Ацы дунейы зондыл ма цӕуӕм
Ацы дунейы зондыл ма цӕуӕм
ЦЫ ’МБӔЛЫ ӕмӕ цы не ’мбӕлы, стӕй кадджын цы у ӕмӕ цы нӕу, уый фӕдыл ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕтты иухуызон нӕ хъуыды кӕнынц. Стӕй, рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ адӕм сӕ хъуыды дӕр аивынц. Фыстады рагон хабӕртты тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд сӕ хъуамӕ нӕ рӕстӕджы барӕнӕй ма барӕм, фӕлӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, уыцы заманты адӕм куыд хъуыды кодтой ӕмӕ, цӕмӕн аргъ кодтой, уый.
Ӕркӕсӕм-ма, Чырыстон Грекъаг Фыстыты арӕх кӕй кой цӕуы, уыцы дыууӕ хъуыддагмӕ – кад ӕмӕ ӕгаддзинадмӕ. Цӕмӕй, ацы хъуыддӕгты кой кӕм ис, уыцы хабӕрттӕ хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы базонын, уӕды рӕстӕджы адӕм куыд хъуыды кодтой, уый.
Адӕмы зондахаст фыццаг ӕнусы
Иу ахуыргонд загъта: «Греци, Ром ӕмӕ Иудӕйы стыр нысаниуӕг уыд кадӕн. Адӕм бӕллыдысты, цӕмӕй-иу сӕ ном айхъуыстаид ӕмӕ сын иннӕтӕ кад кодтаиккой, ӕмӕ-иу уый тыххӕй сӕ цард раттынмӕ дӕр цӕттӕ уыдысты». Ахӕм кадмӕ кӕй бӕллыдысты, уый тыххӕй сын сӕйрагдӕр уыд, иннӕтӕ цы зӕгъдзысты, уый.
Адӕм уӕздӕттыл, сӕрибартыл ӕмӕ цагъартыл дих кӕм цыдысты, уым адӕймаджы номӕн ӕмӕ кадӕн уыд стыр нысаниуӕг. Адӕймагӕн хъуамӕ ӕрмӕст йӕхи цӕсты ма уыдаид кад, фӕлӕ ма иннӕты цӕсты дӕр. Кад кӕнын нысан кодта, чидӕр ӕцӕгдӕр кады аккаг кӕй у, уый адӕмы раз ӕргом дзурын. Кад кӕмӕн кодтой, уыцы адӕймагӕй-иу ӕппӕлыдысты йӕ хъӕздыгдзинад ӕмӕ йе стыр бынаты тыххӕй, стӕй кадджын мыггагӕй кӕй уыд, уый тыххӕй дӕр. Адӕймаг-иу йӕхицӕн ном скодта, исты хорздзинад-иу куы сарӕзта кӕнӕ-иу истӕмӕй куы фесгуыхт, уӕд. Фӕлӕ-иу исты ӕгад хъуыддаг куы сарӕзта, уӕд-иу ыл иннӕтӕ худтысты ӕмӕ йӕ ницӕйагыл нымадтой. Уый тыххӕй-иу адӕймаг йӕхицӕн бынат дӕр нал ардта ӕмӕ-иу ӕй йӕ цӕсгом хордта.
Иу хатт Йесо радзырдта, адӕймаджы-иу «фынгыл уӕлейӕ» кӕнӕ «дӕлдӕр» куыд сбадын кодтой, уый тыххӕй. Уӕды рӕстӕджы-иу уӕлейӕ кӕй сбадын кодтой, уымӕн-иу афтӕмӕй скад кодтой (Лук. 14:8–10). Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ кӕрӕдзиимӕ, ӕппынкъаддӕр, дыууӕ хатты быцӕу кодтой, «уӕлдӕр сӕ чи хъуамӕ уа», ууыл (Лук. 9:46; 22:24). Уыдон хӕст уыдысты, кӕй ӕхсӕн цардысты, уыцы адӕмы зондыл. Сӕрбӕрзонд дзуттаг дины разамонджытӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Чырысти цӕуыл ахуыр кодта, уый сын сӕ кад дӕлӕмӕ кӕны. Уымӕй хуыздӕр кӕй уыдысты, уый-иу сӕ равдисын кӕй фӕндыд, уый тыххӕй-иу адӕмы раз йемӕ фӕбыцӕу сты, фӕлӕ-иу сын дзы ницы рауад (Лук. 13:11–17).
Фыццаг ӕнусы дзуттӕгтӕм, грекъӕгтӕм ӕмӕ ромӕгтӕм ӕндӕр ӕгад хъуыддагыл нымад уыд, адӕймаджы-иу «исты фыдракӕнды тыххӕй куы ӕрцахстой ӕмӕ-иу ӕй адӕмы раз куы фӕнадтой», уый. Адӕймаджы-иу куы сбастой кӕнӕ-иу ӕй ахӕстоны куы бакодтой, уӕд-иу адӕмы цӕсты фегад. Афтӕмӕй-иу йе ’мбӕлттӕ, йӕ бинонтӕ ӕмӕ иннӕ адӕмы раз фӕхудинаг, исты фыдракӕнды аххосджын уыдаид ӕви нӕ, уӕддӕр. Худинаджы гакк-иу ыл кӕй сбадт, уый тыххӕй-иу йӕхи зӕххӕй сисыны аккагыл нал нымадта ӕмӕ-иу ӕм адӕм дӕр ахӕм цӕстӕй кастысты. Уымӕй фыддӕр та-иу уыд, адӕймаджы-иу куы сбӕгънӕг кодтой ӕмӕ-иу ӕй ехсӕй куы фӕнадтой, уӕд. Уый тыххӕй-иу ыл ӕнӕрвӕссон кодтой ӕмӕ-иу ыл худтысты, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ кад дӕлӕмӕ кодтой.
1 Кор. 1:23). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ уыцы зындзинӕдты сӕрты цӕй фӕрцы хызтысты?
Адӕймаджы-иу хъӕдыл куы байтыгътой, уӕд-иу уымӕй ӕгаддӕр ӕфхӕрдӕн скӕнӕн нӕ уыд. Ахуыргонд Мартин Хенгель зӕгъы, зӕгъгӕ, ахӕм мӕлӕты тӕрхон-иу «рахастой цагъартӕн, ӕмӕ иууылдӕр зыдтой, ахӕм тӕрхон кӕй сӕр баййафа, уымӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕгаддзинад, фидистӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ». Кӕй-иу бафхӕрдтой ӕмӕ-иу кӕй фегад кодтой, уыцы адӕймаджы бинонтӕ ӕмӕ ӕмбӕлттӕ-иу адӕмы зӕрдӕхудты бацӕуынӕй кӕй тарстысты, уый тыххӕй-иу ыл сӕ къух систой. Чырысти дӕр ахӕм мӕлӕтӕй кӕй амард, уымӕ гӕсгӕ-иу фыццаг ӕнусы йӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕндыд, уыдоныл-иу адӕм худтысты. Хъӕдыл кӕй байтыгътой ӕмӕ афтӕмӕй чи хъизӕмар кодта, ахӕм адӕймаджы фӕдыл цӕуын ӕнӕзонд мийыл нымад уыд. Апостол Павел ныффыста: «Мах... хъусын кӕнӕм, хъӕдыл кӕй байтыгътой, уыцы Чырыстийы тыххӕй; уыцы хабар дзуттӕгтӕн у цӕлхдур, иннӕ адӕмыхӕттытӕн та – ӕнӕзонддзинад» (Чырыстӕтты зондахаст
Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ закъон ӕххӕст кодтой ӕмӕ архайдтой, цӕмӕй исты ӕвзӕр хъуыддагӕй сӕхи ма фӕхудинаг кодтаиккой. Апостол Петр ныффыста: «Ӕфхӕрд [уӕ] мачи баййафӕд марыны, давыны кӕнӕ ӕндӕр фыдракӕнды тыххӕй, йе та, йӕхи искӕй хъуыддӕгты кӕй тъыссы, уый тыххӕй» (1 Пет. 4:15). Фӕлӕ Чырысти загъта, йӕ фӕдылдзӕуджыты йын йӕ номы тыххӕй кӕй ӕфхӕрдзысты (Иоан. 15:20). «Кӕд [уӕ] исчи, чырыстон кӕй у, уый тыххӕй хъизӕмӕрттӕ ӕвзары, уӕд ӕм уый худинаг ма кӕсӕд, фӕлӕ кадджын кӕнӕд Хуыцауы»,– ныффыста Петр (1 Пет. 4:16). Чырыстийы фӕдыл чи цыд ӕмӕ уый тыххӕй хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын худинагыл чи нӕ нымадта, уыдон-иу афтӕмӕй цыдысты, цы адӕмы ’хсӕн цардысты, уыдоны ӕгъдауы ныхмӕ.
Чырыстӕттӕ адӕмы зондыл нӕ цыдысты. Фыццаг ӕнусы чи цард, уыдон афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Мессийӕйы хъӕдыл байтындзой, уымӕн гӕнӕн нӕй. Уымӕ гӕсгӕ тӕссаг уыд, чырыстӕттӕ дӕр афтӕ хъуыды кӕнын куы райдыдтаиккой, уымӕй. Фӕлӕ Йесо Мессийӕ кӕй уыд, ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыдысты, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ йӕ фӕдыл цыдаиккой, кӕд сыл иннӕтӕ худтысты, уӕддӕр. Йесо загъта: «Ацы дуджы хӕлд ӕмӕ тӕригъӕдджын адӕмы раз, мӕн кӕй зоны ӕмӕ мӕ ныхӕстыл кӕй ӕууӕнды, уый худинаг кӕмӕ фӕкӕса, уымӕй, ай мӕ ахуыргӕнинаг у, зӕгъгӕ, зӕгъын Адӕймаджы Фыртмӕ дӕр худинаг фӕкӕсдзӕн, йӕ рухс зӕдтимӕ, йӕ Фыды кадимӕ куы ’рцӕуа, уӕд» (Марчы 8:38).
Абон дӕр, гӕнӕн ис, иннӕтӕ архайой, цӕмӕй нӕ дин ныууадзӕм. Гӕнӕн ис, не ’мкъласонтӕ, нӕ сыхӕгтӕ ӕмӕ не ’мкусджытӕ архайой, цӕмӕй нӕ исты ӕнӕгъдау, мӕнгард кӕнӕ ӕндӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтыл бафтауой. Чи зоны нын фидистӕ кӕной, Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй. Ахӕм уавӕры нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм?
Худинаг чи ницӕмӕ ӕрдардта, уыдоны фӕзмӕм
Кӕд Чырысти карз ӕфхӕрд баййӕфта ӕмӕ йӕ ӕгады бынаты сӕвӕрдтой, уӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад. Уый «худинаг ницӕмӕ ӕрдардта – хъизӕмӕртты хъӕдыл мӕлӕт бавзӕрста» (Дзут. 12:2). Йе знӕгтӕ йӕ дзӕхстытӕ кодтой, тутӕ йыл кодтой, йӕ дӕрӕс ын раластой, ехсӕй йӕ фӕнадтой, барӕхуыстой йӕ ӕмӕ йӕ ӕлгъыстой (Марчы 14:65; 15:29–32). Кӕд ӕй фегад кӕнынмӕ хъавыдысты, уӕддӕр Чырысти уый ницӕмӕ ӕрдардта. Уый зыдта, Йегъовӕйы цӕсты йӕ кад кӕй нӕ фесафдзӕн ӕмӕ нӕ архайдта, цӕмӕй йын адӕмы ’хсӕн кад уыдаид. Кӕд цагъары мӕлӕт бавзӕрста, уӕддӕр ӕй Йегъовӕ сбӕрзонд кодта – райгас ӕй кодта ӕмӕ йын радта тӕккӕ кадджындӕр бынат ӕмӕ йӕ йӕ фарсмӕ сбадын кодта. Филиппӕгтӕм 2:8–11 фыст ис: «[Йесо Чырысти] йӕхи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ коммӕгӕс уыд мӕлӕты онг дӕр – мӕлгӕ та акодта хъизӕмӕртты хъӕдыл. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау дӕр сӕвӕрдта ноджы уӕлдӕр ӕмӕ йын нӕ бавгъау кодта, ӕппӕт иннӕ нӕмттӕй бӕрзонддӕр чи у, ахӕм ном, цӕмӕй Йесойы номӕй йӕ зонгуытыл ӕрлӕууа алчидӕр: уӕлӕрвты чи ис, зӕххыл чи ис ӕмӕ зӕххы бын чи ис, уыдон, ӕмӕ алчидӕр ӕргом зӕгъа, Йесо Чырысти кӕй у Хицау нӕ Фыд Хуыцауы кадӕн».
Чырыстийӕн ӕнцон нӕ уыд, ахӕм мӕлӕтӕй кӕй хъуамӕ амардаид, уый. Йесо тыхсти, йӕ Фыды ном куы фӕхудинаг уа, уымӕй, афтӕ дзы кӕй дзырдтой, Хуыцауы фауы, зӕгъгӕ, уый тыххӕй. Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ ахӕм мӕлӕтӕй бахызтаид: «Курын дӕ, ацы къус мын ма бануазын кӕн». Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кодта (Марчы 14:36). Чырысти фидар фӕлӕууыд ӕмӕ худинаг ницӕмӕ ӕрдардта. Уӕды заманы ахӕм ӕфхӕрд бавзарын ӕгадыл нымадтой, дунейы ӕгъдӕуттыл хӕст чи уыд, ӕрмӕстдӕр уыдон. Фӕлӕ Чырысти афтӕ нӕ хъуыды кодта.
Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты дӕр-иу ӕрцахстой ӕмӕ-иу сӕ ехсӕй фӕнадтой. Афтӕмӕй-иу сӕ бирӕты раз фегад кодтой. Адӕм сӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кастысты ӕмӕ сыл былысчъилтӕ кодтой. Фӕлӕ-иу уӕддӕр сӕ ныфс нӕ асаст. Иннӕтӕ цы дзырдтой, уый сӕм нымады дӕр нӕ уыд (Матф. 10:17; Ап. хъ. 5:40; 2 Кор. 11:23–25). Уыдон зыдтой, сӕ хъизӕмӕртты хъӕд кӕй хъуамӕ райсой ӕмӕ ӕппынӕдзух Чырыстийы фӕдыл кӕй хъуамӕ цӕуой (Лук. 9:23, 26).
Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Ацы дунейы ӕнӕзонд, лӕмӕгъ ӕмӕ ӕгадыл нымад цы у, уый Хуыцауы цӕсты у зондджын, тыхджын ӕмӕ кадджын (1 Кор. 1:25–28). Уӕдӕ адӕймаг дунейы зондыл куы цӕуа, уӕд уый раст уыдзӕн?
Ацы дунейы йӕхицӕн кадджын ном скӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн ахсджиаг у, адӕм сӕ цы хъуыды кӕнынц, уый. Мах та Йесойау ӕмӕ фыццаг ӕнусы ахуыргӕнинӕгтау фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ нӕ Хӕлар уа. Уымӕ гӕсгӕ мах кадыл ӕмӕ ӕгадыл нымайӕм, Йегъовӕйы цӕсты кадджын ӕмӕ ӕгад цы у, уый.
[Ныв 4 фарсыл]
Дуне ӕгадыл цы нымадта, уый Чырыстийы цӕсты ӕгад нӕ уыд