Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы стыр хуымгӕрдӕны ӕппӕт тыхтӕй архай

Хуыцауы стыр хуымгӕрдӕны ӕппӕт тыхтӕй архай

Хуыцауы стыр хуымгӕрдӕны ӕппӕт тыхтӕй архай

«Бирӕ фыдӕбон кӕнут Хицауы хъуыддаджы» (1 КОР. 15:58).

1. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты цӕмӕ баразӕнгард кодта?

ИУХАТТ, нӕ эрӕйы 30 азы, Йесо Чырысти Самарийы уылты куы фӕцӕйцыд, уӕд улӕфынмӕ ӕрлӕууыд горӕт Сихармӕ хӕстӕг ран, цъайы раз. Уым йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Уӕ цӕстытыл схӕцут ӕмӕ хуымтӕм акӕсут – уыдон фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ» (Иоан. 4:35). Йесо ӕцӕг хуымгӕрдӕны кой нӕ кодта, фӕлӕ адӕмы кой, ома дзырдта, кӕй хъӕуы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы ӕрӕмбырд кӕнын, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ суой. Чырысти йӕ ныхӕстӕй йӕ ахуыргӕнинӕгты баразӕнгард кодта уыцы хъуыддагмӕ. Куыст бирӕ уыди, фӕлӕ рӕстӕг та – гыццыл!

2, 3. а) Хуымгӕрдӕны афон кӕй цӕрӕм, уый цӕмӕй у бӕрӕг? ӕ) Ацы статьяйы ныхас цӕуыл цӕудзӕн?

2 Йесо хуымгӕрдӕны тыххӕй цы загъта, уый уӕлдай тынгдӕр хауы абоны бонмӕ. Мах цӕрӕм, хуымтӕ куы «фӕбур сты» ӕмӕ «кӕрдынмӕ» куы сцӕттӕ сты, уыцы рӕстӕджы. Уый бӕрӕг у, алы аз дӕр милуантӕ царддӕттӕг хабар кӕй фехъусынц, мингай адӕм та донаргъуыд кӕй райсынц ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй свӕййынц, уымӕй. Хуымгӕрдӕны Хицау у Йегъовӕ Хуыцау, ӕмӕ махмӕ ӕрхауд стыр кад – чи никуыма уыд, уыцы хъуыддаджы архайын. Ды дӕр уыцы хуымгӕрдӕны «бирӕ фыдӕбон кӕныс»? (1 Кор. 15:58).

3 Йесо зӕххыл фӕлӕггад кодта ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг, ӕмӕ уыцы рӕстӕг йӕ ахуыргӕнинӕгты цӕттӕ кодта уыцы ахсджиаг куыстмӕ. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн кӕй амыдта, уыцы ахсджиаг хъуыддӕгтӕй ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕмӕ. Алы хъуыддаг дӕр баст у цавӕрдӕр миниуӕгимӕ, ӕмӕ нӕ абон ӕнӕмӕнг хъӕуынц, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм. Цӕй уӕдӕ сӕм фӕд-фӕдыл ӕркӕсӕм.

Сӕрныллӕгдзинад у ахсджиаг

4. Сӕрныллӕгдзинад ахсджиаг миниуӕг кӕй у, уый Йесойы фӕсномыг ныхасӕй куыд зыны?

4 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ гыццыл раздӕр фӕбыцӕу сты, чи сӕ стырдӕр у, ууыл. Ӕмӕ ма ныр дӕр сӕ цӕстӕнгасӕй бӕрӕг у, кӕрӕдзимӕ мӕсты кӕй сты. Йесо фӕдзырдта гыццыл сывӕллонмӕ, сӕ астӕу ӕй ӕрлӕууын кодта ӕмӕ сын загъта: «Йӕхи ацы гыццыл сабийау чи ӕрныллӕг кӕна, уӕларвон паддзахады уӕлдӕрыл нымад уый у». (Бакӕс Матфейы 18:1–4.) Ацы дунейы адӕм кӕсынц адӕймагӕн йӕ кадмӕ, йӕ хъӕздыгдзинадмӕ ӕмӕ, цы бынат ахсы, уымӕ. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн та хъуыди бамбарын кӕнын, стыр кад сын уӕд уыдзӕн, сӕхи иннӕты раз куы ныллӕг кӕной, уӕд. Йегъовӕ сын арфӕ кодтаид ӕмӕ сӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл нымадтаид, ӕцӕг сӕрныллӕгдзинад сӕм куы уыдаид, ӕрмӕстдӕр уӕд.

5, 6. Цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддагмӕ нӕ хъарутӕ иууылдӕр саразӕм, уый тыххӕй сӕрныллӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

5 Абон бирӕтӕ сӕ цард снывонд кодтой ацы дунейы хъуыддӕгтӕн – сӕйрагдӕр сын сси, цӕмӕй сӕм стыр бартӕ ӕмӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ уа. Ӕмӕ сын уый тыххӕй Хуыцауы хъуыддӕгтӕн бирӕ рӕстӕг нӕ вӕййы кӕнӕ та сӕ ӕппындӕр нӕ февдӕлы (Матф. 13:22). Йегъовӕйы адӕм та цин кӕнынц, иннӕты цӕсты сӕхи кӕй ныллӕг кӕнынц, уый тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы хуымы Хицауӕй арфӕдзинӕдтӕ райсынц ӕмӕ йын йӕ хорзӕх ссарынц (Матф. 6:24; 2 Кор. 11:7; Фил. 3:8).

6 Ӕркӕсӕм-ма Франсишкуйы хабармӕ, цӕры Хуссар Америкӕйы ӕмӕ у хистӕр нӕлгоймаг. Ӕрыгон ма куы уыди, уӕд университет ныууагъта, цӕмӕй пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтаид. «Ус куы ракуырдтон, уыцы рӕстӕг мӕ бон уыд ссарын, хорз мызд кӕм истаин, ахӕм куыст, ӕмӕ мӕ цардӕмбалимӕ ӕппындӕр ницӕуыл тыхстаиккам,– дзуры Франсишку.– Фӕлӕ мах сфӕнд кодтам нӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын ӕмӕ дарддӕр иумӕ ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй лӕггад кӕнын. Уый фӕстӕ нын фӕзынд сывӕллӕттӕ дӕр, ӕмӕ нын бинонтӕ дарын фӕзындӕр ис. Фӕлӕ нын Йегъовӕ баххуыс кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр хуымӕтӕг цард кодтаиккам. Ныр 30 азӕй фылдӕр лӕггад кӕнын хистӕр нӕлгоймагӕй ӕмӕ ма ӕмбырды ӕндӕр хӕстӕ дӕр ӕххӕст кӕнын. Нӕ цард кӕй фӕхуымӕтӕгдӕр кодтам, ууыл никуы фӕфӕсмон кодтам».

7. Ромӕгтӕм 12:16 цы уынаффӕ ис, уымӕй куыд фӕпайда кӕныс?

7 Ацы дунейы хорзыл нымад цы у, уыдӕттыл дӕ къух куы сисай ӕмӕ «сӕрныллӕг» куы уай, уӕд ды дӕр Хуыцауы хуымгӕрдӕны бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ ӕмӕ дӕ къухы бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ бафтдзӕн (Ром. 12:16; Матф. 4:19, 20; Лук. 18:28–30).

Удуӕлдайдзинад ӕркӕны хорз хъуыддӕгтӕм

8, 9. а) Цыбыртӕй радзур Йесойы фӕсномыг ныхас талантты тыххӕй. ӕ) Ацы фӕсномыг ныхас уӕлдай стырдӕр ныфс кӕй бауадздзӕн?

8 Цӕмӕй Хуыцауы хуымгӕрдӕнмӕ нӕ хъарутӕ иууылдӕр саразӕм, уый тыххӕй ма нӕм хъуамӕ уа удуӕлдайдзинад дӕр. Йесо уый бамбарын кодта, талантты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй *. Уыцы фӕсномыг ныхас у, ӕндӕр бӕстӕм ацӕуын чи сфӕнд кодта, иу ахӕм лӕджы тыххӕй. Уыцы лӕг, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый йе ’ртӕ цагъары бар бакодта. Иуӕн дзы радта фондз таланты, иннӕмӕн – дыууӕ таланты, ӕртыккагӕн та – иу талант. Ӕмӕ сӕ хицау куы ацыди, афтӕ фыццаг дыууӕ цагъары уайтагъд ацыдысты ӕмӕ сӕ таланттӕй «спайда кодтой». Ӕртыккаг цагъар та разынд «зивӕггӕнаг». Уый ацыд ӕмӕ йӕ талант зӕххы баныгӕдта. Ӕмӕ хицау куы ӕрбаздӕхт, уӕд фыццаг дыууӕ цагъары схорзӕхджын кодта – сӕ бар сын «стырдӕр хъуыддӕгтӕ бакодта». Ӕртыккаг цагъарӕн та йӕ талант байста ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзарӕй рарвыста (Матф. 25:14–30).

9 Ӕвӕццӕгӕн, дӕу дӕр зӕрдиагӕй фӕнды уыцы дыууӕ сӕрӕн цагъары фӕзмын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй архайын. Фӕлӕ дӕ дӕ уавӕртӕ куы нӕ амоной, уӕд та? Зӕгъӕм, цард кӕй фӕзын, уый тыххӕй дӕ хъӕуы бон-изӕрмӕ кусын, цӕмӕй дӕ бинонты дӕ бон фӕдарын уа. Кӕнӕ та дыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой ӕмӕ де ’нӕниздзинад дӕр фӕцудыдта. Кӕд афтӕ у, уӕд дын талантты тыххӕй фӕсномыг ныхас дӕ ныфсыл ныфс бафтаудзӕн.

10. Фӕсномыг ныхасы талантты тыххӕй хицау ӕмбаргӕ кӕй уыд, уый цӕмӕй у бӕрӕг ӕмӕ дын уый ныфсы хос куыд у?

10 Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы хицауы кой кодта, уый кӕй зыдта, йӕ цагъартӕн сӕ уавӕр иухуызон кӕй нӕу. Уый зыны, таланттӕ сын, «йӕ бон... кӕмӕн цас уыди, уымӕ гӕсгӕ» кӕй радта, уымӕй (Матф. 25:15). Хицау зыдта, фыццаг цагъар дыккагӕй фылдӕр кӕй бакусдзӕн. Фӕлӕ сӕ дыууӕ дӕр зӕрдиагӕй кӕй бацархайдтой, уый тыххӕй сӕ раппӕлыд, зӕгъгӕ, ды дӕ «мӕ дзӕбӕх, ме ’ууӕнкджын цагъар», ӕмӕ сӕ ӕмхуызонӕй схорзӕхджын кодта (Матф. 25:21, 23). Афтӕ Хуымы хицау дӕр, Йегъовӕ Хуыцау, зоны, дӕ уавӕртӕм гӕсгӕ дӕ бон йӕ хъуыддаджы цас у аразын, уый. Стӕй дын аргъ кӕны, удуӕлдайӕ кӕй архайыс, уый тыххӕй ӕмӕ дын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, арфӕ дӕр кӕны (Марчы 14:3–9; бакӕс Лукайы 21:1–4).

11. Зын уавӕрты зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд арфӕгонд кӕй уыдзыстӕм, уый цавӕр хабарӕй бӕрӕг у?

11 Сельмирӕ цӕры Бразилийы. Йӕ хабарӕй бӕрӕг у, Хуыцауӕн ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнын ӕрмӕст хорз уавӕртӕй кӕнгӕ кӕй нӕу. Ссӕдз азы размӕ Сельмирӕйӕн йӕ лӕджы иу фыдгӕнӕг амардта, ӕмӕ йе ’ртӕ сывӕллонимӕ иунӕгӕй баззад. Сельмирӕ куыста ӕфснайӕгӕй, ӕмӕ йын куыстыл бирӕ рӕстӕг цыд. Стӕй йӕ цӕуын дӕр хъуыди, адӕмӕй-иу йедзаг чи уыд, ахӕм транспортыл. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кодта, цӕмӕй йӕ бон уыдаид ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕстӕдӕр йӕ дыууӕ чызджы дӕр райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын. Сельмирӕ дзуры: «Пионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ 20 адӕймагӕй фылдӕримӕ Библи ахуыр кодтон, ӕмӕ ныр сты мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ. Абоны онг дӕр нӕ кӕрӕдзийӕн стӕм зынаргъ хӕлӕрттӕ. Ахӕм хӕлӕрттӕ балхӕнӕн нӕй». Ӕцӕгӕйдӕр, хуымы Хицау Сельмирӕйы зӕрдиаг фыдӕбонӕн раарфӕ кодта!

12. Нӕ бон куыд у хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайын?

12 Кӕд дӕ дӕ уавӕртӕ нӕ амонынц, цӕмӕй хъусын кӕнынӕн бирӕ рӕстӕг рахицӕн кӕнай, уӕддӕр архай уыцы хъуыддаг фӕхуыздӕр кӕныныл. Хъусын кӕныны фембӕлды цы уынаффӕтӕ вӕййы, уыдонӕй куы пайда кӕнай, уӕд арӕхстджындӕр кӕндзынӕ ӕмӕ сахуыр уыдзынӕ ӕндӕр уавӕрты дӕр хъусын кӕнын (2 Тим. 2:15). Дӕ бон ма у, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ахсджиаг чи не сты, уыцы хъуыддӕгтӕ ныууадзын кӕнӕ та сын ӕндӕр рӕстӕг равзарын (Кол. 4:5).

13. Хуыцауы хъуыддаджы удуӕлдайӕ сӕйраджыдӕр цӕй фӕрцы архайдзыстӕм?

13 Рох нӕ ма уӕд: Хуыцауы куы уарзӕм ӕмӕ дзы бузныг куы уӕм, уӕд Хуыцауы хъуыддаджы удуӕлдайӕ архайдзыстӕм (Пс. 40:8). Чырыстийы фӕсномыг ныхасы ӕртыккаг цагъар йӕ хицӕуӕй тарсти, уымӕн ӕмӕ йӕ нымадта домаг ӕмӕ тызмӕг адӕймагыл. Ӕмӕ цагъар дӕр йӕ талантӕй йӕ хицауы исбон фӕфылдӕр кӕнынӕн не спайда кодта, фӕлӕ йӕ зӕххы баныгӕдта. Цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй ма кӕсӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы хуымы Хицау Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын. Рӕстӕг-иу рахицӕн кӕн, цӕмӕй-иу Хуыцауы диссаджы миниуджыты тыххӕй – йӕ уарзондзинад, йӕ бирӕфӕразондзинад ӕмӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй – фылдӕр базонай ӕмӕ-иу сыл ахъуыды кӕнай. Афтӕмӕй дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕнддзӕн Хуыцауӕн дӕ тых дӕ бонӕй лӕггад кӕнын (Лук. 6:45; Фил. 1:9–11).

«Ут сыгъдӕг»

14. Хуымгӕрдӕны кусын кӕй фӕнды, уыдон цавӕр ахсджиаг фӕдзӕхст хъуамӕ ӕххӕст кӕной?

14 Апостол Петр Дзуттаг Фыстытӕй Хуыцауы ныхӕстӕ ӕрхаста ӕмӕ загъта, Хуыцауы зӕххон лӕггадгӕнджытӕ цавӕр ӕгъдауыл хъуамӕ уой хӕст, уый тыххӕй: «Чи [уӕ] ӕрхуыдта, уый Сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сымах дӕр алы хъуыддаджы дӕр ут сыгъдӕг. Фыст дӕр афтӕ у: „Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг“» (1 Пет. 1:15, 16; Лев. 19:2; Дык. з. 18:13). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ хуымгӕрдӕны кусджытӕ хъуамӕ Хуыцауы раз алцӕмӕйдӕр сыгъдӕг уой. Уыцы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕндзыстӕм, нӕхи «донӕй» куы сыгъдӕг кӕнӕм, уӕд. Нӕ бон куыд у уый аразын? Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый фӕрцы.

15. Хуыцауы ныхасы цавӕр тых ис?

15 Библи Хуыцауы ныхас бары донимӕ. Зӕгъӕм, апостол Павел ныффыста, сӕрст чырыстӕтты ӕмбырд, Чырыстийы чындзаг, Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг кӕй у, уый тыххӕй. Чырысти йӕ «дзырды донӕй ныхсадта», цӕмӕй «сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау уа» (Еф. 5:25–27). Уый размӕ Йесо йӕхӕдӕг дӕр дзырдта, Хуыцауы ныхасӕн йӕ бон кӕй у сыгъдӕг кӕнын. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Сымах ныр дӕр сыгъдӕг стут, ӕз уын цы ныхас дзырдтон, уый фӕрцы» (Иоан. 15:3). Уӕдӕ Хуыцауы ныхасы ахӕм тых ис, цӕмӕй нӕ, Хуыцауы цӕсты раст чи не сты, ахӕм хъуыддӕгтӕй ӕмӕ мӕнгахуырӕдтӕй ссыгъдӕг кӕна. Хуыцау нӕ ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн райгонд, Библийӕн бар куы дӕттӕм, цӕмӕй нӕ уыцы хъуыддӕгтӕй сыгъдӕг кӕна.

16. Нӕ бон куыд у нӕхи хизын, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕй ӕмӕ ахуырӕдтӕй?

16 Цӕмӕй нӕ бон Хуыцауы хуымгӕрдӕны кусын уа, уый тыххӕй ныууагътам, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ ахуырӕдтӕ. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы хъуыддаджы дарддӕр дӕр архайӕм, уый тыххӕй хъуамӕ иннӕтӕн фӕзминаг уӕм – Йегъовӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрӕм ӕмӕ нӕхи мӕнгахуырӕдтӕй хизӕм. (Бакӕс 1 Петры 1:14–16.) Нӕ буар сыгъдӕг куыд фӕдарӕм, афтӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр нӕхи сыгъдӕг кӕнӕм Библийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ. Уымӕ хауы Библи кӕсын, ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнын. Уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕ тӕригъӕдджын буары монцтимӕ тох кӕнын ӕмӕ нӕхи ацы дунейы чъизи хъуыддӕгтӕй хизын (Пс. 119:9; Иак. 1:21–25). Куыд ӕхсызгон у, Хуыцауы ныхасы фӕрцы нӕ бон кӕй у, цӕмӕй суанг уӕззау тӕригъӕдӕй дӕр ссыгъдӕг уӕм, уый! (1 Кор. 6:9–11).

17. Цӕмӕй сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй Библийӕ цавӕр уынаффӕтӕм хъуамӕ хъусӕм?

17 Ды дӕр архайыс Библийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл? Зӕгъӕм, цы цӕстӕй ракӕсыс, ацы дунейы ӕнӕгъдау ирхӕфсӕнтӕй дӕ кӕй фӕфӕдзӕхсынц, уымӕ? (Пс. 101:3). Архайыс, цӕмӕй дын ӕввахс ӕмбӕлттӕ ма уой, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон, зӕгъӕм, де ’мкъласонтӕ ӕмӕ де ’мкусджытӕ? (1 Кор. 15:33). Цӕмӕй Йегъовӕйы цӕсты сыгъдӕг уай, уый тыххӕй ӕппӕт хъарутӕй архайыс дӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕныныл? (Кол. 3:5). Дӕхи хизыс политикӕимӕ баст хабӕрттыл быцӕу ныхас кӕнынӕй, стӕй, бирӕ спортивон хъӕзтытӕ цы зондахастмӕ разӕнгард кӕнынц, уымӕй, ома мӕ адӕм иннӕ адӕмӕй хуыздӕр сты, зӕгъгӕ, уыцы зондахастӕй? (Иак. 4:4).

18. Хуыцауы цӕсты алцӕмӕйдӕр сыгъдӕг куы уӕм, уӕд нын хуымгӕрдӕны цы бантысдзӕн?

18 Ацы хъуыддӕгты Хуыцауы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд нын бирӕ цыдӕртӕ бантысдзӕн. Чырысти йӕ сӕрст ахуыргӕнинӕгты абарста сӕнӕфсиры къалиутимӕ: «Мӕ къалиутӕй дыргъ чи нӕ хӕссы, уый [мӕ Фыд] алыг кӕны, дыргъ чи хӕссы, уый та ссыгъдӕг кӕны, цӕмӕй ноджы фылдӕр дыргъ хӕсса» (Иоан. 15:2). Дӕ цард Библийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ куы аразай ӕмӕ алцӕмӕйдӕр сыгъдӕг куы уай, уӕд фылдӕр дыргъ хӕсдзынӕ.

Абоны ӕмӕ фидӕны арфӕдзинӕдтӕ

19. Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ хуымгӕрдӕны зӕрдиагӕй кӕй архайдтой, уый фӕрцы арфӕгонд куыд ӕрцыдысты?

19 Чырыстийы ахуырӕдтӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыцы иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕ фӕстӕдӕр, нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм боны, сыгъдӕг удӕй схайджын сты, цӕмӕй «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» хъусын кодтаиккой (Ап. хъ. 1:8). Уыдон лӕггад кодтой миссионертӕй ӕмӕ цӕугӕ цӕстдарджытӕй, разамонӕг советыл цы хӕстӕ уыд, уыдон ӕххӕст кодтой ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы бирӕ бафыдӕбон кодтой – «арвы бын ӕппӕт адӕмӕн дӕр» хорз хабар фехъусын кодтой (Кол. 1:23). Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ цӕй стыр арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты ӕмӕ иннӕтӕн дӕр цӕй стыр циндзинад ӕрхастой!

20. а) Хуымгӕрдӕны ӕппӕт хъарутӕй кӕй архайыс, уый фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй дӕ хайджын? ӕ) Дӕ фидар фӕнд цы у?

20 Сӕрныллӕг куы уӕм, зӕрдиагӕй куы архайӕм ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ нӕ цард куы аразӕм, уӕд Хуыцауы стыр хуымгӕрдӕны, нӕ бон цы у, уый араздзыстӕм. Абон бирӕтӕ хъӕздыгдзинадмӕ кӕй бӕллынц ӕмӕ ӕрмӕст сӕхи уды дзӕбӕхӕн кӕй цӕрынц, уый тыххӕй бирӕ мӕстытӕ ӕвзарынц. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн та сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ райы (Пс. 126:6). Сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ «Хицауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы... нӕу» (1 Кор. 15:58). Хуымы Хицау Йегъовӕ нӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн нӕ фыдӕбоны тыххӕй ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстам, уый тыххӕй (Дзут. 6:10–12).

[Фиппаинаг]

^ 8 абз. Ацы фӕсномыг ныхас талантты тыххӕй сӕйраджыдӕр ӕвдисы, Йесо йӕ сӕрст ахуыргӕнинӕгтӕм цы зӕрдӕ дары, уый, фӕлӕ дзы цы хъуыдытӕ ис, уыдон ахӕссӕн ис ӕппӕт чырыстӕттӕм дӕр.

Бахъуыды кодтай?

• Цӕмӕй хуымгӕрдӕны ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, уый тыххӕй сӕрныллӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

• Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм?

• Цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй Хуыцауы цӕсты алцӕмӕйдӕр сыгъдӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 17 фарсыл]

Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд хуымӕтӕг цард кӕндзыстӕм ӕмӕ Паддзахады хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты ’вӕрдзыстӕм