Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Раст диныл хӕст адӕмы ’хсӕн ис иудзинад

Раст диныл хӕст адӕмы ’хсӕн ис иудзинад

Раст диныл хӕст адӕмы ’хсӕн ис иудзинад

«Се ’ппӕты дӕр иумӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, ӕмӕ иумӕ уыдзысты, фыстӕ кӕрты иумӕ куыд вӕййынц, ... афтӕ» (МИХ. 2:12).

1. Хуыцау цы сфӕлдыста, уым йӕ зонд куыд зыны?

ПСАЛОМЗАРӔГГӔНӔГ зарыд: «Куыд бирӕ сты дӕ хъуыддӕгтӕ, о Йегъовӕ! Иууылдӕр сӕ скодтай де стыр зондӕй. Зӕхх нӕ зыны де сконд хъуыддӕгтӕй» (Пс. 104:24). Хуыцауы зонд зыны, зӕххыл цы милуангай зайӕгойтӕ, зулчъытӕ, цӕрӕгойтӕ ӕмӕ бактеритӕ ис, уыдонӕн сӕ цард кӕрӕдзийыл куыд баст у, уым. Нӕ буар цы мингай хӕйттӕй конд у,– стыр оргӕнтӕй райдай ӕмӕ нӕ клеткӕты гыццылмур молекулӕтӕй фӕу,– уыдон иууылдӕр ӕмгуыст кӕнынц ӕмӕ уыдоны фӕрцы цӕрӕм.

2. Чырыстӕтты ’хсӕн цы иудзинад уыди, уый диссаг кӕй уыд, уый 13 фарсыл цы ныв ис, уымӕй куыд зыны?

2 Хуыцау адӕмы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сын ӕнӕ кӕрӕдзийӕ цӕрӕн нӕй. Адӕм иухуызон не сты, кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц хуызӕй, удыхъӕдӕй ӕмӕ арӕхстдзинадӕй. Хуыцау фыццаг лӕг ӕмӕ усы куы сфӕлдыста, уӕд сӕ схайджын кодта йӕ миниуджытӕй, цӕмӕй ӕмвӕнд-ӕмзонд уыдаиккой (Райд. 1:27; 2:18). Фӕлӕ адӕм Хуыцауӕй адард сты, ӕмӕ абон се ’хсӕн иудзинад нӕй (1 Иоан. 5:19). Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты ’хсӕн уыди алыхуызон адӕм, зӕгъӕм, ефесаг цагъартӕ, номдзыд грекъаг сылгоймӕгтӕ, ахуыргонд дзуттӕгтӕ ӕмӕ, раздӕр мӕнгхуыцӕуттӕн чи куывта, ахӕмтӕ. Ӕмӕ се ’хсӕн цы иудзинад уыди, уый уыд стыр диссаг (Ап. хъ. 13:1; 17:4; 1 Фес. 1:9; 1 Тим. 6:1).

3. Библи чырыстӕтты иудзинад цӕимӕ бары ӕмӕ ацы статьяйы цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

3 Буары уӕнгтӕ кӕрӕдзийыл куыд баст сты, афтӕ раст дин дӕр адӕмы кӕрӕдзийыл бӕтты. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 12:12, 13.) Ацы статьяйы равзардзыстӕм цалдӕр фарстайы: раст дин адӕмы куыд иу кӕны? Ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй милуанты баиу кӕнын ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы бон цӕмӕн у? Иудзинадӕн къуылымпыйы хос цы у, уый сӕрты хизынӕн нын Йегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны? Ӕцӕг чырыстӕттӕ иннӕ чырыстӕттӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

Раст дин адӕмы куыд иу кӕны

4. Раст дин адӕмы куыд иу кӕны?

4 Раст диныл хӕст чи у, уыдон Йегъовӕйы нымайынц дуне сфӕлдисӕгыл ӕмӕ Дун-дунейы иунӕг хицауыл (Рарг. 4:11). Ӕмӕ кӕд ӕцӕг чырыстӕттӕ алы бӕстӕты ӕмӕ алыхуызон уавӕрты цӕрынц, уӕддӕр иууылдӕр хъусынц, Хуыцау кӕй радта, уыцы иу закъӕттӕм ӕмӕ фӕдзӕхстытӕм. Раст диныл хӕст адӕм се ’ппӕт дӕр Йегъовӕйы хонынц сӕ «Фыд» (Ис. 64:8; Матф. 6:9). Уымӕ гӕсгӕ кӕрӕдзийӕн сты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртау. Ӕмӕ се ’хсӕн ис, псаломзарӕггӕнӕг цы диссаджы иудзинады кой кодта, уый: «Уымӕй хуыздӕр, уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы цӕрой!» (Пс. 133:1).

5. Ӕцӕг чырыстӕтты ’хсӕн иудзинад цӕй фӕрцы ис?

5 Ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕд ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнынц, кӕрӕдзи уарзын кӕй сахуыр сты, уый фӕрцы. Йегъовӕ сӕ кӕрӕдзи уарзыныл куыд ахуыр кӕны, афтӕ ничи. (Бакӕс 1 Иоанны 4:7, 8.) Йӕ Ныхасы фыст ис: «Уӕдӕ Хуыцауы ӕвзӕрстытӕн, йӕ сыгъдӕг ӕмӕ йӕ уарзон адӕмӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕ зӕрдӕмӕ арф исут кӕрӕдзийы зын, ут хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон. Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат. Фӕлӕ ма уӕм уымӕй уӕлдай уӕд уарзондзинад, уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (Кол. 3:12–14). Уарзондзинады хуызӕн адӕмы ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл, ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕтты сӕйраджыдӕр ацы миниуӕгӕй ис базонӕн. Ӕцӕг чырыстӕтты ’хсӕн цы уарзондзинад ис, уымӕй иннӕ динтӕй хицӕн кӕнынц (Иоан. 13:35).

6. Нӕ ныфс Хуыцауы Паддзахадыл кӕй дарӕм, уый нын нӕ иудзинад куыд фидар кӕны?

6 Раст диныл хӕст адӕмы ’хсӕн ма иудзинад уый тыххӕй ис, ӕмӕ сӕ ныфс дарынц Хуыцауы Паддзахадыл. Уыдон ӕй зонынц, тагъд рӕстӕджы Хуыцауы Паддзахад кӕй раивдзӕн зӕххон хицауӕдты, ӕмӕ коммӕгӕс адӕмӕн кӕй ӕрхӕсдзӕн ӕцӕг, ӕнусон фарн (Ис. 11:4–9; Дан. 2:44). Уымӕ гӕсгӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ архайынц Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ: «Ӕз куыд нӕ дӕн ацы дунейӕ, афтӕ уыдон дӕр ацы дунейӕ не сты» (Иоан. 17:16). Искуы исты змӕстытӕ куы вӕййы, уӕд дзы ӕцӕг чырыстӕттӕ нӕ фӕархайынц. Ӕмӕ сын уый ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, хӕсты цӕхӕры астӕу дӕр куы уой, уӕддӕр сӕ иудзинад ма фехӕла.

Иу разамынд

7, 8. Библи нын не ’хсӕн иудзинад куыд фидар кӕны?

7 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн иу разамынд кӕй уыд, уый тыххӕй се ’хсӕн уыди иудзинад. Зыдтой, Йесо ӕмбырдтӕ кӕй ахуыр кӕны ӕмӕ сын разамынд кӕй дӕтты разамонӕг советы уылты, Иерусалимы цы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ уыди, уыдоны уылты. Уыцы иузӕрдион лӕгтӕ уынаффӕтӕ хастой Хуыцауы Ныхасӕй ӕмӕ сӕ бирӕ бӕстӕтӕм хӕццӕ кодтой цӕугӕ цӕстдарджыты уылты. Уыцы цӕстдарджытӕй цалдӕрӕй Библи афтӕ зӕгъы: «Горӕттыл зылдысты ӕмӕ уырнджытӕн дзырдтой, Иерусалимы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы уынаффӕтӕ рахастой, уыдон, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кодтаиккой» (Ап. хъ. 15:6, 19–22; 16:4).

8 Афтӕ абон дӕр Разамонӕг совет, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чырысттӕттӕ, архайынц, цӕмӕй ӕгас дунейы дӕр ӕцӕг чырыстӕтты ’хсӕн иудзинад уа. Разамонӕг совет бирӕ ӕвзӕгтыл мыхуыр кӕны, уырнындзинад чи фидар кӕны, ахӕм литературӕ. Уыцы хӕринаг ӕмбарын кӕны Хуыцауы Ныхас. Ӕмӕ цы амонынц, уый адӕймагӕй нӕу, фӕлӕ Йегъовӕйӕ (Ис. 54:13).

9. Хуыцау нын цы хъуыддаг бабар кодта, уый нӕ иудзинадӕн куыд ӕххуыс кӕны?

9 Чырыстон цӕстдарджытӕ дӕр архайынц, цӕмӕй ӕмбырдты иудзинад уа, уацамынды хъуыддаджы сӕхимӕ разамынд кӕй исынц, уый фӕрцы. Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый сӕ кӕрӕдзийыл куыд бӕтты, афтӕ адӕм ӕнӕуи куы ӕрӕмбырд вӕййынц ӕмӕ сӕ рӕстӕг иумӕ куы фервитынц, уый сӕ кӕрӕдзийыл афтӕ нӕ бӕтты. Чырыстон ӕмбырдӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд, рӕстӕг ӕрвитынӕн нӕ, фӕлӕ цӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕсса ӕмӕ хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгты цӕттӕ кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуа. Стӕй ма, цӕмӕй ӕмбырды адӕмы ныфсыл ныфс ӕфта (Ром. 1:11, 12; 1 Фес. 5:11; Дзут. 10:24, 25). Уымӕ гӕсгӕ апостол Павел чырыстӕттӕн загъта: «Ӕмзондӕй фидар... лӕуут, хорз хабарӕй чи цӕуы, уыцы уырнындзинады сӕрыл ӕмзӕрдӕйӕ, фӕрсӕй-фӕрстӕм... тох кӕнут» (Фил. 1:27).

10. Хуыцауы адӕмы ’хсӕн иудзинад цӕмӕн ис?

10 Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн иудзинад уымӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйы нымайынц Дун-дунейы хицауыл, уарзынц кӕрӕдзи, сӕ ныфс дарынц Хуыцауы Паддзахадыл ӕмӕ, Хуыцау разамонджытӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдонӕн аргъ кӕнынц. Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй не ’нӕххӕстдзинады тыххӕй нӕ иудзинадӕн тӕссаг цы свӕййы, уыцы лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнӕм (Ром. 12:2).

Сӕрбӕрзонд ӕмӕ хӕлӕггӕнаг ма уӕм

11. Сӕрбӕрзонддзинад адӕмы ’хсӕн къултӕ цӕмӕн амайы ӕмӕ нын Йегъовӕ йемӕ тох кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны?

11 Сӕрбӕрзонддзинад адӕмы ’хсӕн къултӕ амайы. Сӕрбӕрзонд адӕймаг йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр февӕры ӕмӕ уарзы йӕхицӕй ӕппӕлын. Фӕлӕ уый иудзинад халгӕ кӕны. Йӕхицӕй чи феппӕлы, уымӕ иннӕтӕ хӕлӕг кӕнын райдайынц. Ахуыргӕнинаг Иаков ӕргом загъта: «Ахӕм цӕмӕйдӕрты хъал уай, уый та фыдбылыз у» (Иак. 4:16). Иннӕтӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ чи кӕсы, уый никӕй уарзы. Йегъовӕ та фӕзминаг у йӕ сӕрныллӕгдзинадӕй ӕмӕ, ӕнӕххӕст адӕммӕ цы зӕрдӕ дары, уымӕй. Давид Хуыцауы тыххӕй афтӕ ныффыста: «Дӕ сӕрныллӕгдзинад мӕ бӕрзонд кӕны» (2 Сам. 22:36). Хуыцауы Ныхас нын ӕххуыс кӕны раст хъуыды кӕнын, ӕмӕ афтӕмӕй сӕрбӕрзонддзинадимӕ тох кӕнын. Павел загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Кӕй фӕрцы хицӕн кӕныс иннӕмӕй? Цыдӕриддӕр дӕм ис, уый дын Хуыцау нӕ радта? Ӕмӕ дын ӕй кӕд Хуыцау радта, уӕд та дӕхицӕй цы ӕппӕлыс, цыма дын дӕхи хъаруйы фӕрцы ис?» (1 Кор. 4:7).

12, 13. а) Адӕймаг цӕмӕн фӕхӕлӕг кӕны? ӕ) Иннӕтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын хорз цӕмӕн у?

12 Иудзинадӕн ма зиан фӕхӕссы хӕлӕгдзинад дӕр. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ «нӕ мидӕг хӕлӕг» ӕрцард. Ӕмӕ, суанг бирӕ азты дӕр Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдон дӕр иуӕй-иу хатт хӕлӕг кӕнын райдайынц искӕй уавӕртӕм, исбонмӕ, хӕстӕм кӕнӕ курдиӕттӕм (Иак. 4:5). Зӕгъӕм, бинонджын ӕфсымӕр фӕхӕлӕг кӕны ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕгмӕ. Фӕлӕ йӕ уыцы ӕфсымӕр, гӕнӕн ис, ӕмбаргӕ дӕр ма кӕна, ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕг дӕр ӕм йӕ зӕрдӕйы рӕбын кӕй фӕхӕлӕг кӕны. Цымӕ цы ис саразӕн, цӕмӕй уыцы ӕвзӕр миниуӕджы тыххӕй нӕ иудзинад ма фехӕла?

13 Цӕмӕй хӕлӕг ма кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ нӕ зӕрдыл дарын хъӕуы, Библи сӕрст чырыстӕтты адӕймаджы буары уӕнгтимӕ кӕй бары, уый. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 12:14–18.) Адӕймагӕн кӕд йӕ зӕрдӕ нӕ зыны, йӕ цӕст та зыны, уӕддӕр ӕй дыууӕ дӕр ӕнӕмӕнгӕй хъӕуынц. Раст афтӕ Йегъовӕ дӕр ӕмбырды алкӕмӕндӕр аргъ кӕны, кӕд дзы иуӕй-иутӕ иннӕтимӕ абаргӕйӕ зынгӕ дӕр нӕ фӕкӕнынц, уӕддӕр. Уӕдӕ не ’фсымӕртӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм. Иннӕтӕм хӕлӕг кӕныны бӕсты, хуыздӕр уаид, куы сыл тыхсиккам ӕмӕ сын куы аргъ кӕниккам. Ӕцӕг чырыстӕттӕ афтӕ куы кӕной, уӕд хицӕн кӕндзысты иннӕ чырыстӕттӕй.

Чырыстон дуне ныддихтӕ ис

14, 15. Чырыстон дуне куыд ныддихтӕ ис?

14 Ӕцӕг чырыстӕтты ’хсӕн ис иудзинад, аргъуантӕ та кӕрӕдзиимӕ нӕ фидауынц. Чырыстӕтты ном ӕрмӕст хӕсгӕ чи кодта, уыдон цыппӕрӕм ӕнусмӕ афтӕ сбирӕ сты, ӕмӕ сӕ Ромы император йӕ къухмӕ райста, ӕмӕ архайдта, цӕмӕй чырыстон дин ноджы тынгдӕр апарахат уыдаид. Фӕстӕдӕр Ромы импери ныддихтӕ ис хицӕн бӕстӕтыл ӕмӕ алы бӕстӕ дӕр йӕхицӕн скодта йӕхи паддзахадон аргъуантӕ.

15 Уыцы бӕстӕтӕй бирӕтӕ ӕнусты дӕргъы кӕрӕдзийы ныхмӕ хӕцыдысты. 17 ӕмӕ 18 ӕнусты Британийы, Францы ӕмӕ Иугонд Штатты адӕм сӕ паддзахады кад уӕлӕмӕ сисыныл кӕй архайдтой, уый тыххӕй дзы национализм сси дины хуызӕн. 19 ӕмӕ 20 ӕнусы уыцы низ апарахат ис адӕмӕн сӕ фылдӕрыл. Уый фыдӕй аргъуантӕ ныддихтӕ сты бирӕ конфесситыл ӕмӕ сӕ фылдӕр национализммӕ кӕсынц куыдфӕндыйы цӕстӕй. Алыхуызон адӕмыхӕттытӕй иу диныл хӕст чи уыд, уыдон кӕрӕдзиимӕ хӕцыдысты. Уымӕ гӕсгӕ абон сӕхи чырыстӕттыл чи нымайы, уыдон хицӕн кӕнынц сӕ уырнындзинӕдтӕй ӕмӕ, национализммӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уымӕй.

16. Сӕхи чырыстӕттыл чи нымайы, уыдон цавӕр алыхуызон хъуыдытыл хӕст сты?

16 Ссӕдзӕм ӕнусы бирӕ азты дӕргъы сӕдӕгай чырыстон конфесситӕ зӕрдиагӕй архайдтой, цӕмӕй баиу уыдаиккой. Фӕлӕ уый рауад ӕрмӕстдӕр иуӕй-иу аргъуантӕн, ӕмӕ сӕм цы адӕм цӕуы, уыдонмӕ уӕддӕр иу хъуыды нӕй эволюцийы, абортты, гомосексуализмы ӕмӕ сылгоймӕгтӕн уый бар ис, цӕмӕй сауджынтӕ уой ӕви нӕ, уый фӕдыл. Иуӕй-иу бӕстӕты аргъуанты разамонджытӕ архайынц алыхуызон конфесситӕй адӕмы баиу кӕныныл, кӕд сӕ дины ахуырӕдтӕ кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц, уӕддӕр. Фӕлӕ адӕм Хуыцауыл ӕнувыддӕр нӕ фесты ӕмӕ се ’хсӕн иудзинад нӕй.

Ӕцӕг чырыстӕттӕ национализмӕй сты дард

17. Раст дин «фӕстаг бонты» адӕмы кӕй баиу кӕндзӕн, уый тыххӕй цы уыд загъд?

17 Абон адӕм куыд ныддихтӕ сты, афтӕ никуы, фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕтты ’хсӕн цы иудзинад ис, уый нӕ хӕлы. Пехуымпар Михей загъта: «Се ’ппӕты дӕр иумӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, ӕмӕ иумӕ уыдзысты, фыстӕ кӕрты иумӕ куыд вӕййынц, ... афтӕ» (Мих. 2:12). Стӕй ма загъта, раст дин иннӕ динтӕй уӕлдӕр ӕвӕрд кӕй ӕрцӕудзӕн. Уыцы динтӕм хауынц, адӕм мӕнгхуыцӕуттӕн кӕй кувынц, уый ӕмӕ национализм. Михей ныффыста: «Фӕстаг бонты, Йегъовӕйы хӕдзар цы хохыл ис, уый фидар ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн хӕхты цъуппытӕй дӕр уӕлдӕр, суыдзӕн къуыбыртӕй дӕр бӕрзонддӕр, ӕмӕ йӕм адӕмтӕ агуылф кӕндзысты. Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр цӕудзысты сӕ хуыцӕутты номӕй, мах та цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйы номӕй» (Мих. 4:1, 5).

18. Раст дин адӕмы куыд ивы?

18 Михей ма загъта, раздӕр знӕгтӕ чи уыдысты, уыдоны ’хсӕн раст дины фӕрцы иудзинад кӕй уыдзӕн: «Бирӕ адӕмтӕ ацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: „Рацӕут, ссӕуӕм Йегъовӕйы хохмӕ, Иаковы Хуыцауы хӕдзары размӕ. Уый нын йӕ фӕндӕгтӕ бацамондзӕн, ӕмӕ мах цӕудзыстӕм йӕ фӕндӕгтыл“... Ӕмӕ уыдон сӕ хъаматӕй сараздзысты гутӕттӕ, сӕ ӕрцытӕй – ӕхсӕдӕн хӕсгӕрдтӕ. Иу адӕм иннӕ адӕммӕ хъама нал сисдзӕн ӕмӕ хӕцын дӕр нал ахуыр кӕндзысты» (Мих. 4:2, 3). Къухӕй конд хуыцӕутты чи ныууадзы кӕнӕ национализмыл йӕ къух чи сисы, уыдон Йегъовӕйӕн кувын райдайынц ӕмӕ йын ӕгас дунейы дӕр цы лӕггадгӕнджытӕ ис, уыдонмӕ баиу вӕййынц. Хуыцау сӕ ахуыр кӕны, цӕмӕй кӕрӕдзийы уарзой.

19. Абон ӕгас дунейы дӕр милуангай адӕмы ’хсӕн иудзинад кӕй ис, уый цӕуыл дзурӕг у?

19 Абон ӕгас дунейы дӕр ӕцӕг чырыстӕтты ’хсӕн цы иудзинад ис, уый у диссаг. Уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы разамынд кӕй дӕтты. Уыцы чырыстӕттӕ сты ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй, ӕмӕ се ’хсӕн цы иудзинад ис, ахӕм иудзинад, адӕймаг зӕххыл цы цӕры, уӕдӕй нырмӕ никуы уыд. Афтӕмӕй ӕххӕст кӕнынц, Раргомады 7:9, 14 цы ныхӕстӕ ис, уыдон ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ тагъд рӕстӕджы Хуыцауы зӕдтӕ суаддзысты, ацы фыддуне чи ныппырх кӕндзӕн, уыцы «цыппар дымгӕйы». (Бакӕс Раргомад 7:1–4, 9, 10, 14.) Ӕвӕдза, ӕгас дунейы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ иудзинады уай, уый цӕй стыр кад у! Алкӕй бон дӕр нӕ цы у аразын, цӕмӕй не ’хсӕн иудзинад уа? Ууыл ныхас цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Раст дин адӕмы куыд иу кӕны?

• Цӕмӕй нӕ иудзинад ма фехӕла, уый тыххӕй кӕрӕдзимӕ цӕуылнӕ хъуамӕ хӕлӕг кӕнӕм?

• Ӕцӕг чырыстӕттӕн национализмӕй тӕссаг цӕуылнӕ у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 13 фарсыл]

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ уыдысты алыхуызон адӕмыхӕттытӕй

[Нывтӕ 15 фарсыл]

Паддзахады Залмӕ куы зилай, уӕд уый нӕ иудзинадыл куыд фӕзындзӕн?