Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы бон цы раргом уыдзӕн?

Йегъовӕйы бон цы раргом уыдзӕн?

Йегъовӕйы бон цы раргом уыдзӕн?

«Йегъовӕйы бон... ӕрцӕудзӕн, давӕг куыд ӕрцӕуы, афтӕ... зӕхх ӕмӕ йыл цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдон та раргом уыдзысты» (2 ПЕТ. 3:10).

1, 2. а) Ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн? ӕ) Цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

АЦЫ цардӕвӕрд арӕзт у ахӕм мӕнг хъуыдыйыл, зӕгъгӕ, адӕймагӕн йӕ бон у ӕнӕ Хуыцауӕй иннӕтӕн ӕнтыстджынӕй разамынд дӕттын (Пс. 2:2, 3). Цымӕ мӕнгдзинадыл арӕзт цы у, уый бирӕ фӕлӕудзӕн? Ӕппындӕр нӕ! Фӕлӕ мах афтӕ нӕ хъуыды кӕнӕм, Хӕйрӕджы дуне йӕхихъӕдӕй кӕй фесӕфдзӕн. Хуыцау ӕй фесафдзӕн, цы рӕстӕг ын снысан кодта, уӕд ӕмӕ, йӕхӕдӕг куыд сфӕнд кодта, афтӕ. Хуыцау ацы фыддунейы хъуыддӕгтӕм куы ’ркӕса, уӕд ноджы тынгдӕр рабӕрӕг уыдзысты йӕ рӕстдзинад ӕмӕ йӕ уарзондзинад (Пс. 92:7; Ӕмб. 2:21, 22).

2 Апостол Петр ныффыста: «Йегъовӕйы бон та ӕрцӕудзӕн, давӕг куыд ӕрцӕуы, афтӕ. Уӕд арв гыбар-гыбургӕнгӕ ӕвиппайды фӕцыдӕр уыдзӕн, арв ӕмӕ зӕхх цӕмӕй конд сты, уыдон сзынг уыдзысты ӕмӕ ныппырх уыдзысты, зӕхх ӕмӕ йыл цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдон та раргом уыдзысты» (2 Пет. 3:10). Ацы ран «арв» ӕмӕ «зӕхх» цӕмӕ амонынц? Цы сты, «арв ӕмӕ зӕхх цӕмӕй конд сты, уыдон»? Цӕй кой кодта Петр, афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, «зӕхх ӕмӕ йыл цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдон... раргом уыдзысты»? Ацы фарстатӕн дзуапп куы зонӕм, уӕд нӕхи бацӕттӕ кӕндзыстӕм, тагъд рӕстӕджы цы ӕвирхъау хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уыдонмӕ.

Арв ӕмӕ зӕхх фӕцыдӕр уыдзысты

3. 2 Петры 3:10 стихы «арв» цӕмӕ амоны ӕмӕ куыд «фӕцыдӕр уыдзӕн»?

3 Библийы дзырд «уӕларв» арӕх фӕамоны, адӕм кӕй дӕлбар вӕййынц, уыцы хицӕуттӕм (Ис. 14:13, 14; Рарг. 21:1, 2). Чи «фӕцыдӕр уыдзӕн», уыцы «арв» амоны, абон ӕнӕхуыцау адӕмӕн разамынд чи дӕтты, уыцы зӕххон хицӕуттӕм. «Гыбар-гыбургӕнгӕ ӕвиппайды [кӕй] фӕцыдӕр уыдзӕн», уый, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уайтагъд ӕрбайсӕфдзӕн.

4. Цӕмӕ амоны «зӕхх» ӕмӕ куыд фесӕфдзӕн?

4 Дзырд «зӕхх» амоны, Хуыцауӕй чи адард, уыцы адӕммӕ. Ахӕм адӕм цард Нойы рӕстӕджы дӕр, ӕмӕ Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ Доны хъаймӕты фесӕфтысты. «Уыцы ныхасӕй ныртӕккӕйы арв ӕмӕ зӕхх ӕвӕрд сты артӕй басудзынмӕ ӕмӕ лӕууынц тӕрхоны бонмӕ ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕмы фесафыны бонмӕ» (2 Пет. 3:7). Кӕд Доны хъаймӕты ӕнӕхуыцау адӕм иууылдӕр уыцы иу рӕстӕг фесӕфтысты, уӕд «стыр бӕллӕхы» рӕстӕг та афтӕ нӕ уыдзӕн (Рарг. 7:14). Уыцы бӕллӕх райдайдзӕн, Хуыцау зӕххон хицӕуттӕн «Стыр Вавилон», ома мӕнг динтӕ, кӕй фесафын кӕндзӕн, уымӕй. Афтӕмӕй равдисдзӕн, уыцы «хӕтаг сылгоймагӕй» йе сӕфт кӕй уыны, уый (Рарг. 17:5, 16; 18:8). Хӕйрӕджы дунейӕ ма чи баззайа, уыдоны Йегъовӕ стыр бӕллӕхы кӕрон, Армагеддоны хӕсты, йӕхӕдӕг фесафдзӕн (Рарг. 16:14, 16; 19:19–21).

«Арв ӕмӕ зӕхх цӕмӕй конд сты, уыдон... ныппырх уыдзысты»

5. «Арв ӕмӕ зӕхх цӕмӕй конд сты, уыдонмӕ» цы хауы?

5 «Арв ӕмӕ зӕхх цӕмӕй конд сты, уыдон» цы сты? Ӕнӕхуыцау адӕмӕн сӕ миниуджытӕ, сӕ зондахаст, сӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ фӕндтӕ. «Арв ӕмӕ зӕхх цӕмӕй конд сты, уыдонмӕ» ма хауы «ацы дунейы зонд» дӕр – ӕгоммӕгӕс адӕм цы зондӕй архайынц, уый (1 Кор. 2:12; бакӕс Ефесӕгтӕм 2:1–3). Уыцы зонд Хӕйрӕджы дунейы ахъардта уӕлдӕфау. Адӕм куыд хъуыды кӕнынц, цӕмӕ бӕллынц, куыд дзурынц ӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ аразынц, уыдонӕй бӕрӕг у, ацы дунейы сӕрбӕрзонд ӕмӕ хивӕнд хицауы, ома Хӕйрӕджы, зондыл кӕй цӕуынц, уый.

6. Ацы дунейы зонд адӕмыл куыд фӕзыны?

6 Ацы дунейы зондӕй чи фӕхъӕстӕ, уыдон, зонгӕ-зонын ӕви нӕ, Хӕйрӕгӕн уый бар дӕттынц, цӕмӕй сын сӕ зонд ӕмӕ сӕ зӕрдӕтыл ӕндава, ӕмӕ, уый куыд хъуыды кӕны, уыдон дӕр афтӕ хъуыды кӕнынц. Хуыцауы фӕндон сӕм нымады дӕр нӕу ӕмӕ, сӕхи цы фӕнды, уый аразынц. Уыдон сты сӕрбӕрзонд ӕмӕ хиуарзон, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны коммӕ нӕ кӕсынц, стӕй сӕ «тӕригъӕдджын буары монцтӕ» ӕмӕ сӕ «цӕстыты монцты» фӕдыл цӕуынц. (Бакӕс 1 Иоанны 2:15–17.) *

7. Нӕ зӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ хъахъхъӕнӕм?

7 Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнӕм ӕмӕ ӕмбаргӕ уӕм, нӕхицӕн ӕмбӕлттӕ ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ, стӕй чингуытӕ кӕсгӕйӕ кӕнӕ Интернеты исты веб-сайттӕ агургӕйӕ (Ӕмб. 4:23). Апостол Павел ныффыста: «Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ, Чырыстийы ахуырадыл нӕ, фӕлӕ адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ ацы дунейы уагӕвӕрдтыл чи ӕнцайы, ахӕм зондджын ныхӕстӕй ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй мачи асайа ӕмӕ уӕ ма ӕрцахса» (Кол. 2:8). Йегъовӕйы бон цас хӕстӕгдӕр кӕны, уыйас ахсджиагдӕр у ацы фӕдзӕхстмӕ хъусын. Уыцы бон куы ралӕууа, уӕд, «арв ӕмӕ зӕхх цӕмӕй конд сты, уыдон» сзынг уыдзысты ӕмӕ ныппырх уыдзысты. Уымӕн ӕмӕ сӕ бон нӕ бауыдзӕн Хуыцауы масты ныхмӕ фӕлӕууын. Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны Малахийы 4:1 стих: «Ӕрхӕстӕг кӕны, пецау пиллон арт чи уадзы, уыцы бон, ӕмӕ сӕрбӕрзонд адӕм ӕмӕ фыдгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр хъӕмпӕй уӕлдай нӕ уыдзысты. Цы бон ӕрхӕстӕг кӕны, уый сӕ аныхъуырдзӕн».

«Зӕхх ӕмӕ йыл цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдон... раргом уыдзысты»

8. Зӕхх ӕмӕ йыл цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдон куыд «раргом уыдзысты»?

8 Цы нысан кӕнынц Петры ныхӕстӕ, зӕхх ӕмӕ йыл цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдон раргом уыдзысты, зӕгъгӕ? Стыр бӕллӕхы рӕстӕг Йегъовӕ Хӕйрӕджы дунейы хъуыддӕгтӕ хурмӕ рахӕсдзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй раргом уыдзӕн, ацы дуне Хуыцауы ӕмӕ йӕ Паддзахады ныхмӕ кӕй лӕууы, ӕмӕ уый тыххӕй фесафыны аккаг кӕй у, уый. Уыцы рӕстӕджы тыххӕй Исайы 26:21 фыст ис ахӕм пехуымпарад: «Йегъовӕ йӕ бынатӕй рацӕуы, цӕмӕй зӕххы цӕрджытӕй дзуапп ӕрдома, йӕ разы цы тӕригъӕд ракодтой, уый тыххӕй. Ӕмӕ зӕхх раргом кӕндзӕн, цы туг ыл ныккалд, уый, йӕ мӕрдты нал ӕмбӕхсдзӕн».

9. а) Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ рӕзын кӕнӕм нӕ удыхъӕды ӕмӕ цӕмӕн?

9 Йегъовӕйы боны рабӕрӕг уыдзӕн, ацы дунейы зондыл чи цӕуы, уыдон ӕцӕгдӕр цавӕр адӕм сты, уый, суанг ма кӕрӕдзийы дӕр мардзысты. Абон бирӕтӕ сӕхицӕн ӕвзарынц, тыхми кӕм ис, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ. Уый сӕ зондахастыл афтӕ тынг фӕзындзӕн, ӕмӕ сӕ «алчидӕр... йӕ разы чи уа, уымӕ фӕлӕбурдзӕн, ӕмӕ йӕ ныхмӕ фӕуыдзӕн» (Зах. 14:13). Уӕдӕ куыд ахсджиаг у нӕхи хизын, ӕвзӕр зондыл нӕ чи сараздзӕн, ахӕм кинотӕй, чингуытӕй, видеохъӕзтытӕй ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Ахӕм ирхӕфсӕнтӕ куы ’взарӕм, уӕд нын тӕссаг уыдзӕн, Хуыцау йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм миниуджытӕ нӕм кӕй фӕзындзӕн, зӕгъӕм, сӕрбӕрзонд суыдзыстӕм ӕмӕ фыддзинад уарзын райдайдзыстӕм (2 Сам. 22:28; Пс. 11:5). Хуыздӕр уыдзӕн архайын, цӕмӕй нӕ удыхъӕды рӕзын кӕнӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй чи гуыры, уыцы миниуджытӕ, уымӕн ӕмӕ нын уыдон баххуыс кӕндзысты Йегъовӕйы мастисӕн бон фервӕзынӕн (Гал. 5:22, 23).

«Ног арв ӕмӕ ног зӕхх»

10, 11. Цы сты «ног арв» ӕмӕ «ног зӕхх»?

10 Бакӕс 2 Петры 3:13. «Ног арв» у Хуыцауы уӕларвон Паддзахад. 1914 азы йӕ Хуыцау ӕрфидар кодта, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕн сӕ рӕстӕг куы фӕци, уӕд (Лук. 21:24). Уыцы Паддзахадмӕ хауынц Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ 144 000 ӕмпаддзахы. Уыдонӕн сӕ фылдӕр сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг ныридӕгӕн райстой. Раргомады чиныджы ацы ӕвзӕрст адӕмы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, «уӕларвӕй, Хуыцауӕй... ӕрцӕйцыд сыгъдӕг сахар – Ног Иерусалим – йӕ мойагӕн чындзау рӕсугъд арӕзтӕй» (Рарг. 21:1, 2, 22–24). Рагон Израилы паддзӕхтӕ адӕмӕн Иерусалимӕй куыд лӕвӕрдтой разамынд, раст афтӕ Ног Иерусалим ӕмӕ йӕ «мойаг» дӕр ног дунейы адӕмӕн разамынд дӕтдзысты. Сыгъдӕг сахар уӕлӕрвтӕй кӕй «ӕрцӕйцыд», уый амоны, уӕлӕрвтӕй зӕххӕн разамынд кӕй дӕтдзӕн, уымӕ.

11 «Ног зӕхх» амоны, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыцы коммӕгӕс адӕммӕ. Абон Хуыцауы адӕм цы «дзӕнӕты» цӕрынц, уый фидӕны ӕгас зӕххыл дӕр апарахат уыдзӕн (Дзут. 2:5). Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй мах дӕр уыцы ног дунейы цӕрӕм?

Йегъовӕйы стыр бонмӕ цӕттӕ уӕм

12. Йегъовӕйы бон куы ’рцӕуа, уӕд дунейы адӕм арвы цӕфау цӕмӕн фӕуыдзысты?

12 Павел дӕр ӕмӕ Петр дӕр дзырдтой, Йегъовӕйы бон «давӕджы» хуызӕн кӕй ӕрцӕудзӕн, ома сусӕгӕй ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:1, 2.) Суанг ӕцӕг чырыстӕттӕн дӕр уыцы боны ’рцыд ӕнӕнхъӕлӕджы уыдзӕн, кӕд ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уӕддӕр (Матф. 24:44). Фӕлӕ уый дунейы адӕммӕ ӕнӕуи диссаг нӕ фӕкӕсдзӕн. Павел ныффыста: «[Хуыцауӕй чи адард, уыцы адӕм] афтӕ куы дзурой: „Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!“, уӕд, сылгоймагӕн арынафон йӕ тухитӕ куыд райдайынц, афтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн се сӕфт, ӕмӕ ницы хуызы аирвӕздзысты» (1 Фес. 5:3).

13. «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинады» тыххӕй куы дзурой, уӕд нӕхи асайын куыд ма бауадзӕм?

13 Адӕм, «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!», зӕгъгӕ, куы дзурой, уӕд та уыдон дӕр уыдзысты дӕлимонты мӕнг ныхӕстӕ. Фӕлӕ сыл Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ нӕ баууӕнддзысты. Павел ныффыста: «Сымах, не ’фсымӕртӕ, талынджы не стут, цӕмӕй уӕ уыцы бон давджытау ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрӕййафа, уымӕн ӕмӕ сымах иууылдӕр стут рухсы хъӕбултӕ ӕмӕ боны хъӕбултӕ» (1 Фес. 5:4, 5). Уӕдӕ дарддӕр дӕр рухсы цӕуӕм ӕмӕ Хӕйрӕджы дунейы талынгдзинадӕй дард лӕууӕм. Петр, чырыстон ӕмбырды цы мӕнг ахуыргӕнджытӕ уыд, уыдоны тыххӕй ныффыста: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ацы хабӕрттӕ рагацау зонгӕйӕ уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уыдонимӕ фыдгӕнджыты рӕдыд фӕндагмӕ ма адзӕгъӕл уат ӕмӕ ма фӕцудат» (2 Пет. 3:17).

14, 15. а) Йегъовӕ нын цы ӕмбарын кӕны? ӕ) Библийӕ цавӕр ныхӕстӕ хъуамӕ дарӕм нӕ зӕрдыл?

14 Йегъовӕ нын ӕрмӕст дзургӕ нӕ кӕны, нӕхи кӕй хъуамӕ хъахъхъӕнӕм, уый, фӕлӕ ма нын хӕларзӕрдӕйӕ ӕмбарын кӕны, фидӕны цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уыдон дӕр.

15 Фӕлӕ, хъыгагӕн, иуӕй-иутӕм нымады дӕр нӕу, Хуыцау нӕ кӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй къӕрцхъус уӕм, уый. Чи зоны сӕ исчи дзура, зӕгъгӕ, уыцы иу ныхӕстӕ бирӕ азтӕ хъусын. Фӕлӕ афтӕ чи хъуыды кӕны, уыдонӕй рох ма уӕд, афтӕмӕй, ӕрмӕст ӕууӕнкджын цагъары къорд цы дзуры, уый кӕй нӕ дзырддаг кӕнынц, фӕлӕ ма, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт цы дзурынц, уый дӕр. Йегъовӕ бафӕдзӕхста: «Ӕнхъӕлмӕ кӕс» (Ав. 2:3). Чырысти дӕр загъта: «Ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ, уӕ Хицау цы бон ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут» (Матф. 24:42). Петр та ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Ахъуыды [ма] кӕнут, цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат, куыд сыгъдӕг цард хъуамӕ кӕнат ӕмӕ Хуыцауыл куыд ӕнувыд хъуамӕ уат, Йегъовӕйы боны ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ӕмӕ йӕ уӕ зӕрдыл даргӕйӕ!» (2 Пет. 3:11, 12). Ацы ахсджиаг ныхӕстӕм цагъары къорд ӕмӕ йӕ Разамонӕг совет куыдфӕндыйы цӕстӕй никуы ракӕсдзысты!

16. Нӕхи цавӕр зондахастӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ цӕмӕн?

16 Хицау фӕстиат кӕны, зӕгъгӕ, афтӕ хъуыды кӕны «фыдзӕрдӕ цагъар» (Матф. 24:48). Уыцы фыдзӕрдӕ цагъар дӕр у, 2 Петры 3:3, 4 кӕй кой цӕуы, уыдонӕй. Петр ныффыста, зӕгъгӕ, фӕстаг бонты фӕзындзӕн, йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕудзӕн, ахӕм адӕм ӕмӕ кӕй худдзысты, Йегъовӕйы бон йӕ зӕрдыл чи дары, уыдоныл. Уыцы адӕм сӕйрагдӕр хъуыды кӕнынц сӕхиуыл ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы фӕндтыл, Хуыцауы ӕмӕ йӕ Паддзахады хъуыддӕгтыл нӕ, фӕлӕ. Уӕдӕ нӕхи хизӕм ахӕм зондахастӕй ӕмӕ алкӕддӕр коммӕгӕс уӕм! Стӕй «нӕ Хуыцауы фӕразондзинад нымайӕм фервӕзыны фадатыл». Уый бӕрӕг уыдзӕн, хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй куы архайӕм ӕмӕ, кӕд цы ’рцӕудзӕн, ууыл ӕгӕр куы нӕ мӕт кӕнӕм, уӕд, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕджытӕ Йегъовӕ Хуыцауы къухы сты (2 Пет. 3:15; бакӕс Хъуыддӕгтӕ 1:6, 7).

Нӕ ныфс дарӕм нӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауыл

17. Иузӕрдион чырыстӕттӕ Йесойы ныхӕстӕм куыд байхъуыстой ӕмӕ цӕмӕн?

17 Нӕ эрӕйы 66 азы ромаг ӕфсӕдтӕ Иудӕмӕ куы бабырстой, уӕд чырыстӕттӕ Йесойы ныхӕстӕм байхъуыстой ӕмӕ сын куыддӕр фадат фӕзынд, афтӕ Иерусалимӕй алыгъдысты (Лук. 21:20–23). Ӕвӕстиатӕй цӕмӕн архайдтой? Уымӕн ӕмӕ сын Чырысти цы бафӕдзӕхста, уый сӕ зӕрдыл дардтой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдон ӕмбӕрстой, зындзинӕдтыл кӕй сӕмбӕлдзысты, Чырысти сын куыд загъта, афтӕ. Фӕлӕ ма зыдтой, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты фӕцудын кӕй никуы бауадздзӕн, уый дӕр (Пс. 55:22).

18. Лукайы 21:25–28 цы ныхӕстӕ ис фыст, уыдонмӕ гӕсгӕ стыр бӕллӕхмӕ цы цӕстӕй кӕсыс?

18 Мах дӕр хъуамӕ Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ ӕрмӕстдӕр уый фервӕзын кӕндзӕн, чи никуыма уыд, уыцы стыр бӕллӕхы. Стыр бӕллӕх куы райдайа ӕмӕ Йегъовӕ ацы фыддуне куы нӕма фесафа, уыцы рӕстӕг адӕм «фыртӕссӕй ӕмӕ, зӕххыл цы бӕллӕхтӕ хъуамӕ ’рцӕуа, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ зӕрдӕхъӕрмттӕ кӕндзысты». Хуыцауы знӕгтӕ ӕмризӕджы куы ризой, уӕд йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ та ӕнӕмӕт уыдзысты. Уыдон цин кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ йӕ зондзысты, сӕ ирвӕзындзинад ӕввахс кӕй у, уый. (Бакӕс Лукайы 21:25–28.)

19. Иннӕ статьяйы ныхас цӕуыл цӕудзӕн?

19 Цӕй диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ацы дунейӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй дард чи лӕууы, уыдонмӕ! Фӕлӕ цӕмӕй ӕнусон цард райсӕм, уый тыххӕй ӕрмӕст фыддзинадӕй хи хизын фаг нӕу. Мах хъӕуы архайын, цӕмӕй нӕм чырыстон миниуджытӕ уа ӕмӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразӕм. Ууыл ныхас цӕудзӕн иннӕ статьяйы (2 Пет. 3:11).

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Ацы дунейы зонд адӕмыл куыд фӕзыны, уый тыххӕй фылдӕр фыст ис чиныджы «Рассуждение с помощью Писаний», 135–139 фӕрстӕ.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Цӕмӕ амонынц...

абоны «арв ӕмӕ зӕхх»?

«арв ӕмӕ зӕхх цӕмӕй конд сты, уыдон»?

«ног арв ӕмӕ ног зӕхх»?

• Нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Хуыцауыл цӕмӕн дарӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 5 фарсыл]

Дӕ бон куыд у дӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнын ӕмӕ ацы дунейӕ дард лӕууын?

[Ныв 6 фарсыл]

Хуыцауы фӕразондзинад «фервӕзыны фадатыл» кӕй нымайӕм, уый куыд ӕвдисӕм?