Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕппӕт хъарутӕй ууыл архай, цӕмӕй иннӕты... ахуыр кӕнай»

«Ӕппӕт хъарутӕй ууыл архай, цӕмӕй иннӕты... ахуыр кӕнай»

«Ӕппӕт хъарутӕй ууыл архай, цӕмӕй иннӕты... ахуыр кӕнай»

«СЫМАХ мӕн хонут „Ахуыргӕнӕг“ ӕмӕ „Хицау“, ӕмӕ раст кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у» (Иоан. 13:13). Ацы ныхӕстӕй Йесо бамбарын кодта, йӕ хӕстӕй сӕ иу кӕй уыд адӕмы ахуыр кӕнын. Уӕларвмӕ куы ссыд, уый хӕдразмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. [...] Ӕмӕ сын амонут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ куыд ӕххӕст кӕной» (Матф. 28:19, 20). Фӕстӕдӕр апостол Павел дӕр дзырдта, ахсджиаг кӕй у, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый амонын. Павел Тимофейӕн ахӕм уынаффӕ радта, кӕд хистӕр нӕлгоймаг уыд, уӕддӕр: «Ӕппӕт хъарутӕй ууыл архай, цӕмӕй иннӕтӕн хъӕрӕй кӕсай, фӕдзӕхсай сӕ ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнай. [...] Уыдӕттыл хъуыды кӕн, дӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уӕнт уыцы хъуыддӕгтыл, цӕмӕй дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уына» (1 Тим. 4:13–15).

Абон мах дӕр иннӕтӕн рӕстдзинад амонӕм ӕмӕ нӕ фембӕлдты ахуыр кӕнӕм. Куыд у нӕ бон ӕппӕт хъарутӕй архайын, цӕмӕй иннӕты ахуыр кӕнӕм ӕмӕ нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас арӕхстджынӕй амонӕм?

Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕджы фӕзмӕм

Чырысти куыд ахуыр кодта, уый бирӕты зӕрдӕтӕм цыд. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Назареты ӕмбырдгӕнӕнмӕ чи ӕрбацыд, уыдоныл йӕ ныхӕстӕ куыд фӕзындысты, уымӕ. Лука йӕ Евангелийы ныффыста: «Иууылдӕр [дзы] райдыдтой ӕппӕлын ӕмӕ, цы ӕхсызгон ныхӕстӕ кодта, уыдоныл дис кодтой» (Лук. 4:22). Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ Хицауы фӕзмыдтой, куыд хъусын кодта, уымӕй. Апостол Павел йе ’мчырыстӕтты разӕнгард кодта: «Мӕн фӕзмут, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ» (1 Кор. 11:1). Павел Чырыстийы кӕй фӕзмыдта, уый фӕрцы «адӕмы раз дӕр ӕмӕ хӕдзарӕй хӕдзармӕ дӕр» арӕхстджынӕй хъусын кодта (Ап. хъ. 20:20).

Хъусын кодта «базары фӕзы»

Павел арӕхстджын хъусынгӕнӕг кӕй уыд, уый бӕрӕг у Хъуыддӕгты чиныгӕй 17 сӕрӕй. Уым фыст ис, Грецимӕ, горӕт Афинтӕм куы ныццыд, уый тыххӕй. Уыцы горӕты кӕдӕмфӕнды ма акастаид – уынгтӕм ӕви бирӕ адӕм кӕм уыд, уыцы бынӕттӕм – алы ран дӕр фенӕн уыд мӕнгхуыцӕуттӕ. Уӕдӕ диссаг нӕу, Павел уый тыххӕй кӕй мӕсты кодта! Фӕлӕ-иу уӕддӕр йӕхиуыл фӕхӕцыд ӕмӕ-иу адӕмимӕ «ӕмбырдгӕнӕнты... ныхас кодта. Стӕй-иу алы бон дӕр ныхас кодта, базары фӕзы кӕуыл ӕмбӕлд, уыдонимӕ дӕр» (Ап. хъ. 17:16, 17). Цӕй хорз цӕвиттон нын ныууагъта Павел! Алыхуызон адӕмӕн хъусын кӕнгӕйӕ сын тӕрхон куы нӕ кӕнӕм, фӕлӕ семӕ уӕзданӕй куы ныхас кӕнӕм, уӕд сӕ исчи, чи зоны, хорз хабармӕ байхъуса ӕмӕ мӕнг динӕй рацӕуа (Ап. хъ. 10:34, 35; Рарг. 18:4).

Павел базары фӕзы кӕмӕн хъусын кодта, уыдонӕй бирӕтӕ хорз хабармӕ нӕ хъуыстой. Кӕимӕ ныхас кодта, уыдоны ’хсӕн уыдысты философтӕ, ӕмӕ уыдонӕн сӕ хъуыдытӕ уыдысты, Павел цы хабар хъусын кодта, уый ныхмӕ. Йемӕ-иу быцӕу кӕнын куы райдыдтой, уӕд-иу йӕ хъуыдыйыл нӕ ныллӕууыд, фӕлӕ-иу сӕм лӕмбынӕг байхъуыста. Павелы чидӕртӕ хуыдтой «мыггӕгтӕ ӕмбырдгӕнӕг», грекъӕгтӕм уый уыд фӕсномыг ныхас ӕмӕ нысан кодта «дзӕгъӕлдзых». Чидӕртӕ та дзы дзырдтой: «Куыд ӕм кӕсӕм, афтӕмӕй цыдӕр ӕцӕгӕлон хуыцӕутты кой кӕны» (Ап. хъ. 17:18).

Кӕд Павелӕй ӕвзӕртӕ дзырдтой, уӕддӕр йӕ ныфс нӕ асаст. Куы йын загътой, цӕмӕй, цы ахуырӕдты кой кодта, уыдон сын бамбарын кодтаид, уӕд уыцы фадатӕй спайда кодта ӕмӕ семӕ ныхас кӕнын райдыдта. Йӕ ныхасӕй бӕрӕг уыд, арӕхстджын хъусынгӕнӕг кӕй уыди, уый (Ап. хъ. 17:19–22; 1 Пет. 3:15). Цӕй уӕдӕ лӕмбынӕг ӕркӕсӕм, Павел цӕуыл ныхас кодта, уымӕ ӕмӕ фенӕм, махӕн дӕр цы баххуыс кӕндзӕн арӕхстджынӕй хъусын кӕнынӕн.

Адӕмы цы цымыдис кӕны, ууыл семӕ ныхас кӕнӕм

Павел загъта: «Афинӕгтӕ, куыд уӕм кӕсын, афтӕмӕй сымах хуыцӕуттыл иннӕтӕй ӕнувыддӕр стут. ...Уӕ дзуӕрттӕм [уын] куы кастӕн, уӕд мӕ цӕст ӕрхӕцыд иу нывондхӕссӕныл, фыст ыл ис: „Ӕнӕзонгӕ Хуыцауӕн“. Гъемӕ сымах ӕнӕзонгӕйӕ афтӕ ӕнувыд кӕуыл стут, ӕз уын уый тыххӕй дзурын» (Ап. хъ. 17:22, 23).

Павел йӕ алыварс цыдӕриддӕр уыдта, уымӕ-иу йӕ хъус ӕрдардта. Ӕмӕ-иу цы бафиппайдта, уымӕй йӕ бон бирӕ цыдӕртӕ уыд базонын, кӕимӕ ныхас кодта, уыдоны тыххӕй. Мах дӕр лӕмбынӕг куы уӕм, уӕд хӕдзары хицауы тыххӕй истытӕ базондзыстӕм. Зӕгъӕм, кӕрты хъазӕнтӕ кӕнӕ та дуарыл цавӕрдӕр нысӕнттӕ куы уа, уӕд уымӕй базонӕн уыдзӕн, уыцы хӕдзары цавӕр бинонтӕ цӕры, уый. Кӕд ӕй бамбӕрстам, хӕдзары хицау цы уавӕрты цӕры, уый, уӕд нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын, цы йын зӕгъдзыстӕм, ӕрмӕст ууыл нӕ, фӕлӕ ма йын йӕ куыд зӕгъдзыстӕм, ууыл дӕр (Кол. 4:6).

Павел адӕмимӕ тӕрхонгӕнӕгау никуы дзырдта. Уый зыдта, афинӕгтӕ кӕй не ’мбӕрстой, «ӕнувыд кӕуыл сты», уыдон мӕнгхуыцӕуттӕ кӕй сты, уый. Павел сын бӕлвырд бамбарын кодта, сӕ бон куыд у ӕцӕг Хуыцауӕн кувын (1 Кор. 14:8). Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй мах дӕр хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ бӕлвырд ныхас кӕнӕм ӕмӕ тӕрхон макӕмӕн кӕнӕм!

Уӕздан уӕм ӕмӕ макӕй хъулон кӕнӕм

Павел дарддӕр загъта: «Дуне ӕмӕ, дунейы цыдӕриддӕр ис, уый чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцау, арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг уӕвгӕйӕ, адӕймаджы къухӕй конд кувӕндӕтты нӕ цӕры. Ӕмӕ цыма исты хъуаг ӕййафы, уыйау ӕй адӕймаджы къухты лӕггад нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕхӕдӕг дӕтты цард, улӕфт ӕмӕ алцыдӕр» (Ап. хъ. 17:24, 25).

Павел сын уӕзданӕй бамбарын кодта, царддӕттӕг Хуыцау Йегъовӕ кӕй у, ӕмӕ йӕ схуыдта «арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг». Цӕй диссаджы кад нын у, алыхуызон динтыл хӕст ӕмӕ алыхуызон адӕмыхӕттытӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй базоной, Йегъовӕ кӕй у царддӕттӕг Хуыцау! (Пс. 36:9).

Павел йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Уый иу адӕймагӕй рауагъта ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ... снысан сын кодта рӕстӕджытӕ ӕмӕ сӕвӕрдта арӕнтӕ, кӕм цӕрой, уымӕн, цӕмӕй агурой Хуыцауы,– агурой йӕ зӕрдиагӕй,– ӕмӕ йӕ цӕмӕй ссарой, уӕвгӕ та уый махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Ап. хъ. 17:26, 27).

Куыд хъусын кӕнӕм, уымӕй бӕрӕг у, цавӕр Хуыцауӕн кувӕм, уый. Йегъовӕ никӕй хъулон кӕны ӕмӕ адӕмӕн бар дӕтты, цӕмӕй йӕ «агурой» ӕмӕ йӕ «ссарой», цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, уӕддӕр. Афтӕ мах дӕр, уацамынды кӕуыл ӕмбӕлӕм, уыдоны хъуамӕ хъулон ма кӕнӕм. Мах фӕнды, Сфӕлдисӕгыл чи ӕууӕнды, уыцы адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕм баввахс уой ӕмӕ йе ’нусон арфӕдзинӕдтӕй схайджын уой (Иак. 4:8). Фӕлӕ нӕ бон куыд у, Хуыцау кӕй ис, ууыл чи не ’ууӕнды, уыдонӕн баххуыс кӕнын? Уый тыххӕй нӕ хъӕуы Павелы фӕзмын. Ӕркӕсӕм-ма, дарддӕр цы загъта, уымӕ.

«Мах уый фӕрцы цӕрӕм, змӕлӕм ӕмӕ стӕм, уӕ фысджытӕй дӕр чидӕртӕ куыд загътой, „мах йӕ цот стӕм“, зӕгъгӕ. Гъемӕ кӕд мах Хуыцауы цот стӕм, уӕд нӕм хъуамӕ афтӕ ма кӕса, ӕмӕ Хуыцау сызгъӕрин, ӕвзист кӕнӕ дуры хуызӕн у» (Ап. хъ. 17:28, 29).

Цӕмӕй афинӕгтӕ Павелмӕ байхъуыстаиккой ӕмӕ, цы дзырдта, ууыл сразы уыдаиккой, уый тыххӕй сын ӕрхаста сӕ номдзыд фысджыты ныхӕстӕ. Мах дӕр архайӕм, цӕмӕй адӕмимӕ ныхас кӕнӕм, цы зонынц ӕмӕ цӕуыл сразы уыдзысты, ууыл. Зӕгъӕм, Павел йӕ фыстӕджы Дзуттӕгтӕм цы ныффыста, уый абон дӕр дызӕрдыггаг нӕу: «Алы хӕдзар дӕр чидӕр саразы, ӕмӕ ӕппӕт саразӕг та у Хуыцау» (Дзут. 3:4). Адӕймагӕн ахӕм хуымӕтӕг цӕвиттон куы ’рхӕссӕм, уӕд, чи зоны, сразы уа, цы дзурӕм, уый раст кӕй у, уыимӕ. Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, Павел ма адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ цавӕр мадзалӕй пайда кодта, уымӕ дӕр – разӕнгард-иу сӕ кодта цыдӕр аразынмӕ.

Адӕмӕн ӕмбарын кӕнӕм, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый

Павел загъта: «Фӕлӕ ныр Хуыцау нал кӕсы, адӕм ӕй куы нӕ зыдтой, уыцы рӕстӕджытӕм ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр дзуры, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной. Уымӕн ӕмӕ снысан кодта, йе ’взӕрст лӕджы къухӕй дунейӕн раст тӕрхон кӕд кӕндзӕн, уыцы бон» (Ап. хъ. 17:30, 31).

Хуыцау фыддзинадӕн кӕрон кӕй нӕма скодта, уый фӕрцы нӕ алкӕмӕн дӕр фадат дӕтты, нӕ зӕрдӕйы ӕцӕгдӕр цы ис, уый равдисынӕн. Хуыцауы Паддзахад ӕввахс кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ адӕмӕн ӕмбарын кӕнӕм, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый ӕмӕ сын фидарӕй дзурӕм, уыцы Паддзахад фидӕны цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдоны тыххӕй (2 Тим. 3:1–5).

Адӕм хорз хабармӕ алыхуызон цӕстӕй фӕкӕсынц

«Мӕрдты райгасы тыххӕй куы фехъуыстой, уӕд иутӕ худын райдыдтой, иннӕтӕ та дзырдтой: „Уый тыххӕй ма дӕм ӕндӕр хатт дӕр байхъусдзыстӕм“. Уӕд Павел рацыд се ’хсӕнӕй, фӕлӕ йӕм дзы чидӕртӕ ӕрбаиу сты ӕмӕ систы уырнджытӕ» (Ап. хъ. 17:32–34).

Иутӕ хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ уайтагъд айсынц, иннӕтӕн та фылдӕр рӕстӕг бахъӕуы, цӕмӕй йыл баууӕндой. Фӕлӕ, адӕмӕн хорз хабар бӕлвырд ӕмӕ хуымӕтӕг ныхӕстӕй кӕй фембарын кӕнӕм, уый фӕрцы иу адӕймаг дӕр Йегъовӕйы куы базоны, уӕд нын уый куыд ӕхсызгон вӕййы! Ӕмӕ куыд бузныг стӕм Хуыцауӕй, мах уылты адӕмӕн йӕ Фыртмӕ ӕрцӕуынӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй! (Иоан. 6:44).

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Павел адӕмимӕ куыд ныхас кодта, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн, Библийы цы фыст ис, уый адӕмӕн ӕмбарын кӕнын. Кӕд нын ӕмбырды раныхӕстӕ вӕййы, уӕд нӕ бон у Павелы фӕзмын ӕмӕ уӕзданӕй ныхас кӕнын, цӕмӕй, ӕмбырдтӕм ӕрӕджы цӕуын чи райдыдта, уыдон рӕстдзинад бамбарой ӕмӕ йӕ сӕ зӕрдӕмӕ айсой. Мах фӕнды рӕстдзинад бӕлвырд ӕмбарын кӕнын, фӕлӕ хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм, ӕмӕ кӕд ӕмбырды ӕнӕуырнджытӕ ис, уӕд афтӕ ма фенхъӕлой, ӕмӕ сын уайдзӕф кӕнӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Павелы уынаффӕмӕ хъусдзыстӕм ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайдзыстӕм иннӕты ахуыр кӕныныл.

[Ныв 30 фарсыл]

Павел адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ кодта бӕлвырд, хуымӕтӕг ӕмӕ уӕздан ныхас

[Ныв 31 фарсыл]

Мах Павелы фӕзмӕм, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдоны ӕнкъарӕнтыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уымӕй