Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы арфӕдзинад зӕрдиагӕй агур

Йегъовӕйы арфӕдзинад зӕрдиагӕй агур

Йегъовӕйы арфӕдзинад зӕрдиагӕй агур

«[Хуыцауы] зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн... арфӕ кӕны» (ДЗУТ. 11:6).

1, 2. а) Бирӕтӕ Хуыцауы арфӕдзинад куыд агурынц? ӕ) Йегъовӕйы арфӕдзинад нӕ уӕлдай тынгдӕр цӕмӕн хъӕуы?

ИУӔЙ-ИУ бӕстӕты ис ахӕм ӕгъдау, ӕмӕ, хорздзинад чи саразы, уыцы адӕймагӕн фӕзӕгъынц, Хуыцау дын раарфӕ кӕнӕд, зӕгъгӕ. Иуӕй-иу динты разамонджытӕ арфӕ фӕкӕнынц адӕмӕн, цӕрӕгойтӕн ӕмӕ алыхуызон дзауматӕн. Адӕм фӕцӕуынц алыхуызон кувӕн бынӕттӕм, цӕмӕй Хуыцауы арфӕдзинадӕй схайджын уой. Хицӕуттӕ дӕр арӕх сӕ адӕмы тыххӕй Хуыцауӕй арфӕдзинад фӕкурынц. Куыд дӕм кӕсы, афтӕ кӕй кӕнынц, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуы? Цымӕ сӕ Хуыцау фехъусы? Хуыцау кӕмӕн арфӕ кӕны ӕмӕ цӕмӕн?

2 Йегъовӕ рагзаманты дзырдта, фӕстаг бонты йын зӕххыл кӕй уыдзӕн сыгъдӕг ӕмӕ фарнуарзӕг адӕм ӕппӕт адӕмтӕй дӕр. Уыдон Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕндзысты зӕххы кӕрӕттӕм, кӕд сӕ иннӕтӕ се сӕфт уындзысты ӕмӕ сӕ ныхмӕ цӕудзысты, уӕддӕр (Ис. 2:2–4; Матф. 24:14; Рарг. 7:9, 14). Уыцы адӕмы фӕнды, цӕмӕй сын Хуыцау арфӕ кӕна. Ӕмӕ сӕ йӕ арфӕдзинад ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй сӕ къухы ницы бафтдзӕн (Пс. 127:1). Фӕлӕ нӕ бон куыд у Хуыцауы арфӕдзинад ссарын?

Коммӕгӕс адӕмыл ӕрцӕудзӕн арфӕдзинӕдтӕ

3. Израилӕгтӕ Хуыцаумӕ куы хъуыстаиккой, уӕд сын уый цы пайда уыдаид?

3 Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 10:6, 7. Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куы лӕууыдысты, уӕд сын Йегъовӕ загъта, куы йӕм хъусой, уӕд сын диссаджы хорз цард кӕй скӕндзӕн ӕмӕ сӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн (Дык. з. 28:1, 2). Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕ сыл ӕрмӕст цӕугӕ хъуамӕ ма ӕркодтаиккой, фӕлӕ ма хъуамӕ сӕ хай дӕр бауыдаиккой. Йӕ коммӕ чи каст, уыдон сӕ ӕнӕмӕнгӕй сӕхи цӕстӕй федтаиккой.

4. Хуыцаумӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ хъусын цы нысан кӕны?

4 Израилӕгтӕ Хуыцаумӕ цы зӕрдӕйӕ хъуамӕ хъуыстаиккой? Хуыцауы Закъоны фыст уыд, йӕ адӕм ын «цингӕнгӕйӕ ӕмӕ хъӕлдзӕгзӕрдӕйӕ» куы нӕ лӕггад кодтаиккой, уӕд сӕ йӕ зӕрдӕ кӕй нӕ рухс кодтаид. (Бакӕс Дыккаг закъон 28:45–47.) Йегъовӕ уый аккаг у, цӕмӕй йӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ хъусӕм, цӕрӕгойтӕ ӕмӕ дӕлимонтӕ куыд хъусынц, афтӕ нӕ, фӕлӕ (Марчы 1:27; Иак. 3:3). Адӕймаг Хуыцаумӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ хъусдзӕн, куы йӕ уарза, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уый бӕрӕг вӕййы, куы нӕ фӕдызӕрдыг кӕны, Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ циндзинад кӕй хӕссынц, зынӕххӕстгӕнӕн кӕй не сты ӕмӕ «йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны», ууыл (Дзут. 11:6; 1 Иоан. 5:3).

5. Йегъовӕ ныфс цӕмӕй ӕвӕры, ууыл адӕймаг куы ӕууӕнда, уӕд ӕй цӕмӕн фӕнддзӕн Дыккаг закъоны 15:7, 8 хъусын?

5 Адӕймаг ма Хуыцаумӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй хъусы, уый бӕрӕг вӕййы, Дыккаг закъоны 15:7, 8 цы фыст ис, уый куы феххӕст кӕны, уӕд дӕр. (Бакӕс ӕй.) Ацы закъон зӕрдиагӕй куы ’ххӕст кӕнӕм, уӕд мӕгуыртӕн сӕ уаргъ фӕрогдӕр кӕндзыстӕм. Фӕлӕ уымӕй, мыййаг, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн фарн ӕмӕ уарзондзинад фӕтыхджындӕр уыдзӕн? Уӕлдайдӕр та, бӕрӕг уыдзӕн, адӕймаг йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дары, ома, йӕ лӕггадгӕнджыты цух кӕй ницӕмӕй уадзы? Науӕд Хуыцауӕй бузныг уыдзӕн, йӕ бон ын йӕ рӕдаудзинад фӕзмын кӕй у, уый тыххӕй? Зынтӕй! Хуыцау уыны, ӕцӕгӕй рӕдау чи у, уыдоны зӕрдӕтӕ ӕмӕ сын ныфс ӕвӕры, алы хъуыддаджы дӕр сын кӕй арфӕ кӕндзӕн (Дык. з. 15:10). Адӕймаг, Хуыцау ныфс цӕмӕй ӕвӕры, ууыл куы ӕууӕнда, уӕд ӕй йӕ зӕрдӕ разӕнгард кӕндзӕн исты аразынмӕ, ӕмӕ афтӕмӕй хайджын уыдзӕн бирӕ хорздзинӕдтӕй (Ӕмб. 28:20).

6. Дзуттӕгтӕм 11:6 цы ныхӕстӕ ис фыст, уыдон нӕ цавӕр ныфс уадзынц?

6 Цӕмӕй ма Хуыцауы арфӕдзинад райсӕм, уый тыххӕй ма нӕм Дзуттӕгтӕм 11:6 гӕсгӕ хъуамӕ уа ноджыдӕр иу миниуӕг. Уым дзырд цӕуы, Йегъовӕ, «зӕрдиагӕй йӕ чи агуры», уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны. Ацы мивдисӕг цы дзуттаг дзырдӕй ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны ӕппӕт хъарутӕй архайын ӕмӕ хъарутӕ истӕмӕ саразын. Ацы стих нӕ цавӕр ныфс уадзы? Ӕппӕт хъарутӕй куы архайӕм, уӕд нын Хуыцау кӕй арфӕ кӕндзӕн. Ацы ныхӕстӕ загъта, «йӕ бон сайын кӕмӕн нӕу», уыцы иунӕг ӕцӕг Хуыцау (Тит. 1:2). Ӕмӕ йӕ ныхасӕн хицау кӕй у, уый ӕвдыста мин азты дӕргъы. Уый йӕ ныхас никуы фӕсайы, алыхатт дӕр ӕй сӕххӕст кӕны (Ис. 55:11). Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, нӕ ныфс ыл куы дарӕм, уӕд нӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй кӕй хайджын кӕндзӕн, ууыл.

7. Авраамы «байзӕддаджы» фӕрцы нӕ бон куыд у Хуыцауы арфӕдзинад райсын?

7 Йесо Чырысти у Авраамы «байзӕддаг». Уыцы «байзӕддагмӕ» ма хауынц сӕрст чырыстӕттӕ дӕр. Уыдонӕн сӕ хӕс у, цӕмӕй алкӕмдӕр хъусын кӕной, талынгӕй сӕ чи ракодта ӕмӕ сӕ йӕ диссаджы рухсмӕ чи ӕрхуыдта, уымӕн йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй (Гал. 3:7–9, 14, 16, 26–29; 1 Пет. 2:9). Йесо, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый кӕй бар бакодта, уыдонмӕ куы нӕ хъусӕм, уӕд Йегъовӕйы ӕмбӕлттӕ никуы суыдзыстӕм. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» нын куы не ’ххуыс кӕнид, уӕд, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый кӕронмӕ не ’мбариккам ӕмӕ дзы царды мидӕг пайда кӕнын нӕ зониккам (Матф. 24:45–47). Фыстадӕй цы базонӕм, уымӕй нӕ царды куы пайда кӕнӕм, уӕд Хуыцауы арфӕдзинад ӕнӕмӕнг райсдзыстӕм.

Хуыцауы фӕнд ма рох кӕнут

8, 9. Цӕмӕй Хуыцауы фӕндон сӕххӕст уыдаид, уый тыххӕй Иаков цы арӕзта?

8 Цӕмӕй адӕймаг Хуыцауы арфӕдзинад райса, уый тыххӕй ӕппӕт тыхтӕй архайын кӕй хъӕуы, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ, ӕвӕццӕгӕн, дӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд Иаков. Иаков зыдта, Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый,– йӕ фыдыфыды байзӕддӕгты йын кӕй сбирӕ кӕндзӕн ӕмӕ стыр адӕм кӕй суыдзысты. Уый тыххӕй н. э. размӕ 1781 азы Иаков араст Харранмӕ, цӕмӕй йӕхицӕн ус ссардтаид. Тынг ӕй фӕндыд, цӕмӕй уыцы сылгоймаг ӕрмӕст хорз цардӕмбал ма уыдаид, фӕлӕ ма Йегъовӕйы дӕр бирӕ уарзтаид ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕн хорз мад уыдаид.

9 Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй Иаков фембӕлд йӕ хӕстӕг Рахилыл. Ӕмӕ йӕ куы федта, уӕд ӕй тынг бауарзта ӕмӕ йӕ фыд Лаванӕн сразы ис авд азы бакусыныл, цӕмӕй йын ӕй радтаид. Ацы хабар ӕрмӕст рӕсугъд уарзты тыххӕй нӕу. Иаков зыдта, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау йӕ фыдыфыд Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый, стӕй йӕ фыд Исахъӕн дӕр цы загъта, уый (Райд. 18:18; 22:17, 18; 26:3–5, 24, 25). Уымӕ гӕсгӕ Исахъ йӕ фырт Иаковӕн загъта: «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау дын раарфӕ кӕндзӕн, ратдзӕн дын бирӕ зӕнӕг ӕмӕ дын дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзӕн, ӕмӕ дӕуӕй рацӕудзӕн бирӕ адӕмыхӕттытӕ. Ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цы арфӕдзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдон ратдзӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн дӕр, цӕмӕй дӕу бауа, ӕрцӕуӕггаг кӕуыл дӕ ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн кӕй радта, уыцы зӕхх» (Райд. 28:3, 4). Иаков хорз ус ссарыныл ӕмӕ хорз бинонтӕ скӕныныл куыд зӕрдиагӕй архайдта, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы ныхасыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд, уый.

10. Йегъовӕ Иаковӕн зӕрдиагӕй цӕмӕн арфӕ кодта?

10 Иаков нӕ архайдта, цӕмӕй йӕ бинонтӕ схъӕздыг уыдаиккой. Сӕйраджыдӕр мӕт кодта, йӕ цоты тыххӕй йын Йегъовӕ цы загъта, ууыл. Фӕндыди йӕ Йегъовӕйы фӕндон кӕронмӕ сӕххӕст кӕнын. Иаков цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлдаид, уӕддӕр арӕзта йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый, цӕмӕй йын Йегъовӕ арфӕ кодтаид. Ахӕм зондахаст ын уыд суанг йӕ зӕронды бонтӕм ӕмӕ йын Йегъовӕ уый тыххӕй арфӕ кодта. (Бакӕс Райдиан 32:24–29.)

11. Хуыцауы фӕндоны тыххӕй цы зонӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон цы у аразын?

11 Иаковау мах дӕр Йегъовӕйы фӕндон лыстӕг хабӕртты онг нӕ зонӕм. Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнгӕйӕ цыдӕртӕ базонӕм «Йегъовӕйы боны» тыххӕй (2 Пет. 3:10, 17). Зӕгъӕм, ӕввахс кӕй у, уый зонӕм, фӕлӕ кӕд ӕрцӕудзӕн, уый та нӕ зонӕм. Уырны нӕ, цы гыццыл рӕстӕг ма баззад, уыцы рӕстӕг бӕстон куы хъусын кӕнӕм, уӕд, Хуыцауы Ныхас куыд зӕгъы, афтӕмӕй фервӕзын кӕндзыстӕм нӕхи дӕр ӕмӕ нӕм чи хъусы, уыдоны дӕр (1 Тим. 4:16).

12. Цӕуыл хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм?

12 Ацы дунейӕн йӕ кӕрон тынг ӕввахс у, ӕмӕ, гӕнӕн ис, райсом дӕр ӕрцӕуа. Ӕмӕ Йегъовӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсдзӕн, цалынмӕ алы адӕймаг дӕр хорз хабар фехъуса, уӕдмӕ (Матф. 10:23). Абон исӕм бӕлвырд амындтӕ, ӕнтыстджынӕй куыд хъусын кӕнӕм, уый фӕдыл. Ӕмӕ мах дӕр уыцы хъуыддагмӕ нӕ хъарутӕ сарӕзтам ӕмӕ нӕм цыдӕриддӕр ис, ууыл нӕ ауӕрдӕм. Фӕлӕ цымӕ адӕм алкӕддӕр хорз хабармӕ хъусдзысты? Уый ничи зоны. (Бакӕс Екклесиаст 11:5, 6.) Махӕн нӕ хӕс у хъусын кӕнын, ӕмӕ нӕ ныфс ис, Йегъовӕ нӕ арфӕдзинӕдтӕй кӕй хайджын кӕндзӕн (1 Кор. 3:6, 7). Хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Хуыцау нын нӕ фыдӕбон кӕй уыны ӕмӕ нӕ цы ’ххуыс хъӕуы, уый нын йӕ сыгъдӕг тыхы уылты кӕй дӕтдзӕн (Пс. 32:8).

Хуыцауӕй сыгъдӕг тых курӕм

13, 14. Хуыцау йӕ адӕмӕн йӕ сыгъдӕг тыхы уылты кӕй ӕххуыс кӕны, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

13 Исты хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнынмӕ кӕнӕ хъусын кӕныны хъуыддагмӕ нӕ ныфс куы нӕ хӕссӕм, уӕд та куыд? Нӕ бон у Йегъовӕйӕ курын йӕ сыгъдӕг тых, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕнтыстджындӕр уӕм. (Бакӕс Лукайы 11:13.) Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн йӕ бон у адӕймагӕн баххуыс кӕнын исты хъуыддаг кӕнӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн, кӕд ӕм раздӕр фаг фӕлтӕрдзинад ӕмӕ арӕхстдзинад нӕ уыд, уӕддӕр. Зӕгъӕм, израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд, фыййӕуттӕ ӕмӕ цагъартӕ уӕвгӕйӕ, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы фӕуӕлахиз сты се знӕгтыл, кӕд хӕсты хъуыддагӕн ницы ӕмбӕрстой, уӕддӕр (Рац. 17:8–13). Уый фӕстӕ та сыгъдӕг тых Веселеилы ӕмӕ Аголиавы схайджын кодта диссаджы зондӕй, ӕмӕ сӕ бон сси, Хуыцау цатыр арызынӕн цы пълан радта, уымӕ гӕсгӕ алцыдӕр скӕнын (Рац. 31:2–6; 35:30–35).

14 Хуыцау абон дӕр йӕ адӕмы хайджын кӕны йӕ хъомысджын сыгъдӕг тыхӕй, цӕмӕй йӕ зӕххон организаци размӕ цӕуа. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, ӕфсымӕртӕ куы бамбӕрстой, ныр литературӕ мыхуыр кӕнын сӕхи кӕй хъӕуы, уымӕй. Ӕфсымӕр Р. Дж. Мартин, уӕды рӕстӕг типографийы цӕстдарӕг, 1927 азы онг сын цы бантыст, уый фӕдыл ныффыста: «Рӕстӕг ӕрцыд, ӕмӕ нын Чырысти дуар байгом кодта. Ӕмӕ нӕ къухы бафтыд стыр мыхуыргӕнӕн машинӕ, фӕлӕ куыд арӕзт у ӕмӕ йыл куыд кусын хъӕуы, уымӕн нӕ ничи ницы зыдта. Фӕлӕ йӕ Чырысти зоны, йӕ тыхтӕ йын чи не ’вгъау кӕны, уыдоны зондӕй куыд схайджын кӕна, уый... Ӕмӕ цалдӕр къуыримӕ нӕ бон сси уыцы машинӕ скусын кӕнын, ӕмӕ ма ныр дӕр кусы. Ӕмӕ цы куыст кӕны, уый йӕ аразджыты хъуыдыйы кӕрон дӕр никуы уыди». Йегъовӕ абоны онг дӕр арфӕ кӕны, зӕрдиагӕй чи архайы, уыдонӕн.

15. Фӕлварӕнты чи бахауы, уыдоны Ромӕгтӕм 8:11 куыд фидар кӕны?

15 Йегъовӕйы сыгъдӕг тых не ’ппӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕны алыхуызон хъуыддӕгты. Зӕгъӕм, ӕххуыс нын кӕны зындзинӕдты сӕрты хизынӕн. Фӕлӕ исты фӕлварӕны тыххӕй нӕ ныфс куы асӕтта, уӕд та? Уӕд дӕ бафидар кӕндзысты, Павел Ромӕгтӕм 7:21, 25 ӕмӕ 8:11 цы загъта, уый. «Йесойы мӕрдтӕй чи райгас кодта, уымӕн йӕ сыгъдӕг тых» махӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдджын буары монцтыл уӕлахиз кӕнӕм. Павел уыцы ныхӕстӕ кӕд сӕрст чырыстӕттӕн загъта, уӕддӕр хауынц Хуыцауы лӕггадгӕнджынтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Чырыстийыл куы ӕууӕндӕм, ӕппӕт тыхтӕй нӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтимӕ куы тох кӕнӕм ӕмӕ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ нӕ цард куы аразӕм, уӕд ӕнусон цардӕй хайджын уыдзыстӕм.

16. Цы хъӕуы аразын, цӕмӕй нӕ Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кӕна?

16 Цымӕ, нӕхӕдӕг куы ницы аразӕм, уӕд Хуыцауы архайгӕ тыхӕй схайджын уыдзыстӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Сыгъдӕг тых курынӕй уӕлдай ма хъуамӕ Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм (Ӕмб. 2:1–6). Хуыцау ма йӕ сыгъдӕг тых дӕтты ӕмбырдты уылты дӕр. Ӕмӕ сӕ куы нӕ цух кӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй нӕ фӕнды, «Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕмбырдтӕн цы дзуры», уымӕ хъусын (Рарг. 3:6). Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ цы базонӕм, уымӕй хъуамӕ нӕ царды сӕрныллӕгӕй пайда кӕнӕм. Ӕмбисӕндты 1:23 фыст ис: «Мӕ уайдзӕфмӕ мын байхъусут ӕмӕ уӕ митӕ ныууадзут. Ӕмӕ уӕ мӕ тыхӕй схайджын кӕндзынӕн». Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕны, «хицауыл ӕй чи нымайы ӕмӕ йӕм чи хъусы, уыдоны» (Ап. хъ. 5:32).

17. Хуыцауы арфӕдзинад адӕймагыл куыд фӕзыны, уый цӕимӕ ис абарӕн?

17 Адӕймаг Хуыцауы арфӕдзинад райсыны тыххӕй хъуамӕ зӕрдиагӕй архайа. Фӕлӕ уӕддӕр уый фаг нӕу, цӕмӕй, Хуыцау йӕ адӕмӕн парахатӕй цы хорздзинӕдтӕ дӕтты, уыдонӕй хайджын уа. Йӕ арфӕдзинӕдтӕ ныл куыд фӕзынынц, уый абарӕн ис, хорз хӕринаг адӕймагыл куыд фӕзыны, уыимӕ. Хуыцау нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нын хӕринаг хӕссы ӕхсызгондзинад ӕмӕ нӕм уый фӕрцы фӕзыны хъарутӕ. Уыцы хӕринаг нын дӕтты Йегъовӕ. Мах ӕй кӕронмӕ не ’мбарӕм, хӕринаджы пайдайаг буаргъӕдтӕ куыд фӕзыны, стӕй нӕм хӕринаджы фӕрцы хъарутӕ куыд фӕзыны, уый дӕр. Мах ӕрмӕстдӕр зонӕм, цы хӕринаг хӕрӕм, уый нын тых кӕй дӕтты. Хорз хӕринаг куы хӕрӕм, уӕд нӕхи хорз хатдзыстӕм. Раст афтӕ, ӕнусон цард райсыны тыххӕй Йегъовӕ сфидар кодта закъӕттӕ ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕнӕм. Йегъовӕ нын тынг ӕххуыс кӕны ӕмӕ уый тыххӕй у кады аккаг. Уӕдӕ цӕмӕй Хуыцауы арфӕдзинад райсӕм, уый тыххӕй уыцы закъӕттӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕ цард аразӕм (Аг. 2:18, 19).

18. Цы араздзынӕ дарддӕр ӕмӕ цӕмӕн?

18 Цыфӕнды дын ма бахӕс кӕной – ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ ӕххӕст кӕн. Ӕдзух Йегъовӕйӕ ӕххуыс агур, цӕмӕй ӕнтыстджын уай (Марчы 11:23, 24). Ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕн, «чи агуры, уый ссары» (Матф. 7:8). Сӕрст чырыстӕттӕн сӕ «хӕрзиуӕг» уыдзӕн уӕларвон цард (Иак. 1:12). Чырыстийы «ӕндӕр фыстӕ» та, Авраамы байзӕддажы фӕрцы Хуыцауы арфӕдзинад райсыныл ӕппӕт тыхтӕй чи архайы, уыдон, цин кӕндзысты Чырыстийы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ: «Рацӕут, мӕ Фыды арфӕйӕ хайджын чи у, уыдон! Бынӕн райсут, дунейы фӕзындӕй фӕстӕмӕ уын цӕттӕ чи у, уыцы паддзахад» (Иоан. 10:16; Матф. 25:34). «Хуыцау кӕмӕн арфӕ кӕны, уыдон зӕхх бынӕн райсдзысты... ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Пс. 37:22, 29).

Куыд бамбарын кӕнис?

• Адӕймаг Хуыцаумӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй хъусы, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

• Хуыцауы арфӕдзинад райсыны тыххӕй цы хъӕуы аразын?

• Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй куыд схайджын уӕм ӕмӕ нын куыд ӕххуыс кӕны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 9 фарсыл]

Иаков зӕдимӕ хъӕбысӕй хӕцыди, цӕмӕй Йегъовӕйы арфӕдзинад райстаид

Ды дӕр ӕппӕт тыхтӕй архайыс?

[Ныв 10 фарсыл]

Сыгъдӕг тыхы фӕрцы Веселеил ӕмӕ Аголиав систы дӕсны кусджытӕ