Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сыгъдӕг уд иртасы «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ»

Сыгъдӕг уд иртасы «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ»

Сыгъдӕг уд иртасы «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ»

«Сыгъдӕг уд алцыдӕр иртасы, суанг Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ дӕр» (1 КОР. 2:10).

1. Павел 1 Коринфӕгтӕм 2:10 сыгъдӕг уды тыххӕй цы ныффыста, ӕмӕ цавӕр фарстатӕ ӕвзӕры?

ЙЕГЪОВӔ йӕ сыгъдӕг удӕй мах пайдайӕн кӕй архайы, уый тыххӕй дзы бузныг стӕм. Фыстад сыгъдӕг уд хоны ӕххуысгӕнӕг ӕмӕ лӕвар, стӕй ма дзы фыст ис, сыгъдӕг уд ӕвдисӕн кӕй лӕууы ӕмӕ нӕ бӕсты Хуыцауӕн кӕй фӕлӕгъстӕ кӕны, уый тыххӕй (Иоан. 14:16; Ап. хъ. 2:38; Ром. 8:16, 26, 27). Апостол Павел бамбарын кодта, сыгъдӕг уд ма цавӕр хъуыддаджы ӕххуыс кӕны, уый: «Сыгъдӕг уд алцыдӕр иртасы, суанг Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ дӕр» (1 Кор. 2:10). Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы уырнындзинадимӕ баст хабӕрттӕ ӕргом кӕны. Цымӕ нын ахӕм ӕххуыс куы нӕ уаид, уӕд, Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый бӕлвырд ӕмбариккам? (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 2:9–12.) Фӕлӕ ӕвзӕры цалдӕр фарстайы: Сыгъдӕг уд «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ» куыд иртасы? Нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы Йегъовӕ уыцы хабӕрттӕ кӕй уылты ӕргом кодта? Абон сыгъдӕг уд арф хъуыддӕгтӕ куыд иртасы ӕмӕ сӕ кӕй уылты ӕргом кӕны?

2. Сыгъдӕг уд цавӕр дыууӕ хъуыддаджы хъуамӕ ӕххуыс кодтаид?

2 Чырысти бамбарын кодта, сыгъдӕг уд цавӕр дыууӕ хъуыддаджы хъуамӕ ӕххуыс кодтаид, уый. Йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ йӕ апостолтӕн загъта: «Мӕ Фыд уын мӕ номӕй кӕй ӕрӕрвитдзӕн, уыцы ӕххуысгӕнӕг, сыгъдӕг уд... уын бацамондзӕн ӕппӕт дӕр ӕмӕ уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, цы уын дзырдтон, уыдӕттӕ иууылдӕр» (Иоан. 14:26). Уӕдӕ сыгъдӕг уд хъуамӕ чырыстӕттӕн амыдтаид, кӕнӕ та ӕмбарын кодтаид, раздӕр кӕй не ’мбӕрстой, уыцы хабӕрттӕ. Стӕй ма-иу сын хъуамӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтаид, цы базыдтой, уый ӕмӕ сын хъуамӕ ӕххуыс кодтаид уыцы зонындзинӕдтӕй раст пайда кӕнынӕн.

Фыццаг ӕнусы

3. «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ» сабыргай кӕй хъуамӕ ӕргом кодтаиккой, уый Чырыстийы ныхӕстӕй куыд зыны?

3 Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бирӕ цыдӕртӕ бацамыдта. Фӕлӕ ма сӕ ноджы бирӕ ӕндӕр хабӕрттӕ дӕр хъуыд базонын. Йесо йӕ апостолтӕн загъта: «Бирӕ цыдӕртӕ ма мын ис сымахӕн зӕгъинаг, фӕлӕ сӕ ныр уӕ бон бамбарын не суыдзӕн. Уыцы ӕххуысгӕнӕг – ӕцӕгдзинады сыгъдӕг уд куы ’рцӕуа, уӕд уын уый уыдзӕн фӕндагамонӕг, ӕххуыс уын кӕндзӕн ӕцӕгдзинад кӕронмӕ бамбарынӕн» (Иоан. 16:12, 13). Ацы ныхӕстӕй Чырысти бамбарын кодта, сыгъдӕг уды фӕрцы уырнындзинадимӕ баст хабӕрттӕ сабыргай кӕй хъуамӕ раргом уыдаиккой.

4. Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм боны сыгъдӕг уд Петрӕн цы бамбарын кодта ӕмӕ йын йӕ зӕрдыл цы ӕрлӕууын кодта?

4 Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм боны Иерусалимы иумӕ 120 чырыстоны куы ӕрӕмбырд сты, уӕд «ӕцӕгдзинады сыгъдӕг удӕй» схайджын сты. Уый бӕрӕг уыд, уӕларвӕй уынӕр кӕй ӕрыхъуыст, уымӕй (Ап. хъ. 1:4, 5, 15; 2:1–4). Стӕй ма, ахуыргӕнинӕгтӕ «Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй» алыхуызон ӕвзӕгтыл кӕй дзырдтой, уымӕй дӕр (Ап. хъ. 2:5–11). Уыцы рӕстӕг хъуамӕ раргом уыдаид ног цыдӕр. Пехуымпар Иоил загъта, алыхуызон адӕймӕгтӕ сыгъдӕг удӕй кӕй схайджын уыдзысты (Иоил 2:28–32). Уыцы хабӕрттӕ чи уыдта, уыдонӕй уый ӕнхъӕл дӕр ничи уыд, Иоилы ныхӕстӕ ахӕм хуызы кӕй сӕххӕст уыдзысты. Ӕмӕ апостол Петр адӕмӕн радзырдта, ацы хабӕрттӕ цӕуыл дзурӕг сты, уый. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 2:14–18.) Уӕдӕ сыгъдӕг уд Петрӕн бамбарын кодта, ахуыргӕнинӕгтыл цы ’рцыд, уымӕй кӕй сӕххӕст рагон пехуымпарад. Сыгъдӕг уд ма Петрӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, уый размӕ кӕй базыдта, уыцы хабӕрттӕ. Уый бӕрӕг у, ӕрмӕст Иоилы ныхӕстӕ нӕ, фӕлӕ ма Давиды псаломтӕй дӕр дыууӕ кӕй ӕрхаста, уымӕй (Пс. 16:8–11; 110:1; Ап. хъ. 2:25–28, 34, 35). Уыцы бон адӕм цы федтой ӕмӕ цы фехъуыстой, уыдон ӕцӕгдӕр уыдысты Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ.

5, 6. а) Фӕндзайӕм боны фӕстӕ ног бадзырды фӕдыл цавӕр ахсджиаг фарстатӕн хъуыд дзуапп базонын? ӕ) Ацы фарстатӕ кӕмӕ фӕзындысты ӕмӕ уый фӕдыл уынаффӕ куыд рахастой?

5 Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты ма бирӕ хабӕрттӕ хъуыди сбӕлвырд кӕнын. Зӕгъӕм, Фӕндзайӕм боны ног бадзырд йӕ тыхы куы бацыд, уӕд уый фӕдыл цавӕрдӕр фарстатӕ фӕзынд. Цымӕ ног бадзырд ӕрмӕстдӕр дзуттӕгтӕм ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдонмӕ хауди? Цымӕ иннӕ адӕмыхӕттытӕн сӕ бон уыд, цӕмӕй ног бадзырд семӕ дӕр арӕзт ӕрцыдаид ӕмӕ уыдон дӕр сыгъдӕг удӕй схайджын уыдаиккой? (Ап. хъ. 10:45). Цымӕ иннӕ адӕмыхӕттытӕй нӕлгоймӕгтӕ фыццаг хъуамӕ сунӕтгонд ӕрцыдаиккой ӕмӕ Моисейы Закъон ӕххӕст кодтаиккой? (Ап. хъ. 15:1, 5). Уыцы фарстатӕ ахсджиаг уыдысты. Йегъовӕйы сыгъдӕг уд хъуамӕ ацы арф хъуыддӕгтӕ раиртӕстаид. Фӕлӕ цымӕ кӕй уылты хъуамӕ архайдтаид?

6 Ацы фарстатӕ фӕзындысты бӕрнон ӕфсымӕртӕм, ӕмӕ сын хъуыди дзуапп базонын. Разамонӕг совет сунӕт кӕныны фӕдыл куы ныхас кодта, уӕд Петр, Павел ӕмӕ Варнавӕ дӕр уым уыдысты ӕмӕ иннӕтӕн радзырдтой, Йегъовӕ цавӕр хорздзинад ракодта, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи уыд, уыдонӕн (Ап. хъ. 15:7–12). Разамонӕг совет уыцы хабӕрттыл куы аныхас кодта ӕмӕ, Дзуттаг Фыстыты уый фӕдыл цы фыст ис, уымӕ куы ӕркаст, уӕд сыгъдӕг уды ӕххуысӕй уынаффӕ рахаста. Уый фӕстӕ ӕфсымӕртӕ уыцы уынаффӕйы тыххӕй ӕмбырдтӕм писмотӕ ныффыстой. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 15:25–30; 16:4, 5; Еф. 3:5, 6.)

7. Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ кӕй уылты раргом сты?

7 Бирӕ ӕндӕр хабӕрттӕ бӕлвырд бамбарын кодтой Иоанн, Петр, Иаков ӕмӕ Павел сӕ фыстӕджыты. Фӕлӕ Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ фыст куы ’рцыдысты, уӕд пехуымпар-ныхас кӕныны курдиат нал уыд, стӕй диссаджы хуызы исты базонӕн дӕр нал уыди (1 Кор. 13:8). Цымӕ ма сыгъдӕг уд чырыстӕттӕн хъуамӕ исты хабӕрттӕ ӕмбарын кодтаид ӕмӕ-иу цы базыдтой, уый сын хъуамӕ сӕ зӕрдыл лӕууын кодтаид? Стӕй ма сын Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ иртасынӕн хъуамӕ ӕххуыс кодтаид? Библийы пехуымпарӕдтӕй бӕрӕг у, афтӕ кӕй хъуамӕ уыдаид.

Кӕроны рӕстӕджы

8, 9. Кӕроны рӕстӕджы чи хъуамӕ «рухс кодтаид» ӕмӕ куыд?

8 Рагзаманты Хуыцауы зӕд фӕстаг бонты тыххӕй загъта: «Ӕмбаргӕ чи у, уыдон арвау рухс кӕндзысты, бирӕты рӕстдзинадмӕ чи ’рбакӕны, уыдон стъалытау ӕрттивдзысты ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ. [...] ...Ӕмӕ раст зонындзинӕдтӕ сбирӕ уыдзысты» (Дан. 12:3, 4). Ныхӕстӕ, ӕмбаргӕ чи у, уыдон арвау рухс кӕндзысты, зӕгъгӕ, кӕмӕ амонынц? Чырысти уый бамбарын кодта, фӕсномыг ныхас мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй куы радзырдта, уӕд. «Цардӕвӕрды кӕроны» тыххӕй куы дзырдта, уӕд загъта: «Уӕд рӕстгӕнджытӕ хурау тӕмӕнтӕ калдзысты сӕ Фыды паддзахады» (Матф. 13:39, 43). Йесо бамбарын кодта, «рӕстгӕнджытӕ» кӕй амонынц «паддзахады фырттӕм», сӕрст чырыстӕттӕм (Матф. 13:38).

9 Цымӕ сӕрст чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ «рухс кодтаиккой»? Зӕгъӕн ис, о. Уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы хъуамӕ архайдтаиккой, стӕй се ’мчырыстӕтты фидар кодтаиккой ӕмӕ афтӕмӕй иннӕтӕн фӕзминаг уыдаиккой (Зах. 8:23). Фӕлӕ ма кӕроны рӕстӕджы хъуамӕ раргом уыдаиккой Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ. Данел цы пехуымпарад ныффыста, ууыл «мыхуыр ӕвӕрд» ӕрцыд уыцы рӕстӕджы онг (Дан. 12:9). Сыгъдӕг уд Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ кӕй уылты хъуамӕ раргом кодтаид ӕмӕ куыд?

10. а) Фӕстаг бонты сыгъдӕг уд уырнындзинадимӕ баст хабӕрттӕ кӕй уылты ӕргом кӕны? ӕ) Бамбарын кӕн, Йегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндон цы у, уый куыд сбӕрӕг.

10 Нӕ рӕстӕджы уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгтӕ сбӕлвырд кӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд сыгъдӕг уд баххуыс кӕны, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» номӕй чи архайы, уыдонӕн, цӕмӕй-иу раиртасой, раздӕр кӕй не ’мбӕрстой, уыцы арф хъуыддӕгтӕ (Матф. 24:45; 1 Кор. 2:13). Разамонӕг совет ӕркӕсы, цавӕрдӕр ахуырӕдтӕ ӕндӕрхуызон бамбарын кӕнын хъӕуы ӕви нӕ, уымӕ (Ап. хъ. 15:6). Уый фӕстӕ уынаффӕ рахӕссы ӕмӕ, куы фӕхъӕуы, уӕд ӕй литературӕйы ныммыхуыр кӕны, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр фӕпайда уа (Матф. 10:27). Кӕд фӕстӕдӕр иуӕй-иу ахуырӕдтӕ фӕбӕлвыддӕр кӕнын фӕхъӕуы, уӕд уый тыххӕй дӕр литературӕйы фыст ӕрцӕуы. (Кӕс рамкӕ  «Сыгъдӕг уд куыд раргом кодта, ӕнӕуынгӕ кувӕндон цы у, уый».)

Абон сыгъдӕг уд куыд архайы

11. Сыгъдӕг уд Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ кӕй ӕргом кӕны, уый чырыстӕттӕн цы пайда у?

11 Сыгъдӕг уд Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ кӕй ӕргом кӕны, уый иузӕрдион чырыстӕттӕй алкӕмӕн дӕр пайда у. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн сыгъдӕг уд ӕххуыс кодта. Абон махӕн дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, цы базонӕм, уый ӕмбарӕм ӕмӕ-иу бахъуаджы сахат нӕ зӕрдыл ӕрлӕууа, стӕй уыцы зонындзинӕдтӕй царды пайда кӕнӕм (Лук. 12:11, 12). Цӕмӕй уырнындзинадимӕ баст хабӕрттӕ ӕмбарӕм, уый тыххӕй нӕ уӕлдӕр ахуырад нӕ хъӕуы (Ап. хъ. 4:13). Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ хуыздӕр ӕмбарӕм? Ӕркӕсӕм цалдӕр уынаффӕмӕ.

12. Хуыцаумӕ сыгъдӕг уды тыххӕй кувын кӕд хъӕуы?

12 Хуыцаумӕ сыгъдӕг уды тыххӕй кувӕм. Нӕ литературӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд уал уый размӕ хъуамӕ Хуыцаумӕ скувӕм, цӕмӕй нын йӕ сыгъдӕг удӕй разамынд дӕтта. Афтӕ кӕнын хъӕуы, иунӕгӕй куы уӕм кӕнӕ нын бирӕ рӕстӕг куы нӕ уа, уӕд дӕр. Нӕ уӕларвон Фыдмӕ сӕрныллӕгӕй куы кувӕм, уӕд ын ӕхсызгон уыдзӕн. Чырысти куыд загъта, афтӕмӕй нӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй хайджын кӕндзӕн, зӕрдиагӕй дзы куы курӕм, уӕд (Лук. 11:13).

13, 14. Цӕмӕй Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ ӕмбарӕм, уый тыххӕй нӕ ӕмбырдтӕм нӕхи цӕттӕ кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

13 Нӕхи ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнӕм. Цагъары къорд нын «хӕринаг афоныл дӕтты» ӕмӕ афтӕмӕй йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕны. Зӕгъӕм, мыхуыр кӕны Библийыл арӕзт ӕрмӕг, рагацау сбӕрӕг кӕны, фембӕлдты цы ахуыр кӕндзыстӕм, уый ӕмӕ нын алы къуырийӕн дӕр программӕ бацӕттӕ кӕны. Ахсджиаг у, цӕмӕй «ӕфсымӕртӕ се ’ппӕт дӕр» сӕ хъус дарой, нӕ литературӕйы цы фыст вӕййы, уымӕ (1 Пет. 2:17; Кол. 4:16; Иудӕ 3). «Цагъары» амындтӕм зӕрдиагӕй куы хъусӕм, уӕд сыгъдӕг удимӕ ӕмгуыст кӕндзыстӕм (Рарг. 2:29).

14 Ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнгӕйӕ хорз уаид, цы кӕсӕм, уым Библийӕ цы стихтӕ ис, уыдон-иу куы бакӕсиккам ӕмӕ-иу куы ахъуыды кӕниккам, алы стих дӕр темӕимӕ куыд баст у, ууыл. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Библи хуыздӕр ӕмбардзыстӕм (Ап. хъ. 17:11, 12). Куы сӕ кӕсӕм, уӕд сӕ бахъуыды кӕндзыстӕм ӕмӕ нын уый фӕстӕ сыгъдӕг уд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу нӕ зӕрдыл ӕрлӕууой. Уымӕй уӕлдай ма, Библийы стих кӕцы ран фыст ис, уый куы уынӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, цӕмӕй-иу ӕй тагъддӕр ссарӕм, куы нӕ бахъӕуа, уӕд.

15. Литературӕ афоныл кӕсын цӕмӕн хъӕуы, ӕмӕ йӕ ды та кӕд фӕкӕсыс?

15 Литературӕ афоныл кӕс. Нӕ литературӕйы иуӕй-иу статьятӕ ӕмбырды нӕ февзарӕм, фӕлӕ нын уыдон дӕр пайда сты. Алы мӕй цы журналтӕ фӕпарахат кӕнӕм, уыдон дӕр афтӕ конд сты, цӕмӕй махӕн дӕр пайда уой. Ацы дунейы цӕргӕйӕ нӕ арӕх фӕхъӕуы искӕмӕ кӕнӕ истӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Ӕмӕ кӕй нӕма бакастыстӕм йе та нын каст чи нӕма фӕци, ахӕм литературӕ-иу немӕ куы хӕссӕм, уӕд-иу дзы нӕ бон уыдзӕн иугыццыл бакӕсын. Иуӕй-иутӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ статьятӕм байхъусынц, куыддӕр дисктыл рацӕуынц, афтӕ. Лӕмбынӕг кӕй раиртӕстой, фӕлӕ ӕнцонӕмбарӕн ӕвзагыл фыст чи у, уыцы литературӕ куы кӕсӕм, уӕд уырнындзинадимӕ баст хабӕрттӕ хуыздӕр ӕмбардзыстӕм ӕмӕ сын тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм (Ав. 2:2).

16. Цы фарстатӕ нӕм фӕзыны, уыдон фыссын ӕмӕ сӕ иртасын цы пайда у?

16 Цы бакӕсыс, ууыл хъуыды кӕн. Библи кӕнӕ нӕ литературӕ куы фӕкӕсыс, уӕд-иу рӕстӕг рахицӕн кӕн хъуыды кӕнынӕн. Кӕсгӕ-кӕсын дӕм, чи зоны, исты фарстатӕ фӕзына. Дӕ бон сӕ у гӕххӕттыл ныффыссын ӕмӕ сӕм фӕстӕдӕр лӕмбынӕг ӕркӕсын. Арӕх лӕмбынӕгдӕр фӕиртасӕм, тынг нӕ цы фӕцымыдис кӕны, уый. Хорз цы бамбарӕм, уый нӕ зонды баззайы ӕмӕ нӕ куы бахъӕуы, уӕд дзы нӕ бон вӕййы спайда кӕнын (Матф. 13:52).

17. Иунӕгӕй кӕнӕ дӕ бинонтимӕ Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд дӕ бон цавӕр темӕ равзарын у?

17 Рӕстӕг рахицӕн кӕн бинонты ахуырӕн. Разамонӕг совет нӕ алкӕй дӕр разӕнгард кӕны къуыри иу бон рахицӕн кӕнынмӕ, цӕмӕй иунӕгӕй кӕнӕ нӕ бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнӕм. Нӕ фембӕлдтӕ ӕндӕрхуызон арӕзт кӕй ӕрцыдысты, уый фӕрцы нӕ бон у ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын. Бинонты ахуыры рӕстӕджы цӕуыл фӕныхас кӕнут? Чидӕртӕ Библи фӕкӕсынц, исты фарстатӕ сӕм куы фӕзыны, уӕд сӕ равзарынц ӕмӕ цы раиртасынц, уый сӕ Библиты цыбыртӕй фӕнысан кӕнынц. Бирӕ бинонтӕ фӕныхас кӕнынц, цы баззыдтой, уымӕй сӕ бон куыд у спайда кӕнын, ууыл. Бинонты хистӕртӕй иуӕй-иутӕ сӕхӕдӕг равзарынц, сӕ бинонтимӕ цӕуыл аныхас кӕндзысты, уый кӕнӕ та фӕныхас кӕнынц, сӕ бинонты цы темӕтӕ ӕмӕ цы фарстатӕ фӕцымыдис кӕнынц, уыдоныл. Рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ иртасынӕн ӕндӕр темӕтӕ дӕр ӕвзардзынӕ *.

18. Хуыцауы Ныхасы цы арф зонындзинӕдтӕ ис, уыдон ӕдзух цӕмӕн хъуамӕ ахуыр кӕнӕм?

18 Чырысти загъта, сыгъдӕг уд йӕ фӕдылдзӕуджытӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Уӕдӕ хъуамӕ, Хуыцауы Ныхасы цы арф зонындзинӕдтӕ ис, уыдон ӕдзухдӕр ахуыр кӕнӕм. Уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр хауынц «Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕм» ӕмӕ нӕ Библи разӕнгард кӕны, цӕмӕй сӕ иртасӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 2:1–5.) Уыцы зонындзинӕдтӕ нын ӕргом кӕнынц, «Хуыцау, чи йӕ уарзы, уыдонӕн цы ’рцӕттӕ кодта, уый». Хуыцауы Ныхас зӕрдиагӕй куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нын сыгъдӕг уд ӕххуыс кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уый «алцыдӕр иртасы, суанг Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ дӕр» (1 Кор. 2:9, 10).

[Фиппаинаг]

^ 17 абз. Кӕс ма 2008 азы октябры «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг», 8 фарс.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Сыгъдӕг уд нын цавӕр дыууӕ хъуыддагӕй ӕххуыс кӕны «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ» иртасынӕн?

• Фыццаг ӕнусы сыгъдӕг уд уырнындзинадимӕ баст хабӕрттӕ кӕй уылты ӕргом кодта?

• Абон сыгъдӕг уд цавӕрдӕр хабӕрттӕ иртасынӕн куыд ӕххуыс кӕны?

• Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дын сыгъдӕг уд ӕххуыс кӕна?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 22 фарсыл]

 Сыгъдӕг уд куыд раргом кодта, ӕнӕуынгӕ кувӕндон цы у, уый

Фыццаг ӕнусы раргом сты «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕй» иуӕй-иутӕ. Зӕгъӕм, цатыр ӕмӕ фӕстӕдӕр кувӕндон амыдтой стырдӕр цӕмӕдӕр, Павел ӕй схуыдта «ӕцӕг цатыр – уыцы цатыр сӕвӕрдта адӕймаг нӕ, фӕлӕ Йегъовӕ» (Дзут. 8:2). Уыцы цатыр уыд Хуыцауы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндон ӕмӕ уый руаджы адӕмӕн сӕ бон уыд ӕмӕ абон дӕр у, цӕмӕй йӕм ӕввахс кӕной, Йесо Чырысти йӕхи нывондӕн кӕй ӕрхаста ӕмӕ сауджынӕй лӕггад кӕнын кӕй райдыдта, уый фӕрцы.

«Ӕцӕг цатыр» фӕзынд нӕ эрӕйы 29 азы, Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд. Йегъовӕ дзы райгонд уыд, уымӕн ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ Чырысти йӕ ӕххӕст цард хъуамӕ нывондӕн ӕрхастаид (Дзут. 10:5–10). Йесо куы амард ӕмӕ стӕй куы райгас, уӕд ӕнӕуынгӕ кувӕндоны Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ бацыд ӕмӕ «Хуыцауы раз» йӕ нывонды аргъимӕ ӕрлӕууыд (Дзут. 9:11, 12, 24).

Павел йӕ иннӕ фыстӕджы сӕрст чырыстӕтты тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, «рӕзы рухс кувӕндон Йегъовӕйӕн» (Еф. 2:20–22). Цымӕ ацы кувӕндон ӕмӕ, фӕстӕдӕр йӕ фыстӕджы дзуттӕгтӕм цы «ӕцӕг цатыры» тыххӕй ныффыста, уыдон иу уыдысты? Бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕнхъӕлдтой, уый афтӕ кӕй уыд. Уыдон афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты зӕххыл цӕттӕ кодта, цӕмӕй фидӕны йӕ уӕларвон кувӕндоны «дуртӕ» суыдаиккой (1 Пет. 2:5).

Фӕлӕ 1971 азы, цагъары къорды номӕй чи архайдта, уыдон бамбӕрстой, Павел йӕ фыстӕджы ефессӕгтӕм цы кувӕндоны кой кодта, уый кӕй нӕ уыд Йегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндон. Чи райгас, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ «ӕцӕг цатырмӕ» куы хаудаиккой, уӕд уыцы цатыр хъуамӕ фӕзындаид, ӕгас кӕнын куы райдыдтой, уӕд, ома «Хицауы ’рцыды» рӕстӕджы (1 Фес. 4:15–17). Фӕлӕ Павел цатыры тыххӕй ныффыста: «Уыцы цатыр у цӕвиттонӕн бӕлвырд рӕстӕгмӕ, ӕмӕ уыцы рӕстӕг та у ныр» (Дзут. 9:9).

Ацы ӕмӕ ма ӕндӕр стихтӕй бӕрӕг у, ӕнӕуынгӕ кувӕндон арӕзт кӕй ӕрцыд, ӕмӕ Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты зӕххыл кӕй нӕ цӕттӕ кӕны, цӕмӕй кувӕндоны «дуртӕ» суой. Сӕрст чырыстӕттӕ лӕггад кӕнынц кувӕндонӕн йӕ мидӕггаг кӕрты ӕмӕ Сыгъдӕг бынаты ӕмӕ алы бон дӕр Хуыцауӕн хӕссынц «кады нывонд» (Дзут. 13:15).

[Ныв 23 фарсыл]

«Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ» хуыздӕр цӕй фӕрцы ӕмбардзыстӕм?