Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн»

«Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн»

«Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн»

ЧЫРЫСТИ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты ахӕстоны баппардзӕн, цӕмӕй кӕронмӕ фӕлвӕрд ӕрцӕуат». Фӕлӕ сын уый хӕдразмӕ загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Цы хъизӕмӕрттӕ дӕ хъӕудзӕни бавзарын, уыдонӕй ма тӕрс». Хӕйрӕг абоны онг дӕр ахӕм мадзалӕй пайда кӕны, ома Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты ахӕстонӕй тӕрсын кӕны, цӕмӕй мауал хъусын кӕной. Уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу бӕстӕты чырыстӕтты фӕдыл кӕй зилынц, уый диссаг нӕу (Рарг. 2:10; 12:17). Уӕдӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй нӕхи бахизӕм ӕмӕ нын Чырысти куыд загъта, афтӕмӕй «ма тӕрсӕм»?

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕн нӕ фылдӕр зоны, тӕрсын цы у, уый. Фӕлӕ нӕ Хуыцауы Ныхас ныфс уадзы, Йегъовӕйы ӕххуысӕй нӕ бон кӕй бауыдзӕн, цӕмӕй нӕ тасыл фӕуӕлахиз уӕм. Куыд? Зӕгъӕм, Йегъовӕ нын ӕргом кӕны Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕн сӕ фыдвӕндтӕ ӕмӕ нын афтӕмӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй цӕттӕ уӕм, не знӕгтӕ нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уымӕ (2 Кор. 2:11). Хӕйрӕг цавӕр мадзӕлттӕй пайда кӕны, уый фендзыстӕм, рагзаманты чи ’рцыд, уыцы хабарӕй. Стӕй ма ӕркӕсдзыстӕм, нӕ рӕстӕджы «Хӕйрӕджы хинмиты ныхмӕ» фидар чи фӕлӕууыд, уыцы иузӕрдион чырыстӕтты цӕвиттонтӕм (Еф. 6:11–13).

Хуыцауыл иузӕрдион паддзах ӕмӕ фыдзӕрдӕ паддзах

Нӕ эрӕйы размӕ ӕстӕм ӕнусы Ассирийы фыдзӕрдӕ паддзах Сеннахирим цалдӕр адӕмыхаттыл фӕуӕлахиз. Паддзах фӕныфсджындӕр ӕмӕ сфӕнд кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы адӕмыл фӕуӕлахиз уыдаид ӕмӕ сын сӕ сӕйраг горӕт, Иерусалим, бацахстаид. Уӕд Иерусалимы паддзах уыд Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг, Езеки (2 Пад. 18:1–3, 13). Дзырд дӕр ыл нӕй, Сеннахиримы уыцы зондыл Хӕйрӕг кӕй сӕвӕрдта, цӕмӕй зӕххыл ӕцӕг Хуыцауӕн мачиуал куывтаид (Райд. 3:15).

Сеннахирим Иерусалиммӕ йӕ адӕмы арвыста, зӕгъгӕ, уӕхи нӕ къухмӕ раттут. Семӕ уыд рабсак, паддзахы сӕйраг минӕвар * (2 Пад. 18:17). Йӕ нысан уыд дзуттӕгты кӕрӕдзи ныхмӕ скӕнын, цӕмӕй сыл ӕнӕтохӕй фӕуӕлахиз уыдаид. Рабсак цавӕр мадзӕлттӕй пайда кодта дзуттӕгты тас бауадзыны тыххӕй?

Ахӕстоны иузӕрдионӕй баззадысты

Рабсак Езекийы адӕмӕн загъта: «Афтӕ зӕгъы цытджын паддзах, Ассирийы паддзах: „Цымӕ дӕ зӕрдӕ цӕуыл дарыс, ныфсджын цӕмӕй дӕ? Дӕ зӕрдӕ уыцы цъӕл хъӕзыл, Египетыл, дарыс? Адӕймаг ыл куы ӕрӕнцой кӕна, уӕд йӕ къухы сныхсдзӕн ӕмӕ дзы иннӕрдӕм ахиздзӕн“» (2 Пад. 18:19, 21). Рабсак кодта мӕнг ныхӕстӕ, уымӕн ӕмӕ Езекийӕн Египетимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы уыд. Фӕлӕ рабсакы дзуттӕгтӕн сӕйраджыдӕр уый зӕгъын фӕндыд, ӕххуысмӕ сӕм кӕй ничи ӕрцӕудзӕн ӕмӕ зыбыты иунӕгӕй кӕй баззадысты.

Нӕ рӕстӕджы дӕр-иу знӕгтӕ ӕцӕг чырыстӕттӕм ӕртхъирӕн кодтой, ахӕстоны уӕ сбадын кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ, цӕмӕй-иу сын сӕ зӕрдӕты тас бауагътаиккой. Иу хо рӕстдзинады тыххӕй ахӕстоны цалдӕр азы фӕбадти ӕмӕ йе ’мчырыстӕтты уынгӕ дӕр нӕ кодта. Фӕстӕдӕр уыцы хо радзырдта, цӕмӕй йӕ ныфс ма фесӕфтаид, уый тыххӕй йын цы баххуыс кодта: «Йегъовӕмӕ кӕй куывтон, уый фӕрцы йӕм ӕввахс кодтон... Мӕ зӕрдыл-иу ӕрлӕууыдысты Исайы 66:2 ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Хуыцау уыны, ӕфхӕрд ӕмӕ ныфссаст чи у, ахӕм адӕймаджы. Ацы ныхӕстӕ мын алыхатт дӕр хъарутӕ лӕвӕрдтой ӕмӕ мын удӕнцой хастой». Ахӕстоны камерӕйы иунӕгӕй чи бадти, уыцы ӕфсымӕр та загъта: «Ӕз мӕхиуыл бавзӕрстон, адӕймагӕн Йегъовӕ йӕ хӕлар куы уа, уӕд ын къуындӕг камерӕ дӕр ӕнӕкӕрон Дун-дуне кӕй свӕййы». Уыцы дыууӕ чырыстоны фӕлварӕнты фидар фӕлӕууыдысты, Йегъовӕимӕ ӕнгом кӕй уыдысты, уый фӕрцы (Пс. 9:9, 10). Знӕгтӕн сӕ бон уыд ӕцӕг чырыстӕтты сӕ бинонтӕ, се ’мбӕлттӕ ӕмӕ се ’мчырыстӕттӕй фӕхицӕн кӕнын. Фӕлӕ, ахӕстоны чи бадти, уыдон зыдтой, Йегъовӕйӕ сӕ кӕй ничи фӕхицӕн кӕндзӕн (Ром. 8:35–39).

Уӕдӕ куыд ахсджиаг у алы фадатӕй дӕр пайда кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм! (Иак. 4:8). Хъӕуы нӕ ӕдзухдӕр хъуыды кӕнын: «Йегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндын? Алы бон дӕр гыццыл ӕви стыр хъуыддӕгты фӕдыл уынаффӕтӕ куы фӕхӕссын, уӕд Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ мӕ зӕрдыл фӕдарын?» (Лук. 16:10). Хуыцауимӕ ӕнгомдӕр уӕм, ууыл ӕппӕт тыхтӕй куы архайӕм, уӕд нӕ тӕрсын ницӕмӕй хъӕуы. Пехуымпар Йереми, зӕрдӕсаст дзуттӕгты номӕй дзургӕйӕ, загъта: «Арф дзыхъхъӕй дӕм дӕ номӕй сидтӕн, о Йегъовӕ... Цы бон дӕм сдзынӕзтон, уыцы бон мӕм дӕхи ӕрбаввахс кодтай ӕмӕ мын загътай: „Ма тӕрс“» (Йер. хъ. 3:55–57).

Знӕгтӕн сӕ фыдвӕндтӕй ницы рауад

Рабсак хинӕй архайдта, цӕмӕй израилӕгты сдызӕрдыг кодтаид. Уый загъта: «Езеки... [Иегъовӕйы] кувӕн бынӕттӕ ӕмӕ... нывондхӕссӕнтӕ нӕ ныппырх кодта? [...] Йегъовӕ мын йӕхӕдӕг загъта: „Уыцы бӕстӕйы ныхмӕ рацу ӕмӕ йӕ ныппырх кӕн“» (2 Пад. 18:22, 25). Рабсакы уый зӕгъын фӕндыд, Йегъовӕ йӕ адӕммӕ мӕсты кӕй у ӕмӕ уый тыххӕй сӕ сӕрыл кӕй нӕ рахӕцдзӕн. Фӕлӕ уый афтӕ нӕ уыд. Йегъовӕ Езекийӕ ӕмӕ, раст динмӕ чи раздӕхт, уыцы дзуттӕгтӕй райгонд уыд (2 Пад. 18:3–7).

Абон Хуыцауы адӕмы ныхмӕ чи цӕуы, уыдон дӕр хинӕй фӕархайынц, цӕмӕй чырыстӕттӕ Йегъовӕйы организацийыл дызӕрдыг кӕнын райдайой. Цавӕрдӕр ӕцӕг хабӕрттӕ сын радзурынц ӕмӕ сӕхи афтӕ равдисынц, цыма сӕ фарс сты, фӕлӕ уыцы хабӕрттӕм мӕнг ныхӕстӕ дӕр бафтауынц. Зӕгъӕм, ахӕстоны-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн загътой, сӕ бӕстӕйы хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕр рӕстдзинад кӕй ныууагъта ӕмӕ раст кӕй уаид, уыдон дӕр афтӕ куы бакӕниккой. Фӕлӕ арфуынаг чырыстӕтты ахӕм мӕнг ныхӕстӕй асайӕн нӕй.

Ӕркӕсӕм, Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы иу хойыл цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Ахӕстоны куы уыди, уӕд ын иу бӕрнон ӕфсымӕры писмо фенын кодтой. Фыст дзы уыд, рӕстдзинад кӕй ныууагъта, уый тыххӕй. Ахӕстоны кусӕг ӕй куы бафарста, зӕгъгӕ ма уыцы ӕфсымӕрыл ӕууӕндыс, уӕд ын хо загъта: «Уый дӕр ӕнӕххӕст адӕймаг у». Хо ма загъта, цалынмӕ уыцы ӕфсымӕр Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цард, уӕдмӕ йӕ Хуыцау йӕ лӕггадгӕнӕгыл кӕй нымадта, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Фӕлӕ иугӕр Библийыл нал ӕууӕнды, уӕд ме ’фсымӕр нал у». Уыцы иузӕрдион хо ӕмбаргӕ разынд, уымӕн ӕмӕ архайдта, Библийы цы фӕдзӕхст ис, уымӕ гӕсгӕ: «Уӕ зӕрдӕ ма дарут кадджын лӕгтыл, адӕймаджы фыртыл, уымӕн ӕмӕ йӕ бон нӕу ирвӕзын кӕнын» (Пс. 146:3).

Хуыцауы Ныхас раст куы ӕмбарӕм ӕмӕ дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ куы хъусӕм, уӕд мӕнг ныхӕстыл нӕ баууӕнддзыстӕм ӕмӕ нӕ фӕцуддзыстӕм (Еф. 4:13, 14; Дзут. 6:19). Уӕдӕ хъуамӕ алы бон дӕр Библи кӕсӕм ӕмӕ йӕ иртасӕм, цӕмӕй нӕ исчи сдызӕрдыг кӕнынмӕ куы хъава, уӕд уыцы рӕстӕг нӕ бон уа раст хъуыды кӕнын (Дзут. 4:12). Уӕдӕ ныр уый рӕстӕг у, цӕмӕй нӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕнӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Ахӕстоны камерӕйы иунӕгӕй бирӕ азтӕ чи фӕци, уыцы ӕфсымӕр загъта: «Фӕнды мӕ алкӕмӕн дӕр зӕгъын: Хуыцау нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цыдӕриддӕр дӕтты, уыдӕттӕй пайда кӕнын ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ зонӕм, цы рӕстӕг нӕ бахъӕудзысты, уый». Ӕцӕгӕйдӕр, Хуыцауы Ныхас, ӕмӕ нын цагъары къорд цы литературӕ дӕтты, уый лӕмбынӕг куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нын зын уавӕрты сыгъдӕг уд «нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн», цы базыдтам, уыдӕттӕ (Иоан. 14:26).

Ӕртхъирӕнтӕй нӕ тӕрсынц

Рабсак архайдта дзуттӕгты тасы бафтауыныл: «Мӕ буц хицауимӕ, Ассирийы паддзахимӕ, схӕснаг кӕн: ратдзынӕн дын дыууӕ мин бӕхы, ӕмӕ фендзыстӕм, кӕддӕра дӕм уыйбӕрц барджытӕ разынид. ...Дӕ бон куыд бауыдзӕн мӕ буц хицауы ӕппӕты къаддӕр лӕггадгӕнджытӕй иуӕн дӕр ныхкъуырд раттын?» (2 Пад. 18:23, 24). Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ Езеки ӕмӕ йӕ адӕмӕн сӕ бон нӕ бауыдаид Ассирийы тыхджын ӕфсады ныхмӕ фӕлӕууын.

Нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон нӕм, чи зоны, тынг тыхджын кӕсой, уӕлдайдӕр та, хицауад сӕ фарс куы уа, уӕд. Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы дӕр хабар афтӕ уыд. Нацисттӕ архайдтой Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕты тас бауадзыныл. Ахӕстоны бирӕ азтӕ чи фӕци, иу ахӕм ӕфсымӕр радзырдта, йӕ хӕрзӕфсымӕры йын куы амардтой, уӕд ӕм куыд ӕртхъирӕнтӕ кодтой, уый тыххӕй. Пъӕлицӕйы кусӕг ӕй бафарста: «Де ’фсымӕры дын куыд фехстой, уый федтай? Ныр дӕм исты бахъардта?» Ӕфсымӕр ын дзуапп радта: «Ӕз дӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ Ӕвдисӕнӕй баззайдзынӕн». Уӕд ӕм уыцы лӕг бартхъирӕн кодта: «Дӕумӕ дӕр уый ӕнхъӕлмӕ кӕсы». Фӕлӕ не ’фсымӕр фидар фӕлӕууыд, ӕмӕ йӕ йе знӕгтӕ нал тӕрсын кодтой. Цӕй фӕрцы фӕлӕууыд фидар? Уый загъта: «Ӕз мӕ ныфс Йегъовӕйыл сӕвӕрдтон» (Ӕмб. 18:10).

Мах стыр уарт кӕй хӕссӕм, ома Йегъовӕйыл ӕгасӕй дӕр нӕ ныфс кӕй дарӕм, уый фӕрцы нӕхи хизӕм, Хӕйрӕг нын нӕ уырнындзинад басӕттыны тыххӕй нӕ разы цы къӕппӕджытӕ ӕвӕры, уыдонӕй (Еф. 6:16). Уӕдӕ нӕ хъӕуы Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн (Лук. 17:5). Уымӕй уӕлдай ма нӕ хъӕуы, ӕууӕнкджын ӕмӕ нын зондджын цагъар нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы дӕтты, уыдӕттӕй ӕнӕзивӕгӕй пайда кӕнын. Не знӕгтӕ нӕ куы тӕрсын кӕной, уӕд-иу нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, пехуымпар Йезекил ӕнӕсӕттон адӕмӕн Йегъовӕйы хабар куы хъусын кодта, уӕд ын Йегъовӕ цы загъта, уый: «Ӕз дын дӕ цӕсгом скодтон сӕ цӕсгӕмттау хъӕбӕр, ӕмӕ дӕ ных – сӕ ныхтӕ куыд хъӕбӕр сты, афтӕ. Дӕ ных дын скодтон алмасийы хуызӕн, ӕхсондурӕй хъӕбӕрдӕр» (Йез. 3:8, 9). Куы хъӕуа, уӕд Йегъовӕ махӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алмасийы хуызӕн фидар уӕм.

Сӕхи асайын нӕ бауагътой

Хуыцауы адӕмы ныхмӕ чи фӕцӕуы, уыдонӕн сӕ фыдвӕндтӕй куы ницы рауайы, уӕд фӕархайынц, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕ балхӕной ӕмӕ сын ныфсытӕ февӕрынц, сӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ куы сивой, уӕд хорз кӕй цӕрдзысты. Рабсак дӕр ахӕм мадзалӕй пайда кодта. Уый дзуттӕгтӕн загъта: «Ассирийы паддзах афтӕ зӕгъы: „Уӕхи мӕ къухмӕ раттут, мӕнмӕ рацӕут... цалынмӕ не ’рцӕуон ӕмӕ уӕ нӕ акӕнон, уӕхи зӕххы хуызӕн чи у, уыцы зӕхмӕ, хор, ног сӕн, дзул, сӕнӕфсирдӕттӕ, оливӕбӕлӕстӕ ӕмӕ мыд кӕм ис, уыцы зӕхмӕ, цӕмӕй удӕгасӕй баззайат ӕмӕ ма амӕлат“» (2 Пад. 18:31, 32). Дзуттӕгтӕн горӕтӕй рацӕуӕн кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ ногконд дзул ӕмӕ ног сӕн куыннӕ хъуыдаид!

Иухатт хицауады кусджытӕ сфӕнд кодтой ахӕм мадзалӕй спайда кӕнын, цӕмӕй, ахӕстоны чи бадти, уыцы миссионеры басастаиккой. Уыдон ын загътой, ӕхсӕз мӕйы кӕй цӕрдзӕн, йӕ алыварс «рӕсугъд цӕхӕрадон» кӕмӕн ис, ахӕм хӕдзары, цӕмӕй дзӕбӕх ахъуыды кӕна. Фӕлӕ ӕфсымӕр йӕхи асайын нӕ бауагъта ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдты сӕрты нӕ ахызт. Цы йын баххуыс кодта? Уый загъта: «Ӕз мӕ ныфс Хуыцауы Паддзахадыл фидарӕй дардтон... Хуыцауы Паддзахадимӕ баст хабӕрттӕ кӕй ӕмбӕрстон ӕмӕ сыл дызӕрдыг дӕр кӕй никуы кодтон, уый фӕрцы фидар фӕлӕууыдтӕн».

Мах дӕр Хуыцауы Паддзахадыл афтӕ фидарӕй ӕууӕндӕм? Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Авраам, апостол Павел ӕмӕ Чырысти дӕр Хуыцауы Паддзахадыл фидарӕй ӕууӕндыдысты. Ӕмӕ фӕлварӕнты куы бахаудысты, уӕд сӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта (Фил. 3:13, 14; Дзут. 11:8–10; 12:2). Мах дӕр Хуыцауы Паддзахад нӕ царды фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм ӕмӕ, цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдон алыхатт дӕр нӕ хъуыдыйы куы дарӕм, уӕд нӕхи асайын нӕ бауадздзыстӕм, нӕ фӕлварӕнтӕй нӕ кӕй фервӕзын кӕндзысты, уымӕй нын нӕ зӕрдӕ куы ӕлхӕной, уӕд дӕр (2 Кор. 4:16–18).

Йегъовӕ нӕ никуы ныууадздзӕн

Кӕд рабсак алыхуызон мадзӕлттӕй пайда кодта Езеки ӕмӕ йӕ адӕмы тас бауадзыны тыххӕй, уӕддӕр уыдон сӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл сӕвӕрдтой (2 Пад. 19:15, 19; Ис. 37:5–7). Йегъовӕ дӕр сын сӕ куывд фехъуыста – йӕ зӕды арвыста ӕмӕ ассириӕгты ӕфсадӕй 185 000 адӕймаджы иу ӕхсӕвмӕ ныццагъдта. Сеннахирим састы бынаты баззад ӕмӕ дыккаг бон, йе ’фсадӕй ма чи баззад, уыдонимӕ Ниневимӕ аздӕхт (2 Пад. 19:35, 36).

Дызӕрдыг дӕр ма кӕн, Йегъовӕйыл йӕ ныфс чи дары, уыдоны кӕй никуы ныууадздзӕн. Нӕ рӕстӕджы фӕлварӕнты фидар чи фӕлӕууыд уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты хабарӕй зыны, Йегъовӕ махӕн дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн. Уымӕ гӕсгӕ нын нӕ уӕларвон Фыд зӕрдӕ ӕвӕры: «Ӕз дын хӕцын дӕ рахиз къухыл, ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, ӕмӕ дын дзурын: „Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн“» (Ис. 41:13).

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Ассирийы-иу стыр бынат чи ахста, уыцы адӕймаджы-иу хуыдтой «рабсак». Библийы фыст нӕй, рабсакӕн йе ’цӕг ном цы хуынди, уый.

[Хицӕнгонд текст 13 фарсыл]

Библийы 30 хаттӕй фылдӕр Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн дзуры: «Ма тӕрс»

[Ныв 12 фарсыл]

Рабсак ӕмӕ абон Хуыцауы адӕмы знӕгтӕ куыд архайынц, уым ӕмхуызонӕй цы ис?

[Нывтӕ 15 фарсыл]

Йегъовӕимӕ ӕнгом куы уӕм, уӕд фӕлварӕнты фидар фӕлӕудзыстӕм