Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауӕн диссаджы рӕстӕджы лӕггад кодтам

Хуыцауӕн диссаджы рӕстӕджы лӕггад кодтам

Хуыцауӕн диссаджы рӕстӕджы лӕггад кодтам

Радзырдта йӕ Харли Харрис

Уый уыди 1950 азы 2 сентябры Кеннеты (штат Миссури, АИШ). Мах уыдыстӕм районон конгрессы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй зӕрдӕмӕ нӕ цыдысты, уыцы адӕм ӕрӕмбырд сты, конгресс кӕм цыд, уый алыварс. Горӕты хицау ӕфсад ӕрбакодта, цӕмӕй нӕ уыцы знӕт адӕмӕй бахъахъхъӕдтаид. Салдӕттӕ ӕд хъримӕгтӕ ӕмӕ ӕд джебогътӕ уынджы рӕнхъ-рӕнхъ ӕрлӕууыдысты. Адӕм нӕм алырдыгӕй хъӕр кодтой ӕмӕ нӕ цы нӕ схуыдтой, ахӕм нал баззад. Мах та фӕтагъд кодтам нӕ машинӕтӕм ӕмӕ ацыдыстӕм Кейп-Джирадомӕ (штат Миссури), цӕмӕй нӕ конгресмӕ кӕронмӕ уым байхъуыстаиккам. Уым райстон донаргъуыд. Уӕд мыл цыди 14 азы. Фӕлӕ уал фыццаг радзурон, уыцы змӕст рӕстӕг Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куыд райдыдтон, уый.

МӔ ФЫДЫФЫД ӕмӕ мӕ фыдымад 1930 азты райдианы сӕ аст сывӕллонимӕ байхъуыстой ӕфсымӕр Рутерфорды цалдӕр раныхасмӕ ӕмӕ бамбӕрстой, рӕстдзинад кӕй ссардтой. Мӕ ныййарджытӕ, Бэй ӕмӕ Милдред Харрис, донаргъуыд райстой 1935 азы, Вашингтоны цы конгресс уыд, уым. Уыцы конгрессы бамбарын кодтой, «тынг бирӕ адӕм» чи сты, уый. Куыд тынг бацин кодтой мӕ ныййарджытӕ, куы йӕ базыдтой, уыдон дӕр уыцы «тынг бирӕ адӕммӕ» кӕй хауынц! (Рарг. 7:9, 14).

Ӕз райгуырдтӕн уымӕй иу аз фӕстӕдӕр. Иннӕ аз та мӕ ныййарджытӕ ацыдысты Миссисипимӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕппындӕр кӕм нӕ уыд, ахӕм ранмӕ. Цалынмӕ уым цардыстӕм, уӕдмӕ нӕм районон цӕстдарӕг иу хатт дӕр нӕ уыд. Вефилӕй писмотӕ цы истам ӕмӕ конгресстӕм цы цыдыстӕм, ӕндӕр уыцы рӕстӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты уынгӕ дӕр нӕ кодтам.

Нӕ ныхмӕ цӕуынц, фӕлӕ фидар лӕууӕм

Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ тынгдӕр цӕуын райдыдтой, хӕстмӕ кӕй нӕ цыдысты, уый тыххӕй. Мах алыгъдыстӕм Маунтин Хоуммӕ, (штат Арканзас). Иу бон мӕ фыдимӕ уынджы хъусын кодтам. Уалынмӕ иу лӕг мӕ фыды къухӕй журналтӕ аскъӕфта ӕмӕ нын сӕ нӕ цӕстыты раз басыгъта. Хӕстмӕ кӕй нӕ цыдыстӕм, уый тыххӕй нӕ тӕппудтӕ схуыдта. Уӕд мыл фондз азы йеддӕмӕ нӕма цыд, ӕмӕ кӕуын райдыдтон. Мӕ фыд ӕм иу ныхас дӕр не скодта. Сабырӕй йӕм каст, цалынмӕ уыцы лӕг нӕ ацыд, уӕдмӕ.

Фӕлӕ нӕм иууылдӕр ахӕм ӕвзӕр цӕстӕй нӕ кастысты. Иухатт машинӕйы куы бадтыстӕм, уӕд ныл адӕм амбырд сты. Уыцы рӕстӕг уынджы фӕцӕйцыд прокурор. Ам цы хабар ис, зӕгъгӕ, куы бафарста, уӕд ын чидӕр дзуапп радта: «Мӕнӕ адоны, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты, сӕ бӕстӕйы сӕрыл тох кӕнын нӕ фӕнды!» Уӕд прокурор нӕ машинӕйы схизӕныл алӕууыд ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Ӕз хӕцыдтӕн Фыццаг дунеон хӕсты, ӕмӕ хӕцдзынӕн ацы хӕсты дӕр. Ацы адӕмы ауадзут. Адон ӕвзӕрӕй никӕмӕн ницы ракӕндзысты». Ӕмӕ адӕм ӕнӕдзургӕйӕ ахӕлиу сты. Куыд тынг бузныг уыдыстӕм, хорздзинад нын чи арӕзта, уыцы адӕмӕй! (Ап. хъ. 27:3).

Конгресстӕ нӕ фидар кӕнынц

1941 азы Сент-Луисы (штат Миссури) чи уыд, уыцы конгресс нӕ тынг бафидар кодта. Уӕд конгрессы цы фехъуыстам, уый уыд йӕ тӕккӕ афоныл. Пъӕлицӕйы нымадмӕ гӕсгӕ дзы уыди 115 000 адӕймаджы. Донаргъуыд дӕр дзы райстой тынг бирӕ – 3 903 адӕймаджы! Тынг бахъуыды кодтон ӕфсымӕр Рутерфорды раныхас, «Паддзахы сывӕллӕттӕ», зӕгъгӕ. Йӕ ныхас комкоммӕ здӕхт уыд ӕрыгӕттӕм. Раныхасы фӕстӕ нӕ алкӕмӕн дӕр радтой фӕйнӕ рӕсугъд ӕрвхуыз чиныджы, «Сывӕллӕттӕ», зӕгъгӕ. Уыцы конгресс мӕ бацӕттӕ кодта, иннӕ аз мӕм цы ’нхъӕлмӕ каст, уымӕ – уыцы аз хъуамӕ бацыдаин скъоламӕ. Мӕ фыды ’фсымӕры чызджытимӕ нӕ скъолайӕ ратардтой, тырысайӕн кӕй нӕ табу кодтам, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕддӕр алы бон дӕр скъоламӕ цыдыстӕм, кӕд нӕ бауадзиккой, зӕгъгӕ. Цал хатты уыди афтӕ, ӕмӕ-иу райсомӕй хъӕды уылты скъоламӕ ацыдыстӕм, фӕлӕ алы хатт дӕр дзӕгъӕлы – фӕстӕмӕ та-иу нӕ рарвыстой. Фӕлӕ мӕнмӕ афтӕ каст, ӕмӕ скъоламӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ кӕй цыдыстӕм, уымӕй ӕвдыстам, Хуыцауы Паддзахадыл ӕнувыд кӕй стӕм, уый.

Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ Америкӕйы Сӕйраг тӕрхондон уынаффӕ рахаста, тырысайӕн табу кӕнын ӕнӕмӕнг хъуыддаг кӕй нӕу, ӕмӕ уӕд мах дӕр скъоламӕ бауагътой. Нӕ ахуыргӕнӕг уыд тынг фӕлмӕн адӕймаг ӕмӕ нын бар радта, цӕмӕй, не ’мкъласӕгтӕ цы рацыдысты, уый нӕхӕдӕг сахуыр кодтаиккам ӕмӕ фӕстейӕ ма баззадаиккам. Кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдон дӕр нӕм ӕвзӕр цӕстӕй нӕ кастысты.

Хорз ма хъуыды кӕнын, 1942 азы Кливленды (штат Огайо) цы конгресс уыд, уый дӕр. Уым ӕфсымӕр Нейтан Норр рацыд раныхасимӕ, «Цымӕ сабырдзинад бирӕ ахӕсдзӕн?», зӕгъгӕ. Йӕ раныхасы ӕвзӕрста Раргомады чиныгӕй 17 сӕр. Норр бамбарын кодта, Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ цасдӕр рӕстӕг сабырдзинад кӕй уыдзӕн, ома дунейы ахӕм стыр змӕстытӕ кӕй нал уыдзӕн. Уӕдӕ бӕрӕг уыд, разӕй нӕм бирӕ куыст кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, нырма бирӕ рӕтты кӕй хъӕудзӕн хорз хабар фехъусын кӕнын. Ӕмӕ уый тыххӕй 1943 азы байгом Галаады скъола. Уӕд мӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыди, уыцы скъола фӕстӕдӕр мӕ цардыл куыд фӕзындзӕн, уый. Хӕст куы фӕци, уӕд нӕ ныхмӕ, ӕцӕгдӕр, афтӕ тынг нал цыдысты. Фӕлӕ 1950 азы Корейы хӕст куы райдыдта, уӕд та нын ногӕй, райдианы куыд загътон, афтӕмӕй, хъусын кӕнын фӕзын.

Фылдӕр хъусын кӕнын

1954 азы скъола каст фӕдӕн, иу мӕй фӕстӕ та райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын. Ӕз ацыдтӕн Кеннетмӕ, 1950 азы ныл знӕт адӕм кӕм ӕрӕмбырд сты, уырдӕм. Уым иуцасдӕр куы алӕггад кодтон, уӕд мӕ стӕй 1955 азы мартъийы Вефилмӕ фӕхуыдтой. Цы ’мбырды уыдтӕн, уый хъусын кодта Таймс-Скверы дӕр,– ис Нью-Йорчы астӕу. Куыд тынг хицӕн кодта цард стыр горӕты! Иууылдӕр кӕдӕмдӕр тагъд кодтой ӕмӕ адӕмы бирӕ фӕстиат кӕнӕн нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ-иу журнал исты цымыдисаг темӕйыл рафӕлдӕхтон, мӕ къухы-иу ӕй гомӕй дардтон ӕмӕ-иу адӕймаджы афарстон, ацы фарстайыл никуы хъуыды кодтай, зӕгъгӕ. Ӕмӕ-иу бирӕтӕ истой журналтӕ.

Вефилы ӕппӕты тынгдӕр цы уарзтон, уыдонӕй иу уыд, райсомӕй-иу ӕфсымӕр Норр Вефилы бинонтимӕ алы боны стих куы ’взӕрста, уый. Куыд хорз ын уади стихты уд бауадзын ӕмӕ равдисын, нӕ царды сӕ нӕ бон спайда кӕнын куыд у, уый! Ӕрыгон ӕнӕус ӕфсымӕртимӕ-иу ныхас кодта, фыд йӕ фыртимӕ куыд фӕныхас кӕны, афтӕ. Арӕх-иу немӕ ныхас кодта, нӕхи чызджытимӕ куыд дарӕм, уый фӕдыл ӕмӕ-иу нын хорз уынаффӕтӕ радта. 1960 азмӕ ’ввахс ӕз сфӕнд кодтон ус ракурын.

Ӕфсымӕртӕм ныффыстон, иу мӕйы фӕстӕ Вефил ныууадзынмӕ кӕй хъавын. Мӕй фӕци, фӕлӕ мын дзуапп нӕ радтой. Кӕд тынг ӕфсӕрмыгӕнаг уыдтӕн, уӕддӕр мӕхи фӕныфсджын кодтон, ӕмӕ сӕм телефонӕй бадзырдтон, мӕ гӕххӕтт мын райстат, зӕгъгӕ. Дзуапп мын радта ӕфсымӕр Роберт Уолен. Стӕй мӕм ӕрбацыд, кӕм куыстон, уырдӕм ӕмӕ мӕ бафарста, сӕрмагонд пионерӕй кӕнӕ районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕныны тыххӕй цы хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ. Ӕз ын афтӕ бакодтон: «Цытӕ дзурыс, Боб! 24 азы йеддӕмӕ мыл куы нӕма цӕуы, стӕй зонгӕ дӕр куы ницы кӕнын!»

Лӕггад кӕнын районон цӕстдарӕгӕй

Уыцы изӕр мӕ къомнӕтмӕ куы бацыдтӕн, уӕд ауыдтон стыр къонверт. Йӕ мидӕг уыди дыууӕ анкетӕйы: иу – сӕрмагонд пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй, иннӕ та районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕныны тыххӕй. Мӕ цӕстытыл нӕ баууӕндыдтӕн! Уӕдӕ мӕнмӕ ахӕм стыр кад ӕрхауд, цӕмӕй ме ’фсымӕртӕн районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнон хуссар-ныгуылӕн Миссурийы ӕмӕ скӕсӕн Канзасы. Вефилӕй ацӕуыны размӕ уыдтӕн, районон ӕмӕ облӕстон цӕстдарджытӕн цы фембӕлд уыд, уым. Фӕстагмӕ ӕфсымӕр Норр загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Районон ӕмӕ облӕстон цӕстдарджытӕй кӕй лӕггад кӕндзыстут, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сымах иннӕ ’фсымӕртӕй фылдӕр зонут. Иуӕй-иутӕ дзы сымахӕй фӕлтӕрдджындӕр сты. Фӕлӕ уыдонӕн сӕ уавӕртӕ нӕ амонынц, цӕмӕй сымахау лӕггад кӕной. Уыцы ӕфсымӕртӕй уӕ бон у бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр кӕнын».

Куыд раст уыдысты уыцы ныхӕстӕ! Ӕфсымӕр Фред Молахан ӕмӕ йӕ бинойнагӕй, стӕй Фредӕн йе ’фсымӕр Чарлийӕ (Парсон, штат Канзас) бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн. Уыдон рӕстдзинад базыдтой 1900 азты райдианы. Гуырд дӕр куы нӕма уыдтӕн, уӕды хабӕртты тыххӕй хъусын бирӕ уарзтон. Иннӕ та уыди хӕларзӕрдӕ ацӕргӕ ӕфсымӕр Джон Ристен (Джоплин, штат Миссури). Джон бирӕ азты дӕргъы лӕггад кодта пионерӕй. Уыцы ӕфсымӕртӕ стыр аргъ кодтой, Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд куыд дӕтты, уымӕн. Кӕд ӕрыгон уыдтӕн, уӕддӕр мемӕ сӕхи афтӕ дардтой, цӕмӕй ӕмбӕрстаин, мӕ лӕггадӕн мын кӕй аргъ кӕнынц, уый.

1962 азы ӕз ракуырдтон Клорис Кнокы, пионерӕй чи лӕггад кодта, ахӕм хъӕлдзӕг бурхил чызджы. Ӕмӕ дарддӕр йемӕ лӕггад кодтон районон цӕстдарӕгӕй. Хотӕ ӕмӕ-иу ӕфсымӕртӕм кӕй цардыстӕм, уый фӕрцы-иу сӕ хуыздӕр базыдтам. Нӕ бон-иу уыди ӕрыгӕтты ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынмӕ разӕнгард кӕнын. Кӕм лӕггад кодтам, уыцы районы уый тынг феххуыс Джей Косинскийӕн ӕмӕ Джоанн Кресменӕн. Семӕ кӕй лӕггад кодтам ӕмӕ, удуӕлдай цард кӕнын цы циндзинад хӕссы, уый тыххӕй сын кӕй дзырдтам, уый фӕрцы сӕ бафӕндыд ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Джоанн сси сӕрмагонд пионер, Джей та лӕггад кодта Вефилы. Фӕстӕдӕр Джей ус ракуырдта, Джоанн та смой кодта. Ӕмӕ ныр иу-30 азы сты районон куысты.

Лӕггад кӕнӕм миссионертӕй

1966 азы нӕ ’фсымӕр Норр бафарста, фӕсарӕнты лӕггад кӕнынмӕ цы цӕстӕй кӕсут, зӕгъгӕ. «Ам дӕр нын ӕвзӕр нӕу, фӕлӕ кӕд хъӕуы, уӕд цӕттӕ стӕм»,– загътам ын мах. Иу къуыри фӕстӕ нӕ фӕхуыдтой Галаады скъоламӕ. Скъола уыд Вефилы. Куыд ӕхсызгон мын уыд ногӕй фенын, бирӕ кӕй уарзтон ӕмӕ кӕмӕн аргъ кодтон, уыдоны! Хорз ӕмбӕлттӕ систӕм, иу къласы кӕимӕ ахуыр кодтам, ӕмӕ абон дӕр иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ дӕр.

Клорисимӕ нӕ арвыстой Эквадормӕ, Хуссар Америкӕмӕ. Немӕ ма арвыстой Деннис ӕмӕ Эдвина Кристы, Ана Родригесы ӕмӕ Делия Санчесы. Деннис ӕмӕ Эдвина ацыдысты бӕстӕйы сӕйраг горӕт Китомӕ. Мах, стӕй Ана ӕмӕ Делияйы снысан кодтой Куэнкамӕ, бӕстӕйы стырдӕр горӕттӕй ӕртыккагмӕ. Хъуамӕ хъусын кодтаиккам дыууӕ провинцийы. Куэнкайы фыццаг ӕмбырдтӕ цӕуын райдыдтой, кӕм цардыстӕм, уыцы агъуысты. Райдианы уыдыстӕм ӕхсӕзӕй: мах цыппарӕй ӕмӕ ма ноджыдӕр дыууӕ адӕймаджы. Мах хъуыды кодтам, уыйбӕрц адӕмӕн куыд хъуамӕ фехъусын кӕнӕм, ууыл.

Куэнкайы уыд тынг бирӕ аргъуантӕ, ӕмӕ-иу сӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕг горӕты уынгты ацӕуӕнтӕ нӕ уыд. Фӕлӕ уӕддӕр Куэнкайы цӕрӕг адӕммӕ уыд бирӕ фарстатӕ. Зӕгъӕм, фыццаг фембӕлдтӕн Марио Полойыл, Куэнкайы чемпионыл велоспортӕй. Тынг бадис кодтон, Раргомады цы хӕтаг сылгоймаджы кой ис, уый чи у, зӕгъгӕ мӕ куы бафарста, уӕд.

Иухатт нӕм Марио ӕхсӕвыгон нӕхимӕ ’рбацыд – бӕрӕг уыд, цӕуылдӕр тынг кӕй тыхст. Иу аргъуаны сауджын ын радта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ахуырӕдты ныхмӕ кӕм дзырдтой, ахӕм литературӕ. Ӕз Мариоимӕ аныхас кодтон ӕмӕ йын загътон, иугӕр адӕймаджы истӕмӕй аххосджын кӕнынц, уӕд ын хъуамӕ йӕхи сраст кӕныны бар дӕр радтой, зӕгъгӕ. Иннӕ бон Марио уыцы сауджыны ӕмӕ мӕн сӕхимӕ фӕхуыдта, цӕмӕй аныхас кодтаиккам. Ӕз загътон, цӕмӕй уал Троицӕйӕ райдайӕм. Сауджын Библийӕ Иоанны 1:1 куы бакаст, уӕд ын Марио уыцы стих йӕхӕдӕг бамбарын кодта. Ӕмӕ афтӕ алы стих дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сауджыны бон нӕ баци, Троицӕ раст кӕй у, уый сбӕлвырд кӕнын. Марио ӕмӕ йӕ ус бамбӕрстой, рӕстдзинад кӕй ссардтой, уый. Ныр сӕ дыууӕ дӕр сты диссаджы арӕхстджын хъусынгӕнджытӕ. Куэнкайы абон ис 33 ӕмбырды ӕмӕ, фыццаг кӕм хъусын кодтам, уыцы дыууӕ провинцийы та ӕмбырдтӕ ӕдӕппӕтӕй сты 63. Ӕцӕгдӕр, куыд тынг апарахат Хуыцауы ныхас!

Лӕггад кӕнын филиалы ӕмӕ цин кӕнын, Хуыцауы ныхас куыд парахат кӕны, ууыл

1970 азы мӕ Ал Шуллоимӕ фӕхуыдтой филиалмӕ Гуаякильмӕ. Дыууӕйӕ кастытӕм писмотӕ ӕмӕ сын дзуапп лӕвӕрдтам, стӕй ма кодтам ӕндӕр куыстытӕ дӕр. Джо Секерак куыста ӕрмӕст бонӕн йӕ иу кӕцыдӕр хай. Йӕ куыст уыд, ӕгас бӕстӕйы цы 46 ӕмбырды уыд, уыдонӕй алкӕмӕндӕр йӕ литературӕйы хай хицӕнӕй ӕвӕрын. Ӕз Вефилы куы куыстон, уӕд Клорис та нырма иуцасдӕр рӕстӕг лӕггад кодта миссионерӕй. Клорисы ӕххуысӕй 55 адӕймаджы райстой донаргъуыд. Арӕх-иу уыд афтӕ, ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыдонӕй-иу ӕртӕ-фондз адӕймаджы донаргъуыд райстой иу конгрессы.

Зӕгъӕм, Клорис Библи ахуыр кодта иу сылгоймагимӕ, Лукреция, зӕгъгӕ. Йӕ лӕг тынг цыд йӕ ныхмӕ, фӕлӕ уӕддӕр донаргъуыд райста ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Йӕ сывӕллӕтты дӕр сӕвӕрдта Йегъовӕйы фӕндагыл. Йӕ фырттӕй дыууӕйӕ ныр лӕггад кӕнынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕй, иу та дзы у сӕрмагонд пионер. Йӕ чызг та лӕггад кӕны пионерӕй. Йӕ чызджы чызг смой кодта иу хорз ӕфсымӕрмӕ, ӕмӕ ныр сӕ дыууӕ дӕр лӕггад кӕнынц сӕрмагонд пионертӕй. Ацы бинонты фӕрцы бирӕтӕ базыдтой рӕстдзинад.

1980 азмӕ ’ввахс Эквадоры уыди 5 000 хъусынгӕнӕджы. Нӕ гыццыл филиал хъуыди фестырдӕр кӕнын, уымӕн ӕмӕ дзы чи лӕггад кодта, уыдонӕн бынат нал фаг кодта. Иу ӕфсымӕр нын радта 32 гектары зӕхх Гуаякильмӕ хӕстӕг. Ӕмӕ дзы 1984 азы райдыдтам аразын филиал ӕмӕ Конгрессты зал. 1987 азы сӕ арӕзт фестӕм ӕмӕ сӕ Йегъовӕйӕн снывонд кодтам.

Ноджы фылдӕр адӕм парахат кӕнынц Хуыцауы ныхас

Бирӕ азты дӕргъы уыдтам ӕмӕ цин кодтам, ӕндӕр бӕстӕтӕй бирӕ хъусынгӕнджытӕ ӕмӕ пионертӕ куыд цыдысты Эквадормӕ, фылдӕр ӕххуыс кӕм хъуыд, уырдӕм. Хорз дзы кӕй бахъуыды кодтон, уыдонӕй иу уыди, раздӕр ахуыргӕнӕгӕй чи куыста ӕмӕ стӕй пенсийы чи рацыд, иу ахӕм ӕфсымӕр Канадӕйӕ, Анде Кидд, зӕгъгӕ. Анде Эквадормӕ ’рцыд 1985 азы, 70 азы йыл куы цыди, уӕд. Ам иузӕрдионӕй фӕлӕггад кодта йӕ мӕлӕты онг, 2008 азмӕ. Уӕд ыл цыди 93 азы. Йемӕ куы базонгӕ дӕн, уӕд, цы ӕмбырды лӕггад кодта, уым уый йеддӕмӕ хистӕр нӕлгоймаг нӕ уыд. Кӕд испайнаг ӕвзаг хорз нӕ зыдта, уӕддӕр каст раныхӕстӕ ӕмӕ уагъта Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ахуыр. Уымӕй уӕлдай ма уыд Хъусынгӕнджыты скъолайы цӕстдарӕг ӕмӕ цӕттӕ кодта, Хъусын кӕныны фембӕлды цы темӕтӕ уыд, уыдонӕн сӕ фылдӕр! Ныр уым ис дыууӕ хорз ӕмбырды, лӕггад дзы кӕны иу-200 хъусынгӕнӕджы, стӕй дзы ис бирӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ.

Иннӕ ’фсымӕр та у Эрнесто Диас. Эрнесто йӕ бинонтимӕ Эквадормӕ ’рцыд Америкӕйӕ. Аст мӕйы куы рацыд, уӕд загъта: «Не ’ртӕ сывӕллоны сахуыр кодтой испайнаг ӕвзаг ӕмӕ ныр тынг хорз арӕхсынц испайнаг ӕвзагыл Хуыцауы ныхас амонынмӕ. Мӕнӕн мӕ къухы бафтыд, бинонты хистӕрӕн ацы дунейы йӕ къухы зынтӕй цы бафты, уый – мӕ бинонтимӕ пионерӕй лӕггад кӕнын. Иууылдӕр иумӕ Библи ахуыр кӕнӕм ӕдӕппӕтӕй 25 адӕймагимӕ. Ӕппӕт ацы хъуыддӕгты фӕрцы нӕ бинонтӕ ӕнгомдӕр кӕнынц кӕрӕдзиимӕ. Ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр та у, ныр Йегъовӕимӕ тынг ӕнгом кӕй дӕн – ныронг йемӕ афтӕ ӕнгом никуыма уыдтӕн!». Цы хорз у, ахӕм хотӕ ӕмӕ нын ӕфсымӕртӕ кӕй ис!

1994 азы та филиал дыууӕ хатты стырдӕр фӕкодтой. 2005 азы арвыстам 50 000 уацамындон хыгъды. Ӕмӕ та ногӕй бахъуыд филиал фестырдӕр кӕнын. Хъуыди фестырдӕр кӕнын Конгрессты зал, саразын ног цӕрӕн агъуыстытӕ ӕмӕ кусӕн бынӕттӕ тӕлмацгӕнджытӕн. Филиалы ног агъуыстытӕ Йегъовӕйӕн снывонд кодтам 2009 азы 31 октябры.

1942 азы мӕ скъолайӕ куы ратардтой, уӕд Америкӕйы Иугонд Штатты уыди иу-60 000 Йегъовӕйы Ӕвдисӕны. Ныр та сты 1 000 000 фылдӕр. 1966 азы Эквадормӕ куы ’рцыдыстӕм, уӕд хъусынгӕнджытӕ уыдысты 1 400. Ныр та дзы ис 68 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр. Ноджы фылдӕр та – 120 000 адӕймаджы – ахуыр кӕнынц Библи, 2009 азы та Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ ’рбацыд 232 000 адӕймаджы. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн арфӕ кӕны, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдыстӕм, афтӕ. Куыд хорз у, ахӕм диссаджы рӕстӕг кӕй цӕрӕм *!

[Фиппаинаг]

^ 34 абз. Ацы статья мыхуырмӕ куы цӕттӕ кодтой, уӕд Харли Харрис амард, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад афтӕмӕй.

[Нывтӕ 5 фарсыл]

Конгресс Гуаякилы ӕрдзы хъӕбысы (1981 аз), уыцы ран Конгрессты зал (2009 аз)