудзысты, хӕмпӕлгӕрдӕг та кӕй басудздзысты.

Ӕфсымӕр Барр бамбарын кодта, хуымгӕрдӕны афонӕн кӕрон кӕй уыдзӕн. Уый бакаст Матфейы 24:34: «Ацы дуджы адӕм дӕр ма ӕрӕййафдзысты ӕппӕт ацы хабӕрттӕ». Барр дыууӕ хатты бакасти ахӕм ныхӕстӕ: «Чырыстийы ныхӕстӕ нысан кӕнынц, стыр бӕллӕх куыд райдайдзӕн, уый чи фена, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ кӕй ӕрӕййафдзысты, 1914 азы нысан ӕххӕст кӕнын куыд райдыдта, уый чи федта, уыцы сӕрстыты». «Ацы дуджы адӕмы» рӕстӕг цас ахӕсдзӕн, уый мах нӕ зонӕм, фӕлӕ ацы дыууӕ къорды цӕрдзысты иу рӕстӕджы. Сӕрст чырыстӕттӕ кӕд иу кары не сты, уӕддӕр ацы дыууӕ къорды дӕр цӕрынц фӕстаг бонты. Куыд ӕхсызгон у, 1914 азы фӕстаг бонты нысан ӕххӕст кӕнын куыд райдыдта, уый чи федта, уыцы сӕрст чырыстӕтты чи ӕрӕййӕфта, уыцы ӕвзонгдӕр сӕрстытӕ стыр бӕллӕхы размӕ иууылдӕр кӕй нӕ амӕлдзысты!

«Паддзахады фырттӕ» тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг кӕд райсдзысты, уыцы рӕстӕгмӕ, фӕлӕ махӕй алчи дӕр хъуамӕ кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайа ӕмӕ хурау тӕмӕнтӕ кала. Цӕй стыр кад нын у, нӕхи цӕстӕй кӕй уынӕм, «мӕнӕу» ӕмбырд куыд цӕуы, уый!

Кӕронбӕттӕны зарӕджы фӕстӕ ӕмбырды номӕй скуывта Теодор Ярач Разамонӕг советӕй. Ӕвӕдза, цӕй диссаджы ӕрвылазон фембӕлд уыд!

[Фиппаинаг]

^ 10 абз. Разамонӕг советы ӕхсӕз комитеты цы куыст кӕнынц, уый тыххӕй бакӕсӕн ис 2008 азы 15 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 29 фарсыл.

[Рамкӕ 5 фарсыл]

ХИСТӔР НӔЛГОЙМӔГТЫ СКЪОЛА

Ӕрвылазон фембӕлды рӕстӕджы Энтони Моррис, Разамонӕг советы уӕнг, фехъусын кодта, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ног скъола кӕй уадздзысты. Иугонд Штатты ацы скъола йӕ куыст райдыдта 2008 азы райдианы Паттерсоны Ахуыргӕнӕн центры (штат Нью-Йорк). Октябры ахуыр фӕци 72 кълас. Ӕдӕппӕтӕй уыцы скъолайы сахуыр кодтой 6 720 хистӕр нӕлгоймаджы. Фӕлӕ разӕй нырма бирӕ куыст ис. Ӕрмӕст Иугонд Штатты ис 86 000 хистӕр нӕлгоймагӕй фылдӕр. Уымӕ гӕсгӕ Разамонӕг совет уынаффӕ рахаста, цӕмӕй 2009 азы 7 декабрӕй фӕстӕмӕ ма ахӕм скъола уадзой Бруклины дӕр (Нью-Йорк).

Дыууӕ мӕйы дӕргъы Паттерсоны ахуыр кӕндзысты цыппар цӕугӕ цӕстдарӕджы ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ арвитдзысты Бруклинмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты ахуыр кӕнынмӕ. Уыцы рӕстӕг ма ноджы цыппар цӕстдарӕджы Паттерсоны сахуыр кӕндзысты ӕмӕ уыдоны дӕр Бруклинмӕ арвитдзысты, фыццаг цыппар та скъола уадздзысты Конгрессты ӕмӕ Паддзахады залты. Ахуыргӕнджыты нымӕц 12 куы суа, уӕд Иугонд Штатты алы къуыри дӕр уадздзысты ӕхсӕз скъолайы англисаг ӕвзагыл. Уый фӕстӕ ма цыппар ахуыргӕнӕджы сахуыр кӕндзысты, цӕмӕй скъола уадзой испайнаг ӕвзагыл. Ацы ног скъола Хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты скъолайы бӕсты нӕ уыдзӕн. Уый арӕзт у хистӕр нӕлгоймӕгты уырнындзинад фидар кӕнынӕн. 2011 лӕггады азы ацы скъола уадздзысты Конгрессты ӕмӕ Паддзахадон залты ӕппӕт дунейы дӕр.

[Нывтӕ 4 фарсыл]

Ӕрвылазон фембӕлд райдыдта зарӕгӕй ног зарджыты чиныгӕй «Пойте Иегове»