Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат!»

«Цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат!»

«Цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат!»

«Кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ афтӕ ныппырх уыдзысты, уӕд ма ахъуыды кӕнут, цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат, куыд сыгъдӕг цард хъуамӕ кӕнат ӕмӕ Хуыцауыл куыд ӕнувыд хъуамӕ уат!» (2 ПЕТ. 3:11).

1. Петр йӕ дыккаг фыстӕджы цы ныффыста, уый йӕ рӕстӕджы цӕрӕг чырыстӕттӕн стыр ӕххуыс цӕмӕн уыд?

АПОСТОЛ Петр йӕ дыккаг фыстӕг куы ныффыста, уӕдмӕ дӕр чырыстӕттӕ ӕфхӕрд ӕййӕфтой. Фӕлӕ уӕддӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой ӕмӕ сӕ нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Хӕйрӕг архайдта, уый размӕ дӕр арӕх цы мадзалӕй пайда кодта, уымӕй. Петр куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй Хӕйрӕг архайдта Хуыцауы адӕмӕн сӕ зонд схӕццӕ кӕныныл. Уый тыххӕй пайда кодта, сӕ цӕстытӕ ӕдзух хӕтындзинадмӕ здӕхт кӕмӕн уыдысты ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ хӕлӕг кӕныныл кӕмӕн сахуыр сты, уыцы мӕнг ахуыргӕнджытӕй (2 Пет. 2:1–3, 14; Иуд. 4). Уымӕ гӕсгӕ Петр йӕ дыккаг фыстӕджы чырыстӕтты фӕдзӕхста, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уыдаиккой.

2. 2 Петры 3 сӕры ныхас цӕуыл цӕуы ӕмӕ нӕ цавӕр фарстатыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

2 Петр ныффыста: «Ӕз афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ раст уыдзӕн, цалынмӕ ацы зӕххон буары дӕн, уӕдмӕ уын ацы хабӕрттӕ уӕ зӕрдыл куы лӕууын кӕнон, уымӕн ӕмӕ йӕ зонын... тагъд мӕ зӕххон буарӕй кӕй фервӕздзынӕн. Гъе уый тыххӕй кӕддӕриддӕр ӕппӕт хъарутӕй архайдзынӕн, цӕмӕй мӕ ацыды фӕстӕ уӕхӕдӕг ацы хабӕрттӕ уӕ зӕрдыл лӕууын кӕнат» (2 Пет. 1:13–15). Петр зыдта, йӕ мӕлӕт хӕстӕг кӕй у, фӕлӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ фыстӕджытӕ йӕ фӕстӕ баззадаиккой. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, йӕ ныхӕстӕ Библимӕ хаст ӕрцыдысты, ӕмӕ сӕ махӕн дӕр нӕ бон у кӕсын. Петры дыккаг фыстӕджы 3 сӕрмӕ нӕ хъӕуы уӕлдай лӕмбынӕг ӕркӕсын, уымӕн ӕмӕ дзы сӕйраджыдӕр ныхас цӕуы ацы дунейы «фӕстаг бонты» тыххӕй ӕмӕ, «арв ӕмӕ зӕхх» куыд фесӕфдзысты, уый тыххӕй дӕр (2 Пет. 3:3, 7, 10). Петр нын цавӕр уынаффӕ дӕтты? Уыцы уынаффӕ нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы хорзӕхӕй хайджын уӕм?

3, 4. а) Петр чырыстӕтты цӕмӕ разӕнгард кодта ӕмӕ сӕ цӕмӕй фӕдзӕхста? ӕ) Цавӕр ӕртӕ хъуыддагыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Хӕйрӕджы дуне кӕй фесӕфдзӕн, Петр уый кой куы скодта, уӕд загъта: «Цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат, куыд сыгъдӕг цард хъуамӕ кӕнат ӕмӕ Хуыцауыл куыд ӕнувыд хъуамӕ уат!» (2 Пет. 3:11, 12). Петр ацы ныхӕстӕй бамбарын кодта, Йегъовӕйы фӕндон чи ’ххӕст кӕны ӕмӕ чырыстон миниуджытӕ чи ’вдисы, ӕрмӕстдӕр уыдон кӕй фервӕздзысты «Хуыцауы мастисӕн бон» (Ис. 61:2). Уымӕ гӕсгӕ ма Петр загъта: «Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ацы хабӕрттӕ рагацау зонгӕйӕ уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уыдонимӕ [мӕнг ахуыргӕнджытимӕ] фыдгӕнджыты рӕдыд фӕндагмӕ ма адзӕгъӕл уат ӕмӕ ма фӕцудат» (2 Пет. 3:17).

4 Петр дӕр Хуыцауы иннӕ лӕггадгӕнджытау зыдта, фӕстаг бонты чырыстӕтты уӕлдай тынгдӕр кӕй хъӕудзӕн сӕхи хъахъхъӕнын, цӕмӕй иузӕрдионӕй баззайой. Фӕстӕдӕр апостол Иоанн уыцы хабар бӕлвырддӕр бамбарын кодта. Цӕстылуайӕны федта, Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст куыд ӕрцыд ӕмӕ, «Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны ӕмӕ Йесойы тыххӕй хъусын кӕныны хӕс кӕуыл ис, уыдонимӕ» мӕстӕй судзгӕйӕ куыд тох кодта, уый (Рарг. 12:9, 12, 17). Хуыцауы ӕнувыд сӕрст лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ сӕ иузӕрдион ӕмбӕлттӕ, «ӕндӕр фыстӕ», уыцы тохы фӕуӕлахиз уыдзысты (Иоан. 10:16). Фӕлӕ махӕй алкӕмӕй дӕр цы ис зӕгъӕн? Цымӕ мах дӕр иузӕрдионӕй баззайдзыстӕм? Уый тыххӕй хорз уаид, 1) чырыстон миниуджытыл куы кусиккам, 2) ӕнӕуи хъуыддӕгты дӕр ӕмӕ Хуыцауы раз дӕр ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг куы уаиккам ӕмӕ, 3) фӕлварӕнтӕм раст цӕстӕй куы кӕсиккам, уӕд. Цӕй уӕдӕ ацы ӕртӕ хъуыддагыл аныхас кӕнӕм.

Чырыстон миниуджытыл кусут

5, 6. Цавӕр миниуджытыл хъуамӕ кусӕм ӕмӕ нӕ уый тыххӕй «ӕппӕт хъарутӕй архайын» цӕмӕн хъӕуы?

5 Петр йӕ дыккаг фыстӕджы райдианы ныффыста: «Ӕппӕт хъарутӕй архайут, цӕмӕй уӕ уырнындзинад баххӕст кӕнат хӕрзӕгъдаудзинадӕй, уӕ хӕрзӕгъдаудзинад – зонындзинӕдтӕй, уӕ зонындзинӕдтӕ – хиуылхӕцындзинадӕй, уӕ хиуылхӕцындзинад – фидардзинадӕй, уӕ фидардзинад – Хуыцауыл иузӕрдион уат, уымӕй, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стут, уый – ӕфсымӕртыл ӕнувыд уат, уымӕй, ӕфсымӕртыл ӕнувыд кӕй стут, уый та – уарзондзинадӕй. Кӕд уӕм ахӕм миниуджытӕ ис, ӕмӕ уӕм сты уӕлдайджынтӕй, уӕд, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы тыххӕй бӕлвырдӕй цы базыдтат, уымӕ гӕсгӕ архайгӕйӕ уыдзыстут ӕнтыстджын ӕмӕ уӕ къухы бирӕ бафтдзӕн» (2 Пет. 1:5–8).

6 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй нӕм хорз миниуджытӕ фӕзына, уый тыххӕй хъӕуы Хуыцауы хъуыддӕгты «ӕппӕт хъарутӕй архайын». Зӕгъӕм, ӕппӕт хъарутӕй нӕ фӕхъӕуы архайын, цӕмӕй алы ӕмбырдмӕ дӕр цӕуӕм, алы бон дӕр Библи кӕсӕм ӕмӕ йӕ графикмӕ гӕсгӕ ахуыр кӕнӕм. Стӕй ма нӕ хъӕуы архайын, цӕмӕй нӕ бинонтӕн ӕдзухдӕр уа Библи ахуыр кӕныны изӕр, ӕмӕ йӕ афтӕ цӕттӕ кӕнӕм, алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр куыд цӕуа ӕмӕ алкӕмӕн дӕр пайда куыд хӕсса. Алцыдӕр бӕстон куы фӕпълан кӕнӕм, уӕд нын ӕнцондӕр вӕййы уыцы хъуыддӕгтӕ кӕнын, уӕлдайдӕр та сын сӕ пайда куы фӕуынӕм, уӕд.

7, 8. а) Иуӕй-иутӕ бинонты ахуыры тыххӕй цы дзурынц? ӕ) Бинонты ахуыр дын цы пайда хӕссы?

7 Бинонты ахуыры тыххӕй иу хо зӕгъы: «Бинонты ахуыры фӕрцы адӕймаг бирӕ цыдӕртӕ базоны». Иннӕ хо та афтӕ дзуры: «Раст зӕгъгӕйӕ мӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй чиныгахуыр мауал уыдаид. Уый мӕ зӕрдӕмӕ иннӕ фембӕлдтӕй тынгдӕр цыд. Фӕлӕ ныр нӕ бинонтимӕ Библи кӕй фӕахуыр кӕнӕм, уый фӕрцы бамбӕрстон, Йегъовӕ кӕй зоны, кӕд нӕ цы фӕхъӕуы, уый». Иу ӕфсымӕр дзуры: «Бинонты ахуыр нын стыр ӕххуыс у. Уыцы рӕстӕг, мӕн дӕр ӕмӕ мӕ бинойнаджы дӕр цы тыхсын кӕны, ууыл кӕй фӕныхас кӕнӕм, уый нын стыр пайда ӕрхӕссы. Нӕ дыууӕ дӕр бафиппайдтам, сыгъдӕг удӕй цы миниуджытӕ гуыры, уыдон ӕвдисын нын хуыздӕр кӕй уайы ӕмӕ нын хъусын кӕныны хъуыддаг фылдӕр циндзинад кӕй хӕссы». Иннӕ ӕфсымӕр та зӕгъы: «Мӕ сывӕллӕттӕ уарзынц Библи иртасын ӕмӕ, ногӕй исты куы базонынц, уӕд сӕ цинӕн кӕрон дӕр нал вӕййы. Бинонтимӕ Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ фидарӕй фӕуырны, Йегъовӕ кӕй зоны, цӕуыл тыхсӕм, уый ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы, уый дӕр». Ацы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ бинонты ахуырмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, ды дӕр ӕм ахӕм цӕстӕй кӕсыс?

8 Мацы дӕ бахъыгдарӕд дӕ бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнын. Иу лӕг ӕмӕ ус загътой: «Фӕстаг цыппар къуырийы дӕргъы-иу алы цыппӕрӕмы дӕр изӕрӕй цыдӕр ӕрцыд ӕмӕ-иу нын нӕ бинонты ахуыр фӕцӕйкъуылымпы кодта, фӕлӕ-иу ӕй уӕддӕр нӕ аргъӕвтам». Чи зоны дӕ хатт фӕхъӕуы дӕ график фӕивын, фӕлӕ дыл уӕддӕр иу къуыри дӕр афтӕ ма ацӕуӕд, ӕмӕ уын уӕ бинонтимӕ Библийы ахуыр ма уа.

9. Йегъовӕ Йеремийӕн куыд ӕххуыс кодта ӕмӕ Йеремийы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

9 Пехуымпар Йереми нын у фӕзминаг. Йеремийы хъуыд Йегъовӕйы ӕххуыс, ӕмӕ йын ӕй уый дӕр нӕ хӕлӕг кодта. Уыцы ӕххуысӕн Йереми кодта стыр аргъ. Уый фӕрцы йӕ бон уыд уазалзӕрдӕ адӕмӕн ныфсджынӕй хъусын кӕнын. Йереми загъта: «Йегъовӕйы ныхас [...] Пиллон артау сыгъд ме стджыты мидӕг» (Йер. 20:8, 9). Уый ма йын баххуыс кодта, Иерусалим куы ныппырх кодтой, уыцы уӕззау рӕстӕг сфӕразынӕн дӕр. Абон махмӕ Хуыцауы Ныхас ӕнӕхъӕнӕй дӕр ис. Ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ Йеремийау алцӕмӕдӕр Хуыцауы цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд нын хъусын кӕныны хъуыддаг циндзинад хӕсдзӕн, фӕлварӕнты фидар лӕудзыстӕм, ӕвзӕрдзинадӕй нӕхи хиздзыстӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад хъахъхъӕндзыстӕм (Иак. 5:10).

Ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг ут

10, 11. Цӕмӕн нӕ хъӕуы «ӕппӕт хъарутӕй архайын», цӕмӕй ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг уӕм, ӕмӕ уымӕ цы хауы?

10 Мах чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсӕ зонӕм, кӕроны рӕстӕджы кӕй цӕрӕм, уый. Уӕдӕ нӕм диссаг нӕ кӕсы, ацы дунейы кӕй сарӕх сты, Йегъовӕ йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм хъуыддӕгтӕ, зӕгъӕм, зыд кӕнын, хӕлд митӕ ӕмӕ тыхми. Хӕйрӕг цы зондӕй архайы, уый дыууӕ ныхасӕй ис афтӕ зӕгъӕн: «Кӕд Хуыцауы адӕмы ницӕмӕй ис фӕтӕрсын кӕнӕн, уӕд сӕ фехалӕн уӕддӕр уыдзӕн» (Рарг. 2:13, 14). Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕуы Петры фӕдзӕхст нӕ зӕрдӕмӕ айсын: «Ӕппӕт хъарутӕй архайут, цӕмӕй ӕппынфӕстаг... [Хуыцауы] разы ӕрлӕууат ӕнаиппӕй, сыгъдӕгӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕргӕйӕ» (2 Пет. 3:14).

11 Петр ацы ныхӕстӕ, «ӕппӕт хъарутӕй архайут», зӕгъгӕ, уый размӕ дӕр загъта. Ацы ныхӕстӕ йын Йегъовӕ ныффыссын кодта. Ӕмӕ бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг уӕм ӕмӕ Хӕйрӕджы дунейӕ нӕхи ма фӕчъизи кӕнӕм. Уымӕ хауы нӕ зӕрдӕ алы ӕвзӕр фӕндтӕй хъахъхъӕнын. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 4:23; Иаковы 1:14, 15.) Стӕй ма нӕ хъӕуы фидар лӕууын, нӕ чырыстон ӕгъдауыл нын чи худы ӕмӕ нӕ алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ чи кӕны, уыдоны ныхмӕ (1 Пет. 4:4).

12. Лукайы 11:13 цы ныхӕстӕ ис, уыдон нӕ цавӕр ныфс уадзынц?

12 Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын ӕнцон нӕ вӕййы, раст цы у, уый аразын (Ром. 7:21–25). Уый нӕ къухы бафтдзӕн, Йегъовӕйыл нӕ ныфс куы дарӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд, уымӕн ӕмӕ уый йӕ сыгъдӕг тыхӕй рӕдауӕй хайджын кӕны, зӕрдиагӕй дзы чи куры, уыдоны (Лук. 11:13). Уыцы сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕм фӕзындзӕн, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ. Йегъовӕйы бон цас хӕстӕгдӕр кӕны, уыйас зындзинӕдтӕ дӕр фылдӕр кӕнынц, ӕмӕ нын уыцы миниуджытӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы фӕндтыл ма цӕуӕм ӕмӕ фӕлварӕнты фидар лӕууӕм.

Фӕлварӕнты фидар ут

13. Цы нын баххуыс кӕндзӕн фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн?

13 Цалынмӕ ацы зӕронд дунейы цӕрӕм, уӕдмӕ алыхуызон фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдзыстӕм. Фӕлӕ-иу нӕхимӕ хъусынтыл ма фӕуӕм. Фӕлварӕнтӕ сты хорз фадат, цӕмӕй, Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый равдисӕм, ӕмӕ йын йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йӕ Ныхасыл дӕр нӕ ныфс тынгдӕр дарӕм. Ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста: «Ме ’фсымӕртӕ, алыхуызон фӕлварӕнты куы бахаут, уӕд уый уӕхицӕн нымайут стыр амондыл, уымӕн ӕмӕ йӕ уӕхӕдӕг зонут, уӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы ’рцӕуы, уӕд дзы кӕй равзӕры фидардзинад» (Иак. 1:2–4). Стӕй нӕ рох ма уӕд, «Йегъовӕ [кӕй] зоны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны фӕлварӕнтӕй куыд хъӕуы ирвӕзын кӕнын», уый (2 Пет. 2:9).

14. Иосифы хабар дын дӕ ныфсыл ныфс куыд ӕфтауы?

14 Ӕркӕсӕм Иаковы фырт Иосифы хабармӕ. Иосифы йе ’фсымӕртӕ ауӕй кодтой ӕмӕ сси цагъар (Райд. 37:23–28; 42:21). Цымӕ йын ахӕм ӕгъатыр ми кӕй бакодтой, уый тыххӕй йӕ уырнындзинад фӕцудыдта? Мыййаг, Хуыцаумӕ смӕсты, фыдбылызӕй йӕ кӕй нӕ бахызта, уый тыххӕй? Хуыцауы Ныхас куыд зӕгъы, афтӕмӕй нӕ. Фӕлӕ Иосифы фӕлварӕнтӕ ууыл нӕ фесты. Фӕстӕдӕр ӕй фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ, иу сылгоймагӕн тыхми кӕнынмӕ хъавыд, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ахӕстоны ныппӕрстой. Фӕлӕ та ацы хатт дӕр Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ не сивта (Райд. 39:9–21). Фӕлварӕнты йӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр бафидар, ӕмӕ уый тыххӕй арфӕгонд ӕрцыд.

15. Ноемины хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

15 Адӕймаг фӕлварӕнты куы бахауы, уӕд фӕмаст кӕны кӕнӕ та суанг йӕхимӕ дӕр ныхъхъусы. Иосифӕн дӕр-иу, ӕвӕццӕгӕн, хатт йӕ ныфс асаст. Хуыцауы иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм дӕр-иу уыд ахӕм ӕнкъарӕнтӕ. Ӕркӕсӕм-ма Ноемины хабармӕ. Йӕ лӕг ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты куы амардысты, уӕд загъта: «Ма мӕ хонут Ноемин. Хонут мӕ Марӕ [нысан кӕны „Маст“], уымӕн ӕмӕ мын Ӕппӕтхъомысджын стыр мӕстытӕ бавзарын кодта» (Руф 1:20, 21, фип.). Ноемин афтӕ кӕй маст кодта, уым диссагӕй ницы ис ӕмӕ йӕ бамбарӕн дӕр ис. Иосифау уымӕн дӕр йӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта ӕмӕ йӕ зӕрдӕ Хуыцауыл не сивта. Йегъовӕ уыцы иузӕрдион сылгоймагӕн раарфӕ кодта (Руф 4:13–17, 22). Фӕстӕдӕр зӕххыл Дзӕнӕт куы скӕна, уӕд адӕмы зӕрдӕтӕй айсдзӕн, Хӕйрӕг ӕмӕ сын йӕ дуне цы маст бавзарын кодтой, уый. «Раздӕр цы уыд, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн ӕмӕ зӕрдӕйы дӕр нал баззайдзысты» (Ис. 65:17).

16. Хуыцаумӕ куыд хъуамӕ кувӕм ӕмӕ цӕмӕн?

16 Цыфӕнды фӕлварӕнты ма бахауӕм, Хуыцау нӕ кӕй уарзы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд сӕ сфӕраздзыстӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:35–39.) Хӕйрӕг уӕддӕр архайдзӕн, цӕмӕй нын нӕ ныфс асӕтта. Фӕлӕ ӕмбаргӕ куы уӕм ӕмӕ кувын куы нӕ рох кӕнӕм, уӕд ын дзы ницы рауайдзӕн (1 Пет. 4:7). Чырысти загъта: «Уӕдӕ ма бафынӕй ут. Ӕдзухдӕр зӕрдиагӕй кувут, цӕмӕй бафӕразат, ӕрцӕуинаг цыдӕриддӕр у, уый сӕрты ахизын ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз ӕрлӕууын» (Лук. 21:36). Йесо нын зӕрдиагӕй кувын кӕй бафӕдзӕхста, уымӕй йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ ныр ахсджиаг у, цӕмӕй нын йӕхи раз дӕр ӕмӕ йӕ Фыды раз дӕр хорз ном уа. Ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕм фервӕздзысты Йегъовӕйы бон.

Йегъовӕйӕн ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнут

17. Кӕд дын хъусын кӕнын ӕнцон нӕу, уӕд дын рагон пехуымпарты цӕвиттонтӕ куыд баххуыс кӕндзысты?

17 Хуыцауы хъуыддӕгты архайын нын нӕ тыхыл тых ӕфтауы. Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны Петры ныхӕстӕ: «Цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат, куыд сыгъдӕг цард хъуамӕ кӕнат ӕмӕ Хуыцауыл куыд ӕнувыд хъуамӕ уат» (2 Пет. 3:11). Уыцы хъуыддӕгтӕм хауы хорз хабар хъусын кӕнын дӕр (Матф. 24:14). Чи зоны, иуӕй-иу рӕтты хъусын кӕнын ӕнцон нӕу, адӕм нӕм уазал цӕстӕй кӕй кӕсынц кӕнӕ нӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, йе та царды сагъӕсты бын кӕй фесты, уый тыххӕй. Йегъовӕйы рагон лӕггадгӕнджыты заман дӕр афтӕ уыд. Фӕлӕ уыдон сӕ къухтӕ никуы ӕруагътой ӕмӕ сын Хуыцау куыд бафӕдзӕхста, афтӕ йын йӕ хабар «ӕдзухдӕр» хъусын кодтой. (Бакӕс 2 Азфыст 36:15, 16; Йер. 7:24–26.) Цы сын баххуыс кодта фидар фӕлӕууынӕн? Уыдон сӕ хӕслӕвӕрдмӕ ацы дунейы цӕстӕй нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кастысты. Стӕй сӕхицӕн стыр кадыл нымадтой Хуыцауы ном хӕссын (Йер. 15:16).

18. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы Хуыцауы ном куыд скадджын уыдзӕн?

18 Махмӕ дӕр ӕрхауд ахӕм стыр кад, ӕмӕ Йегъовӕйы ном ӕмӕ йын йӕ фӕндоны тыххӕй хъусын кӕнӕм. Ахъуыды-ма кӕн: адӕмӕн кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы стыр бон йе знӕгтӕй иу дӕр афтӕ нӕ зӕгъдзӕн, зӕгъгӕ, уыдӕтты тыххӕй никуы фехъуыстон. Фараонау уыдон дӕр бамбардзысты, Йегъовӕйы тӕрхон сыл кӕй ӕххӕст кӕны (Рац. 8:1, 20; 14:25). Стӕй ма Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн скад кӕндзӕн – адӕм иууылдӕр базондзысты, йӕ минӕвӕрттӕ кӕй уыдысты. (Бакӕс Йезекил 2:5; 33:33.)

19. Цалынмӕ Йегъовӕ фӕразондзинад ӕвдисы, уӕдмӕ нӕ бон куыд у уыцы фадатӕй пайда кӕнын?

19 Петр йӕ дыккаг фыстӕджы кӕрон йе ’мчырыстӕттӕм ныффыста: «Нӕ Хуыцауы фӕразондзинад нымайут фервӕзыны фадатыл» (2 Пет. 3:15). Уӕдӕ цалынмӕ Йегъовӕ фӕразондзинад ӕвдисы, уӕдмӕ уыцы фадатӕй пайда кӕнӕм. Куыд? Йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы миниуджытыл кусӕм, ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг уӕм, нӕ фӕлварӕнтӕм раст цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ ныфс уыдзӕн, Хуыцау «ног арв ӕмӕ ног зӕхх» куы скӕна, уӕд ӕнустӕм арфӕгонд кӕй уыдзыстӕм (2 Пет. 3:13).

Бахъуыды кодтай?

• Нӕ бон куыд у чырыстон миниуджытыл кусын?

• Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг уӕм?

• Иосиф ӕмӕ Ноемины хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

• Хъусын кӕныны хъуыддаджы архайын стыр кад цӕмӕн у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 9 фарсыл]

Лӕгтӕ, уӕ бинонтӕм чырыстон миниуджытӕ цӕй фӕрцы уыдзӕн?

[Нывтӕ 10 фарсыл]

Иосиф фидар кӕй фӕлӕууыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?