Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Алцыдӕр йӕ афоныл аразын цӕмӕн хъӕуы?

Алцыдӕр йӕ афоныл аразын цӕмӕн хъӕуы?

Алцыдӕр йӕ афоныл аразын цӕмӕн хъӕуы?

АЛЦЫДӔР йӕ афоныл аразын алыхатт ӕнцон нӕ вӕййы. Адӕймаджы бирӕ цыдӕртӕ бакъуылымпы кӕны, зӕгъӕм, дард фӕндаг, машинӕтӕ кӕй сбирӕ сты кӕнӕ йын бирӕ хъуыддӕгтӕ кӕй вӕййы, уый. Фӕлӕ уӕддӕр хъӕуы архайын, цӕмӕй ма рӕджы кӕнӕм кӕнӕ алцыдар йӕ афоныл аразӕм. Зӕгъӕм, адӕймаг куыстмӕ афоныл куы цӕуа, уӕд ын аргъ кӕндзысты ӕмӕ хорз кусӕгыл нымад уыдзӕн. Уый зӕгъӕн нӕй, куыстмӕ чи байрӕджы кӕны, ахӕм адӕймагӕй, уымӕн ӕмӕ уый иннӕты куыст ныкъкъуылымпы кӕны. Ахуырмӕ чи фӕрӕджы кӕны, уый программӕйӕ фӕстейӕ баззайы ӕмӕ хорз нӕ фӕахуыр кӕны. Ӕнӕуи дохтырмӕ кӕнӕ дӕндӕгты дохтырмӕ куы байрӕджы кӕнай, уӕд дӕм куыд ӕмбӕлы, афтӕ йӕ хъус не ’рдардзӕн.

Иуӕй-иу рӕтты адӕм рӕстӕгмӕ кӕсынц куыдфӕндыйы цӕстӕй. Ахӕм бӕстӕты адӕймаг ӕнцонтӕй сахуыр вӕййы рӕджы кӕнын. Кӕд мах кӕм цӕрӕм, уым дӕр афтӕ у, уӕд хъуамӕ сахуыр уӕм алцыдӕр йӕ рӕстӕгыл аразын. Афоныл цӕуын цы пайда у, уый куы ӕмбарӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн. Рӕстӕгӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм? Кӕд нӕ уыцы хъуыддаджы исты хъыгдары, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн? Уыцы миниуӕг нӕм куы уа, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм?

Йегъовӕ алцыдӕр афоныл аразы

Сӕйраджыдӕр, алцыдӕр йӕ рӕстӕгыл уымӕн аразӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды нӕ Хуыцауы фӕзмын (Еф. 5:1). Уыцы хъуыддаджы Йегъовӕйӕн ӕмбал нӕй. Уый алы хъуыддаг дӕр йӕ афоныл бакӕны. Йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕныны тыххӕй цы рӕстӕг снысан кӕны, уымӕ гӕсгӕ фӕархайы. Зӕгъӕм, Йегъовӕ ӕвзӕр адӕмы доны хъаймӕты фесафынвӕнд куы скодта, уӕд Нойӕн загъта: «Дӕхицӕн чъиубӕласӕй скӕн нау». Доны хъаймӕтмӕ бирӕ куы нал баззад, уӕд ӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй наумӕ бахызтаид ӕмӕ йын загъта: «Авд боны фӕстӕ ӕз зӕххыл рауадздзынӕн къӕвда, ӕмӕ уардзӕн цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы. Ӕмӕ ӕз зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн, удӕгасӕй цыдӕриддӕр сфӕлдыстон, уыдон иууылдӕр». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, «авд боны фӕстӕ зӕххыл райдыдта доны хъаймӕт» (Райд. 6:14; 7:4, 10). Цымӕ Нойыл ӕмӕ йӕ бинонтыл цы ’рцыдаид, афоныл наумӕ куы нӕ бацыдаиккой, уӕд? Цы Хуыцауӕн куывтой, уыйау хъуамӕ алцыдӕр йӕ афоныл арӕзтаиккой.

Доны хъаймӕтӕй 450 азы бӕрц куы рацыд, уӕд Йегъовӕ Авраамӕн загъта, лӕппу йын кӕй райгуырдзӕн, ӕмӕ уыцы лӕппуйӕ кӕй рацӕудзӕн зӕрдӕвӕрд Байзӕддаг (Райд. 17:15–17). Хуыцау ын загъта, зӕгъгӕ, Исахъ райгуырдзӕн иннӕ аз ацафон. Цымӕ уыцы афон райгуырд? Фыстад нын зӕгъы: «Саррӕ басывӕрджын ӕмӕ Авраамӕн йӕ зӕронды бонты ныййардта лӕппу, Хуыцау Авраамӕн кӕд загъта, раст уыцы рӕстӕджы» (Райд. 17:21; 21:2).

Хуыцау алцыдӕр йӕ афоныл кӕй аразы, ахӕм хабӕрттӕ Библийы иу ӕмӕ дыууӕ хатты не ссардзыстӕм (Йер. 25:11–13; Дан. 4:20–25; 9:25). Библи нӕ фидӕны тыххӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй Йегъовӕйы тӕрхоны бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Ӕмӕ нӕм кӕд афтӕ кӕсы, ӕмӕ «фӕстиат кӕны», уӕддӕр хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм кӕй «нӕ байрӕджы кӕндзӕн» (Ав. 2:3).

Нӕ лӕггады ахсджиаг у алцыдӕр афоныл аразын

Израилаг нӕлгоймӕгтӕ-иу се ’ппӕт дӕр хъуамӕ ӕрӕмбырд уыдаиккой, цы бынатӕй сын уыд загъд, уырдӕм ӕмӕ-иу уым нысандгонд рӕстӕг хъуамӕ бӕрӕг кодтаиккой, «Йегъовӕ сын цы бӕрӕгбӕттӕ бафӕдзӕхста кӕнын», уыдон (Лев. 23:2, 4). Хуыцау ма сын загъта, нывӕндтӕ цафон хъуамӕ хастаиккой, уый дӕр (Рац. 29:38, 39; Лев. 23:37, 38). Уӕдӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ алцыдӕр йӕ афоныл аразой?

Фыццаг ӕнусы апостол Павел коринфӕгтӕм чырыстон фембӕлдты тыххӕй афтӕ ныффыста: «Алцыдӕр уӕм уӕд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл» (1 Кор. 14:40). Уымӕ гӕсгӕ-иу чырыстон фембӕлдтӕ хъуамӕ афоныл райдыдтаиккой. Йегъовӕ рӕстӕгмӕ уӕд цы цӕстӕй касти, абон дӕр ӕм ахӕм цӕстӕй кӕсы (Мал. 3:6). Уӕдӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕмбырдтӕм афоныл цӕуӕм?

Архайӕм алцыдӕр йӕ афоныл кӕныныл

Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, стыр ӕххуыс сын кӕй у, сӕ хъуыддӕгтӕ рагацау кӕй спълан кӕнынц, уый (Ӕмб. 21:5). Искуыдӕм нӕ нысангонд рӕстӕгмӕ дард ранмӕ цӕуын куы хъӕуа, уӕд цымӕ раст уаид тӕккӕ къуырцдзӕвӕны рацӕуын? Хуыздӕр уаид гыццыл раздӕр рацӕуын, цӕмӕй ма байрӕджы кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ фӕндагыл «кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Еккл. 9:11). Хосе *, алцыдӕр афоныл аразын чи сахуыр ис, уыцы ӕрыгон лӕппу дзуры: «Фӕндагыл цас рӕстӕг ацӕуы, уый хорз куы зонай, уӕд ӕнцондӕр уыдзӕн, цӕмӕй ма байрӕджы кӕнай».

Чидӕртӕ та сӕ куыст афтӕ спълан кодтой, цӕмӕй-иу раздӕр рацӕуой ӕмӕ ӕмбырдмӕ ма байрӕджы кӕной. Эфиопийӕ иу ӕфсымӕр дӕр афтӕ бакодта, куы бамбӕрста, ӕмбырдтӕм 45 минуты кӕй рӕджы кӕндзӕн йӕ куысты тыххӕй, уӕд. Уыцы ӕфсымӕр йе ’мкусӕгимӕ баныхас кодта, цӕмӕй-иу ӕй, ӕмбырд цы изӕр уыд, уыцы изӕр раздӕр баивтаид. Уый фӕстӕ-иу йе ’мкусӕджы бӕсты авд сахаты бакуыста.

Гыццыл сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн зындӕр вӕййы ӕмбырдмӕ афоныл ӕрбацӕуын. Сывӕллӕтты срӕвдз кӕнын фылдӕр мадмӕ хауы, фӕлӕ йын йӕ бинонтӕ дӕр хъуамӕ ӕххуыс кӕной. Ӕркӕсӕм-ма иу хабармӕ. Мексикӕйы цӕры иу сылгоймаг, Розитӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ иунӕгӕй хъомыл кӕны аст сывӕллоны. Кӕстӕрыл цӕуы 5 азы, хистӕрыл та – 23 азы. Ӕмбырдмӕ сын афоныл цӕуын куыд уайы, уый тыххӕй Розитӕ афтӕ зӕгъы: «Хистӕр чызджытӕ кӕстӕрты срӕвдз кӕнынц. Ӕз та уӕдмӕ фӕуын хӕдзары куыстытӕ ӕмӕ мӕхи срӕвдз кӕнын, цӕмӕй ӕмбырдмӕ афоныл ацӕуӕм». Уыцы бинонтӕ кӕрӕдзийӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый фӕрцы сӕ бон вӕййы хӕдзарӕй афоныл рацӕуын.

Рӕджы куы нӕ кӕнай, уӕд уый дӕ лӕггадыл куыд фӕзындзӕн

Ӕмбырдмӕ раздӕр цӕуын цы пайда у, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн афоныл цӕуын ӕмӕ ууыл архайгӕ дӕр кӕндзыстӕм. Иу ӕрыгон сылгоймаг, Сандрӕ, зӕгъгӕ, архайдта алы ӕмбырдмӕ дӕр афоныл цӕуын, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Раздӕр кӕй ӕрбацӕуын, уый фӕрцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн салам раттын, семӕ аныхас кӕнын, ӕмӕ сӕ хуыздӕр базонын». Паддзахады залмӕ рагацау куы ’рбацӕуӕм, уӕд нын уый стыр пайда фӕуыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕмбырды размӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ арӕх фӕдзурынц, зындзинӕдтӕн фидар куыд лӕууынц ӕмӕ иузӕрдион цӕй фӕрцы сты, уый тыххӕй. Мах дӕр рагацау куы цӕуӕм ӕмӕ семӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд сыл мах дӕр хорзырдӕм ӕндавдзыстӕм, ӕмӕ сӕ «разӕнгард кӕндзыстӕм уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» (Дзут. 10:24, 25).

Ӕмбырды размӕ цы зарӕг ӕмӕ куывд вӕййы, уыдон дӕр ахсджиаг сты (Пс. 149:1). Зарджытӕй кадджын кӕнӕм Йегъовӕйы, уыдон нӕ разӕнгард кӕнынц хорз миниуджытыл кусынмӕ ӕмӕ зӕрдиагӕй хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Ӕмбырды размӕ цы куывд вӕййы, уый тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Рагзаманты Йегъовӕ йӕ кувӕндон хуыдта «кувӕн хӕдзар» (Ис. 56:7). Абон дӕр ӕмбырдты иумӕ Хуыцаумӕ фӕкувӕм. Ӕмбырды размӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ фӕкувӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕ разамынд дӕтта ӕмӕ нӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕна, фӕлӕ ма нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зонд программӕмӕ хъусынмӕ бацӕттӕ кӕнӕм. Уӕдӕ нӕ хъӕуы архайын, цӕмӕй, ӕмбырды размӕ цы зарӕг ӕмӕ куывд вӕййы, уыдонмӕ ма байрӕджы кӕнӕм.

Еленӕ, цӕуы йыл 23 азы, ӕмбырдтӕм рагацау цӕмӕн ӕрбацӕуы, уый тыххӕй афтӕ загъта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ афтӕмӕй мӕ бон у равдисын, Йегъовӕйы кӕй уарзын, уый, уымӕн ӕмӕ дзы цы фехъусын, уый Йегъовӕйӕ у, суанг фыццаг зарӕг ӕмӕ куывд дӕр». Мах дӕр афтӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм? О. Уымӕ гӕсгӕ, хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй алы хъуыддаг дӕр йӕ афоныл аразӕм, уӕлдайдӕр та, ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнынимӕ цы хъуыддӕгтӕ баст сты, уыдон.

[Фиппаинаг]

^ 12 абз. Нӕмттӕ ивд сты.

[Ныв 26 фарсыл]

Рагацау-иу уӕхи срӕвдз кӕнут

[Ныв 26 фарсыл]

Алцыдӕр вӕййы

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Фембӕлдтӕм рагацау цӕуын пайда у