Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕдасдзинад Хуыцауы адӕмы ’хсӕн агур

Ӕдасдзинад Хуыцауы адӕмы ’хсӕн агур

Ӕдасдзинад Хуыцауы адӕмы ’хсӕн агур

«Ӕз дӕ бӕрзонд кӕндзынӕн стыр ӕмбырды» (ПС. 35:18).

1–3. а) Чырыстонӕн Йегъовӕйы хорзӕх фесафынӕй тӕссаг кӕд уыдзӕн? ӕ) Хуыцауы адӕм ӕдас кӕм уыдзысты?

ДЖО ӕмӕ йӕ ус денджызы улӕфынмӕ куы уыдысты, уӕд ленк кодтой доны бын кораллты ’хсӕн. Уым уыд бирӕ алыхуызон рӕсугъд кӕсӕгтӕ. Арфдӕр куы нылленк кодтой, уӕд Джойӕн йӕ ус загъта: «Цымӕ ӕгӕр нӕ адард стӕм?» Джо йын афтӕ бакодта: «Тыхсгӕ ма кӕн, ӕз ӕй зонын, цы аразын, уый». Джо дзуры, фӕстӕдӕр цы ’рцыд, уый тыххӕй: «Ӕз бадис кодтон, кӕсӕгтӕ цы фесты, ууыл». Ӕвиппайды йӕ размӕ акулӕ фӕци. Джо ма фыртӕссӕй цы акодтаид, уый нал зыдта. Фӕлӕ йӕм акулӕ тынг хӕстӕг куы уыд, уӕд ӕваст фӕзылд ӕмӕ фӕтары ис.

2 Хӕйрӕджы дунейы адӕймаджы бирӕ цыдӕртӕ асайы йӕ фӕдыл, зӕгъӕм, ирхӕфсӕнтӕ, куыст, хъӕздыгдзинад. Ӕмӕ чырыстон лӕмбынӕг куы нӕ уа, уӕд ӕй, йӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕндзӕн, афтӕмӕй уыцы хъуыддӕгты аныгъуылдзӕн. Джо у хистӕр нӕлгоймаг. Уый дзуры: «Ахӕм хабар мыл куы ’рцыд, уӕд ахъуыды кодтон, нӕхицӕн ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ лӕмбынӕг кӕй хъуамӕ уӕм, ууыл. Ленк кӕнут, ӕдас кӕм у, уыцы ран – ӕмбырды!» Ацы дунейы хъуыддӕгты-иу ма аныгъуылӕм, цӕмӕй ӕмбырдӕй ма адард уӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад ма фӕцуда. Фӕлӕ ныл уӕддӕр ахӕм хабар куы ’рцӕуа, уӕд-иу уайтагъд нӕхи ӕдас ранмӕ айсӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы хорзӕх ма фесафӕм.

3 Ацы дунейы цӕргӕйӕ чырыстӕттӕн сӕ уырнындзинад ис тӕссаг уавӕры (2 Тим. 3:1–5). Хӕйрӕг зоны, бирӕ йын кӕй нал баззад, ӕмӕ архайы, къӕрцхъус чи нӕу, уыдоны аныхъуырыныл (1 Пет. 5:8; Рарг. 12:12, 17). Фӕлӕ уӕддӕр ӕнӕ ’ххуысӕй не стӕм. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бацамыдта, сӕ уырнындзинадӕн тӕссаг кӕм ницӕмӕй уыдзӕн, ахӕм бынат – чырыстон ӕмбырд.

4, 5. Бирӕтӕ сӕ фидӕнмӕ цы цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ цӕмӕн?

4 Ацы дунейы цы организацитӕ ис, уыдонӕн сӕ бон нӕу афтӕ бакӕнын, цӕмӕй адӕм ӕппындӕр ма тӕрсой сӕ цардӕн ӕмӕ се ’нӕниздзинадӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕ дӕр мацӕуыл рисса. Бирӕтӕ катай кӕнынц, фыдракӕндтӕ кӕй сарӕх сты, алцыдӕр кӕй зынаргъ кӕны ӕмӕ ӕрдз кӕй чъизи кӕны, уыдӕттӕ се ’нӕниздзинадӕн зиан кӕй хӕссынц, уый тыххӕй. Зӕххыл ахӕм адӕймаг нӕй, зӕронд ӕмӕ рынчын чи нӕ кӕны. Куыст ӕмӕ хӕдзар кӕмӕн ис, ӕхцайӕ тыхст чи нӕу ӕмӕ ӕнӕниз схонӕн кӕй ис, уыдон дӕр мӕт кӕнынц, сӕ хорз цард цас ахӕсдзӕн, ууыл.

5 Уымӕй уӕлдай ма адӕмӕн сӕ бон нӕу ацы дунейы удӕнцой ссарын. Бирӕтӕ раздӕр хъуыды кодтой, бинонтӕ куы скӕной, уӕд амондджындӕр кӕй суыдзысты, фӕлӕ, хъыгагӕн, фӕфыдӕнхъӕл сты. Диныл хӕст адӕм дӕр нал зонынц, цӕуыл ӕууӕндой, уый. Уымӕ гӕсгӕ, ахӕм хъуыдымӕ ’рцыдысты, ӕмӕ сын цы амонынц, уыдӕттӕ ницы пайда сты. Уӕлдайдӕр уый тыххӕй хъуыды кӕнынц афтӕ, ӕмӕ сӕ динты разамонджытӕ сӕ уаг ӕмӕ се ’гъдауӕй фӕзминаг нӕ вӕййынц, стӕй цы амонынц, уый Библимӕ гӕсгӕ нӕу. Уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ сӕ ныфс фӕдарынц ӕрмӕстдӕр наукӕйыл кӕнӕ та, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ ӕмбаргӕ чи у, ахӕм адӕмыл. Уӕдӕ диссаг нӕу, адӕм сӕхи ӕдас кӕй нӕ хатынц, йе та сӕ кӕй нӕ фӕнды сӕ фидӕныл арф хъуыды кӕнын, уый.

6, 7. а) Ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕмӕ ацы дунейы адӕм сӕ зондахастӕй куыд хицӕн кӕнынц? ӕ) Цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

6 Ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕмӕ ацы дунейы адӕм сӕ зондахастӕй кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц. Кӕд иутӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр ӕмхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уӕддӕр Йегъовӕйы адӕм уыцы зындзинӕдтӕм бынтон ӕндӕр цӕстӕй фӕкӕсынц. (Бакӕс Исай 65:13, 14; Малахи 3:18.) Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нын Библи бӕлвырд ӕмбарын кӕны, адӕм ахӕм уавӕрты цӕмӕн цӕрынц, уый, стӕй нын ӕххуыс кӕны нӕ зындзинӕдты сӕрты хизынӕн. Уый фӕрцы нӕ фидӕныл ӕгӕр нӕ фӕмӕт кӕнӕм. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый нӕ хъахъхъӕны, Хуыцауы цӕсты раст чи нӕу, ахӕм зондахастай ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй, стӕй уыцы хъуыддӕгтӕ цы зиан хӕссынц, уымӕй дӕр. Афтӕмӕй ӕцӕг чырыстӕтты зӕрдӕты ис, ацы дунейы ссарӕн кӕй нӕй, ахӕм фарн (Ис. 48:17, 18; Фил. 4:6, 7).

7 Ацы дунейы адӕмимӕ абаргӕйӕ, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕдасдӕр сты. Афтӕ кӕй у, уый тыххӕй ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ. Уыдон нӕ сразӕнгард кӕндзысты, цӕмӕй ахъуыды кӕнӕм нӕ зондахастыл ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтыл, стӕй нын Хуыцау нӕхи бахъахъхъӕныны тыххӕй цы уынаффӕтӕ дӕтты, уыдонмӕ гӕсгӕ нӕ бон хуыздӕр архайын у ӕви нӕ, ууыл (Ис. 30:21).

«Мӕ къах [мӕ] иннӕрдӕм фӕцӕйхаста»

8. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ алкӕддӕр цы хъуамӕ аразой?

8 Рагзамантӕй фӕстӕмӕ, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсын кӕй фӕндыд, уыдон алкӕддӕр сӕхи хызтой, чи йын нӕ лӕггад кодта, уыдонимӕ лымӕн кӕнынӕй. Йегъовӕ бамбарын кодта, йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ Хӕйрӕджы фӕдыл чи цӕуы, уыдон кӕрӕдзийӕн знӕгтӕ кӕй суыдзысты (Райд. 3:15). Хуыцауы адӕм йӕ раст уагӕвӕрдтыл фидар кӕй хӕцынц, уый тыххӕй хицӕн кӕнынц иннӕтӕй (Иоан. 17:15, 16; 1 Иоан. 2:15–17). Уый алыхатт ӕнцон нӕ вӕййы. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ хатт фӕдызӕрдыг кӕнынц, удуӕлдай цард кӕй кӕнынц, уый раст кӕй у, ууыл.

9. Радзур, 73 псалом чи ныффыста, уый цӕуыл мӕт кодта, уый тыххӕй.

9 Куыд дзурынц, афтӕмӕй 73 псалом ныффыста Асафы байзӕддӕгтӕй иу. Кӕд Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг уыди, уӕддӕр иухатт дызӕрдыг кӕнын райдыдта, раст уынаффӕ кӕй рахаста, ууыл. Псаломтӕ фыссӕг дис кодта, фыдгӕнджытӕм цард йӕ мидбылты кӕй худы ӕмӕ амондджын кӕй сты, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдон та зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарынц. (Бакӕс Псалом 73:1–13.)

10. Псаломтӕ фыссӕг цы фарстатӕ радта, уыдоныл хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

10 Псаломтӕ фыссӕгмӕ цы фарстатӕ уыд, дӕумӕ дӕр искуы ахӕм фарстатӕ сӕвзӕрд? Кӕд о, уӕд дӕхи ма ’фхӕр ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ дӕ уырнындзинад фӕцудыдта. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ, уыимӕ Библи кӕмӕн ныффыссын кодта, уыдон дӕр, афтӕ хъуыды кодтой (Иов 21:7–13; Пс. 37:1; Йер. 12:1; Ав. 1:1–4, 13). Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны хъӕуы ахъуыды кӕнын: цымӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсын царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг у? Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, уый афтӕ кӕй у, ууыл. Уыцы хъуыддаг баст у, Хӕйрӕг Едемы цӕхӕрадоны цы сдзырддаг кодта, уыимӕ, ома, Хуыцау Дун-дунейы хицау уа, уый бар ын кӕй ис, уыимӕ (Райд. 3:4, 5). Уӕдӕ нӕ алкӕйдӕр хъӕуы ахъуыды кӕнын, псаломтӕ фыссӕг цы фарстатӕ радта, уыдоныл. Цымӕ ӕнӕмӕт цард чи кӕны, уыцы фыдгӕнджытӕм хъуамӕ хӕлӕг кӕнӕм? Цымӕ хъуамӕ Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кӕнӕм ӕмӕ уыдоны фӕзмын райдайӕм? Дзырд дӕр ыл нӕй, Хӕйрӕджы растдӕр уый кӕй фӕнды.

11, 12. а) Цы баххуыс кодта псаломтӕ фыссӕгӕн, цӕмӕй мауал дызӕрдыг кодтаид, ӕмӕ нӕ уый цӕуыл ахуыр кӕны? ӕ) Дӕуӕн та цы баххуыс кодта раст хъуыдымӕ ’рцӕуынӕн?

11 Цы баххуыс кодта псаломтӕ фыссӕгӕн, цӕмӕй мауал дызӕрдыг кодтаид? Кӕд ӕй раст фӕндаг ныууадзынмӕ бирӕ нал хъуыд, уӕддӕр йӕ зондахаст фӕивта, «Хуыцауы кадджын кувӕндонмӕ» куы бацыд, уӕд. Уым фембӕлд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын йӕ царды сӕйрагдӕр кӕмӕн уыд, уыдонимӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндоныл ахъуыды кодта. Псаломтӕ фыссӕг бамбӕрста, кӕй йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй фыдгӕнджытӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый йӕ сӕр баййафа. Стӕй ма бамбӕрста, «бырынцъаг ран» кӕй лӕууынц, ома сӕ сӕ хъуыддӕгтӕ хорзӕй кӕй ницӕмӕ ӕркӕндзысты. Уымӕй уӕлдай ма базыдта, Йегъовӕйы чи ныууадзы, уыдон иууылдӕр ӕнӕмӕнгдӕр кӕй «бабын уыдзысты, бӕллӕхы ӕвиппайды [кӕй] фесӕфдзысты», чи йын лӕггад кӕны, уыдонӕн та кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. (Бакӕс Псалом 73:16–19, 27, 28.) Дзырд дӕр ыл нӕй, ды дӕр уый кӕй бамбӕрстай. Чи зоны, бирӕтӕм хорз кӕсы, сӕхи уды дзӕбӕхӕн кӕй цӕрынц ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕ кӕй ницӕмӕ дарынц, уый, фӕлӕ уыдон цы байтыдтой, уый ӕркӕрддзысты (Гал. 6:7–9).

12 Цӕуыл ма ахуыр кӕнӕм псаломтӕ фыссӕджы хабарӕй? Уый базыдта, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн ын ӕдас кӕй уыдзӕн ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй суыдзӕн. Йегъовӕйы кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд йӕ зондахаст сраст кодта. Абон махӕн дӕр нӕ бон у ӕмбырды, хорз уынаффӕ нын чи ратдзӕн, ахӕм адӕмы ссарын, стӕй нын нӕ уырнындзинад чи бафидар кӕндзӕн ӕмӕ нӕ раст зондыл чи сараздзӕн, ахӕм ныхӕстӕ фехъусын. Уӕдӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй ӕмбырдтӕм цӕуой. Уым чырыстӕттӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс бафтауынц ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийы фӕразӕнгард кӕнынц хорз хъуыддӕгтӕм (Ис. 32:1, 2; Дзут. 10:24, 25).

Ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ ӕмбаргӕ у

13–15. а) Динӕйыл цавӕр хабар ӕрцыд ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? ӕ) Нӕхи не ’мчырыстӕттыл куы бӕттӕм, уӕд фыдбылызӕй хызт куыд уыдзыстӕм?

13 Ацы дунейы адӕмимӕ чи балымӕн ӕмӕ уый тыххӕй бӕллӕхы чи бахауд, уыдонӕй иу уыд Иаковы чызг Динӕ. Райдианы чиныджы фыст ис, Динӕ кӕй фӕцахуыр, хӕстӕг сӕм чи цард, уыцы ханаайнаг чызджытимӕ йӕ рӕстӕг ӕрвитын. Ханаайнӕгтӕ, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй уӕлдай, хӕрзӕгъдау цард нӕ кодтой. Археолӕгтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй ханаайнӕгтӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувгӕйӕ алы ӕлгъаг митӕ кодтой, стӕй уыдысты ӕнӕгъдау ӕмӕ ӕгъатыр адӕм (Рац. 23:23; Лев. 18:2–25; Дык. з. 18:9–12). Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Динӕ уыцы адӕмимӕ йӕхи кӕй сбаста, уый йӕ цӕмӕ ӕркодта, уый.

14 Ханааны цард иу лӕг, Сихем, зӕгъгӕ. «Йӕ фыды хӕдзары уымӕй нымаддӕр лӕг нӕ уыди». Сихем Динӕйыл йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йын иуахӕмы «тыхми бакодта» (Райд. 34:1, 2, 19). Цӕй ӕнамонд хабар ыл ӕрцыд! Цымӕ Динӕ искуы ахъуыды кодтаид, ахӕм ӕвирхъау хабар ыл кӕй ӕрцӕудзӕн, ууыл? Ӕвӕццӕгӕн, йӕхицӕн ӕмбӕлттӕ агуырдта йе ’мгӕртты ’хсӕн ӕмӕ йӕм афтӕ касти, цыма йын тӕссаг ницӕмӕй уыдзӕн. Фӕлӕ хъуыддаг бынтон ӕндӕрхуызон рауад.

15 Ацы хабар нын зондзонӕн куыд у? Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонимӕ нӕхи куы бӕттӕм, уӕд ныл мацы фыдбылыз ӕрцӕуа, уый гӕнӕн нӕй. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц» (1 Кор. 15:33). Фӕлӕ Йегъовӕйы чи уарзы, хӕрзӕгъдау цард чи кӕны ӕмӕ, ды цӕуыл ӕууӕндыс, ууыл чи ӕууӕнды, ахӕм адӕмимӕ куы лымӕн кӕнай, уӕд фыдбылызӕй хызт уыдзынӕ. Уыдон дӕ разӕнгард кӕндзысты хорз хъуыддӕгтӕм (Ӕмб. 13:20).

Сымах «ӕхсад ӕрцыдыстут»

16. Апостол Павел Коринфы ӕмбырды иуӕй-иуты тыххӕй цы загъта?

16 Чырыстон ӕмбырд бирӕтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй сӕ чъизи хъуыддӕгтӕй ссыгъдӕг уыдаиккой. Апостол Павел Коринфы ӕмбырдмӕ йӕ фыццаг фыстӕг куы ныффыста, уӕд загъта, уымы чырыстӕттӕ сӕ цардыуаг куыд фӕивтой, цӕмӕй Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын райдыдтаиккой. Чидӕртӕ сӕ раздӕр уыдысты гомосексуалисттӕ, хӕтыдысты, мӕнг хуыцӕуттӕн куывтой, сӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй цыдысты, давтой, фырнозт кодтой ӕмӕ афтӕ дарддӕр. «Фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут»,– загъта сын Павел. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 6:9–11.)

17. Бирӕтӕ сӕ цард куыд фӕивтой, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын куы райдыдтой, уӕд?

17 Хуыцауыл чи не ’ууӕнды, уыдонӕн алыхатт сӕ бон нӕ вӕййы раст уынаффӕтӕ хӕссын. Ахӕм адӕм фӕцӕуынц сӕхи зондыл кӕнӕ та, сӕ алыварс чи ис, уыдоны зондыл ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ фӕкӕнынц, Коринфы ӕмбырды чидӕртӕ раздӕр куыд кодтой, раст афтӕ (Еф. 4:14). Фӕлӕ Хуыцауы Ныхасы ис стыр тых ӕмӕ адӕймаг Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕра ӕмӕ, Хуыцаумӕ цы фӕндтӕ ис, уый куы зона, уӕд уый фӕрцы йӕ бон уыдзӕн йӕ цард хуыздӕрырдӕм фӕивын (Кол. 3:5–10; Дзут. 4:12). Абоны чырыстӕттӕй бирӕтӕ зӕгъдзысты, Йегъовӕйы раст уагӕвӕрдтӕ куы нӕма зыдтой ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ куы нӕма архайдтой, уӕд ӕнӕгъдау цард кӕй кодтой. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ цардӕй райгонд нӕ уыдысты ӕмӕ сӕ амондджын дӕр нӕ уыд схонӕн. Уыдон удӕнцой ссардтой, Хуыцауы адӕмимӕ куы базонгӕ сты ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын куы райдыдтой, уӕд.

18. Иу ӕрыгон сылгоймаг цы бавзӕрста, ӕмӕ йӕ хабар цӕуыл дзурӕг у?

18 Кӕддӕр «ӕдас ран», ома чырыстон ӕмбырд, чи ныууагъта, уыдон ныр тынг фӕсмон кӕнынц, афтӕ кӕй бакодтой, ууыл. Иу хо, Таня *, зӕгъгӕ, дзуры, рӕстдзинад йӕ гыццылӕй нырмӕ кӕй зоны, фӕлӕ йыл 16 азы куы цыди, уӕд ӕмбырд кӕй ныууагъта, цӕмӕй йӕ уды дзӕбӕхӕн ацардаид. Уыцы рӕстӕг бирӕ цыдӕртӕ бавзӕрста. Ӕппынфӕстаг басывӕрджын ӕмӕ аборт скодта. Таня дзуры: «Ӕмбырдмӕ ӕртӕ азы куы нӕ цыдтӕн, уыцы рӕстӕг мыл цытӕ ’рцыд, уыдон мын мӕ зӕрдӕйы ахӕм арф хъӕдгӕмттӕ ныууагътой, ӕмӕ мӕ никуы ферох уыдзысты. Фӕлӕ мын уымӕй зындӕр та у ферох кӕнын, мӕ сывӕллоны кӕй амардтон [...] Ацы дунейы „ад“ иугыццыл дӕр бавзарын кӕй фӕнды, уыцы ӕрыгӕттӕн мӕ зӕгъын фӕнды: „Хъуыды дӕр ыл ма кӕнут!“ Чи зоны уӕм фыццаг хорз кӕса, фӕлӕ уый фӕстӕ тынг фӕфӕсмон кӕндзыстут. Дуне уын ӕвзӕр йеддӕмӕ, хорзӕй ницы ратдзӕн. Ӕз ӕй зонын. Ӕз ӕй мӕхиуыл бавзӕрстон. Йегъовӕйы организаци макуы ныууадзут! Ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзыстут амондджын».

19, 20. Чырыстон ӕмбырд нӕ куыд хъахъхъӕны?

19 Ахъуыды-ма кӕн, дӕ цард куыд уыдаид, ӕдас бынат – чырыстон ӕмбырд – куы ныууагътаис, уӕд. Бирӕты, рӕстдзинад базоныны размӕ куыд цардысты, ууыл хъуыды кӕнын дӕр нӕ фӕнды (Иоан. 6:68, 69). Хӕйрӕджы дуне адӕмӕн бирӕ хъизӕмӕрттӕ ’взарын кӕны. Фӕлӕ дӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕнгом куы уай, уӕд бирӕ мӕстытӕй хызт уыдзынӕ. Ӕмбырдтӕм ӕдзухдӕр куы цӕуай ӕмӕ де ’мчырыстӕттимӕ рӕстӕг куы ’рвитай, уӕд дӕ зӕрдыл алкӕддӕр дардзынӕ Йегъовӕйы раст уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ дӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын фӕнддзӕн. Уӕдӕ псаломтӕ фыссӕг Йегъовӕйы куыд «бӕрзонд кодта стыр ӕмбырды», афтӕ йӕ ды дӕр бӕрзонд кӕн (Пс. 35:18).

20 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстӕттӕй алчи дӕр зын уавӕры бахауы, ӕмӕ, гӕнӕн ис, искӕмӕ ахӕм хъуыды фӕзына, зӕгъгӕ, мӕ бон иузӕрдионӕй баззайын нӕ бауыдзӕн. Ахӕм адӕймагӕн, чи зоны, бахъӕуа уынаффӕ раттын, цӕмӕй йӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй кӕса. Ӕмбырдӕн дӕр ӕмӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон куыд у де ’мчырыстонӕн ахӕм уавӕры баххуыс кӕнын? Иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, дӕ бон куыд у иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауын ӕмӕ сӕ фидар кӕнын (1 Фес. 5:11).

[Фиппаинаг]

^ 18 абз. Ном ивд у.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• 73 псалом чи ныффыста, уый хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

• Динӕйы хабар нын зондзонӕн куыд у?

• Чырыстон ӕмбырд ӕдас бынат цӕмӕн у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Ӕдас ран ленк кӕн,– ӕмбырд макуы ныууадз!