Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Тӕригъӕдджынӕй кӕй зыдтой, уыцы сылгоймагӕн Чырысти цӕмӕн загъта, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ, зӕгъгӕ? (Лук. 7:37, 48).

Иухатт Чырысти, фарисей чи уыд, уыцы Симоны хӕдзары куы минас кодта, уӕд ӕм иу сылгоймаг бацыд ӕмӕ «фӕстӕрдыгӕй йӕ къӕхты раз ӕрбадт». Йӕ цӕссыгтӕй йын йӕ къӕхтӕ ӕхсын райдыдта ӕмӕ йын сӕ йӕ дзыккутӕй сӕрфта. Уый фӕстӕ йын йӕ къӕхтӕн пъатӕ кодта ӕмӕ йын сӕ хӕрздӕф сойӕ сӕрста. Библийы фыст ис, уыцы сылгоймаджы горӕты «тӕригъӕдджынӕй кӕй зыдтой». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕм се ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын сты, фӕлӕ Фыстады ацы ныхас арӕх фӕхауы, уӕззау тӕригъӕдтӕ чи кӕны, ахӕм адӕймагмӕ. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы сылгоймаг уыд хӕтаг. Ӕмӕ Йесо ахӕм адӕймагӕн загъта: «Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ» (Лук. 7:36–38, 48). Чырыстийы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты? Кӕд нырма ахӕсты аргъ фыст не ’рцыд, уӕд ын куыд ныххатыр кодта?

Сылгоймаг Чырыстийӕн йӕ къӕхтӕ куы ныхсадта ӕмӕ йын сӕ сойӕ куы байсӕрста, уӕд Йесо иу цӕвиттон ӕрхаста, цӕмӕй йӕ фысым Симонӕн иу ахсджиаг хабар бамбарын кодтаид. Чырысти тӕригъӕд абарста стыр хӕсимӕ ӕмӕ Симонӕн загъта: «Иу ӕфстаудӕттӕгӕй дыууӕ лӕджы дардтой хӕс: сӕ иу фондзсӕдӕ динары, иннӕ та – фӕндзай. Фӕлӕ йын йӕ хӕс цӕмӕй бафыстаиккой, уый сӕм кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ хӕларзӕрдӕйӕ сӕ дыууӕйӕн дӕр сӕ хӕс ныххатыр кодта. Уыцы дыууӕйӕ йӕ фылдӕр кӕцы уарздзӕн?» Симон ын дзуапп радта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, фылдӕр кӕмӕн ныххатыр кодта, уый». Йесо та йын загъта: «Раст зӕгъыс» (Лук. 7:41–43). Алчи дӕр нӕ хъуамӕ Хуыцауы коммӕ кӕса. Фӕлӕ нӕ исчи йӕ коммӕ куы нӕ бакӕсы ӕмӕ тӕригъӕд куы ракӕны, уӕд ын нӕ бон нал вӕййы, цы йын ӕмбӕлы, уый дӕттын. Афтӕмӕй йӕ разы свӕййӕм хӕсджын. Фӕлӕ нын Йегъовӕ уыцы ӕфстаудӕттӕгау нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны. Уымӕ гӕсгӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, цӕмӕй Хуыцаумӕ афтӕ кувой: «Ныххатыр нын кӕн нӕ тӕригъӕдтӕ [«нӕ хӕстӕ», фип.], мах дӕр, нӕ тӕригъӕды чи бацӕуы, уыдонӕн [«нӕ хӕсджынтӕн», фип.] куыд ныххатыр кӕнӕм, афтӕ» (Матф. 6:12). Йесо ма тӕригъӕдтӕ хӕстимӕ абарста Лукайы 11:4 (фип.) дӕр.

Хуыцау рагзаманты тӕригъӕдтӕ цӕй фӕрцы хатыр кодта? Хуыцауы рӕстдзинад домдта, цӕмӕй, тӕригъӕд чи сарӕзтаид, уымӕн мӕлӕты тӕрхон хаст ӕрцыдаид. Уымӕ гӕсгӕ Адам йӕ тӕригъӕды тыххӕй йӕ цард фесӕфта. Фӕлӕ Хуыцау Израилы адӕмӕн цы Закъон радта, уымӕ гӕсгӕ-иу исчи тӕригъӕд куы сарӕзтаид, уӕд-иу ын хатыргонд ӕрцыдаид, Йегъовӕйӕн-иу фосы нывонд кӕй ӕрхастаид, уый фӕрцы. Апостол Павел загъта: «Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Закъонмӕ гӕсгӕ алцыдӕр сыгъдӕг кӕны тугӕй, ӕмӕ туг куы нӕ ныккӕла, уӕд тӕригъӕдтӕ хатыргонд нӕ цӕуынц» (Дзут. 9:22). Дзуттӕгтӕ зыдтой, Хуыцау сын ӕрмӕстдӕр нывӕндты фӕрцы кӕй хатыр кӕндзӕн сӕ тӕригъӕдтӕ. Уӕдӕ диссаг нӕу, Чырыстиимӕ иу фынгыл чи бадт, уыдон разы кӕй нӕ уыдысты, сылгоймагӕн цы загъта, уыимӕ. Уыдон сӕхинымӕр дзырдтой: «Чи у ацы адӕймаг, тӕригъӕдтӕ дӕр куы хатыр кӕны?» (Лук. 7:49). Уӕдӕ уӕззау тӕригъӕдтӕ чи сарӕзта, уыцы сылгоймагӕн ныххатыр кӕнӕн цӕй фӕрцы уыд?

Фыццаг лӕг ӕмӕ ус Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд Йегъовӕ загъта, кӕй фӕзындзӕн «байзӕддаг» ӕмӕ йын Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ «байзӕддаг» йӕ зӕвӕтыл кӕй фӕхӕцдзысты (Райд. 3:15). Уыцы хабар ӕрцыд, Хуыцауы знӕгтӕ Чырыстийы куы амардтой, уӕд (Гал. 3:13, 16). Чырысти йӕ туг кӕй ныккалдта, уымӕй бафыста ахӕсты аргъ, цӕмӕй адӕмы се ’ппӕты дӕр тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар кодтаид. Йегъовӕйы ӕппындӕр ницы бакъуылымпы кӕндзӕн йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ, Райдианы 3:15 цы ныхӕстӕ ис фыст, уыдон куыддӕр загъта, афтӕ уыцы нывонд банымадта, чи ӕрцыд, ахӕм хъуыддагыл. Ӕмӕ афтӕмӕй йӕ бон уыд, йӕ зӕрдӕвӕрдтыл ын фидарӕй чи ӕууӕндыд, уыдонӕн хатыр кӕнын.

Рагзаманты-иу Йегъовӕ кӕйдӕрты рӕстгӕнджытыл банымадта. Уыцы адӕмы ’хсӕн уыдысты Енох, Ной, Авраам, Раав ӕмӕ Иов дӕр. Уыдоны фидар ныфс уыд, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый. Ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста: «Авраам баууӕндыд Йегъовӕйыл, ӕмӕ уый тыххӕй нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл». Раавы тыххӕй та ныффыста: «Афтӕ хӕтаг сылгоймаг Раав дӕр рӕстгӕнӕгыл нымад йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не ’рцыд?» (Иак. 2:21–25).

Рагон Израилы паддзах Давид цалдӕр уӕззау тӕригъӕды сарӕзта, фӕлӕ уӕддӕр ӕцӕг Хуыцауыл фидарӕй йӕ ныфс дардта ӕмӕ-иу алыхатт дӕр зӕрдиагӕй ӕрфӕсмон кодта. Библийы фыст ис: «Хуыцау [Чырыстийы] ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй, йӕ тугыл чи ’ууӕнды, уыдоны йӕхиимӕ бафидауын кӕна. Афтӕ та уымӕн сарӕзта, цӕмӕй уымӕй равдиса йӕ рӕстдзинад, уымӕн ӕмӕ Хуыцау быхста адӕмӕн ӕмӕ, ивгъуыд заманты цы тӕригъӕдтӕ кодтой, уыдон сын хатыр кодта. Уый йӕ фӕндыд, ӕмӕ абон равдиса йӕ рӕстдзинад, цӕмӕй уа раст, Йесойыл чи ’ууӕнды, уый рӕстгӕнӕгыл куы банымайа, уӕд дӕр» (Ром. 3:25, 26). Чырысти фидӕны йӕ цард нывондӕн кӕй хъуамӕ ӕрхастаид, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон уыд Давидӕн йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕнын, йӕ закъӕтты сӕрты куыд нӕ ахызтаид, афтӕ.

Чырыстийӕн йӕ къӕхтӕ хӕрздӕф сойӕ чи байсӕрста, уыцы сылгоймагӕн дӕр йӕ хабар афтӕ уыд. Кӕд ӕнӕгъдау цард кодта, уӕддӕр йӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодта. Уый ӕмбӕрста, тӕригъӕдӕй йӕ балхӕнын кӕй хъӕуы ӕмӕ хъуыддагӕй равдыста, ӕцӕгӕйдӕр кӕй аргъ кӕны, Йегъовӕ ахӕсты аргъ кӕй уылты хъуамӕ бафыстаид, уыцы адӕймагӕн. Ӕмӕ кӕд уыцы рӕстӕг нывонд хаст нӕма ӕрцыд, уӕддӕр уыцы хъуыддагӕн ӕнӕрцӕугӕ кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кодтаид, ахӕм адӕмӕн уыд ныххатыр кӕнӕн. Ӕмӕ Йесо дӕр уыцы сылгоймагӕн уый тыххӕй загъта: «Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».

Ацы хабарӕй бӕрӕг у, Чырысти йӕхи дард кӕй нӕ ласта, уӕззау тӕригъӕдтӕ чи арӕзта, уыдонӕй. Уый сӕм хӕларзӕрдӕ дардта. Уымӕй уӕлдай ма, йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны, уыдонӕн Йегъовӕ зӕрдиагӕй хатыр кӕны. Уӕдӕ уыцы хабар махӕн – ӕнӕххӕст адӕмӕн – куыд ӕхсызгон у!

[Ныв 7 фарсыл]

Ацы адӕм рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцыдысты