Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕвзӕрдзинадыл уӕлахиз кӕнут ӕмӕ уӕ масты фӕдыл ма цӕут

Ӕвзӕрдзинадыл уӕлахиз кӕнут ӕмӕ уӕ масты фӕдыл ма цӕут

Ӕвзӕрдзинадыл уӕлахиз кӕнут ӕмӕ уӕ масты фӕдыл ма цӕут

«Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ маст макӕмӕй исут... Ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕнут» (РОМ. 12:19, 21).

1, 2. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ балцы рӕстӕг сӕхи куыд равдыстой?

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔ, 34 адӕймагӕй, самолетыл ӕндӕр бӕстӕмӕ тахтысты, Йегъовӕйӕн филиал кӕм нывонд кодтой, уырдӕм. Фӕндагыл сӕ бахъуыд иу аэропорты ӕрбадын, цӕмӕй дзы артаг ныккодтаиккой. Уым сын загътой, иу сахаты фӕстӕ сӕ фӕндаг кӕй адарддӕр кӕндзысты, зӕгъгӕ, дам, самолет цыдӕр кодта. Фӕлӕ иу сахаты бӕсты фенхъӕлмӕ кастысты 44 сахаты. Уыцы аэропорты рӕстмӕ нӕдӕр хӕринаг уыд, нӕдӕр дон, стӕй дзы сӕхимӕ кӕм базылдаиккой, уый дӕр нӕ уыд. Бӕлццӕттӕй бирӕтӕ смӕсты сты ӕмӕ аэропорты кусджытӕм ӕртхъирӕн кӕнын райдыдтой. Фӕлӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ сӕхи уӕздан дардтой.

2 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ бынатмӕ ныхӕццӕ сты, программӕйы фӕстаг хай куы райдыдта, уӕд. Кӕд фӕллад уыдысты, уӕддӕр программӕйы фӕстӕ бафӕстиат сты, цӕмӕй сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртимӕ аныхас кодтаиккой. Фӕстӕдӕр баззыдтой, фӕразон ӕмӕ хиуылхӕцгӕ кӕй уыдысты, уый иннӕтӕ кӕй бафиппайдтой. Уыцы самолетыл чи тахти, уыдонӕй иу нӕлгоймаг авиакомпанийы кусджытӕн загъта, зӕгъгӕ, уыцы 34 чырыстоны немӕ куы нӕ уыдаиккой, уӕд аэропорты уыдаид стыр змӕст.

Мах цӕрӕм ӕгъатыр дунейы

3, 4. а) Цӕмӕй бӕрӕг у, адӕм ӕгъатыр кӕй сты, уый ӕмӕ афтӕ кӕдӕй у? ӕ) Каинӕн йӕ бон уыд, цӕмӕй йӕ масты фӕдыл ма ацыдаид? Бамбарын ӕй кӕн.

3 Ацы фыддунейы цард ахӕм уӕззау у, ӕмӕ адӕм мӕстыгӕр систы (Еккл. 7:7). Арӕх уый аххосӕй сӕ кӕрӕдзийӕ се сӕфт фӕуынынц ӕмӕ суанг фыдмитӕ дӕр фӕкӕнынц. Иу бӕстӕ иннӕимӕ схӕцы кӕнӕ уыцы иу бӕстӕйы адӕм кӕрӕдзийы ныхмӕ свӕййынц, стӕй бинонтӕ дӕр кӕрӕдзи нал фембарынц. Адӕм афтӕ ӕгъатыр сты рагӕй фӕстӕмӕ. Зӕгъӕм, Адам ӕмӕ Евӕйы фыццаг фырт Каин йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Авелмӕ тынг кӕй хӕлӕг кодта, уый тыххӕй йӕ амардта. Йегъовӕ Каины бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ масты фӕдыл ма ацыдаид ӕмӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, уый тыххӕй йын кӕй раарфӕ кӕндзӕн, фӕлӕ уый уӕддӕр уыцы ӕгъатыр ми бакодта. (Бакӕс Райдиан 4:6–8.)

4 Кӕд Каин ӕнӕххӕст уыд, уӕддӕр цы арӕзта, уый ӕмбӕрста. Йӕ бон уыд, цӕмӕй йӕ масты фӕдыл ма ацыдаид. Уымӕ гӕсгӕ уыцы хъуыддаджы тыххӕй Хуыцауы раз дзуапп радта. Мах дӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын ӕнцон нӕу хиуыл хӕцын. Стӕй ма ацы «уӕззау рӕстӕджы» ӕндӕр зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлӕм (2 Тим. 3:1). Зӕгъӕм, цардамӕлттӕ кӕнын зын кӕй у, уый ныл тынг фӕзыны. Пъӕлицӕ ӕмӕ, бинонтӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы организациты кусджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕм мӕстыгӕр кӕй систы ӕмӕ сӕ маст сӕ бинонтыл дӕр кӕй акалынц, уый баст у экономикон кризисимӕ.

5, 6. Ацы дуне маст райсынмӕ цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ ныл уый куыд фӕзыны?

5 Уымӕй уӕлдай ма, кӕуыл фембӕлӕм, уыцы адӕмӕй бирӕтӕ сты «хиуарзон», «сӕрбӕрзонд» ӕмӕ суанг «ӕгъатыр» дӕр. Ахӕм зондахаст, гӕнӕн ис, махыл дӕр фӕзына ӕмӕ мах дӕр мӕстыгӕр суӕм (2 Тим. 3:2–5). Киноты ӕмӕ телералӕвӕрдты арӕх маст райсын ӕмӕ фыдгӕнӕджы карзӕй бафхӕрын афтӕ равдисынц, цыма уый раст хъуыддаг у. Кинотӕн сӕ фылдӕр афтӕ арӕзт сты, ӕмӕ сӕм чи фӕкӕсы, уыдон тынг фенхъӕлмӕ кӕсынц, фыдгӕнӕджы дзы куы ’рцахсой ӕмӕ йын «цы хъӕуы, уый куы бакӕной», уымӕ – сӕйраг ролы чи фӕхъазы, уый дзы йӕ маст райсы ӕмӕ йӕ фӕстагмӕ амары.

6 Ахӕм кинотӕ адӕмы Хуыцауы зондыл нӕ аразынц, фӕлӕ «ацы дунейы» ӕмӕ йӕ мӕстыгӕр хицау Хӕйрӕджы зондыл (1 Кор. 2:12; Еф. 2:2; Рарг. 12:12). Уыцы зонд адӕмы разӕнгард кӕны сӕ буары монцты фӕдыл цӕуынмӕ ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕмӕ, уымӕй цы миниуджытӕ гуыры, уыдоны ныхмӕ лӕууы. Чырысти адӕмӕн дзырдта, цӕмӕй се ’фхӕрджытӕй сӕ маст ма исой. (Бакӕс Матфейы 5:39, 44, 45.) Уӕдӕ нӕ бон куыд у Чырыстийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ ноджы хуыздӕр архайын?

Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цӕвиттонтӕ

7. Симеон ӕмӕ Леви сӕ масты фӕдыл кӕй ацыдысты, уый цӕмӕ ’ркодта?

7 Библийы хиуыл хӕцыны тыххӕй бирӕ уынаффӕтӕ ис. Стӕй ма дзы ис цӕвиттонтӕ, адӕймаг йӕ маст куы райсы, уӕд цы ’рцӕуы ӕмӕ, йӕ маст куы бауромы, уӕд хабар куыд рауайы, уый тыххӕй дӕр. Ӕркӕсӕм, Иаковы фырттӕ, Симеон ӕмӕ Леви, Сихемӕй сӕ маст куы райстой, уӕд цы ’рцыд, уымӕ. Сихем сӕ хо Динӕйӕн тыхми бакодта, ӕмӕ уыдон «уыцы хъуыддаг сӕхицӕн стыр ӕфхӕрдыл банымадтой ӕмӕ мӕстӕй фыхтысты» (Райд. 34:7). Уый фӕстӕ Иаковы иннӕ фырттимӕ, Сихем кӕм царди, уыцы горӕтмӕ бабырстой ӕмӕ йӕ фӕхастой, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты та уацары акодтой. Афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕрмӕст Динӕйы тыххӕй нӕ бакодтой, фӕлӕ сын сӕ ном кӕй фегад кодтой, уый тыххӕй дӕр. Уыдон уыцы хъуыддаг сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фыд Иаковӕн дӕр банымадтой ӕфхӕрдыл. Фӕлӕ Иаков уый тыххӕй цы хъуыды кодта?

8. Маст исын цӕмӕ ӕркӕны, уый Симеон ӕмӕ Левийы хабарӕй куыд зыны?

8 Кӕд, Динӕйыл ахӕм ӕвирхъау хабар кӕй ӕрцыд, уый Иаковӕн тынг хъыг уыдаид, уӕддӕр йӕ фырттӕн буайдзӕф кодта, сӕ маст кӕй нӕ баурӕдтой, уый тыххӕй. Фӕлӕ Симеон ӕмӕ Леви сӕхи рӕстытӕ кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Уӕдӕ сын нӕ хо исты хӕлд сылгоймаг у?» (Райд. 34:31). Фӕлӕ хъуыддаг ууыл нӕ ахицӕн, уымӕн ӕмӕ сӕм Йегъовӕ дӕр смӕсты ис. Бирӕ азтӕ фӕстӕдӕр Иаков загъта, Йегъовӕ Симеон ӕмӕ Левийӕн сӕ байзӕддӕгты Израилы мыггӕгты ’хсӕн кӕй ныххӕлиу кӕндзӕн. (Бакӕс Райдиан 49:5–7.) Сӕ масты фӕдыл кӕй ацыдысты, уый тыххӕй Хуыцауы ӕмӕ сӕ фыды хорзӕхӕй ӕнӕхай фесты.

9. Радзур, Давиды йӕ маст райсынмӕ бирӕ куы нал хъуыд, уыцы хабар.

9 Паддзах Давиды хабар та бынтон ӕндӕрхуызон уыд. Кӕд ын бирӕ фадӕттӕ уыд йӕ маст райсынӕн, уӕддӕр афтӕ нӕ бакодта (1 Сам. 24:3–7). Фӕлӕ йӕ иухатт уымӕ бирӕ нал хъуыд. Иурӕстӕджы Давид йе ’мбӕлттимӕ иу хъӕздыг лӕгӕн, Навалӕн, йӕ фос ӕмӕ йӕ фыййӕуты хъахъхъӕдта. Ӕмӕ иухатт Давиды ӕмбӕлттӕ Навалмӕ куы бацыдысты, уӕд сын алывыдтӕ фӕкалдта. Ӕвӕццӕгӕн, Давидӕн тынг хъыг уыд, Навал ын йе ’мбӕлтты кӕй бафхӕрдта, уый, ӕмӕ дзы йӕ маст райсын сфӕнд кодта. Йӕ зӕрдӕйы уыд уыцы адӕймаджы ӕд бынонтӕ ныццӕгъдын. Давид ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ фӕндагыл куы уыдысты, уӕд Навалы лӕггадгӕнджытӕй иу йӕ ус Авигейӕйӕн хабар радзырдта ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй исты сарӕзтаид. Авигейӕ уыд ӕмбаргӕ сылгоймаг ӕмӕ уайтагъд стыр хуын ӕрцӕттӕ кодта ӕмӕ Давиды размӕ ацыд. Авигейӕ дзы сӕрныллӕгӕй хатыртӕ ракуырдта, Навал ахӕм ӕдзӕсгом ми кӕй бакодта, уый тыххӕй ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй Хуыцауы хатырӕй тӕригъӕд ма сарӕзтаид. Давид ӕрсабыр ӕмӕ йын загъта: «Арфӕгонд у, абон мӕ туг ныккалын ӕмӕ мӕ маст мӕхи къухӕй райсын кӕй нӕ бауагътай, уый тыххӕй» (1 Сам. 25:2–35).

Чырыстӕттӕ сӕхи куыд хъуамӕ дарой

10. Чырыстӕттӕ маст исынмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой?

10 Симеон ӕмӕ Левийы, стӕй Давид ӕмӕ Авигейӕйы хабарӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ тыхми ӕмӕ мӕсты кӕныны ныхмӕ кӕй у ӕмӕ, иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын кӕй фӕнды, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны. «Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат,– ныффыста Павел.– Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ маст макӕмӕй исут. Уыцы хъуыддаг Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: „Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ“. Фӕлӕ „де знаг ӕххормаг куы уа, уӕд ын бахӕрын кӕн, дойны куы уа, уӕд ын дон ратт. Афтӕ куы кӕнай, уӕд ын йӕ зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕндзынӕ, раст цыма йын йӕ сӕрыл судзгӕ цӕхӕртӕ ӕркалдтай, афтӕ“. Ма бауадз, ӕмӕ дыл ӕвзӕрдзинад фӕуӕлахиз уа – ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн» (Ром. 12:18–21) *.

11. Иу хо хиуыл хӕцын куыд сахуыр?

11 Махӕн дӕр нӕ бон у уыцы уынаффӕмӕ хъусын. Зӕгъӕм, иу хо йе ’мбырды хистӕр нӕлгоймагӕн рахъаст кодта йӕ куысты ног хицауӕй, зӕгъгӕ, дам, мӕ ӕнаххосӕй ӕфхӕры. Нӕ хо уыцы сылгоймагмӕ мӕсты кӕй уыди, уый тыххӕй йӕ фӕндыд йӕ куыст ныууадзын. Хистӕр нӕлгоймаг ын загъта, цӕмӕй тагъд ма кӕна. Ӕмбӕрста йӕ, нӕ хо йӕ куысты хицауыл йӕ пырх куы акала, уӕд уавӕр кӕй фӕфыддӕр уыдзӕн (Тит. 3:1–3). Хистӕр нӕлгоймаг ын загъта, ӕндӕр куыст куы ссара, уӕддӕр ӕндӕр цӕстӕй кӕсын кӕй хъуамӕ сахуыр уа, чи йӕ ’фхӕры, уыдонмӕ. Стӕй йын Йесойы ныхӕстӕ ӕрхаста, зӕгъгӕ уӕ куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр, ӕмӕ йӕ баразӕнгард кодта, уый дӕр йӕ куысты хицаумӕ ахӕм цӕстӕй куыд ракастаид, уымӕ. (Бакӕс Лукайы 6:31.) Ӕмӕ йӕм хо дӕр байхъуыста. Рӕстӕг куы рацыд, уӕд уыцы сылгоймаг фӕфӕлмӕндӕр ӕмӕ ма нӕ хойӕн бузныг дӕр загъта йӕ куысты тыххӕй.

12. Чырыстӕттӕ кӕрӕдзи куы фӕхъыг кӕнынц, уӕд уый уӕлдай зын цӕмӕн вӕййы?

12 Ӕнӕуырнӕг адӕмӕй искӕимӕ нӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд нӕм уый диссаг нӕ фӕкӕсы. Мах зонӕм, Хӕйрӕджы дунейы цӕргӕйӕ ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм ӕмӕ хъуамӕ лӕмбынӕг кӕй уӕм, цӕмӕй нӕ куы ’фхӕрой, уӕд нӕ масты фӕдыл ма ацӕуӕм (Пс. 37:1–11; Еккл. 8:12, 13; 12:13, 14). Фӕлӕ нӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй исчи куы фӕхъыг кӕны, уӕд ноджы тынгдӕр фӕмаст кӕнӕм. Иу хо дзуры: «Рӕстдзинад куы базыдтон, уӕд мын ӕппӕты зындӕр уыд, Йегъовӕйы адӕм ӕнӕххӕст кӕй сты, уый». Мах ацы уазал дунейӕ ӕмбырдмӕ ’рбацыдыстӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ ныфс уыд, чырыстӕттӕй алчи дӕр кӕрӕдзимӕ хӕлар зӕрдӕ кӕй дардзӕн. Ӕмӕ не ’мчырыстӕттӕй исчи, уӕлдайдӕр та ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕй исчи, цыдӕр раст куы нӕ саразы, уӕд нын уый хъыг вӕййы кӕнӕ йӕм смӕсты вӕййӕм. Чи зоны нӕ исчи ахъуыды кӕна: «Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн уый гӕнӕн куыд ис?» Апостолты рӕстӕджы чи цард, уыцы сӕрст чырыстӕтты ’хсӕн дӕр-иу ахӕм хабӕрттӕ ’рцыд (Гал. 2:11–14; 5:15; Иак. 3:14, 15). Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм?

13. Не ’хсӕн исты куы рауайы, уӕд нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм ӕмӕ цӕмӕн?

13 Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо дзуры: «Ӕз сахуыр дӕн, чи мӕ фӕхъыг кӕны, уыдоны тыххӕй кувын. Уый мын алыхатт баххуыс кӕны». Гыццыл раздӕр куыд бакастыстӕм, афтӕмӕй нын Чырысти загъта, цӕмӕй не ’фхӕрджыты тыххӕй кувӕм (Матф. 5:44). Уӕдӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй кувын та ноджы фылдӕр хъӕуы. Фыды куыд фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕ кӕрӕдзи уарзой, раст афтӕ Йегъовӕйы дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ зӕххон лӕггадгӕнджыты ’хсӕн уарзондзинад уа. Мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, иумӕ фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй куы цӕрӕм, уыцы рӕстӕгмӕ ӕмӕ нӕ Йегъовӕ ахуыр кӕны, цӕмӕй абон дӕр афтӕ кӕнӕм. Фӕнды йӕ, цӕмӕй йӕ хъуыддаджы ӕмвӕнд-ӕмзондӕй архайӕм. Уӕдӕ не ’хсӕн исты куы рауайы, уӕд-иу хъуыддаг банывыл кӕнӕм кӕнӕ-иу иннӕты рӕдыд мацӕмӕ ’рдарӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр нӕ иудзинад хъахъхъӕнӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 19:11.) Исты зындзинад куы сӕвзӕры, уӕд-иу хъуамӕ не ’мчырыстӕттӕй ма адард уӕм, фӕлӕ-иу нӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй, Хуыцау «йе ’нусон къухтӕй» кӕй ӕрбахъӕбыс кодта, уыцы адӕмы ’хсӕн уӕм (Дык. з. 33:27).

Алкӕимӕ дӕр фӕлмӕн уӕм, уый хорз хъуыддаг у

14. Куыд у нӕ бон Хӕйрӕгимӕ тох кӕнын?

14 Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонты фӕнды, цӕмӕй хорз хабар мауал хъусын кӕнӕм ӕмӕ уый тыххӕй архайынц бинонтӕ ӕмӕ ӕмбырды фарн фехалыныл. Зонынц ӕй, адӕм кӕрӕдзи куы нал фембарынц, уӕд се ’хсӕн иудзинад кӕй нал вӕййы (Матф. 12:25). Цӕмӕй семӕ тох кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Павелы уынаффӕмӕ хъусын: «Хицауы цагъар та хъуамӕ хыл ма кӕна, фӕлӕ хъуамӕ алкӕимӕ дӕр уа фӕлмӕн» (2 Тим. 2:24). Рох нӕ ма уӕд, «нӕ тох туг ӕмӕ фыдӕй конд адӕймаджы ныхмӕ [кӕй] нӕу, фӕлӕ... уӕларвон фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ». Ацы тохы фӕуӕлахиз уыдзыстӕм, нӕхи куы сифтонг кӕнӕм, Хуыцау нын цы хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй, зӕгъӕм, цӕттӕ куы уӕм «фарнхӕссӕг хорз хабар хъусын кӕнынмӕ» (Еф. 6:12–18).

15. Нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

15 Йегъовӕйы знӕгтӕ йӕ фарнуарзаг адӕмы ныхмӕ цӕуынц. Иутӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн фыдмитӕ кӕнынц. Иннӕтӕ та ныл мӕнг ныхӕстӕ мысынц газеттӕ, радио ӕмӕ телеуынынады уылты кӕнӕ тӕрхондӕтты. Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, афтӕ кӕй уыдзӕн (Матф. 5:11, 12). Цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм уыцы хъуыддагмӕ? Хъуамӕ «ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидӕм», нӕдӕр ныхасӕй, нӕдӕр хъуыддагӕй. (Ром. 12:17; бакӕс 1 Петры 3:16.)

16, 17. Иу ӕмбырд цавӕр зын уавӕры бахауд?

16 Ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй куы уӕлахиз кӕнӕм, уӕд адӕм хорз хабармӕ хуыздӕр хъусдзысты, Хӕйрӕг нӕ ныхмӕ цыфӕнды ма араза, уӕддӕр. Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Сабыр океаны сакъадахтӕй иуыл иу ӕмбырд Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнынӕн зал баххуырста. Бынӕттон аргъуаны сауджынтӕ уый куы базыдтой, уӕд сӕ адӕмӕн загътой, цӕмӕй уыцы бон уым ӕрӕмбырд уыдаиккой. Уыдон сфӕнд кодтой уыцы залы службӕ ауадзын, Ӕрымысӕн изӕр цы рӕстӕг хъуамӕ уыдаид, уӕд. Пъӕлицӕйы хицау сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй уӕдмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн зал ссӕрибар кодтаиккой. Фӕлӕ рӕстӕг куы ’рбахӕццӕ, уӕд зал йедзаг уыд, аргъуанмӕ чи цыд, уыцы адӕмӕй ӕмӕ сӕ службӕ дӕр уӕд райдыдта.

17 Пъӕлицӕ зал адӕмӕй ссӕрибар кӕнын куы сфӕнд кодта, уӕд аргъуаны хистӕр не ’фсымӕртӕй иумӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Мыййаг, ацы изӕр ам исты аразын фӕнд кодтат?» Ӕфсымӕр ын Ӕрымысӕн изӕры тыххӕй куы загъта, уӕд ын уыцы лӕг афтӕ бакодта: «Ӕмӕ ӕз куы ницы зыдтон!» Уӕд пъӕлицӕйы кусӕг бадис кодта: «Ӕмӕ уын ӕй абон райсомӕй куы загътам!» Аргъуаны хистӕр не ’фсымӕрмӕ разылд ӕмӕ йын йӕ мидбылты хинӕй худгӕйӕ загъта: «Ныр куыд кӕндзыстут? Зал адӕмӕй йедзаг куы у. Пъӕлицӕйӕн нӕ атӕрын кӕндзыстут ардыгӕй?» Уыцы лӕг архайдта, цӕмӕй афтӕ рауадаид, цыма сӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕфхӕрынц. Куыд бакодтой не ’фсымӕртӕ?

18. Не ’фсымӕрты бакъуылымпы кӕнын куы хъавыдысты, уӕд куыд бакодтой ӕмӕ хабар куыд рауад?

18 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ пъӕлицӕимӕ баныхас кодтой, цӕмӕй уал фыццаг аргъуаны кусджытӕ ауагътаиккой сӕ службӕ ӕмӕ сын сахаты ’рдӕг рахицӕн кодтой. Уый фӕстӕ та хъуамӕ райдыдтаиккой Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнын. Службӕ афоныл нӕ фӕци, фӕлӕ уӕддӕр зал куы ссӕрибар, уӕд не ’фсымӕртӕ Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кодтой. Дыккаг бон хицауад фӕдзырдта бынӕттон хицӕуттӕм, цӕмӕй хъуыддаг равзӕрстаиккой. Алцыдӕр бӕстон куы равзӕрстой, уӕд аргъуаны кусджытӕн загътой, цӕмӕй басастаиккой, аргъуаны хистӕр кӕй уыд аххосджын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ, фӕлӕ. Хицауад ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй фӕбузныг, зын уавӕры сӕхи уӕзданӕй кӕй равдыстой, уый тыххӕй. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ «алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрыныл» кӕй архайынц, уый ӕркӕны хорз хъуыддӕгтӕм.

19. Цы ма нын баххуыс кӕндзӕн иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрынӕн?

19 Цӕмӕй иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрӕм, уымӕн ма нын баххуыс кӕндзӕн, семӕ фӕлмӕнӕй куы ныхас кӕнӕм, уый дӕр. Иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, цы нысан кӕны фӕлмӕнӕй дзурын ӕмӕ нӕ бон куыд у ууыл архайын.

[Фиппаинаг]

^ 10 абз. Ныхӕстӕ «судзгӕ цӕхӕртӕ» амонынц, раджы заманты ӕрзӕт (руда) куыд дон кодтой, уымӕ. Ӕрзӕт-иу сӕвӕрдтой цӕхӕртыл, стӕй-иу ын йӕ сӕрыл дӕр цӕхӕртӕ ӕркалдтой. Уый фӕрцы-иу ӕрзӕт батад ӕмӕ-иу дзы згъӕртӕ рахицӕн кодтой. Афтӕ мах дӕр не знаджы сӕрыл судзгӕ цӕхӕртӕ куы калӕм, ома йын хорздзинад куы аразӕм, уӕд фӕфӕлмӕндӕр уыдзӕн ӕмӕ йӕ хорз миниуджытӕ рабӕрӕг уыдзысты.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Абон адӕм тынг мӕстыгӕр цӕмӕн сты?

• Библийы цавӕр цӕвиттонтӕй зыны, адӕймаг йӕ масты фӕдыл куы ацӕуы кӕнӕ йӕ куы бауромы, уӕд хабар куыд рауайы, уый?

• Не ’мчырыстӕттӕй нӕ исчи куы фӕхъыг кӕна, уӕд нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм?

• Не знӕгтӕ нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 16 фарсыл]

Симеон ӕмӕ Леви сӕ хӕдзармӕ ӕрбаздӕхтысты, сӕ маст куы райстой, уӕд

[Нывтӕ 18 фарсыл]

Иннӕтимӕ хӕларзӕрдӕ куы уӕм, уӕд фӕфӕлмӕндӕр уыдзысты