Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕттӕ куы уӕм, уӕд нын бирӕ ӕнтысдзӕн

Цӕттӕ куы уӕм, уӕд нын бирӕ ӕнтысдзӕн

Цӕттӕ куы уӕм, уӕд нын бирӕ ӕнтысдзӕн

УЕ ’МБЫРД кӕм фӕхъусын кӕны, уым ӕнӕнхъӕлӕджы хъусын кӕнынӕн фадат куы фӕзыны, уӕд уайтагъд бацархайыс? Не ’фсымӕртӕ наулӕууӕн горӕт Туркуйы (Финлянди) раст афтӕ бакодтой, ӕмӕ сын хъусын кӕныны хъуыддаджы бирӕ бантыст.

Ӕрӕджы уыцы ӕфсымӕртӕ бафиппайдтой, сӕ горӕтмӕ Азийӕ кӕй ӕрцыдысты кусджытӕ, наутӕ аразӕн заводы цы стыр нау арӕзт цыд, уый фӕууынмӕ. Фӕстӕдӕр ӕфсымӕртӕй иу базыдта, уыцы фӕсарӕйнаг нӕлгоймӕгтӕ кӕцы уазӕгдзӕрӕны ӕрцардысты, уый. Стӕй ма базыдта, кусджытӕ сӕумӕрайсомӕй автобусыл наулӕууӕнмӕ кӕй фӕцӕуынц, уый. Ӕмӕ, англисаг ӕвзагыл чи фӕцӕуы, уыцы ӕмбырды ӕфсымӕртӕн уайтагъд фӕхабар кодта.

Уыцы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бамбӕрстой, уыйбӕрц адӕм сӕм ӕндӕр бӕстӕтӕй кӕй ӕрцыд, уый хорз фадат кӕй у, цӕмӕй сын Паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕной. Уыдон уайтагъд бауынаффӕ кодтой, куыд сын хъусын кӕндзысты, ууыл. Уыцы къуыри хуыцаубоны дӕс хъусынгӕнӕджы автобусты остановкӕмӕ ӕрбацыдысты райсомы авд сахатыл. Фыццаг уал дзы ничи зынд. Ӕфсымӕртӕ дис кодтой: «Мыййаг, нӕ байрӕджы кодтам? Цымӕ Туркуйӕ ацыдаиккой?» Фӕлӕ уалынмӕ кусджытӕй иу фӕзынд, йӕ фӕстӕ та иннӕ. Ӕмӕ афтӕмӕй гыццылгай ӕрӕмбырд сты. Хъусынгӕнджытӕ семӕ ныхас кӕнын райдыдтой ӕмӕ сын литературӕ англисаг ӕвзагыл радтой. Цӕмӕй кусджытӕ иууылдӕр автобусты сбадтаиккой, уый тыххӕй сӕ бахъуыд иу сахат. Уый фӕрцы ӕфсымӕртӕ сӕ фылдӕримӕ аныхас кодтой ӕмӕ сын байуӕрстой 126 трактаты ӕмӕ 329 журналы!

Ӕфсымӕртӕн афтӕ бирӕ кӕй бантыст, уымӕ гӕсгӕ сӕ бафӕндыд, цӕмӕй та иннӕ къуыри дӕр кусджытимӕ аныхас кодтаиккой. Уыцы къуыри сын се ’мбырд бӕрӕг кодта районон цӕстдарӕг. Иу къӕвда бон сын райсомӕй авды ’рдӕгыл уыд уацамындон фембӕлд, ӕмӕ уый фӕстӕ 24 хъусынгӕнӕджы ацыдысты автобусты остановкӕмӕ. Ацы хатт семӕ ахастой литературӕ тагайлаг ӕвзагыл дӕр, уымӕн ӕмӕ базыдтой, кусджытӕй бирӕтӕ филиппинӕгтӕ кӕй уыдысты, уый. Уыцы райсом ӕфсымӕртӕ байуӕрстой 7 чиныджы, 69 трактаты ӕмӕ 479 журналы. Куыд цин кодтаиккой нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ, компанийы кӕй архайдтой, уый тыххӕй!

Кусджытӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕтӕм куы нӕма ацыдысты, уӕдмӕ сӕ ӕфсымӕртӕ кӕйдӕрты абӕрӕг кодтой сӕ цӕрӕнбынӕтты ӕмӕ сын хорз хабар бӕстондӕр фехъусын кодтой. Чидӕртӕ сӕ загътой, ӕндӕр бӕстӕты дӕр-иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл кӕй фембӕлдысты. Кусджытӕ ӕфсымӕртӕй фӕбузныг сты, кӕй бацархайдтой, цӕмӕй сӕ ссардтаиккой ӕмӕ семӕ аныхас кодтаиккой, цалынмӕ Финляндийы уыдысты, уӕдмӕ.

Уе ’мбырд цы участоктыл фӕхъусын кӕны, уым ӕнӕнхъӕлӕджы хъусын кӕнынӕн фадат куы фӕзыны, уӕд уайтагъд бацархайыс? Фӕархайыс, цӕмӕй алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмӕн хорз хабар фехъусын кӕнай? Кӕд о, уӕд дӕуӕн дӕр Туркуйы цӕрӕг ӕфсымӕртау хъусын кӕныны хъуыддаджы бирӕ бантысдзӕн.

[Картӕ/Ныв 32 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

ФИНЛЯНДИ

ХЕЛЬСИНКИ

Турку

[Барлӕвӕрдӕй]

STX Europe