Уӕ сывӕллӕттӕн кӕсын ӕмӕ ахуыр кӕнын бауарзын кӕнут
Уӕ сывӕллӕттӕн кӕсын ӕмӕ ахуыр кӕнын бауарзын кӕнут
НЫЙЙАРДЖЫТӔ, кӕд уӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн хорз фидӕн уа, уый тыххӕй уӕ хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй сӕ сахуыр кӕнат кӕсын ӕмӕ иртасын. Уыцы хъуыддӕгтӕй сывӕллӕттӕн сӕхи зӕрдӕ дӕр рухс кӕндзӕн. Иуӕй-иутӕ ӕхсызгонӕй ӕрымысынц, сӕ ныййарджытӕ-иу сын гыццылӕй куыд кастысты, уый. Кӕсын у ӕхсызгон ӕмӕ пайда хъуыддаг. Уый уӕлдайдӕр хауы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕм, уымӕн ӕмӕ, Библи кӕй фӕахуыр кӕнӕм, уый фӕрцы Хуыцаумӕ баввахс вӕййӕм. Иу чырыстон фыд загъта: «Ӕппӕты тынгдӕр цӕмӕн аргъ кӕнӕм, уыдӕттӕ базыдтам кӕсын ӕмӕ ахуыр кӕныны фӕрцы».
Уӕ сывӕллӕттӕ арӕх истытӕ куы иртасой, уӕд сын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы ӕввахс хӕлӕрттӕ суой (Пс. 1:1–3, 6). Кӕд нӕ ирвӕзындзинад, кӕсын зонӕм ӕви нӕ, уымӕй кӕнгӕ нӕу, уӕддӕр Библийӕ бӕрӕг у, уыцы хъуыддаг кӕй хӕссы бирӕ арфӕдзинӕдтӕ. Зӕгъӕм, Раргомады 1:3 фыст ис: «Амондджын у, ацы пехуымпар-ныхӕстӕ хъӕрӕй чи кӕсы, уый; амондджын сты, чи сӕм хъусы... уыдон». Уымӕй уӕлдай ма ахуыры рӕстӕг ахсджиаг у лӕмбынӕг хъуыды кӕнын дӕр. Уый зыны, апостол Павел Тимофеймӕ цы фыстӕг ныффыста, уымӕй: «Уыдӕттыл хъуыды кӕн, дӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уӕнт уыцы хъуыддӕгтыл». Цӕмӕн? «Цӕмӕй дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уына» (1 Тим. 4:15).
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаг кӕсын ӕмӕ иртасын куы зона, уӕд уый ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын уыцы курдиӕттӕ пайда ӕрхӕсдзысты. Кӕд бирӕтӕм ахӕм курдиӕттӕ ис, уӕддӕр сӕ нӕ пайда кӕнынц, фӕлӕ сӕ рӕстӕг фылдӕр ӕрвитынц, ахсджиаг чи не сты, ахӕм хъуыддӕгтыл. Уӕдӕ ныййарджытӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ тырной, пайда сын чи ’рхӕсдзӕн, ахӕм зонындзинӕдтӕ райсынмӕ?
Уӕ уарзондзинадӕй сӕ тавут ӕмӕ сын фӕзминаг ут
Уӕ сывӕллӕттӕ куы уыной, кӕй сӕ уарзут, уый, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн, цӕмӕй иртасын сахуыр уой. Оуэн ӕмӕ Клаудийӕ сты чырыстон ныййарджытӕ. Уыдон сӕ сывӕллӕтты тыххӕй дзурынц: «Нӕ фырт ӕмӕ-иу нӕ чызг ӕхсызгонӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты нӕ ахуырмӕ, уымӕн ӕмӕ-иу уыцы рӕстӕг уӕлдай тынгдӕр ӕнкъардтой, куыд сыл тыхсӕм ӕмӕ сӕ куыд уарзӕм, уый, стӕй зыдтой, хӕдзары ӕдас кӕй сты, уый дӕр. Уыцы рӕстӕг-иу сын бӕрӕгбонӕй уӕлдай нӕ уыд». Сывӕллӕттӕ сӕ рӕзгӕ кары куы бацӕуой ӕмӕ исты зындзинӕдтыл куы ӕмбӕлой, уӕд дӕр ахуыр кӕнынмӕ раздӕрау бӕлдзысты, сӕ ныййарджытӕ сӕ сӕ уарзондзинадӕй кӕй тавынц, уый фӕрцы. Оуэн ӕмӕ Клаудийӕйы сывӕллӕттӕ абон лӕггад кӕнынц пионертӕй ӕмӕ сын сӕ ныййарджытӕ кӕсын ӕмӕ ахуыр кӕнын кӕй бауарзын кодтой, уый сын стыр пайда хӕссы.
Уӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг куы уат, уӕд сын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕсын ӕмӕ ахуыр кӕнын бауарзой. Сывӕллӕттӕ куы уыной, сӕ ныййарджытӕ арӕх кӕй фӕкӕсынц ӕмӕ кӕй фӕиртасынц, уӕд сӕхӕдӕг дӕр афтӕ кӕндзысты. Фӕлӕ уын кӕд ӕдзух нӕ фӕуайы кӕсын, уӕд уӕ бон цы у аразын, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг уат? Чи зоны уӕ бахъӕуа уыцы хъуыддагмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсын ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй уын кӕсынӕн фылдӕр рӕстӕг уа (Ром. 2:21). Алы бон дӕр кӕсынӕн рӕстӕг куы арат, уӕд уый уӕ сывӕллӕттыл хорзырдӕм фӕзындзӕн. Зӕрдиагӕй куы архайат, уӕлдайдӕр та Библи кӕсгӕйӕ, стӕй ӕмбырдтӕм ӕмӕ бинонты ахуырмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ, уӕд ӕй ӕмбардзысты, уыцы хъуыддӕгтӕ ахсджиаг кӕй сты, уый.
Уӕдӕ цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн кӕсын ӕхсызгон уа, уый тыххӕй сӕ сӕйраджыдӕр хъӕуы уӕ уарзондзинад, стӕй сын хъуамӕ фӕзминаг дӕр уат. Фӕлӕ сӕ уӕ бон куыд у уымӕ разӕнгард кӕнын?
Уӕ сывӕллӕттӕн кӕсын бауарзын кӕнут
Цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн кӕсын бауарзын кӕнат, уый тыххӕй цавӕр мадзӕлттӕй ис пайда кӕнӕн? Бацархайут, цӕмӕй сын гыццылӕй дӕр сӕхи чингуытӕ уа. Йӕ ныййарджытӕ кӕсын кӕмӕн бауарзын кодтой, иу ахӕм хистӕр нӕлгоймаг дзуры: «Хорз уаид, уӕ сывӕллӕттӕ сӕхӕдӕг чингуытимӕ куы архаиккой. Афтӕмӕй сыл сахуыр уыдзысты ӕмӕ сын сӕ царды ахсджиаг бынат бацахсдзысты». Сывӕллӕттӕ кӕсын куы нӕма фӕзонынц, уӕдмӕ дӕр бауарзынц Библийыл арӕзт чингуытӕ, зӕгъӕм, «Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ» ӕмӕ «Мӕ библион радзырдты чиныг». Ахӕм чингуытӕ уӕ сывӕллӕттимӕ куы кӕсат, уӕд уый фӕрцы ӕрмӕст дзурын нӕ сахуыр уыдзысты, фӕлӕ ма «сыгъдӕг удӕй цы цӕуы, уый ӕмбарын кӕнын» дӕр зондзысты ӕмӕ «сыгъдӕг уды фӕрцы кӕуыл сахуыр сты, ахӕм ныхӕстӕ» дӕр дзурдзысты (1 Кор. 2:13).
Ӕдзухдӕр хъӕрӕй кӕсут. Уӕ сывӕллӕттимӕ алы бон дӕр кӕсут. Уый фӕрцы сахуыр уыдзысты раст дзурын ӕмӕ сӕхи дӕр фӕнддзӕн алы бон дӕр кӕсын. Ахсджиаг ма у, куыд сын кӕсут, уый дӕр. Уыцы хъуыддаг зӕрдиагӕй куы кӕнат, уӕд уыдон дӕр афтӕ кӕндзысты. Уӕ сывӕллӕттӕ уын уыцы иу радзырд цалдӕр хатты куы кӕсын кӕной, уӕд-иу сын «нӕ» ма дзурут! Фӕстӕдӕр сӕ, чи зоны, бафӕнда ӕндӕр исты ахуыр кӕнын. Фӕлӕ лӕмбынӕг ут, цӕмӕй-иу уӕ сывӕллӕттӕн тыххӕй ма кӕсын кӕнат. Чырысти нын уыцы хъуыддаджы у фӕзминаг. Адӕмӕн-иу Хуыцауы тыххӕй дзырдта, «сӕ бон бамбарын цас уыд, уыйбӕрц» (Марчы 4:33). Уӕ сывӕллӕттӕн тыххӕй куы нӕ кӕсын кӕнат, уӕд ахуыры рӕстӕгмӕ ӕхсызгонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты, ӕмӕ уӕд уӕ нысаныл сӕмбӕлдзыстут – уӕ сывӕллӕттӕ кӕсын бауарздзысты.
Разӕнгард сӕ кӕнут, иумӕ цы бакӕсут, ууыл ныхас кӕнынмӕ. Тагъд рӕстӕджы уӕ сывӕллӕттӕ бирӕ ныхӕстӕ базондзысты, дзурын сӕ райдайдзысты ӕмӕ, цы нысан кӕнынц, уый дӕр ӕмбардзысты ӕмӕ уын уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг ӕхсызгон уыдзӕн. Цы бакӕсут, ууыл куы ныхас кӕнат, уӕд уый уӕ сывӕллӕттӕн стыр ӕххуыс уыдзӕн. Иу чиныг ӕмбарын кӕны, куыд ис сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнӕн, цӕмӕй хорз кӕсын сахуыр уой. Фыст дзы ис, зӕгъгӕ, сывӕллӕттимӕ куы ныхас кӕнат, уӕд уый фӕрцы, «цы ныхӕстӕ базонынц, уыдон-иу фӕстӕдӕр кӕсгӕ-кӕсын ӕрхъуыды кӕндзысты ӕмӕ-иу сӕ бамбардзысты». Уыцы чиныджы ма фыст ис: «Гыццыл сывӕллӕттӕ алцыдӕр базонынмӕ куы фӕбӕллынц, уыцы рӕстӕг семӕ фӕхъӕуы ахсджиаг хъуыддӕгтыл ныхас кӕнын».
Бацархайут, цӕмӕй уын уӕ сывӕллӕттӕ хъӕрӕй кӕсой ӕмӕ сӕ разӕнгард кӕнут фарстатӕ дӕттынмӕ. Уӕ бон у, ӕмӕ сын уӕхӕдӕг дӕр фарстатӕ раттат ӕмӕ сын цалдӕр дзуаппы зӕгъат, цӕмӕй дзы раст дзуапп равзарой. Афтӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ бамбардзысты, чингуыты фӕрцы бирӕ цыдӕртӕ базонӕн кӕй ис ӕмӕ, цы ныхӕстӕ кӕсынц, уыдонӕн цавӕрдӕр нысаниуӕг кӕй ис. Уый уӕлдай стыр ӕххуыс уыдзӕн, Хуыцауы Ныхасыл – ӕппӕты ахсджиагдӕр чиныгыл – арӕзт чи у, уыцы литературӕ куы кӕсат, уӕд (Дзут. 4:12).
Фӕлӕ уӕ рох ма уӕд, кӕсын ӕнцон хъуыддаг кӕй нӕу. Цӕмӕй адӕймаг хорз кӕсын сахуыр уа, уый тыххӕй йӕ хъӕуы рӕстӕг ӕмӕ арӕх кӕсын *. Уӕ сывӕллӕтты кӕсынмӕ куы фӕразӕнгард кӕнут, уӕд-иу сӕ ӕппӕлгӕ дӕр ракӕнут, ӕмӕ уӕд кӕсын бауарздзысты.
Кӕсын у пайда ӕмӕ ӕхсызгон хъуыддаг
Уӕ сывӕллӕттӕн куы фӕамонут, иртасын куыд хъӕуы, уый, уӕд сӕхи дӕр фӕфӕнды кӕсын. Иртасынмӕ хауы цавӕрдӕр хабӕрттӕ базонын ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийыл сбӕттын. Уый тыххӕй сывӕллон хъуамӕ сахуыр уа цавӕрдӕр фарстайы фӕдыл ӕрмӕг агурын, стӕй цы базоны, уый зӕрдыл дарын ӕмӕ дзы пайда кӕнын. Сывӕллон иртасын куы сахуыр уа ӕмӕ йын цы Еккл. 10:10).
пайда у, уый куы бамбара, уӕд уыцы хъуыддаг ӕхсызгондӕрӕй кӕндзӕн (Ахуыр кӕнынмӕ цы хауы, уый сын амонут. Бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ, алы бон дӕр стих ӕвзаргӕйӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ хорз фадат вӕййы, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ иртасын сахуыр уой. Исты ахуыр кӕнгӕйӕ сабыр куы бадой ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уымӕ арӕзт куы уой, уӕд сахуыр уыдзысты лӕмбынӕг хъуыды кӕнын. Уый тынг ахсджиаг у иртасынӕн. Зӕгъӕм, дӕ фырт радзурӕд, цы бакаст, уый куыд баст у, нырмӕ цы зыдта, уыимӕ. Уый фӕрцы сахуыр уыдзӕн, цы зоны ӕмӕ, цы базыдта, уыдон кӕрӕдзиимӕ барын. Кӕнӕ, зӕгъӕм, дӕ чызг йӕхи ныхӕстӕй радзурӕд, цы бакасти, уый. Афтӕмӕй хуыздӕр ӕмбардзӕн, цы бакаст, уый ӕмӕ йӕ йӕ зӕрдыл дардзӕн. Статьяйӕн-иу йӕ сӕйраг хъуыдытӕ сӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууын кӕной, уӕд сын уый дӕр ӕххуыс кӕндзӕн ӕрмӕг бахъуыды кӕнынӕн. Уӕ бон ма у уӕ сывӕллӕттӕн бацамонын, цӕмӕй-иу цыбыртӕй гӕххӕттыл фыссой, ахуыры кӕнӕ ӕмбырды рӕстӕджы цы фехъусынц, уый. Афтӕмӕй сахуыр уыдзысты лӕмбынӕг хъусын. Ацы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайат, уӕд уӕхицӕн дӕр ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕн дӕр ахуыры рӕстӕг уӕ зӕрдӕмӕ цӕудзӕн ӕмӕ уын пайда хӕсдзӕн.
Ахуыр кӕнынӕн хорз бынат равзарут. Ахуыры рӕстӕг хъуыды кӕнын ӕнцон уыдзӕн, фаг рухс ӕмӕ сыгъдӕг уӕлдӕф кӕм уа, стӕй уӕ кӕм ничи хъыгдара, ахӕм бынат куы равзарат, уӕд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныййарджытӕ ахуырмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уый тынг ахсджиаг у. Иу мад дзуры: «Ныййарджытӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр рӕстӕг хицӕн кӕной кӕсынӕн ӕмӕ ахуыр кӕнынӕн. Уый фӕрцы уӕ сывӕллӕттӕ дӕр сӕ хъуыддӕгтӕ пълан кӕнын сахуыр уыдзысты. Ӕмбардзысты, алцыдӕр йӕ афоныл аразын кӕй хъӕуы, уый». Ныййарджытӕй бирӕтӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыры рӕстӕг ӕндӕр хъуыддӕгтӕ кӕнын нӕ фӕуадзынц. Иу ахуыргонды ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый тынг ахсджиаг у, цӕмӕй сывӕллӕттӕ фӕцалх уой ахуыр кӕныныл.
Ахуыр кӕнын пайда кӕй у, уый сын ӕмбарын кӕнут. Уӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнут, цы базыдтой, уымӕй сӕ бон куыд у пайда кӕнын. Зонындзинӕдтӕй куы пайда кӕной, уӕд ӕмбардзысты, ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый. Иу ӕрыгон ӕфсымӕр дзуры: «Цы фӕахуыр кӕнын, уый мын цы пайда у, уый куы нӕ фембарын, уӕд мын зын вӕййы ахуыр кӕнын. Фӕлӕ дзы мӕ бон спайда кӕнын куыд у, уый куы бамбарын, уӕд мӕ фӕфӕнды ахуыр кӕнын». Ӕрыгӕттӕ куы уыной, ахуыры фӕрцы сӕ къухы бирӕ нысӕнттӕ кӕй бафтдзӕн, уӕд зӕрдиагдӕрӕй архайдзысты. Ӕмӕ кӕсын куыд бауарзтой, афтӕ бауарздзысты ахуыр кӕнын дӕр.
Ӕппӕты хуыздӕр арфӕдзинад
Уӕ сывӕллӕттӕн кӕсын куы бауарзын кӕнат, уӕд сын уый царды бирӕ хъуыддӕгты стыр ӕххуыс уыдзӕн. Зӕгъӕм, ӕнтыстджын уыдзысты скъолайы ӕмӕ куысты, адӕмимӕ хӕларӕй цӕрдзысты, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон цы нысан кӕнынц, уый ӕмбардзысты, сӕ ныййарджытимӕ ӕнгомдӕр уыдзысты. Куыд федтам, афтӕмӕй кӕсын ӕмӕ ахуыр кӕнын бирӕ хъуыддӕгты сты пайда, стӕй ӕнӕуи дӕр зӕрдӕрухсы хос сты.
Сӕйраджыдӕр та, уӕ сывӕллӕттӕ ахуыр кӕнын куы бауарзой, уӕд сӕ, чи зоны, бафӕнда Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Стӕй ма зӕрдӕйӕ ӕмӕ зондӕй ӕмбардзысты, «цы у ӕцӕгдзинадӕн йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф» (Еф. 3:18). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстон ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хъуамӕ бирӕ цӕуылдӕртыл сахуыр кӕной. Ныййарджытӕ сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ сӕ сывӕллӕттӕн куы не ’вгъау кӕной ӕмӕ сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразой, цӕмӕй сӕ раст фӕндагыл саразой, уӕд сӕ ныфс уыдзӕн, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй суыдзысты. Уӕ сывӕллӕттӕ ахуыр кӕныныл куы фӕцалх уой, уӕд сӕ уырнындзинад хъахъхъӕндзысты ӕмӕ Хуыцауы тынгдӕр уарздзысты. Уӕдӕ архайут, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн кӕсын ӕмӕ ахуыр кӕнын бауарзын кӕнат ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕмӕ кувут ӕмӕ дзы йӕ арфӕдзинӕдтӕ курут (Ӕмб. 22:6).
[Фиппаинаг]
^ 14 абз. Ис ахӕм сывӕллӕттӕ дӕр, ӕмӕ сын кӕсын ӕмӕ ахуыр кӕнын тынг зын у. Ахӕм сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнӕн куыд ис, уый тыххӕй ныййарджытӕн сӕ бон у бакӕсын 1997 азы 22 февралы «Райхъал ут!», 3–10 фӕрстӕ (уыр.).
[Рамкӕ/Нывтӕ 26 фарсыл]
Кӕсын...
• Бацархайут, цӕмӕй сын сӕхи чингуытӕ уа
• Хъӕрӕй кӕсут
• Разӕнгард сӕ кӕнут дзурынмӕ
• Цы бакӕсут, ууыл-иу ныхас кӕнут
• Бацархайут, цӕмӕй уын уӕ сывӕллӕттӕ хъӕрӕй кӕсой
• Разӕнгард сӕ кӕнут фарстатӕ дӕттынмӕ
Ахуыр кӕнын...
• Фӕзминаг сын ут
• Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут:
○ лӕмбынӕг хъуыды кӕнын
○ барын
○ хи ныхӕстӕй дзурын
○ зӕрдыл лӕууын кӕнын
○ цыбыртӕй гӕххӕттыл фыссын
• Ахуыр кӕнынӕн хорз бынат равзарут
• Ахуыр кӕнын пайда кӕй у, уый сын ӕмбарын кӕнут