Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕлмӕн ныхас ӕххуыс кӕны хӕларӕй цӕрынӕн

Фӕлмӕн ныхас ӕххуыс кӕны хӕларӕй цӕрынӕн

Фӕлмӕн ныхас ӕххуыс кӕны хӕларӕй цӕрынӕн

«Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн» (КОЛ. 4:6).

1, 2. Не ’фсымӕр фӕлмӕнӕй кӕй дзырдта, уый фӕрцы хабар куыд рауад?

«ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ куы хъусын кодтон, уӕд иу лӕгыл фембӕлдтӕн. Йемӕ дзурын куы райдыдтон, уӕд фырмӕстӕй йӕ былтӕ ӕмӕ йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр зыр-зыр кӕнын райдыдтой,– дзуры иу ӕфсымӕр.– Йемӕ Фыстадӕй аныхас кӕнынмӕ хъавыдтӕн, фӕлӕ ноджы тынгдӕр смӕсты. Йӕ ус ӕмӕ мӕ йӕ сывӕллӕттӕ дӕр ӕфхӕрын райдыдтой. Ӕз бамбӕрстон, уырдыгӕй мӕ ацӕуын кӕй хъӕуы. Ӕз сын загътон, фарнимӕ сӕм кӕй ӕрбацыдтӕн ӕмӕ мӕ фарнимӕ ацӕуын кӕй фӕнды. Стӕй сын равдыстон Галатӕгтӕм 5:22 ӕмӕ 23 стихтӕ. Фыст дзы ис уарзондзинад, фӕлмӕн удыхъӕд, хиуыл хӕцын ӕмӕ фарны тыххӕй. Ӕмӕ уый фӕстӕ ацыдтӕн.

2 Фӕстӕдӕр та уыцы бинонтыл сӕмбӕлдтӕн, сӕ уынджы иннӕ хӕдзӕртты куы хъусын кодтон, уӕд. Уыдон сӕ хӕдзары раз асинтыл бадтысты. Ӕмӕ мӕ куы федтой, уӕд мӕм фӕдзырдтой. Ӕз ахъуыды кодтон: „Цымӕ мӕм цӕмӕн дзурынц?“ Нӕлгоймаг мын загъта, уазал дон нӕм ануаз, зӕгъгӕ. Стӕй мӕ хатыр ракуырдта, мемӕ схуыст ныхас кӕй кодта, уый тыххӕй ӕмӕ фидар уырнындзинад кӕй равдыстон, уый тыххӕй мӕ раппӕлыд. Нӕ кӕрӕдзийӕн хӕларзӕрдӕйӕ хӕрзбон загътам ӕмӕ мӕ фӕндаг адарддӕр кодтон».

3. Нӕ масты фӕдыл цӕуылнӕ хъуамӕ цӕуӕм?

3 Мах фыддунейы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ арӕх фембӕлӕм мӕстыгӕр адӕмыл, ӕнӕуи дӕр ӕмӕ уацамынды дӕр. Ахӕм адӕмыл куы фембӕлӕм, уӕд семӕ хъуамӕ ныхас кӕнӕм «сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй» (1 Пет. 3:15). Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕримӕ хӕдзары хицау кӕд схуыст ныхас кодта, уӕддӕр ӕм не смӕсты. Не ’фсымӕр дӕр йемӕ афтӕ куы дзырдтаид, уӕд уыцы лӕг не ’рсабыр уыдаид, фӕлӕ йӕ маст бынтондӕр рафыхтаид. Ӕфсымӕр йӕхиуыл кӕй фӕхӕцыд ӕмӕ фӕлмӕнӕй кӕй ныхас кодта, уый фӕрцы хъуыддаг хорз рауад.

Нӕ дзыхыныхас фӕлмӕн цӕй фӕрцы уыдзӕн?

4. Фӕлмӕнӕй ныхас кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?

4 Кӕимӕфӕнды ма ныхас кӕнӕм, дунейы адӕм уой кӕнӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, суанг нӕ бинонтӕ дӕр, уӕддӕр хъуамӕ хъусӕм апостол Павелы уынаффӕмӕ: «Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ» (Кол. 4:6). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн семӕ ӕргом ныхас кӕнын ӕмӕ хӕларӕй цӕрын.

5. Цы нӕ нысан кӕны ӕргом ныхас? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

5 Ӕргом ныхас нӕ нысан кӕны, цы хъуыды кӕныс ӕмӕ цы ’нкъарыс, уый ӕвиппайды зӕгъын, уӕлдайдӕр та, мӕсты куы уай, уӕд. Фыстадӕй зыны, масты фӕдыл цӕуын хъӕбатырдзинадыл дзурӕг кӕй нӕу, фӕлӕ лӕмӕгъдзинадыл. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 25:28; 29:11.) Моисейы «хуызӕн сабыр адӕймаг» зӕххыл нӕ уыд. Фӕлӕ иухатт израилӕгтӕ хъуыр-хъуыр кӕнын куы райдыдтой, уӕд сӕм смӕсты ис ӕмӕ сӕ разы Хуыцауы не скадджын кодта. Моисей йӕ хъуыды ӕргом загъта, фӕлӕ уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. 40 азы фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн бар нал радта, цӕмӕй израилӕгты Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бакодтаид (Ным. 12:3; 20:10, 12; Пс. 106:32).

6. Цы нысан кӕны, искӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ ӕмбаргӕ уӕм, уый?

6 Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй искӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ нӕхиуыл хӕцын зонӕм ӕмӕ ӕмбаргӕ уӕм, йе та зондӕй архайӕм. «Бирӕ чи дзуры, уымӕн ӕнӕфӕрӕдийгӕ нӕй, йе ’взаджы рохтыл чи хӕцы, уый та у ӕмбаргӕ адӕймаг» (Ӕмб. 10:19; 17:27). Фӕлӕ адӕймаг ӕмбаргӕ уа, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын йӕ хъуыдытӕ дзурыны бар ӕппындӕр нӕй. Уымӕ хауы фӕлмӕнӕй дзурын, цӕмӕй йӕ ныхӕстӕ карды цӕфау ма уой, фӕлӕ ӕвдадзы хосау. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 12:18; 18:21.)

«Ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ рӕстӕг дзурынӕн»

7. Нӕхи цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ цӕмӕн?

7 Не ’мкусджытӕ ӕмӕ, уацамынды кӕуыл фембӕлӕм, уыцы адӕмимӕ куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд нӕ дзыхыныхас хъуамӕ уа фӕлмӕн ӕмӕ хъуамӕ нӕхиуыл хӕцын фӕразӕм. Фӕлӕ ма афтӕ кӕнын ахсджиаг у, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ, стӕй нӕ бинонтимӕ ныхас кӕнгӕйӕ дӕр. Иннӕтыл нӕ пырх куы калӕм ӕмӕ, уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн, ууыл куы нӕ хъуыды кӕнӕм, уӕд уый зиан ӕрхӕсдзӕн сӕ уырнындзинадӕн ӕмӕ се ’нӕниздзинадӕн, стӕй ма нӕхицӕн дӕр (Ӕмб. 18:6, 7). Ӕвзӕр ӕнкъарӕнтӕ нӕм сӕвзӕры, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй ӕмӕ сыл хъуамӕ нӕ бар цӕуа. Ӕфхӕрӕн ныхас кӕнын, искӕуыл худын, былысчъил кӕнын ӕмӕ мӕсты кӕнын сты ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ (Кол. 3:8; Иак. 1:20). Ахӕм хъуыддӕгтӕ куы кӕнӕм, уӕд адӕмимӕ хӕларӕй нал цӕрдзыстӕм ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх дӕр фесафдзыстӕм. Йесо дзырдта: «Йе ’фсымӕрмӕ мӕсты чи кӕны, уый... ӕрлӕудзӕн тӕрхоны раз. Йе ’фсымӕрӕн чи бафидис кӕна, уый та ӕрлӕудзӕн Сӕйраг тӕрхоны раз; фӕлӕ йын афтӕ чи зӕгъа, ды ничи дӕ, ӕрра, зӕгъгӕ, уымӕн та йӕ бынат ис гееннӕйы арты» (Матф. 5:22).

8. Нӕ хъуыды нӕ ӕргом зӕгъын кӕд фӕхъӕуы ӕмӕ куыд?

8 Иуӕй-иу хатт хуыздӕр вӕййы аныхас кӕнын. Де ’фсымӕр дӕ ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй афтӕ тынг куы фӕхъыг кӕна, ӕмӕ йӕ дӕ бон ферох кӕнын нӕ уа, уӕд дӕр-иу дӕхиуыл фӕхӕц (Ӕмб. 19:11). Исчи дӕ куы смӕсты кӕна, уӕд-иу дӕ маст бауром ӕмӕ-иу стӕй ахъуыды кӕн, уыцы хъуыддаг куыд банывыл кӕнӕн ис, ууыл. Павел ныффыста: «Хур уыл мӕстыйӕ ма аныгуылӕд». Цы дӕ тыхсын кӕны, ууыл-иу де ’фсымӕримӕ сабырӕй аныхас кӕн, хорз фадат дын куы фӕзына, уӕд. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:26, 27, 31, 32.) Йемӕ ӕргомӕй, фӕлӕ фӕлмӕнӕй аныхас кӕн, цӕмӕй кӕрӕдзи бамбарат ӕмӕ бафидауат (Лев. 19:17; Матф. 18:15).

9. Цалынмӕ адӕймагимӕ аныхас кӕнӕм, уӕдмӕ уал нӕхи цӕмӕн хъуамӕ ’рсабыр кӕнӕм?

9 Аныхас кӕнын хуыздӕр кӕд уыдзӕн, ахӕм рӕстӕг-иу равзар. Библийы фыст ис: «Ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ рӕстӕг дзурынӕн» (Еккл. 3:1, 7). Стӕй ма: «Рӕстгӕнӕджы зӕрдӕ дзуапп раттыны размӕ ахъуыды кӕны» (Ӕмб. 15:28). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, хатт иуцасдӕр банхъӕлмӕ кӕсын кӕй фӕхъӕуы. Адӕймаг тынг мӕстыйӕ дзурын куы райдайа, уӕд уавӕр фӕфыддӕр уыдзӕн. Фӕлӕ тынг бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕр зондыл дзурӕг нӕ уаид.

Хорз хъуыддӕгтӕ ӕххуыс кӕнынц хӕларӕй цӕрынӕн

10. Хорз хъуыддӕгтӕ куыд ӕххуыс кӕнынц иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрынӕн?

10 Фӕлмӕн ӕмӕ ӕргом ныхас ӕххуыс кӕны иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрынӕн. Ӕмӕ нӕ бон цы у, уый куы аразӕм, цӕмӕй иннӕтимӕ фидауӕм, уӕд нын семӕ ӕнцондӕр уыдзӕн ныхас кӕнын. Иннӕтӕн хорзы куы цӕуӕм, зӕгъӕм, истӕмӕй сын куы ӕххуыс кӕнӕм, зӕрдиагӕй сын исты куы лӕвар кӕнӕм, уазӕгуаты сӕ куы хонӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн семӕ ӕргом ныхас кӕнын. Ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ ма, гӕнӕн ис, адӕймагыл «судзгӕ цӕхӕртӕ» дӕр ӕркалӕм ӕмӕ афтӕмӕй йӕ хорз миниуджытӕ рабӕрӕг уой, ӕмӕ нын уӕд ӕнцондӕр уыдзӕн йемӕ ӕргом аныхас кӕнын ӕмӕ бафидауын (Ром. 12:20, 21).

11. Иаков цы сарӕзта, цӕмӕй Исавимӕ бафидыдтаид ӕмӕ хабар куыд рауад?

11 Иаков дӕр ӕмбӕрста, хорз хъуыддӕгтӕ бафидауынӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц. Йӕ фаззон ӕфсымӕр Исав ӕм тынг мӕсты уыд. Иаков тарсти, кӕй йӕ амардзӕн, уымӕй ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕм алыгъд. Бирӕ азты фӕстӕ Иаков сӕхимӕ ’рыздӕхт. Исав йӕ размӕ рацыд, йемӕ 400 нӕлгоймаджы, афтӕмӕй. Иаков Йегъовӕйӕ ӕххуыс ракуырдта. Уый фӕстӕ йӕ разӕй Исавмӕ арвыста стыр лӕвар – фосы рӕгъӕуттӕ, ӕмӕ йӕ лӕвар ӕнӕхъуаджы нӕ фӕци. Куы фембӕлдысты, уӕд Исавы зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн, ӕмӕ Иаковы размӕ азгъордта ӕмӕ йын ныхъхъӕбыс кодта (Райд. 27:41–44; 32:6, 11, 13–15; 33:4, 10).

Фӕлмӕн ныхасӕй иннӕты фидар кӕнӕм

12. Не ’мчырыстӕттимӕ фӕлмӕнӕй цӕмӕн хъуамӕ ныхас кӕнӕм?

12 Чырыстӕттӕ лӕггад кӕнынц адӕмӕн нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр нӕ фӕфӕнды иннӕты зӕрдӕ балхӕнын. Нӕ фӕлмӕн ныхӕстӕй нӕ бон у нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕ уаргъ фӕрогдӕр кӕнын. Фӕлӕ сын карзӕй куы уайдзӕф кӕнӕм, уӕд сын ӕй фӕууӕзаудӕр кӕндзыстӕм, ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнын райдайдзысты, зӕгъгӕ мӕ, ӕвӕццӕгӕн, Хуыцау райгонд нал у. Уӕдӕ иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауӕм ӕмӕ сын дзурӕм, бахъуаджы сахат сӕ чи бафидар кӕндзӕн, «ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, чи нӕм хъуса, уыдонӕн пайда куыд фӕуой» (Еф. 4:29).

13. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарой, а) уынаффӕтӕ куы дӕттой, уӕд? ӕ) писмо куы фыссой, уӕд?

13 Хистӕр нӕлгоймӕгты уӕлдай тынгдӕр хъӕуы архайын, цӕмӕй дзугимӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕной ӕмӕ йӕ «рӕвдауой» (1 Фес. 2:7, 8). Уынаффӕ дӕттын сӕ куы хъӕуа, уӕд уый хъуамӕ кӕной фӕлмӕнӕй, суанг «ныхмӕ чи цӕуы, уыдонимӕ» куы ныхас кӕной, уӕд дӕр (2 Тим. 2:24, 25). Хистӕр нӕлгоймӕгты комитетмӕ кӕнӕ филиалмӕ писмо куы фыссой, уӕд дӕр сӕ ныхӕстӕ хъуамӕ уой зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ уой хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уӕздан, Матфейы 7:12 цы ныхӕстӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ.

Фӕлмӕнӕй ныхас кӕнӕм нӕ бинонтимӕ

14. Павел лӕгтӕн цавӕр уынаффӕ радта ӕмӕ цӕмӕн?

14 Куыд фӕныхас кӕнӕм, стӕй нӕ цӕсгом ӕмӕ нӕ буар куыд фезмӕлын кӕнӕм, уый иннӕтыл тынг фӕзыны. Зӕгъӕм, иуӕй-иу нӕлгоймӕгтӕ, чи зоны, кӕронмӕ ма ’мбарой, сӕ ныхӕстӕй сылгоймаджы зӕрдӕ кӕй фӕриссын кӕнынц, уый. Иу хо дзуры: «Мӕ лӕг мӕм мӕстыйӕ хъӕрӕй куы сдзуры, уӕд мӕ зӕрдӕ ныллӕуы». Карз ныхӕстӕ сылгоймагыл нӕлгоймагӕй тынгдӕр фӕзынынц ӕмӕ дзы тагъд нӕ ферох вӕййынц (Лук. 2:19). Уӕлдай тынгдӕр та сылгоймаг фӕхӕрам вӕййы, кӕй уарзы ӕмӕ йӕ аргъ кӕнын кӕмӕн фӕнды, уымӕй куы фехъусы ахӕм ныхӕстӕ, уӕд. Павел лӕгтӕн радта уынаффӕ: «Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты ӕмӕ сӕм тызмӕг ма ут» (Кол. 3:19).

15. Бамбарын кӕн, лӕг йӕ усимӕ фӕлмӕнӕй цӕмӕн хъуамӕ ныхас кӕна, уый.

15 Бинонтӕ рагӕй кӕмӕн ис, иу ахӕм ӕфсымӕр бамбарын кодта, лӕгтӕ сӕ устытимӕ, «лӕмӕгъдӕр мигӕнӕнимӕ» фӕлмӕнӕй куыд архайай, афтӕ цӕмӕн хъуамӕ архайой, уый. Уыцы ӕфсымӕр загъта: «Дӕ къухы зынаргъ ӕмӕ тӕнӕг авгӕй конд вазӕ куы уа, уӕд ӕй тынг не ’лхъивдзынӕ, кӕннод ацъӕл уыдзӕн. Куы йӕ баныхасай, уӕддӕр йӕ састы фӕд зындзӕн. Лӕг йӕ усимӕ ӕгӕр тызмӕг куы уа, уӕд ӕй фӕхъыг кӕндзӕн, ӕмӕ сӕ мыды къусы къӕм бахаудзӕн». (Бакӕс 1 Петры 3:7, фип.)

16. Ус хӕдзараразӕг куыд у?

16 Нӕлгоймӕгты дӕр иннӕты ныхӕстӕ, стӕй сӕ устыты ныхӕстӕ, кӕнӕ бафидар кӕнынц, кӕнӕ фӕхъыг кӕнынц. «Ӕмбаргӕ усы» куыд фӕнды, цӕмӕй йын йӕ лӕг йе ’нкъарӕнтыл хъуыды кӕна, афтӕ йын йӕхӕдӕг дӕр йе ’нкъарӕнтыл хъуыды кӕны. Лӕгӕн ахӕм ус куы уа, уӕд ыл «йӕ зӕрдӕ дардзӕн» (Ӕмб. 19:14; 31:11). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ус йӕхи куыд дары, уый йӕ бинонтыл тынг фӕзыны кӕнӕ хорзырдӕм, кӕнӕ ӕвзӕрырдӕм. «Зондджын сылгоймаг хӕдзараразӕг у, ӕнӕзонд та йӕ хӕдзар йӕхи къухӕй фехалы» (Ӕмб. 14:1).

17. а) Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытимӕ куыд хъуамӕ ныхас кӕной? ӕ) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ ныййарджытӕ сывӕллӕттимӕ куыд хъуамӕ ныхас кӕной?

17 Ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр сӕ кӕрӕдзиимӕ хъуамӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕной (Матф. 15:4). Ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд сывӕллӕттимӕ ныхас кӕнгӕйӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй сӕ «ма мӕсты кӕнӕм» (Кол. 3:21; Еф. 6:4). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сын сӕ ныййарджытӕ зонд куы амоной, уӕд дӕр сӕ ныхӕстӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, кӕй сын аргъ кӕнынц, уый. Афтӕ куы кӕной, уӕд сывӕллӕттӕн ӕнцондӕр уыдзӕн сӕ зондахаст сраст кӕнын ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын. Стӕй афтӕ дӕр нӕ хъуыды кӕндзысты, ӕмӕ сӕ никуы ницы рауайдзӕн. Сывӕллӕттӕ куы сыстыр уой, уӕд, чи зоны, ма хъуыды кӕной, цы уынаффӕтӕ сын лӕвӕрдтой, уыдон иууылдӕр, фӕлӕ алкӕддӕр сӕ зӕрдыл дардзысты, семӕ-иу куыд ныхас кодтой, уый.

Хорз ныхӕстӕ зӕрдиагӕй дзурӕм

18. Нӕхи ӕвзӕр хъуыдытӕй ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕй ссӕрибар кӕнын нӕ бон куыд у?

18 Адӕймаг кӕй нал мӕсты кӕны, уый ӕрмӕст йӕ цӕстӕнгасӕй хъуамӕ ма уа бӕрӕг. Стӕй ӕнӕуи маст бауромын дӕр фаг нӕу. Нӕхи афтӕ куы ӕвдисӕм, цыма мӕсты нал стӕм, мидӕгӕй та куы фыцӕм, уӕд уый не ’нӕниздзинадӕн зиан ӕрхӕсдзӕн. Уый абарӕн ис, адӕймаг машинӕйы тормозыл ӕмӕ газыл иумӕ куы ныххӕца, уыимӕ. Афтӕмӕй, гӕнӕн ис, машинӕ фехӕла. Уӕдӕ дӕ зӕрдӕйы маст ма хӕсс, цӕмӕй йӕ фӕстӕдӕр макӕуыл ныккалай. Дӕ зӕрдӕ ӕвзӕр ӕнкъарӕнтӕй ссӕрибар кӕныны тыххӕй Йегъовӕмӕ кув. Сыгъдӕг тыхӕн бар дӕтт, цӕмӕй дын дӕ зондахаст ӕмӕ дӕ удыхъӕд фӕива Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:2; Ефесӕгтӕм 4:23, 24.)

19. Искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн хиуыл фӕхӕцынӕн?

19 Архай, цӕмӕй де ’нкъарӕнтыл дӕ бар цӕуа. Искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарат ӕмӕ йӕм куы смӕсты уай, уӕд хуыздӕр уаид йемӕ ӕндӕр хатт аныхас кӕнын, куы ’рсабыр уай, уӕд (Ӕмб. 17:14). Искӕимӕ куы ныхас кӕнай ӕмӕ дӕм уыцы адӕймаг куы смӕсты уа, уӕд-иу бацархай йемӕ фӕлмӕнӕй аныхас кӕныныл. Рох дӕ ма уӕд: «Фӕлмӕнӕй дзуапп ратт, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ маст ссӕудзӕн, рӕхуыст ныхасӕй та маст ссудзы» (Ӕмб. 15:1). Адӕймагӕн ӕфхӕрӕн ныхас сабырӕй дӕр куы зӕгъай, уӕд дӕр, гӕнӕн ис, уавӕр фӕкарздӕр уа (Ӕмб. 26:21). Ахӕм уавӕрты дын хиуыл хӕцын зын куы уа, уӕд-иу «дзурын ӕмӕ мӕсты кӕнынмӕ» тагъд ма кӕн. Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых кур, цӕмӕй дын баххуыс кӕна хорз ныхӕстӕ дзурынӕн (Иак. 1:19).

Зӕрдӕйӕ хатыр кӕнӕм

20, 21. Иннӕтӕн хатыр кӕнынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ афтӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕнӕм?

20 Хъыгагӕн, махӕй иуӕн дӕр йӕ бон нӕу алыхатт дӕр йе ’взаджы рохтыл хӕцын (Иак. 3:2). Суанг нын нӕ бинонтӕ ӕмӕ нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр хатт ӕнӕрхъуыдыйӕ фӕзӕгъынц, чи нӕ фӕхъыг кӕны, ахӕм ныхӕстӕ, кӕд сӕ нӕ фӕфӕнды, уӕддӕр. Афтӕ куы рауайа, уӕд-иу сӕм уайтагъд ма фӕхъыг уӕм, фӕлӕ-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, афтӕ цӕмӕн загътой, ууыл. (Бакӕс Екклесиаст 7:8, 9.) Кӕд, мыййаг, исты зын уавӕры сты, цыдӕр сӕ тыхсын кӕны, ныфссаст сты кӕнӕ ахӕм зындзинадыл сӕмбӕлдысты, ӕмӕ йӕ мах зонгӕ дӕр нӕ кӕнӕм.

21 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаг ахӕм зындзинӕдтӕ куы ’взара, уӕд ын уый ӕфсон нӕу, цӕмӕй йӕхи афтӕ дара. Фӕлӕ сын сӕ зындзинӕдтӕ нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд ӕй ӕмбардзыстӕм, хатт адӕймаг цӕмӕн фӕзӕгъы кӕнӕ цӕмӕн бакӕны, цы не ’мбӕлы, уый. Стӕй ма нӕ уый сразӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй йын йӕ рӕдыд ныббарӕм. Алчи дӕр нӕ ныхасӕй ӕмӕ хъуыддагӕй иннӕты фӕхъыг кӕны, ӕмӕ нӕ ныфс вӕййы, зӕрдӕйӕ нын кӕй ныххатыр кӕндзысты (Еккл. 7:21, 22). Чырысти загъта, зӕгъгӕ нын цӕмӕй Хуыцау хатыр кӕна, уый тыххӕй мах дӕр иннӕтӕн хъуамӕ хатыр кӕнӕм (Матф. 6:14, 15; 18:21, 22, 35). Уӕдӕ хъуамӕ алкӕддӕр цӕттӕ уӕм хатыр ракурынмӕ дӕр ӕмӕ ныххатыр кӕнынмӕ дӕр. Афтӕмӕй нӕ бинонтӕ, стӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ’хсӕн уыдзӕн уарзондзинад – «уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (Кол. 3:14).

22. Цӕмӕн хъӕуы архайын, цӕмӕй нӕ дзыхыныхас фӕлмӕн уа?

22 Ацы ӕгъатыр дунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нын бонӕй-бонмӕ зындӕр у, цӕмӕй нӕ иудзинад хъахъхъӕнӕм ӕмӕ нӕ циндзинад ма сафӕм. Хуыцауы Ныхасы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ дзыхыныхасӕй макӕй хъыг кӕнӕм, фӕлӕ сӕ фидар кӕнӕм. Уӕд ӕмбырды алкӕимӕ дӕр ӕмӕ нӕ бинонтимӕ дӕр фӕрнӕй цӕрдзыстӕм. Ӕмӕ иннӕтӕ уый куы уыной, уӕд базондзысты, Йегъовӕ «амондджын Хуыцау» кӕй у (1 Тим. 1:11).

Куыд бамбарын кӕнис?

• Исты зындзинад куы сӕвзӕра, уӕд аныхас кӕнынӕн ӕндӕр рӕстӕг равзарын ахсджиаг цӕмӕн у?

• Бинонтӕ кӕрӕдзиимӕ алы хатт дӕр фӕлмӕнӕй цӕмӕн хъуамӕ ныхас кӕной?

• Нӕ бон куыд у ӕфхӕрӕн ныхӕстӕй нӕхи хизын?

• Цы нын баххуыс кӕндзӕн иннӕтӕн хатыр кӕнынӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 21 фарсыл]

Фыццаг уал-иу дӕхи ӕрсабыр кӕн ӕмӕ-иу уый фӕстӕ аныхас кӕн

[Ныв 23 фарсыл]

Лӕг йӕ усимӕ хъуамӕ алкӕддӕр фӕлмӕнӕй дзура