Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырысти нын абон разамынд дӕтты

Чырысти нын абон разамынд дӕтты

Чырысти нын абон разамынд дӕтты

«Рацыд йе знӕгтыл уӕлахиз кӕнгӕйӕ, цӕмӕй сыл фӕуӕлахиз уа» (РАРГ. 6:2).

1, 2. а) Чырысти 1914 азы Паддзах куы сси, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис? ӕ) Чырысти паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕд цы сарӕзта?

ЧЫРЫСТИ 1914 азы сси Йегъовӕйы Паддзахады Паддзах. Нӕ цӕстытыл цыхуызӕнӕй уайы? Мыййаг нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ йӕ паддзахбадӕныл хъуыдыгӕнгӕйӕ бады ӕмӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ зӕхмӕ ӕркӕсы, цӕмӕй фена, ӕмбырдты цы хабӕрттӕ цӕуы, уый? Кӕд нӕм афтӕ кӕсы, уӕд бынтон раст нӕ хъуыды кӕнӕм. Псаломты ӕмӕ Раргомады чингуытӕй куыд зыны, афтӕмӕй Чырысти хъомысджын паддзахау бӕхыл бадгӕйӕ рацыд «йе знӕгтыл уӕлахиз кӕнгӕйӕ, цӕмӕй сыл фӕуӕлахиз уа», ӕмӕ цӕмӕй йӕ «нысан» йӕ къухы бафта (Рарг. 6:2; Пс. 2:6–9; 45:1–4).

2 Чырысти паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕд «залиаг калмыл ӕмӕ йӕ зӕдтыл» фӕуӕлахиз ис. Хистӕр зӕд Михаил, ома Чырысти, ӕмӕ иннӕ зӕдтӕ Сайтаны ӕмӕ йӕ дӕлимонты уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕрӕппӕрстой (Рарг. 12:7–9). Уый фӕстӕ, Йегъовӕйы «бадзырды минӕварау», Чырысти йӕ Фыдимӕ ӕрцыд, цӕмӕй ӕнӕуынгӕ кувӕндоны цы хабӕрттӕ цӕуы, уый феной (Мал. 3:1). Йесо чырыстон дунейӕн, Стыр Вавилоны тӕригъӕдджындӕр хайӕн, тӕрхон рахаста, бирӕ туг кӕй фӕкалдта ӕмӕ политикӕйы кӕй архайдта, уый тыххӕй (Рарг. 18:2, 3, 24).

Чырысти йӕ зӕххон цагъары сыгъдӕг кӕны

3, 4. а) Йегъовӕйы «минӕвар», ома Чырысти, цы сарӕзта? ӕ) Ӕнӕуынгӕ кувӕндонмӕ куы ӕркастысты, уӕд цы рабӕрӕг, ӕмӕ Чырысти ӕмбырды Сӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ цы аразы?

3 Йегъовӕ ӕмӕ йӕ «минӕвар» уыцы ӕнӕуынгӕ кувӕндонмӕ куы ӕркастысты, уӕд ын йӕ зӕххон кӕрты ссардтой ӕцӕг чырыстӕтты къорд, ӕмӕ уыдонӕн чырыстон аргъуантимӕ иумӕйагӕй ницы уыд. Фӕлӕ уыцы сӕрст чырыстӕтты, «Левийы фыртты», дӕр хъуыди ссыгъдӕг кӕнын. Пехуымпар Малахи загъта: «Ӕвзист чи батайын кӕны ӕмӕ йӕ чи ссыгъдӕг кӕны, уыйау [Йегъовӕ] ӕрбаддзӕн ӕмӕ Левийы фыртты ссыгъдӕг кӕндзӕн. Ссыгъдӕг сӕ кӕндзӕн, сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист куыд ссыгъдӕг кӕнынц, афтӕ, ӕмӕ уыдон Йегъовӕйӕн суыдзысты, кувинӕгтӕ йын сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи хӕсдзӕн, ахӕм адӕм» (Мал. 3:3). Йегъовӕ йӕ «бадзырды минӕвары», ома Чырыстийы, уылты сӕрст чырыстӕтты ссыгъдӕг кодта.

4 Чырысти уыцы иузӕрдион сӕрст чырыстӕтты ӕрӕййӕфта сӕ тых сӕ бонӕй архайгӕйӕ – Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн хӕринаг афоныл дӕтгӕйӕ. Уыдон, ӕнцон сын уыд ӕви нӕ, уӕддӕр 1879 азӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар мыхуыр кӕнынц журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы. Уый тыххӕй Йесо Чырысти загъта, «ацы цардӕвӕрды кӕрон» йӕ «хӕдзаронты кӕй бар бакодта», уыцы цагъары «хӕринаг афоныл дӕтгӕйӕ» кӕй «ӕрӕййафдзӕн». Загъта ма, уыцы цагъары амондджын кӕй схондзӕн ӕмӕ йӕм «цыдӕриддӕр ис, уый йын йӕ бар [кӕй] бакӕндзӕн» (Матф. 24:3, 45–47). Чырысти ӕмбырды Сӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты архайы, цӕмӕй зӕххыл йӕ Паддзахады хъуыддӕгтӕ размӕ цӕуой. Уый сӕрст чырыстӕттӕн, «хӕдзаронтӕ кӕй бар» сты, уыдонӕн, ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕн» разамынд дӕтты Разамонӕг советы уылты (Иоан. 10:16).

Кӕрдыны афон

5. Апостол Иоанн цӕстылуайӕны Мессийӕ-Паддзахы тыххӕй цы федта?

5 Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, Мессийӕ-Паддзах 1914 азы паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ куы райса, уӕд ма «Хицау Йесойы боны» цы сараздзӕн, уый. Иоанн ныффыста: «Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон урс мигъ. Мигъыл бадти адӕймаджы фырты хуызӕн чидӕр. Йӕ сӕрыл уыд сызгъӕрин кадыхуд, йӕ къухы та – цыргъ ӕхсырф» (Рарг. 1:10; 14:14). Иоанн фехъуыста, Йегъовӕйы зӕд уыцы Хуымгӕрдӕгмӕ кӕй ныхъхъӕр кодта, цӕмӕй йӕ ӕхсырф рауадза, уымӕн ӕмӕ «кӕрдыны афон ӕрцыд – зӕххыл хуымтӕ сцӕттӕ сты» (Рарг. 14:15, 16).

6. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, рӕстӕг куы рацыдаид, уӕд цы хъуамӕ ӕрцыдаид?

6 «Кӕрдыны афон ӕрцыд», зӕгъгӕ, ацы ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц Йесойы фӕсномыг ныхас мӕнӕуы ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй. Йесо фӕсномыг ныхасы йӕхи абарста, йӕ хуымы хорз мӕнӕу чи байтыдта ӕмӕ хорз тыллӕгмӕ чи ӕнхъӕлмӕ каст, ахӕм адӕймагимӕ. Хорз мӕнӕу амоны «паддзахады фырттӕм», сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи у ӕмӕ Чырыстиимӕ уӕларвон Паддзахады хицӕуттӕ чи уыдзӕн, уыцы ӕцӕг чырыстӕттӕм. Фӕсномыг ныхасы дарддӕр куыд загъд уыд, афтӕмӕй ӕмбисӕхсӕв ӕрбацыд знаг, «Хӕйрӕг», ӕмӕ мӕнӕуы ’хсӕн ныппырх кодта хӕмпӕлгӕрдӕджы тауинӕгтӕ. Хӕмпӕлгӕрдӕг та амоны «Фыдбылызы фырттӕм». Ӕмӕ тауӕг йӕ кусджытӕн загъта, цӕмӕй мӕнӕу дӕр ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг дӕр уадзой хуымгӕрдӕнтӕм, ома «ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ». Ӕмӕ уӕд Йесо йӕ зӕдты рарвитдзӕн, цӕмӕй мӕнӕу хӕмпӕлгӕрдӕгӕй ахицӕн кӕной (Матф. 13:24–30, 36–41).

7. Чырысти «кӕрдыны афон» разамынд куыд дӕтты?

7 Иоанн цӕстылуайӕны цы федта, уый афтӕ ӕххӕст кӕны, ӕмӕ Чырысти ӕгас дунейы дӕр разамынд дӕтты кӕрдыны хъуыддагӕн. «Кӕрдыны афон» байдыдта «мӕнӕуы», ома «паддзахады фыртты», 144 000 сӕрст чырыстӕттӕй ма чи баззад, уыдоны Йесо ӕмбырд кӕнын куы райдыдта, уӕд. Ӕцӕг чырыстӕттӕ мӕнг чырыстӕттӕй тынг кӕй хицӕн кӕнынц, уый уӕлдай тынгдӕр рабӕрӕг Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ. Уӕд райдыдта «кӕрдыны афонӕн» йӕ дыккаг хай – ӕндӕр фысты ӕмбырд кӕнын райдыдтой. Уыдон «паддзахады фырттӕй» не сты, фӕлӕ «тынг бирӕ адӕмӕй» ӕмӕ сты уӕларвон Паддзахады дӕлбар. Уыдон ӕмбырд цӕуынц ӕппӕт адӕмтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй. Се ’ппӕт дӕр коммӕ кӕсынц Мессийӕйы Паддзахадмӕ, ома Йесо Чырыстимӕ ӕмӕ «сыгъдӕджытӕм», 144 000, йемӕ уӕларвон хицауады чи уыдзӕн, уыдонмӕ (Рарг. 7:9, 10; Дан. 7:13, 14, 18).

Ӕмбырдты разамонджытӕ

8, 9. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмбырды алы адӕймаг дӕр цы аразы, уый Чырысти кӕй уыны? ӕ) 26 фарсыл куыд ӕвдыст у, афтӕмӕй «Сайтаны сусӕгдзинӕдтӕй» нӕхи кӕцытӕй хъуамӕ хизӕм?

8 Амӕй размӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй Чырысти хорз зыдта, фыццаг ӕнусы ӕмбырдтӕ цы уавӕры уыдысты, уый. Абон дӕр нӕ Разамонӕг ӕмӕ нӕ Паддзах Йесо Чырысти, «ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр» лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыдысты, уый, зӕрдиагӕй разамынд дӕтты зӕххыл ӕппӕт ӕмбырдтӕн дӕр ӕмӕ сӕ цӕстдарджытӕн дӕр (Матф. 28:18; Кол. 1:18). Йегъовӕ йӕ «ӕмбырды [сӕрст чырыстӕтты] тыххӕй ӕппӕты сӕргъы сӕвӕрдта» (Еф. 1:22). Чырысти ӕмбырдты сӕргъы кӕй лӕууы, уымӕ гӕсгӕ хорз зоны, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн зӕххыл цы 100 000 ӕмбырды ис, уым алкӕцыйы дӕр цы хабӕрттӕ цӕуы, уый.

9 Йесо рагон Фиатирӕйы ӕмбырдмӕ ныффыссын кодта ахӕм ныхӕстӕ: «Афтӕ зӕгъы Хуыцауы Фырт, йӕ цӕстытӕ пиллон артау кӕмӕн судзынц..., уый: „Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ“» (Рарг. 2:18, 19). Йесо уыцы ӕмбырдӕн бауайдзӕф кодта се ’нӕгъдау миты тыххӕй ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы фӕндтыл кӕй цыдысты, уый тыххӕй ӕмӕ сын загъта: «Ӕз адӕмы уыргтӕм ӕмӕ зӕрдӕтӕм... кӕсын, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр, цы йын ӕмбӕлы, уый бакӕндзынӕн» (Рарг. 2:23). Ацы стихтӕй бӕрӕг у, Чырысти, ӕмбырды алы адӕймаг дӕр цы аразы, уый кӕй уыны. Йесо фиатираг чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕй ӕппӕлгӕ дӕр ракодта, «„Сайтаны сусӕгдзинӕдтӕ“ кӕй хонынц, уыдӕттӕ [кӕй] нӕ базыдтой», уый тыххӕй (Рарг. 2:24). Абон дӕр ын ӕрыгӕттӕй ӕмӕ ацӕргӕтӕй дӕр бирӕтӕ йӕ зӕрдӕ рухс кӕнынц, «Сайтаны сусӕгдзинӕдтӕ» Интернеты, ӕгъатыр видеохъӕзтыты ӕмӕ адӕмы философиты кӕм зынынц, уыдонӕй сӕхи дард кӕй ласынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ куыд фӕцин кӕны, куы фӕуыны, бирӕ чырыстӕттӕ ӕппӕт тыхтӕй кӕй архайынц, цӕмӕй йын царды алы хъуыддаджы дӕр йӕ разамындмӕ хъусой!

10. Раргомады чиныджы хистӕр нӕлгоймӕгты тыххӕй цы ис фыст ӕмӕ цы хъуамӕ ӕмбарӕм?

10 Чырысти йе ’мбырдтӕн разамынд дӕтты хистӕр нӕлгоймӕгты уылты (Еф. 4:8, 11, 12). Фыццаг ӕнусы цӕстдарджытӕ иууылдӕр уыдысты сыгъдӕг тыхӕй сӕрст. Ӕмӕ сӕ Раргомады чиныг хоны стъалытӕ Чырыстийы рахиз къухы (Рарг. 1:16, 20). Абон ӕмбырдты цы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ис, уыдонӕн сӕ фылдӕр сты ӕндӕр фыстӕй. Цалынмӕ сӕ не снысан кӕнынц, уӕдмӕ уыдоны тыххӕй бирӕ кӕй фӕкувынц, стӕй ма уыцы хъуыддаг сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ конд кӕй ӕрцӕуы, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыдон дӕр сты Чырыстийы къухы (Ап. хъ. 20:28). Уыдон ӕй зонынц, Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн разамынд кӕй дӕтты сӕрст чырыстӕтты гыццыл къорды уылты, Разамонӕг советы уылты. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 15:6, 28–30.)

«Ӕрцу, Хицау Йесо»

11. Цӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ Разамонӕг тагъд ӕрцӕуа?

11 Иоанн цы цӕстылуайӕнтӕ федта, уым Йесо цалдӕр хатты загъта, тагъд ӕрцӕудзынӕн, зӕгъгӕ (Рарг. 2:16; 3:11; 22:7, 20). Йесо дзырдта, кӕй ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, Стыр Вавилонӕн ӕмӕ Хӕйрӕджы фыддунейӕн цы тӕрхон ӕрцыд хаст, уый (2 Фес. 1:7, 8). Фидӕны тыххӕй цы уыд загъд, уыдӕттӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый Иоанны тынг фӕндыд фенын, ӕмӕ афтӕ дӕр уый тыххӕй загъта: «Аммен! Ӕрцу, Хицау Йесо». Ацы фыддунейы кӕрон чи цӕры, уыдон дӕр бӕллынц, нӕ Разамонӕг ӕмӕ нӕ Паддзах куы ’рцӕуа, ӕмӕ йӕ Фыды ном куы ссыгъдӕг кӕна ӕмӕ, Йегъовӕ Дун-дунейы иунӕг хицау кӕй у, уый куы сбӕлвырд кӕна, уый фенынмӕ.

12. Чырысти цалынмӕ тыхджын дымгӕтӕ не суадза, уӕдмӕ цы сараздзӕн?

12 Йесо Хӕйрӕджы дуне куы фесафа, уый размӕ мыхуыртӕ сӕвӕрдзӕн, уӕларвон Израилӕй, ома 144 000 ма чи баззад, уыдоныл. Ӕмӕ Библи бӕлвырд дзуры, цалынмӕ 144 000 се ’ппӕтыл дӕр мыхуыр ӕвӕрд не ’рцӕуа, уӕдмӕ Хуыцау Хӕйрӕджы дунейыл кӕй не суадздзӕн, чи йӕ фесафдзӕн, уыцы тыхджын «дымгӕтӕ» (Рарг. 7:1–4).

13. «Стыр бӕллӕхы» райдианы адӕм куыд базондзысты, Чырысти Паддзах кӕй сси, уый?

13 Чырысти 1914 азы Паддзах кӕй сси, уый бирӕтӕ нӕ базыдтой (2 Пет. 3:3, 4). Фӕлӕ йӕ тагъд базондзысты, Хуыцау Хӕйрӕджы дунейы алыхуызон хӕйттӕн цы тӕрхон рахаста, уый ӕххӕст кӕнын куы райдайа, уӕд. «Фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыцы адӕймаг», ома чырыстон дины разамонджытӕ, сӕфт куы ’рцӕуой, уӕд уый дзурӕг уыдзӕн, Чырысти Паддзах кӕй сси, ууыл. (Бакӕс 2 Фессалоникӕгтӕм 2:3, 8.) Уыцы хабарӕй бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕ Чырыстийы тӕрхонгӕнӕгӕй кӕй сӕвӕрдта, уый. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 4:1.) Стыр Вавилонӕн йӕ цъаммардӕр хай – чырыстон дин – сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд уый хӕдфӕстӕ мӕнг дин ӕнӕхъӕнӕй дӕр пырхгонд ӕрцӕудзӕн. Йегъовӕ хицӕутты зӕрдӕты нывӕрдзӕн фӕнд, цӕмӕй уыцы «хӕтаг сылгоймагӕй» мацыуал ныууадзой (Рарг. 17:15–18). Уӕд райдайдзӕн «стыр бӕллӕх» (Матф. 24:21).

14. а) Стыр бӕллӕхы фыццаг хай цӕмӕн фӕцыбыр уыдзӕн? ӕ) «Адӕймаджы Фырты бӕрӕггӕнӕн» арвыл куы фӕзына, уӕд уый Йегъовӕйы адӕмӕн цӕуыл дзурӕг уыдзӕн?

14 Чырысти загъта, стыр бӕллӕхы бонтӕ «ӕвзӕрстыты тыххӕй», сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи уа, уыдоны тыххӕй, кӕй фӕцыбыр уыдзысты (Матф. 24:22). Йегъовӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй, мӕнг дин пырхгонд куы цӕуа, уӕд сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» дӕр фесӕфой. Чырысти ма загъта, «уыцы бӕллӕхы» фӕстӕ хурыл, мӕйыл ӕмӕ стъалытыл ӕнахуыр диссӕгтӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ «уӕд Адӕймаджы Фырты бӕрӕггӕнӕн фӕзындзӕн арвыл». Зӕххыл цӕрӕг адӕм уый куы феной, уӕд «ныхъхъарӕг кӕндзысты ӕмӕ сӕ риу ныххойдзысты». Сӕрст чырыстӕттӕ, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон ӕмӕ зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон цин кӕндзысты ӕмӕ «сӕхи сӕмраст кӕндзысты ӕмӕ сӕ сӕртыл схӕцдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг» (Матф. 24:29, 30; Лук. 21:25–28).

15. Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд цы сараздзӕн?

15 Цалынмӕ Адӕймаджы Фырт нӕ фӕуӕлахиз уа, уӕдмӕ уал хъуамӕ иу хъуыддаг бакӕна. Чырысти загъта: «Адӕймаджы Фырт йе ’ппӕт зӕдтимӕ кадджын цыд куы ’ркӕна, уӕд ӕрбаддзӕн йӕ кадджын паддзахбадӕныл. Ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр йӕ разы ӕрӕмбырд уыдзысты, ӕмӕ фыййау фысты сӕгътӕй куыд ахицӕн кӕны, афтӕ уый дӕр ахицӕн кӕндзӕн адӕмы. Ӕмӕ фысты ӕрлӕууын кӕндзӕн йӕ рахиз фарс, сӕгъты та – йӕ галиу фарс» (Матф. 25:31–33). Ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбаргӕ сты, ӕмӕ Чырысти, Тӕрхонгӕнӕг, кӕй ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй «ӕппӕт адӕмтӕ дӕр» дыууӕ къордыл адих кӕна: «фыстыл» – йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн зӕрдиагӕй чи ӕххуыс кӕны, уыдоныл ӕмӕ «сӕгътыл» – «нӕ Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдоныл» (2 Фес. 1:7, 8). Фыстӕ, ома «рӕстгӕнджытӕ», зӕххыл «ӕнустӕм цӕрдзысты», сӕгътӕ та «ӕнустӕм фесӕфдзысты» (Матф. 25:34, 40, 41, 45, 46).

Йесо фӕуӕлахиз уыдзӕн

16. Нӕ Разамонӕг Чырысти куыд фӕуӕлахиз уыдзӕн?

16 Чырыстиимӕ иумӕ чи уыдзӕн, уыцы паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтыл се ’ппӕтыл дӕр мыхуыр ӕвӕрд куы ӕрцӕуа, фыстӕ куы сбӕрӕг уой ӕмӕ йӕ рахиз фарс куы ’рлӕууой, цӕмӕй фервӕзой, уӕд рацӕудзӕн, цӕмӕй «фӕуӕлахиз уа» (Рарг. 5:9, 10; 6:2). Йӕ хъомысджын зӕдты ӕмӕ, йе ’фсымӕртӕй чи райгас уа, уыдоны сӕргъы лӕугӕйӕ ныппырх кӕндзӕн Хӕйрӕджы политикон, ӕфсӕддон ӕмӕ базарадон дуне (Рарг. 2:26, 27; 19:11–21). Чырысти Хӕйрӕджы фыддуне куы фесафа, уӕд фӕуалахиз уыдзӕн. Уый фӕстӕ Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ дӕлимонты мин азмӕ дӕлдзӕхмӕ ныппардзӕн (Рарг. 20:1–3).

17. Чырысти ӕндӕр фыстӕн мин азы дӕргъы разамынд кӕй дӕтдзӕн, уый сӕ цӕмӕ ӕркӕндзӕн ӕмӕ нӕ фидар фӕнд цы у?

17 Стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахиздзӕн, уыцы «тынг бирӕ адӕмы» тыххӕй апостол Иоанн загъта: «Паддзахбадӕны раз чи лӕууы, уыцы Уӕрыкк сӕ хиздзӕн ӕмӕ сӕ кӕндзӕн царды суадӕттӕм» (Рарг. 7:9, 17). Чырыстийы хъӕлӕсмӕ чи хъусы, уыцы ӕндӕр фыстӕн уый мин азы дӕргъы разамынд дӕтдзӕн ӕмӕ сын ӕнусон цард ратдзӕн. (Бакӕс Иоанны 10:16, 26–28.) Уӕдӕ нӕ Паддзахмӕ, нӕ Разамонӕгмӕ, зӕрдиагӕй хъусӕм абон дӕр ӕмӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ цы ног дунейӕ бавӕрдта, уым дӕр!

Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм

• Чырысти Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕд цы сарӕзта?

• Чырысти ӕмбырдтӕн разамынд кӕй уылты дӕтты?

• Нӕ Разамонӕг Чырысти ма куыд ӕрцӕудзӕн?

• Чырысти нын ног дунейы дӕр разамынд куыд дӕтдзӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 29 фарсыл]

Хӕйрӕджы фыддуне сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд иууылдӕр базондзысты, Чырысти Паддзах кӕй сси, уый